Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Дæллаг гал

ФÆСМОНЫ ЗАРÆГ | СОНЕТ НЫЙЙАРÆГÆН | ХУДÆДЖЫ СОНЕТ | ХÆРАМ МÆМ ЧИ У, УЫЦЫ СЫЛГОЙМАГÆН | ХОХАГ ЗÆРОНД УС | ЛÆППУЙЫ ХЪАЗÆН НЫХАС | КÆСАГЛАС ÆМÆ КÆСАГ | ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ | УАСÆГ ÆМÆ КАРК | AElig;НКЪАРД БОН |


Æвдæрзт сæфтджытыл иувæхсыгæй цыд

Цæрæнбонты — хъæдласæны уа, ауæдзы.

Йæ рог хицау — æгъатыр æмæ зыд,

Æдзæфхадæй йыл никуы зыдта ауæрдын.

 

У йе ’мдзæдис сыкъахъилæй — фыдис,

Тъæпп хауы нæрдæй. У йæ царм сæнтхъулæттæ.

Нæ зоны уый йæ хицауы хъæр, уис:

Йæ хос — фæтæйнаг, иухурон у дзуллагау.

 

Йæ рагъ ныттасы галхафæны бын,

Цæхх ысдæргæ йæ къамбецы сæр батилы.

Куы йæ сæлхъивы фидар баст тæбынг,

Мæллæг къæбысау æфсондзы бын атулы...

 

...Уый раджы уыд. Дæллаг гал ныр ысурс,

Æмæ йæ хицау фескъæры æргæвдæнмæ.

Тæсаивæй ма адары йæ хъус

Йæ хуымгæндмæ, йæ хосласæн гæрзбæндæнмæ.

 

Ныр фæззæг у. Зынгæ фæбур и хъæд.

Тæссар дымгæ хæссы къæвда-фæлдзæгъдæнтæ.

Йæ бынатмæ йын баифтыгътой кæд

Сæ буц галы,

Æмæ цæгъды йæ гæндзæхтæ.

ТЫМЫГЪ

Хъæд къæс-къæс кæны рæбынæй, —

Уад ыл мит ныххуырсы тигъæй,

Саударæг мадау йæ зыны

Хихтæ-дзыккутæ ныууигъы.

 

Мигъдалынг. Нæ зынынц хæхтæ.

Хъæу мæрдвынæйау ныхъхъус и...

Фæздæг ма кæны пырхæнтæ

Хæдзæртты сæрмæ. Ысурс и

 

Кауыл халон дæр... Уæд комы

Бæх хуыррытт кæны, ныууасы,

Уый цы зилгæ уад уромы —

Миттæ ахæссы йæ разæй.

 

Барæг дугъоны уæрджытæй

Буц уæвгæ ныззары тары...

Уый кæд, чи зоны, æз уыдтæн,

Йе мыл азты къæвда уары?..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 37 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
СОНЕТ ЛÆДЖЫ КАРЫЛ| ФЫДЫ ХЪАРÆГ ЦÆРЫНХЪУАГ ХЪÆБУЛЫЛ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)