Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ИЗÆР

ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ | ГИТАРÆЙЫ ЗАРÆГ | AElig;НÆЗОНГÆЙÆН | КУЫДЗЫ МÆЛÆТ | МÆ ИРЫ КЪÆС | МÆ РАГОН, МЕ ’РЫГОН ИР! | МÆ КАРÆН ХÆСТОН | НЫСТУАН МÆ ФЫДÆЛТÆМ | ПРОМЕТЕЙ | СÆРИБАР |


Читайте также:
  1. ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ
  2. ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ
  3. РУХС ИЗÆР
  4. СÆРДЫГОН ИЗÆР
  5. СÆРДЫГОН ИЗÆР
  6. ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР

Хъæды сæр бандзыг мæй,

Сыфтæр кæны сыр-сыр...

Цъиуызмæлæг дæр нæй,

Бæстæ — æнкъард, æмыр.

 

Къохы сым-сым кæны

Тулдзы мæрайы уыг.

Хъолойы сыфтыл кæлы

Уæлдæфы сой-цæссыг.

 

Сагъуыд ыл цыма хин, —

Малы та хæфс хъæрзы...

Нæууыл æруадз дæхи

Æмæ дын ма уа зын.

УАРЫНЫ РАЗМÆ

Хæхты урс къуымбил æлвыны

Дымгæ сау-сауид хæсгардæй.

Къæйтыл урс цæхæр фæзыны

Æмæ арв ныннæры дардæй.

 

Арт ныууынæргъы мæ разы,

Сдæры тары кæрц æвзагæй.

Къæвда рог æртæхтæй хъазы, —

Уый мæн фæлвары тæрсагæй.

 

Æз хуыссын мæ сау нымæтыл.

Фыстæ, урс дуртау, — мæ алыварс.

Цард тæфсы мæ цин, мæ мæтыл,

Удрæбын æвæры халас.

 

Æз ыстыр дунейæ ардæм

Ног мæ рох фæдтыл ыздæхын:

Кæд мæ уд æрцæрид адæн,

Зæрдæ бахизин фыдæхæй.

 

Фос — тымбыл, физонæг — зынгыл

Бидоны бæгæны сысы...

А изæр нæ хорз, нæ зынтæ

Тугтæригъæд уаид мысын.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 48 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
КЪУЫДАРГОМЫ ЗАРÆГ ХАЗБИЙЫЛ| ИУНÆГ КУЫДЗ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)