Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Донычызг

ЧЫНДЗДЗОН ЧЫЗДЖЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | ФЫДЫ РÆСТДЗИНАД | СФÆЛДЫСТАДЫ УЫСМ | МАРДЫ УÆЛХЪУС | СОНЕТ КАДЫ ТЫХХÆЙ | ЗÆРЫ БОН | УАЛДЗЫГОН РАЙСОМ | НОГ АЗЫ ФЫНТÆЙ | AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС | КÆМÆНДÆР |


Арвыл мæй фæсабыр,

Бандзыг и, мæгуыр,

Хæрисы бын тары

Донычызг кæуы.

 

Сойы цæппузыртау,

Урс риутæ — къуыбыр.

Уадултыл фæзынди

Мæйрухсы дзыгъуыр.

 

Нарæг астæу — талас,

Раст зæнгтæ — сæнт урс,

Дун-дунейыл хъуамæ

Бакала йæ рухс.

 

Арвы ’рдæм йæ тæрттæ

Байтыгъта, кæуы:

— Мæн нæ фæнды мæрдтæм

Иунæгæй цæуын!

 

О Хуыцау, дæу зонæм,

Баххуыс кæ, мæ бон, —

Адæмы фæсномыг

Ма фæуæд мæ ном!

 

Уадз æгомыг дуртыл

Комы дон нæра;

Бауадз-ма мæ цъусдуг

Аргъæутты цæрын!

***

Коцты Юляйæн

Æз
Ысныв кæнин дæу

Ирон нымадæй, —

Авд-авд,

 

Дыууæ дыууадæс,

Æмæ

Дыууæ дыууиссæдз ахорæнæй...

 

Авд-авды уаиккой

Дæ тызмæг ныхæстæ,

Дыууæ дыууадæсы —

Дæ сайæн ныхæстæ,

Дыууæ дыууиссæдз ахорæнæй,

Æрвон рухсау, растид

Дæ рæдау зæрдæ.

БИНОЙНАГМÆ

Ыстæммæ-ыстæм хатт, куы бауарзын дæу, —

Дæ фыныл дæр нал хъæцы зæрдæ,

Мæ бон!..—

Уæд худын мæхиуыл:

Фæлæуу-ма, фæлæуу,

Цæмæн баззад ниугæ нæ бæсты кæрон

Дæ уды фæндон —

Дæ иунæг уарзон?!.

Ыстæммæ-ыстæм хатт, куы нал уарзын дæу, —

Дæ буар мæ пысырайау судзы,

Мæ бон!...

Фæкæуын мæхиуыл:

Фæлæуу-ма, фæлæуу, —

Кæмæн ма зæгъдзынæ дæ фæстаг хæрзбон,

Цæмæн у дæ цард —

Дæ уды мæнгард?!

МАД

Æрыздæхтæн, Гыцци. Дæ ингæныл ныууарыд

Хуылыдз мит: нал зыны дæ цырт.

Æз хорз зонын: дæумæ мæрдты дæр хъары,

Цы йын у зын, цæуыл тыхсы дæ фырт.

 

Дæ уæлмæрд — иппæрд. Сау дымгæ йæ тавы,

Ныууасы халон: фарны рæстæг нæу.

Æз уый дæр ма æрбакæнынмæ хъавын

Мæ дæллагхъуыр: нæ уадзы иунæг дæу!

 

Цы ма кæнон, мæ уарзон мад? Уæлæуыл

Мæ царды хорз дæ ацыдыл фæци:

Фыдазары дæ сонт хъæбул нæ кæуы,

Йæ амондыл дæр нал бакæны цин.

 

Кæны дыууæрдæм комрæбынты дымгæ,

Мæ хæрзгæнæгау, сау марой кæны,

Æмæ кæсын йæ зилдухмæ æдзынæг, —

Лæджы кары мæ цæстысыг кæлы...


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 51 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
СÆРДЫГОН ИЗÆР| ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)