Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

МÆ ИРЫ КЪÆС

ФЫЙЙАУ ЧЫЗГ | АФТИД ИНГÆНЫ РАЗ | ФÆСРИВАД | БИРÆГЪ | КÆЙДÆР ХÆДЗАРЫ | УАЗАЛ РАЙСОМ | ЭКСПРОМТ | ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ | ГИТАРÆЙЫ ЗАРÆГ | AElig;НÆЗОНГÆЙÆН |


Читайте также:
  1. AElig;МÆ УÆДДÆР...
  2. AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС
  3. БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ
  4. БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН
  5. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ
  6. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  7. ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ

Нæ вæййы йæ номæй цымыдисаг лæг, —

Йæ фарн ис йæ авдæны хъармы.

Æз райгуырдтæн хохы. Нæ хæдзар — ныллæг,

Лæууыди цъæх æврæгъты армыл.

 

Сычъийы æхситт дзы куы фæцæуы сæрд, —

Ныззæй кæнынц арф кæмттæм дуртæ.

Куы фæлгæсай рындзæй, кæсдзæни дæм уæд —

Дунетæй æввахсдæр дæ хурмæ.

 

Уым, саджы цæстытау, æнæбын у арв.

Уым хæхтæ, æрсытау, — уæлгоммæ.

Æхсæрдзæн та рындзыл фæуадзы йæ хæрв,

Йæхæдæг ныййарц вæййы коммæ.

 

Бæзджын хъæр ныккæны гуыбырфындз цæргæс, —

Йæ аууон — хæрæмигъæй тардæр!..

Йæ фыдызæхх райдайы хохаг лæгæн

Байраджы пырх барц æмæ кардæй.

 

Æз райгуырдтæн хохы, йæ удæй-иу арт

Кæм цагъта мæ фыдæл мæгуырæй:

Йæ къæбæр цæххимæ, йæ суг та — сæнар,

Сæгъдзармæй фыдæмпъызт — йæ куырæт.

 

Зымæг-иу нæ кæмттæ, нæ рæгътæ — æмвæз

Рыг митæй... Уад ниудта кæуæгау.

Уæд уымæн та къуымы йæ арынджы лæгъз

Уыд афтид ыссады къæрмæгæй.

 

Уæддæр-иу нæ кодта йæ тухитæй хъаст:

Дæ тъæнджы мæй рагуалдзæг ма мыс!

 

Йæ удæй зынаргъдæр æм а зæххыл каст

Сæрибары дуг æмæ намыс.

 

Æууæнчы гæххæтт дзы нæ агуырдта лæг:

Йæ рихийы иу æрду — йе ’ууæнк.

Йæ цины рад ралæууы уымæн æцæг,

Нæртон лæг куы ыссары, гъе уæд.

 

Мæнæн та мæ хорз уа, мæ цауды фæдтæ

Æвдисы нæ рухс хæхты айдæн.

У дуне мæ райгуырæн, фæлæ уæддæр

Мæ Иры къæсæр у мæ райдиан!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 49 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
КУЫДЗЫ МÆЛÆТ| МÆ РАГОН, МЕ ’РЫГОН ИР!

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)