Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ХÆРАМ МÆМ ЧИ У, УЫЦЫ СЫЛГОЙМАГÆН

КЪОСТАЙЫ ЦЫРТЫ РАЗ | ДАВИД-СОСЛАН КУРАЙЫ БЫЛЫЛ | ХОХАДЖЫ РАДЗЫРД | МА ТÆРС... | АЦÆРГÆ ПОЭТЫ НЫХАС | ФÆЗЗÆГ | ЗАРÆГ ПОЭЗИЙЫЛ | НЫВГÆНÆДЖЫ ТÆРГАЙ | ФÆСМОНЫ ЗАРÆГ | СОНЕТ НЫЙЙАРÆГÆН |


Читайте также:
  1. АЦÆРГÆ СЫЛГОЙМАГÆН

...Куыд худæг уыдзæни нæ царды кæрон!..

Фæлæ мæм æлгъыстау нæ хъары:

Дæ хорзыл кæм бауа ныззарын мæ бон, —

Гъе уый у мæ фæстиат зарæг!..

 

Хæрæмигъы тары нынныгъуылы мæй,

Йæ уацары бахауы хур дæр...

Уæд чи уыди растдæр мæ удæй — дæуæй? —

Æниу ма уый чи дары мурмæ!

 

Рæдау лæгæн кодтон æз а зæххыл аргъ

Дæ удмæ цæугæйæ мæ сонтæй.

Куы-иу мыл æнустау мæ дуне ныддаргъ,

Куы та мын нæ фаг кодтой бонтæ!

 

Мæ рæстагмæ хастой цыфыддæртæ фау,

Мæ сыгъдæг ном баззади рохы...

Ис — ницæмæй исты, бæрзонд у йæ кад,

Мæнимæ-иу бафтыди тохыл.

 

Æгад мæм цы кæсы: тæппуд удыхъæд

Уыд ме знæгтæн. Алцы куы дзурой, —

Зæгъ-иу сын: цæуылнæ уæндыдыстут уæд

Йæ фыдгой ыскæнын йæ цуры?

 

Нæ бантысти цард, уæд цы кæнон, мæ бон!..

Хъынцъымтæ? — Цы ма сты мæ кары!..

Дæ хорзыл ма, чи зоны, бауа мæ бон

Ныззарын мæ фæстиат зарæг.

 

Ды йæ хæлар чызгдæ мæ уарзонæн, —

Уый нæ цæуы мæнмæ хæстæг...

Ды ныххудыс, кæсы дæм хъазынау

Мæ хъизæмары рæстæг.

 

Ахсæв горæт у сабыр. Талынг у,

Дæу мæнг уарзты зæдау фæнды,

Цæмæй не ’хсæн уæлдай дзырд мауал уа:

Ау, куыд нæ дæ мæн аккаг ды!

 

Уый фыдхуыз у, ды та дæ рæсугъдæй

Арвы астæуыл — хъусцæг, бæгуы...

Мæн нæ хъæуы (æз дæр сæ нæ фæцух дæн)

Искæй фынгæй ысгуы.

 

О, уæд ма дыл цы кæнын кæнгæ цинтæ

Йе цы номыл æфхæрын дæу?..

Ды куыд раст дæ, мæнæн дæр мæ рæстдзинад

Уымæй хъауджыдæр нæу!..

ДÆУ МЫСГÆЙÆ

Куыд сабыр у!.. Гæдыйы къахдзæф хъуысы

Мæ нымæтыл. Мæ пецы судзы арт.

Тæрсы лыггагыл донцæппузыр сысы, —

Хæры йæ бирæ цæрæнбонæй ард.

 

Æмбисæхсæв. Нырхæндæг дуне тары.

Мæ цырагъ ма рæдзæ-мæдзæ кæны.

Дæ бæсты та æнувыддæр хæларау,

Мæ иунæгдзинад узæлы мæныл.

 

Æрхæндæджы æхцон зæлтæй æвналы

Мæ зæрдæмæ: у амонды æнгæс...

Æппынфæстаг мæ нысаны ыстъалы

Куы ферттывта, — мæ фæллад мыл æртæфст.

 

Æвæндон кар... Дывыдойнаг йæ фæндтæ...

Мæ фидæн мæм цы рухс бонтау зынди!

Цыдтæн дæумæ, фæлæ мæ ныфс — мæ фæндаг

Поэзийы зынгвидæрттыл уыди.

 

Дæ номыл сæм бырстон, æмæ дæ фæрцы

Мæ бæхы цæфхад калдта-иу цæхæр...

Ныр нал — дæуæй, нал — амондæй, мæ кæрцы

Хъуырна гæды æрныуæрды йæ сæр.

 

Фæсмонтæ? Нæ, нæ фидауы мæ кары.

Нæ кæнын хъулон а царды мæ рыст,

Хъыг мын у иу: ды дæр кæйдæр хæдзары

Фæсмойнагау кæйдæр цардæй цæрыс!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 61 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХУДÆДЖЫ СОНЕТ| ХОХАГ ЗÆРОНД УС

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)