Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Сæрибар

УАЗАЛ РАЙСОМ | ЭКСПРОМТ | ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ | ГИТАРÆЙЫ ЗАРÆГ | AElig;НÆЗОНГÆЙÆН | КУЫДЗЫ МÆЛÆТ | МÆ ИРЫ КЪÆС | МÆ РАГОН, МЕ ’РЫГОН ИР! | МÆ КАРÆН ХÆСТОН | НЫСТУАН МÆ ФЫДÆЛТÆМ |


Фыдæй фыртмæ дæ номыл царди лæг.

Æрвгæронау, — æнæссаргæ, мæнгæфсон,

Ды сфæлдыстай лæджы уды хæлæг,

Нæ дæ ары, уæддæр цæры дæ ныфсæй.

 

Ды дæ æппæты цæр, фæлæ нæ цæ!

Лæгæн нæ цæ, нæ йын сæттынц йæ дойны

Уæд хорз цард, ном, æрцхорцы ’ууæнк, нæ цæр,

Æрвон рухсау, рæсугъц сылгоймаг.

 

Дæ кувæнцонмæ рабæтты йæ рон

Æхсон дур дæр, фæлæ йæ нæй фæхонæг.

Йæ мидвыны уа, й’адзалы кæрон,

Хуыцаумæ нæ, дæумæ кувы зæххон лæг.

 

Дæ сурæт уайы цæстытыл æдзух, —

Сырххъулон кæсаг ферттивы мæ разы!..

Æваст фæцæвын нæууы бын мæ къух,

 

Фæлæ цзы ’рмæст хъуынайы тымбыл райсын...

***

Хур та банцзары арт. Къуымты базмæлы бон.

Тар, кæрцойы рæгъæдау, нызгъæлы.

Иу æцæгдзинадыл æз æууæндын æргом:

Лæг йæ ацзалы сахат нæ мæлы.

 

Иутæ ацæуынц раздæр фыд зондæй, мæнгæй, —

Хъуысы мин азы йæ ном æндæрæн.

Рох нæ кæны иу хорз рæстдзинад мæнæй:

Лæг хъуамæ лæгæй фæцæра!

 

Æмæ царды уынгæг уысм куы нал уа дæ бон,

Уд куы стыхса хæрамæй, дауæй,

Уæд сæ ныхмæ æрлæуу, уæд дæ уды æндон

Ноджы байсæр бæзджын рæдауæй!

***

Мæ мидвыны уыдтон, цыма зæххыл

Цымыдисагæй нал и мурдæр ницы...

Æмбæрстгонд у æппæт дæр! — уый зæгъын

Нæ бауарзта мæ цæст мæхицæн.

 

Фæлæ уыд афтæ: урс дуне ныджджих.

Ныууырдыг хъæд. Ныххуыссыд дымгæ, бастад...

Цыма нæ зæххыл цард фæци дæлих

Æмæ дæлихæй рухс ивæнтæ хаста...

 

Æвзист æртæхтæ хъолоты сыфтыл...

Фæлдæхт кæрдæгæй иу хал зæххæй не стад...

Дунейыл алцы джих æмæ нывыл, —

Мæ цæссыг дæр сыгъзæрины къæртт фестад...

 

Æваст ыстахт кæйдæр хъæлæсæй цин:

— Дзæнæт у уый! Цы ма дын нæй, цы цух дæ?!.

Кæсын, æвдисы йе ’мбыд æвзаг зин...

— Мæ зæххон цард! — фæлæбурдтон йæ хурхмæ.

 

Дзæггорау æй тымбыл къухæй нæмын:

— Мæ зæххон цард! Нырма æз дæн ам хицау!

Лæгæй куы цæрын а зæххыл, уæд мын...

Ды — иу фæлдыст, дыккаг фæлдыст — дæ хуыцау!..

 

Æваст йæ хуызы бацыд дуне ног:

Ыслæууыд кæрдæг, хъæдыл ризын бафтыд...

Фæлмæн къæвда та цæджджинагыл рог,

Нæртон лæгау, йæ къахы фындзтыл кафы!..

 

Æрыхъал дæн... Къаннæг сабийы уис

Мæ рихийы бын аууæрста мæ фынтæ.

Фæхуд-фæхуд кæны — кæсы йæм дис:

Цæуыл уынæргъы тæрхæгыл йæ фыд та?..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 66 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ПРОМЕТЕЙ| КЪУЫДАРГОМЫ ЗАРÆГ ХАЗБИЙЫЛ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)