Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ДЗÆУДЖЫХЪÆУ

КÆСАГЛАС ÆМÆ КÆСАГ | ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ | УАСÆГ ÆМÆ КАРК | AElig;НКЪАРД БОН | СОНЕТ ЛÆДЖЫ КАРЫЛ | ДÆЛЛАГ ГАЛ | ФЫДЫ ХЪАРÆГ ЦÆРЫНХЪУАГ ХЪÆБУЛЫЛ | AElig;РГОМ НЫХАС | МЕ ’ВЗАГ | ХОХАДЖЫ МАСТ ГОРÆТЫ |


Кæмæн нæ уыд æхсызгон та дæ фенд:

Дæ къæсы хур æрæвæры йæ уæргътæ.

Бæрзонд цъитийæ рафæйлауы Терк,

Сты ронбастау дæ алывæрсты хæхтæ.

 

Цæуæджы хъæу... Гъе ахæм ном кæддæр

Фæндаггонæй ысхаудтаиддæ разы.

Цæхх æмæ дзул æхсæвæрæн — цæттæ,

Фæрныгæй-иу фæцыдаид дæ уазæг.

 

Уыдтæ мæнæн та уарзты уæзæг ды,

Дæ хорзы номыл баивтон хæхбæсты.

Кæй уарзтон, уый дæуæй дæр ма фæлыгъд,

Æмæ уæд амонд ахызти мæ фæрсты.

 

Цы сты, уæвгæ, æвзонг лæджы сæнпæ! —

Къæйдурæй дон ныллæмарынмæ хъавы, —

Нæ хъаруйæ, нæ зондæй у цæттæ

Æмæ йæхицæн рухс бæллицтæ уафы.

 

Куы ракастæн мæ цæстытæй, уæд ма

Бæргæ мæ бæрзæй аныхтон... Бæгуылæг

Куы нал ары йæ нысанмæ фæндаг,

Йæ рæдыдыл

Уæд басæтты, мæгуырæг.

 

Сæттын æз дæр, фæлæ æгадыл — нæ!..

Æрхæндæгæй кæндзынæн демæ хицæн,

Куы ферттива мæ нысаны бæрзæнд,

Куы нал мæ уадзай ды, мæ хур, дæхицæй.

***

Мæ бæсты ничи амæлдзæни...

Ходы Камалы ныхæстæй

Мæ бæсты ничи амæлдзæни — зонын,

Куы радтай ды мæ сæрвæлтау дæ сæр,

Уæддæр, мæ хур, мæ чысыл царды бонтæ

Фæдаргъ кæнынмæ хъавыдтæ æрмæст.

 

Нæ удрæбынæй иу афон ыскæсы

Тæргайхуызæй цымыдисаджы фарст:

Лæджы уд чи кæмæй дары æхæсау —

Мæлæт — нæ цардæй, гъе мæлæтæй — цард?

 

Æз-иу, нæртонау, ахызтæн сæ рæзты, —

Лæг, бонзонгæйæ, бамбæхсы йæ тас, —

Мæлæт-иу кæд æрбахъуызыд æввæхсты,

Уæд цард лæууыд æдзух мæ рахиз фарс.

 

Куы нал уон æз, уæд та ма иу хъуыддаджы

Ныфсы лæг Ирæн, гъе уæд мæ фæнды:

Нæ цины бонау, ме ’нусон фæндагыл

Ныййазæлæд ирон чызджы фæндыр!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 48 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ИУНÆГДЗИНАД| ФЫДЫ ФÆДЗÆХСТ ФЫРТÆН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)