Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Чызгæрвыст æмæ чындзхаст

1. Лæппу æмæ чызг кæрæдзийы зæрдæмæ куы фæцæуынц, куы сфæнд кæнынц сæ цард баиу кæнын, уæд лæппу бар ракуры чызгæй, цæмæй йæ минæвæрттæ барвита. Уый фæстæ лæппу хъуыддаг бамбарын кæны йæ бинонтæн. Бинонтæ бауынаффæ кæнынц, снысан кæнынц минæвæрттæ.

2. Чызг дæр йæ бинонтæн бамбарын кæны, уазджытæ сæм кæй æрбацæудзæн, уый. Чызджы бинонтæ сæхи бацæттæ кæнынц се ’рбацыдмæ.

3. Минæвæрттæ вæййынц æртæ-фондз адæймаджы (вæййы дзы лæппуйы сыхаг, хæдзары бинонтæй кæнæ хæстæджытæй исчи). Вæййы афтæ дæр, æмæ къухылхæцæг ацæуы минæвæрттимæ куыд лæппуйы æрдхорд, афтæ. Фыццаг цыдæн æмбæлы усгур лæппуйæн бацæуын йæ минæвæрттимæ, фæлæ уый семæ не ’рбады, хицæн уатмæ йæ бакæнынц. Хæдзары бинонтæ усгур лæппуйы куы нæ фæзонынц, уæд æй сæхæдæг дæр бацагурынц фенынмæ.

4. Минæвæрттæн скæнынц фынг. Хистæрæн сын фæбады сыхаг нæлгоймаг, кæнæ та чызджы мыггагæй ас лæг. Хистæр басиды Хуыцауы номыл. Дыккаг сидт фæзæгъы Уастырджийы тыххæй. Уыцы сидты фæстæ уазджыты хистæр ныхасы бар ракуры æмæ бамбарын кæны цы хъуыддаджы фæдыл æрбацыдысты, уый.

5. Бинонтæ сæ чызджы раттыныл разы куы вæййынц, уæд бадты хистæр уазджытæн фæзæгъы, мæнæ кæрæдзийы фенæм, хиуæттимæ ауынаффæ кæнæм, зæгъгæ, æмæ уын иннæ цыдæн нæ фæндон зæгъдзыстæм. Разы куы нæ вæййынц, уæд та минæвæрттæн æргом фæзæгъынц, ацы хъуыдцаджы фæдыл сымахæн махмæ фæндаг нæй, зæгъгæ.

6. Фыццаг заманы-иу цалдæргай азты дзырдтой чызгыл. Фæлæ ныр ахæм рæстæг нал у. Иугæр лæппу æмæ чызг кæрæдзийы уарзынц, æгъдауыл сæ цард иу кæнынц, уæд уый хорздзинад у æмæ сын сæ фæндаг ма халæм, афоныл сын хъæуы дзуапп раттын.

7. Фыццаг заманы фидыдтой лæппуйы хæдзары, федтой-иу лæппуйæн хæдзар ис, æви нæ, кæдæм бацæудзæн сæ чызг, уый. Ныр арæхдæр фидауынц чызджы хæдзары.

8. Минæвæрттæ цæуынц хуыцауæхсæвы кæнæ дыццæгæхсæвы. Нæй сын æрвитæн сабатæхсæвы æмæ майрæмæхсæвы. Къуыримæ чызджы хæстæджытæ кæрæдзийы фенынц æмæ сæ фæндон баиу кæнынц.

8 (а). Минæвæрттæ фыццаг хатт куы æрбацæуой, уæд сын фысымтæ сæ разы æрæвæрынц уазал хæринæгтæ. Куыд уазджытæ, афтæ сын хъарм хæринаг дæр æрцæттæ кæнынц, æцæг æртæ чъирийы рахæссынц лыгæй. Æртæ чъирийы æнæлыгæй рахæссынц фынгмæ фидаугæйæ.

9. Минæвæрттæ дыккаг хатт куы ’рбацæуынц, уæд сæ бинонтæ мидæмæ бахонынц, дзæбæх цæстæй сæм ракæсынц. Сæ разы та сын æрæвæрынц хæрд æмæ нозт.

Дыууæ-æртæ сидты фæстæ минæвæртты хистæр бамбарын кæны бадты хистæрæн æмæ фæзæгъы, куыд баныхас кодтам, афтæ æрбацыдыстæм дзуапмæ, зæгъгæ. Хистæр сын разыйы дзуапп куы ратты, уæд æфсинтæ фынгмæ æрхæссынц æртæ чъирийы. Уазджыты хистæр мысайнаг æрæвæры стъолыл. Мысайнаг дæттынц, йæ фадат кæмæн куыд амоны, афтæ. Бадты хистæр æртæ чъирийы скувы æмæ бафидауынц. Фидаугæйæ, фысымтæ кусарт куы нæ акæной, уæд уый аипп нæ уыдзæн.

10. Куы бафидауынц, уæд фысымтæ æмæ уазджытæ кæрæдзийы къухтæ райсынц. Минæвæрттæ бацæуынц æфсинтæм æмæ уыдонæн дæр раарфæ кæнынц.

11. Фидыды фæстæ баныхас кæнынц, кæд саразой чындзæхсæв, цал адæймаджы уыдзысты чындзхæсджытæ, стæй ма æндæр хъуыддæгтыл.

Фидыды фæстæ æнæмæнг баныхас кæнынц, чызджы хæдзар лæппуйы хæдзарæй исты домынц æви нæ, кæрæдзийæн лæвæрттæ кæндзысты, кæд кæндзысты, уæд кæмæн, бинонтæн æви ма хæстæджытæн дæр. Бирæтæ хъуыр-хъуыр байдайынц, зæгъгæ, мæнæн æвзæрдæр, дæуæн хуыздæр лæвар бакодтой. Уымæ гæсгæ ныртæккæ кæрæдзийæн лæвæрттæ нæ кæнынц. Æрмæстдæр чындзæн лæппуйы хæдзарæй æрбахæссынц уæлæйы æмæ къахы дарæсæй цы ’мбæлы, уый.

12. Хатгай чындзхасты бон кæнынц фидаугæ дæр. Уæд фидауджытæ чындзхæсджытæй рацæуынц чызджы хæдзармæ иу сахат раздæр. Чындзхæсджыты æрбацыдмæ бафидауынц, стæй семæ чындзæхсæвы æрбадынц. Ахæм фидыды чызджы хæдзарæй лæппуйы хæдзармæ æнæмæнг æмбæлы æртæ чъирийы, нозт æмæ кусартæй æртæ фæрсчы фидауæггаг.

13. Фидыды фæстæ минæвæрттæ кæнæ фидауджытæ фынгæй куы сыстынц, уæд бацæуынц æфсинтæм. Кæрæдзийæн арфæ ракæнынц, нæ хæстæгдзинад фарнимæ уæд, зæгъгæ. Фыццаг заманы фидаугæйæ хæдзары бинонтæ кодтой кусарт фыс„уæрыкк. Лæппуйы хæдзармæ æрвыстой фидауæггаг, æртæ чъирийы, нозт æмæ кусартæй хай (æртæ, фондз фæрсчы). Ныртæккæ кусарт кæнынц стæм хатт. Æфсинтæ уазджытæн нуазæнтæ авæрынц, уыдон сын раарфæ кæнынц æмæ сæ аназынц, уый фæстæ сын бар ис стъолыл нуазæнимæ къафетты аргъ æрæвæрынæн.

14. Ныры рæстæджы лæппуйы хæдзарæй не ’мбæлы домын кусæрттаг, нозт, хойраг æмæ лæвæрттæ. Чызджы бинонтæ цыбыркъух куы уой, уæд сын лæппу йæ хæстæджытимæ баххуыс кæны, сæхимæ райсынц иуæй-иу фæлхæстæ чызгæрвитынæн дæр.

15. Фидыдæй иу къуыри кæнæ фæстæдæр сиахс къухылхæцæгимæ, æмдзуарджынимæ, йе ’мгæрттимæ (фондзы онг) чызджы хæдзармæ бакæны сусæг цыд. Семæ бахæссынц лæвæрттæ æмæ адджинæгтæ.

16. Сиахсы каистæ æрбахонынц æрыгон фæсивæды, вæййы дзы хъазт æмæ фынгæвæрд.

17. Лæппуйы бинонтæ рагацау (цалдæр боны раздæр) сæрмагондæй фехъусын кæнынц чындзхæсджытæн. Уыдонæн вæййы хистæр. Хистæр вæййы чындзхæссæг сылгоймæгтæн дæр.

18. Чындзхæссæг æрвитынц æгъдауджын, зарын æмæ кафын чи зоны, ахæм кæстæрты. Чындзхæсджыты хистæр вæййы кадджын, æгъдæуттæ хорз чи зоны, ахæм лæг.

19. Чындзæхсæвмæ æмæ чындзхæссæг цæуынц æрмæстдæр хуынд адæм. Æнæ хонæгæй цæуын у худинаг. Чындзхæсджыты нымæц æдæппæтæй фондз æмæ ссæдзæй фылдæр хъуамæ ма уа.

20. Хæдзары хицау чындзхасты бон чындзхæсджыты æрбахоны иу-дыууæ сахаты раздæр йæ хæдзармæ. Хицæнæй сæ (æрмæстдæр уыдоны) æрбадын кæнынц фынджы уæлхъус. Кæрæдзийы базонынц. Сæ хистæр бамбарын кæны алкæмæндæр йæ хæстæ. Чындзхæсджыты хистæр, стæй фысымтæй кæмæн æмбæлы, уыдон хъуамæ ма ауадзой хæдцзу чындзхæссæг. Хистæр скувы æртæ чъирийы. Фæкæнынц æрмæстдæр æртæ сидты: Стыр Хуыцауы, Уастырджийы æмæ бæркады тыххæй. Хистæр бамбарын кæны чындзхæсджытæн, цæмæй хæрзæгъдауæй сæхи равдисой, сæхиуыл фæхæцой карз нозтæй, тызмæг ныхас ма кæной, уой æгъдауджын æмæ æфсармджын.

21. Чындзхæсджыты хистæр сылгоймагæн баргонд вæййы, чызджы хæдзармæ цы хуын æрвыст цæуы, уый радзурын æмæ равдисын.

22. Хъуамæ чындзæхсæв райдайа 2–3 сахаты фæстæдæр чындзхæсджыты ацыдæй, цæмæй чындзы æрбахæссынмæ бадт ма фехæла. Уый у хъæлдзæгдзинад æмæ фидауы хорз хъазтæй, рæсугъд фæндырдзагъдæй, кæфтытæй, зарджытæй. Цалынмæ чындзхæсджытæ чындзы хистæрты размæ æрбахоной, уæдмæ не ’мбæлы фынгæй сыстын, чындзæхсæвæй ацæуын, хъазт фехалын.

23. Чындзхæсджытæ хъуамæ ацæуой æмæ фæстæмæ здæхой афоныл, ууыл бацархайæнт сæ хистæр æмæ къухылхæцæг. Æрæгмæ куы ’рбаздæхынц, уæд сæм зæрдæ æхсайы, æгъдау фехæлы, стæй чындзæхсæвæй бирæтæ ацæуынц.

24. Чындз хæсгæйæ не ’мбæлы:

— машинæтæ тагъд скъæрын, кæрæдзийæ хицæнтæ кæнын;

— чындзы фæндаг æхгæнын æмæ лыг кæнын, фæндыр æмбæхсын æмæ уыдæтты тыххæй æхца домын;

— хæцæнгарзæй гæрæхтæ кæнын;

— хылкъахæн митæ æмæ тызмæг ныхæстæ;

— чындзы цыртдзæвæнтæм кæнын;

— фæрасыг уæвын;

— хистæрæн хай дæттын;

— къухылхæцæгæй æмæ æмдзуарджынæй æхца домын чындзы дарæс скæныны тыххæй. (Худинаг уæд æндæр æфсæнттæй дæр æхца домын!);

— æнæ чындзхæсджыты хистæрæй чындзы чындзæхсæвы бадтмæ бакæнын (лæппуйы хæдзары).

25. Ирон чындзæхсæв фидауы хъæлдзæгдзинадæй, ирон фæндырдзагъд, зард æмæ кафтæй. Фæлæ ныртæккæйы фæсивæд хъазтмæ нал цæуынц, дзæбæх цæрдæг лæппуйы кафт æмæ уæздан хонгæ кафт нал фендзынæ. Оркестры хъæрæй агъуысты къултæ ризынц, лæджы сæры магъз фæцæйтоны, хистæр, кæстæр дзы нал вæййы бæрæг. Хистæр кувынмæ кæнæ фæсидынмæ куы сысты, уæд æм хъусæг нал вæййы. Хистæрты æмæ ирон æгъдауы кад сæфы. Хистæр нæма скувы, афтæмæй хицæн фынгтыл хæрын æмæ нуазынмæ фæвæййынц.

Ирон хъæлдзæгдзинады (чызгæрвысты, чындзхасты, куывды) хъуамæ уа ирон æгъдау, ирон зарæг æмæ ирон кафт. Уым нæ хъæуынц, нæ фидауынц æххуырст музыканттæ æмæ артисттæ. Фæлтау ахуыр кæнæм нæ фæсивæды ирон зарджытæ æмæ кæфтытыл, ирон фæндырæй цæгъдын, цæмæй нæм уа æгъдау, цæмæй ма фесæфа нæ ирон фарн. Артистты фæстæ фæсивæд нал уæндцзысты фæндырæй цæгъдын, кафын æмæ зарын, нæ кæндзысты ахуыр. Нæ циндзинад фидауы адæмæй, адæмы хъæлдзæгдзинадæй, уый у кæстæрты хъомылады хос æмæ йæ дарддæр афтæ хæссæм царды.

26. Фæндырдзæгъдæг хъуамæ йæ хъус дара хистæртæм. Кувæг куы сыста æмæ куы дзура, уæд йæ фæндыры цагъд бауромæд. Хъæуы æфсарм æмæ æгъдау. Алы хъуыддагæн дæр ис рад æмæ бынат.

27. Чызджы хæдзарæй лæппуйы хæдзармæ æрвыст вæййы хуын æмæ мыдыкъус цайцымæн уидгуытимæ. Хуыны вæййы æртæ чъирийы, кусартæй хай, нозт.

28. Чындзхæсджытæ заргæ æмæ фæндырдзæгъдгæйæ æрлæууынц чызджы хæдзары дуармæ. Сæ зарæджы вæййы ахæм ныхæстæ:

Ой, фæцæуæм уæм, фæцæуæм,

Ой, амондджын къах фæхæссæм!

Ой, уе ’хсæв хорз уа, нæ фысымтæ!

Ой, хæрзæмбæлæг ныл сæмбæлæд!

Ой, уæлæ хъæды давонджын!

Ой, нæ хъуыддæгтæ амондджын...

Рацæуынц фысымтæ, сæ къухтæ сын райсынц æмæ сæ бахонынц чындзæхсæвмæ.

Кæстæр фæсивæд æххуыс кæнынц хуындзæуттæн хæдзармæ сæ хуын бахæссынæн.

Чындзхæсджыты размæ нæ хъæуы нозт хæссын.

29. Фысымтæ чындзхæсджытæн саразынц хицæн фынг. Хистæрæн сын фæбады фысымтæй æвзæрст адæймаг. Фысымтæй ма цалдæрæй бадынц уазджытимæ. Чындзхæсджыты хистæр хъуамæ бада, кусарты сæр кæм æвæрд вæййы, уым (сæйраг бадты фысымтимæ).

30. Чындзæхсæвы фынгыл алкæмæн дæр йæ разы æвæрын хъæуы тæбæгъ, агуывзæ, салфеткæ æмæ вилкæ. Сæ разы æнæмæнг хъуамæ уа уырдыглæууæг. Хистæры раз рагацау æвæрæм сыгъдæг тæбæгъы агуывзæтæ (гыццылтæ æмæ стыртæ), цæмæй нуазæнтæ арвита, уый тыххæй.

31. Хистæрты раз вæййы æртæ чъирийы, сæр æмæ бæрзæй — галиуæрдыгæй. Скувыны размæ астæуккаг уæливых фæбырын кæнын хъæуы рахизæрдæм, уæллаг та галиуæрдæм. Æртæ хистæрмæ вæййы кусартæй кувинæгтæ:

— хистæрмæ базыг;

— дыккаг хистæрмæ — физонæг æртæ фæрскæй;

— æртыккаг хистæрмæ физонæг раззаг хуылфыдзаумæттæй.

32. Хистæр куы фæкувы (1-аг гаджидау), уæд бадты адæм иууылдæр лæууынц бæгъæмсарæй, кæстæртæ та лæууынц хистæры рахизфарс æмæ хъусынц. Къухылхæцæг, æмдзуарджын æмæ кæстæр фæсивæд лæууынц хистæрты раз æмæ иууылдæр «оммен» кæнынц.

33. Хистæр скувы æмæ кувæггаг базыг æмæ иу чъири авæры къухылхæцæгмæ, дыккаг хистæр æмдзуарджынмæ, æртыккаг хистæр бадты кæстæртæм.

34. Иу сахаты бæрц куы абадынц, уæд къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын нуазæнтимæ æрбацæуынц хистæртæм, цæмæй сын бар раттой сæ хойы фенынæн æмæ йыл йæ чындздзон дарæс скæнынæн. Чындзхæсджытæ хъуамæ афоныл бацагурой чындзы фыды æмæ йын раарфæ кæной.

35. Чызджы æфсымæр, кæнæ та хæстæгдæр æрвадæлтæй иу нæлгоймаг бацæуы чызгмæ æмæ йын бафæдзæхсы: «Абонæй фæстæмæ дæ цард уыдзæн æндæр хæдзары, æндæр бинонты æхсæн, æмæ нын кадхæссæг у. Хуыцау дæ фæндараст фæкæнæд æмæ амондджын у, дæ цард дæхи фæндиаг уæд!» Уый фæстæ бар ратты чызгыл йæ чындздзон дарæс скæнынæн.

36. Къухылхæцæг кæнæ æмдзуарджын къафетты аргъ ратты, сæ хойæн йæ чындздзон дарæс чи скодта, уыдонæн.

37. Чындзы, заргæ æмæ фæндырдзæгъдгæ, ракæнынц йæ уатæй.

Йæ рахиз къухыл фæхæцы къухылхæцæг, йæ галиу къухыл чындзхæсджытæй иу чызг, чызджы фарсмæ цæуы æмдзуарджын. Заргæ æмæ фæндырдзæгъдгæ бацæуынцхистæртæм. Бадты адæм иууылдæр сыстынц. Хистæрты раз фысымтæ æрæвæрынц æртæ чъирийы, кусартæй хай æмæ нозт. Хистæр сæ скувы, фæндараст фæзæгъы чындзæн, бафæдзæхсы йæ. Стæй нуазæнтæ авæры къухылхæцæгмæ, æмдзуарджынмæ æмæ сæ разы цы кæстæртæ лæууы, уыдонмæ. Уый фæстæ чындзы заргæ æмæ фæндырдзæгъдгæ машинæмæ ракæнынц. Заргæ фæкæнынц чындзхæссæг кæстæр фæсивæд.

37 (а). Зымæгон чындзы йæ хæдзарæй куы ракæнынц машинæмæ, уæд хистæртæ æмæ иуæй-иу чындзхæсджытæ бирæ бафæстиат вæййынц чызджы хæдзары, уый раст нæу.

Вæййы афтæ, чындз æмæ чындзхæсджытæ уазал кæнынц. Бирæтæ ныууадзынц хистæрты æмæ рацæуынц. Хаттæй-хатт чындзы дæр аласынц, хистæртæ баззайынц æмæ уый дæр раст нæу.

Хистæртæ хъуамæ зоной, уазалы сæм æнхъæлмæ кæсынц чындзхæсджытæ æмæ хъуамæ кæной цыбыр ныхас.

38. Ис ма ахæм æгъдау. Чызджы хæдзары æфсинтæ æрцæттæ кæнынц хуын — сиахсæггаг (æртæ хæбизджыны, дзидзайы хай, карк кæнæ гогыз æмæ нозт). Уыцы хуын хъуамæ райса, лæппуйы хæдзарæн кæнæ мыггагæн сиахс чи у, ахæм адæймаг. Хуын чи æрцæттæ кодта, уыдонæн уый ратты къафетты аргъ. Уыцы хуынæн сиахс кад скæны йе ’мгæрттимæ дыккаг бон йæ хæдзары кæнæ æндæр ран.

39. Иу æгъдауæн ис аивæн. Усгуры йæ чындзæхсæвы мауал æмбæхсæм. Уадз æмæ хъæлдзæгдзинады уæд кæстæртимæ. Æцæг йæхи куыд æмбæлы, афтæ дарæд.

40. Лæппуйы хæдзары чындзы бакæнынц фæндырдзæгъдгæ æмæ заргæ хистæрты бадтмæ. Чындз йæ сæрæй æртæ хатты æркувы. Чызджы хæдзарæй цы хуын рарвитынц, уый хистæртæ скувынц. Уый фæстæ чындзы бакæнынц хистæр сылгоймæгтæм.

Уым дæр чындз бавæры йæ рахиз къах æмæ æртæ хатты сæрæй къонамæ æркувы.

Хистæр сылгоймæгтæ фæцин кæнынц чындзыл. Ацыран чындз бирæ нæ фæвæййы. Уый фæстæ фæсивæд, заргæ æмæ фæндырдзæгъдгæ, чындзы бакæнынц йæ уатмæ. Чындз йæ уатмæ бахизы йæ рахиз къахæй. Уым фæсивæд кафынц æмæ зарынц.

41. Нæлгоймагæн чындзимæ акафын уыдис стыр кадыл нымад, чындзимæ чи акафы, уый йын æгъдау скæны.

42. Куыд бауынаффæ кæной бинонтæ, уымæ гæсгæ чындзæхсæвы изæрæй, кæнæ та дыккаг бон хызисæг чындзы хыз сисы. Сæрзæды хæцъил (тырыса) бафидар кæны хæдзары къулыл цармæ æввахс (рæбынæй). Хызисæг чындзы бафæдзæхсы бынатыхицауыл, цæмæй бинонтыл нымад æрцæуа, йæ æртхуроны хай йæм хауа. Бафæдзæхсы йæ Мады Майрæмыл, цæмæй бирæ цот уадза.

43. Чындзæн сыхæгтæй кæнæ хæстæджытæй вæййы кæнгæ мад. Кæнгæ мады хæс хатгай йæхимæ райсы къухылхæцæджы бинойнаг, куыд баныхас кæной, афтæ (вæййы æрмæстдæр иу кæнгæ мад). Кæнгæ мад йæ «чызгæн» хуын æрбахæссы, йæ цæст æм дары æмæ йын амоны ног царды хъуыддæгтæ.

44. Хызисты фæстæ чындзмæ рахæссынц мыды къус сыгъдæг цайцымæн уидгуытимæ. Уаты вæййынц æрмæстдæр сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ. Къусыл фæхæцы кæнгæ мад, къухылхæцæджы кæнæ æмдзуарджыны бинойнаг. Сылгоймæгтæн радыгай чындз авæры фындзы кæлмæрзæн æмæ мыды хай æд уидыг. Чындзæн йæхицæн дæр æмбæлы ацаходын мыдæй, æрмæст сыгъдæг уидыгæй.

45. Фæстагмæ кæстæр фæсивæд мыды къус аскъæфынц. Къус фæстæмæ афтидæй раттынц хæдзары бинонтæн.

46. Афтид къус балæвар кæнын æмбæлы къухылхæцæгæн.

47. Чындзимæ вæййы чындзæмбæлттæ. Уыдон æхсæв лæппуйы хæдзары баззайынц, дыккаг бон сын лæвæрттæ скæнынц æмæ хуындзæуттимæ ацæуынц.

48. Дыккаг бон чындзæн йæ цæгатæй æрбахæссынц хуын. Хуындзæуттæ вæййынц æрыгон фæсивæд — 10–15 адæймаджы — лæппутæ æмæ чызджытæ. Хуындзæуттæй хистæр сылгоймаг радзуры æмæ равдисы чызджы хæдзарæй æрвыст хуын. Хуындзæуттæн саразынц хъазт æмæ фынг. Хæдзары уавæрмæ гæсгæ сын акæнынц кусарт фыс кæнæ уæрыкк.

48а. Хуыны дзаумæтты номхыгъд куы фæдзурынц, уæд чемоданы исчи ныппары йæ худ кæнæ кæлмæрзæн. Уымæн хуынæй кæнынц лæвар (куатæ, фындзы кæлмæрзæн, сæрбæттæн æмæ а.д.), уый у адæмы хъæлдзæггæнæн.

49. Чындзæхсæвы чындзы тиу уатмæ куы бацæуы, уæд йемæ бахæссы къафеттæ.

50. Чындзæхсæвы изæрæй сиахс йе ’мгæрттимæ ацæуы йæ каистæм. Бахæссынц лæвар: чындзы мадæн къабайаг æмæ къафеттæ.

51. Чындзæхсæвы хистæрæн бадын кæнын хъæуы ирон æгъдæуттæ хорз чи зоны, æгъдау раттынмæ рæвдз чи у, ахæм карджын адæймаджы. Хæдзары хицау хистæры бацагуры цалдæр боны раздæр.

Фынг æвæргæйæ, алы хæринаг дæр æвæрын райдайын хъæуы хистæртæй. Хистæртæн сæ разы хъуамæ æнæмæнг уой фæрсчытæ æмæ сины хæйттæ, хицæн тæбæгъы та фысы уæны хай, кæд дзы фыс æргæвст уа, уæд. Уæнмæ кардæй æвналæн нæй. Хъæуы йæ цалдæр сидты фæстæ фыдызгъæлæй фæхицæн кæнын æмæ хистæры раз æрæвæрын.

52. Алы адæймаджы раз дæр хъуамæ уой агуывзæтæ донæн æмæ нозтæн, тæбæгъ, вилкæ æмæ æндæр хæрыны мигæнæнтæ æмæ къухсæрфæн гæххæтт (салфеткæ).

53. Кувгæйæ хистæртæ рахиз къухæй хæцынц нуазæныл, галиу къухæй та цы йæм æмбæлы кусартæй, уыцы кувинагыл. Фынджы хистæр кувы бæгæныйæ.

54. Фынгыл не ’мбæлы карз нозт æмæ хæрынæй кæрæдзимæ хатын. Алчидæр хъуамæ æвдиса йæ хорз æгъдау. Бадты адæмæй чи цы нуазы, уый алкæмæн дæр йæхи бар у. Фыдхæрд æмæ фыднозт — æнæгъдаудзинад.

55. Фынджы бадт æмæ æгъдау хуыздæр уыдзæн, æртæ хистæрæй фæстæмæ иннæтæ хæрз гыццыл куы дзурой, уæд. Дæргъвæтин ныхас нæ фидауы гаджидауы, æмбæлы цыбыр æмæ аив ныхас.

56. Ирон фынгæвæрд табуйаг у, уымæ гæсгæ йын ис фидар фæтк. Иу фынгыл не ’мбæлы бадын фыд æмæ фыртæн, кæстæр æфсымæрæн хистæр æфсымæры раз. Иу хæдзарæй иу фынгыл цалдæрæй бадын.

Фынгыл бадгæйæ не ’мбæлы æмæ худинаг у:

— хистæр куы сыста, сидт куы уадза кæнæ ныхас куы кæна, уæд бадты адæм хæрд, нозт æмæ дзурын хъуамæ бауромой æмæ хистæрмæ хъусой;

— хистæрæн уайдзæф кæнын кæнæ хай дæттын;

— хистæры æвастæй фынгæй стын, тамако дымын, искæмæн нуазæнтæ дæттын, уæлдай сидтытæ кæнын;

— хистæртæм дæлейæ уæлæмæ дзурын;

— нуазæн канд хистæрæн не ’рбахæссынц, уымæ гæсгæ дзурын, хæрын æмæ нуазын фæуромæм æмæ нуазæн чи æрбахаста, уымæ хъусæм;

— алчидæр æй хъуамæ зона æмæ æмбара, дæхи дарынæй ды кад кæныс æви æгад, бинонты, мыггаджы æмæ ирон адæмы;

— хистæр йæхæдæг хъуамæ уа кадджын, аргъ ын кæной бадты адæм. Хистæры хæс у бадты адæмæй йæхи æвзæр чи дара, уымæн уайдзæф кæнын;

— хистæры раз æмбæлы уырдыгыстæг, уый кæстæртæн у скъола.

57. Бадты кæрон дыккаг кæнæ æртыккаг хистæр арфæ ракæны бадты хистæртæн.

58. Стыр чындзæхсæвтæ ма кæнæм, ма барæм нæхи хъæздгуытыл. Чындзæхсæвмæ æрхон сыхæгты, хæстæджыты æмæ æндæрты. Цæмæн хъæуы хонын ресторанмæ сæдæгай æмæ мингай адæймæгты. Чындзæхсæвы æфсæрмы нæ хъæуы, кæмæн куыд йæ фадат у, афтæ лæвæрттæ дæр кæны.

59. Чындзæхсæвмæ адæм хонын хъæуы бæрцæй, фадатмæ гæсгæ. Аив нæу зымæгон хуынд адæмы уынгты æмæ уазал бынæтты бадын кæнын, хъуамæ циныл цин кæной зæрдиагæй, зæрдæрухсæй.

60. Чындзхæсджытæй бирæтæ цæуынц сæхи машинæтыл. Æгæр бирæ бавæййынц æмæ сæрфат нал вæййы. Хуыздæр уаид, рог машинæтæ къаддæр, фæлæ автобусы заргæ æмæ фæндырдзæгъдгæ цæуын. Æгæр тагъд цæуын нæ хъæуы, уый фыдбылыз хæссы. Нозтджын адæймаг ма тæрæд машинæ.

61. Чындзæхсæвы бадтæй адæм куы сыстынц, уæд сывæллæттæ ныххæлоф кæнынц фынгтыл, алырдæм хæссынц хæрд æмæ нозт.

Хуыздæр уаид, уыдонæн рагацау адджинæгтæ раттын, цæмæй фынгтæм ма ’вналой æмæ фыдахуыр ма кæной.

62. Чындзæхсæвы рæстæг бинонтæ (лæппуйы æмæ чызджы хæдзары дæр) бабар кæнынц сыхæгтæй иу адæймагæн, уынаффæгæнæг у, зæгъгæ. Уый йæ хъус дары, цæмæй циндзинад аив æмæ рæсугъддæр ацæуа, уымæ. Уый вæййы сæрæн, адæмы æхсæн кады ном æмæ æгъдау æвæрæг.

63. Худинагыл нымад уæд лæппуйæ, чызгæй кафын нæ комын, нæ зоныны охыл. Хъазты ерыс кæнын хъæуы, хуыздæр кафт æмæ зардæй.

64. Бинонты æхсæн, рæвдауæндæтты æмæ ахуырады бынæтты ахуыр кæнын хъæуы нæ кæстæрты кафын æмæ зарын, нæ хорз æгъдæуттæ зонын æмæ æххæст кæнын.

65. Адæймагмæ хъуамæ уа æгъдау æмæ æфсарм, уæд йæ фæстæ ныууадздзæн хорз цот, кад æмæ хорздзинад. Уый уыдзæн йæ кæстæртæн, йæ мыггагæн, ирон адæмæн фæзминаг хъуыддаг, нæ царды бындур.

Ирыстоны кæстæртæй курæм: «Бинонтæ кæнут афоныл! Арфæ уын кæнæм: уæ фæдыл сывæллæттæ уæд бирæ, амондджын хъæбултæ уын уæнт. Сывæллæттæ схæссын æнцон нæу, фæлæ хал халæн æххуыс у. Уыдон куы рахъомыл уой, уæд сæхæдæг амал кæндзысты. Нæ адæм бирæ æмæ æгъдауджын, кæрæдзийæн адджын, фидар æмæ æмзонд куы уой, уæд нын цæрын дæр æнцондæр уыдзæн, æмæ нæ ахæм фарн æмæ амонд уæд!»

МАРДЫ ÆГЪДÆУТТÆ

Марды æгъдæуттæ Ирыстоны кæнынц алыхуызон. Алчидæр растыл нымайы цы ’гъдæуттыл сахуыр, уыдон. Кæнгæ та сæ хъуамæ кæнæм иухуызон, цæмæй нæ кæстæртæ иу æгъдау кæной, алырдæм ма хæцой, уæд нæ суйтæ кæндзыстæм.

Мæрдджыны хæдзар фæкæсын хъуаг æмæ æвадат куы уа, уæд сыхæгтæн æмæ хæстæджытæн æмбæлы зианджынæн баххуыс кæнын.

Комитеты хъуыды æмæ адæмы фæндонмæ гæсгæ марды æгъдæуттæ кæнын хъæуы афтæ:

1. Адæймаг куы амæлы, уæд йæ фарсмæ чи вæййы, уыдонæй йын исчи йæ цæстытыл æрхæцы. Хæдзары бинонтæ телевизор æмæ кæсæн бамбæрзынц, уат, хæдзары дуар, кæнæ кулдуар байгом кæнынц.

Уый фæстæ мæрдджын бинонтæ фыццаджыдæр фехъусын кæнынц сæ сыхæгтæн, хæдзармæ хæстæгдæр чи у, уыцы адæмæн, уыдон æрбамбырд вæййынц мæрдджыны хæдзары.

2. Сыхæгтæ сæхимидæг баныхас кæнынц мардмæ чи базилдзæн, уый тыххæй (нæлгоймаг мардæн лæггад кæнынц нæлгоймæгтæ, сылгоймаг мардæн та сылгоймæгтæ). Марды хъæуы ныннайын, ныддасын, йæ уæлæ йæ мæрддзаг дарæс скæнын æмæ йæ æрæвæрын йæ сынтæджы.

3. Хæдзары бинонтæ мыггаджы æмæ сыхы хистæртимæ бауынаффæ кæнынц:

— кæд уыдзæн мардæвæрæн бон;

— кæдæм æмæ кæй арвитой хъæргæнæг;

— чи ацæудзæн кусæрттаг æлхæнынмæ;

— марды чырын саразын кæмæн бабар кæндзысты;

— кæцы уæлмæрды æвæрд æрцæудзæн мард æмæ чи архайдзæн уыцы хъуыддæгтыл (мардласæн машинæ, агуыридуртæ, къæйтæ (плитатæ) æмæ æндæр хъуыдцæгтæ);

— кæртæн уынаффæгæнæг чи уыдзæн;

— чи арфæ кæндзæн мæрдцзыгойæн;

— чи лæудзæн уырдыгыстæг;

— ингæн къахынмæ чи ацæудзæн;

— кусарт, нозт æмæ хойраджы хъуыдцæгтæ чи кæндзæн;

— чи æрбаласдзæн стъолтæ, тæбæгътæ, пъалаткæтæ, агуывзæтæ æмæ æндæр мигæнæнтæ, суг, газ.

4. Марды куы снайынц æмæ йæм куы базилынц, уæд ыл йæ уæлæдарæс скæнынц. Чырыны йæ куы февæрынц, уæд сыхæгты нæлгоймæгтæй хистæр æрбацæуы æмæ йын йæ чырын ныффæлдисы, мард чырыны сæвæрынц.

Пысылмон адæм та фæархайынц сæ динмæ гæсгæ.

5. Адæймаг куы амæлы, уæдæй йæ ныгæнæн бонмæ хæстæджытæ æмæ сыхаг сылгоймæгтæ, кæрæдзийы ивгæйæ, æппынæдзух бадынц марды раз.

6. Мæрддзыгой кæй фæстæ цæуы, уый хæдзары фынгæвæрд мауал æвæрæм.

7. Мардмæ æрцæуæгæн не ’мбæлы:

— дардæй хъæрæй кæугæ цæуын;

— уæрджытæ хойын, рустæ æмæ дзыккутæ тонын (вæййы афтæ дæр, хъæргæнгæ æрбацæуы, адæмы йæхимæ æркæсын кæны æнæ цæссыгæй, уый у цæстмæ ми);

— хъæбыстæ, пъатæ кæнын æмæ къухтæ исын;

— ронбæгъдæй цæуын;

— æнæ худæй, æнæ кæлмæрзæнæй, былахуырстæй цæуын.

— урс æмæ цыбыр дарæсы цæуын (гæнæн æмæ амал куы уа, уæд).

8. Мардмæ бацæуæн фæндаг хъуамæ уа уæгъдибар. Марды цур не ’мбæлы тамако дымын, къух дзыппы дарын, мардмæ чъылдыммæ лæууын, хъæрæй кæнæ тызмæгæй дзурын.

9. Мæрддзыгой адæм нымæцмæ гæсгæ цæуынц къæйттæй (дыууæ кæнæ цыппарæй). Дыууæйæ ныхас кæны рахизфарсæй чи лæууы, уый, цыппарæй рахизфарсæй дыккаг адæймаг. Иннæтæ се ’ппæт тæфæрфæс кæнынц сæргуыбырæй.

10. Мæрдджынтæ æмæ арфæгæнæг лæууынц кæртмæ бахизæнæн (подъездæн) йæ галиуфарс.

Мæрддзыгой куы æрбацæуы мæрдджыны хæдзармæ, уæд, хъыггæнгæ чи фæцæуы, уыдон лæууынц разæй æмæ хъыггæнгæ бацæуынц марды уæлхъусмæ. Иннæтæ тæфæрфæрс ракæнынц æмæ иуварс æрлæууынц. Хъыггæнгæ чи бацыд, уыдон куы раздæхынц, уæд тæфæрфæс ракæнынц куыд æмбæлы, афтæ.

11. Зианджыны кæрты уынаффæ кæны æгъдауджын адæймаг, сыхаг лæг. Уый сæрмагондæй раздæр сбæлвырд кæны:

— марды кæртмæ куы рахæссой, уæд æй æрæвæрын хъæуы йæ æргом хурыскæсæнмæ, пысылмон марды та динмæ гæсгæ;

— чырыны галиуфарс чырыны сæр;

— чи байгом кæндзæн саударæн æмбырд, чи ныхас кæндзæн. (Зиан кæртмæ куы рахæссой, уæд рæстæгмæ арæзт хъæдæй цыртдзæвæн æмæ веноктæ æвæрд вæййынц зианмæ хæстæг къулы рæбын);

— марды куы сисой, уæд чи хæсдзæн чырын, чырыны сæр, йæ къам-портрет, цыртдзæвæн, веноктæ æмæ хæрзиуджытæ.

12. Саударæн æмбырды хъæуы цыбыр æмæ æргом ныхас кæнын, чи уыд, цавæр адæймаг уыд, уый тыххæй. Фыццаг ныхасы бар вæййы сыхæгтæн, дыккаг — йæ куыстæй, фæстаг мыггаджы номæй дзурæгæн.

Саударæн æмбырды не ’мбæлы фæрсын, кæй ма фæнды раныхас кæнын, зæгъгæ.

13. Ирон мардмæ æрцæуы бирæ мæрддзыгой, чи дзура, ууыл хъуамæ уа сæрыдарæс, стæй йын йæ ныхас хъуамæ адæм хъусой.

14. Марды уæлхъус раарфæ кæнын æмбæлы æнæ нуазæнæй чи балæггад кодта, уыдонæн.

15. Мардæн конд нозт æмæ хойрагæй аходын не ’мбæлы, цалынмæ сæ ныххæлар кæной, уæдмæ. Ингæнджытæн сæрмагондæй æрцæттæ хъæуы хæринаг цы æмбæлы, уый, æмæ арвитын сæрвæтмæ. Уырдæм дæр æнæхæлар нозт æмæ хæринæгтæ æрвитын не ’мбæлы.

16. Мæрдæхсæвæр кæнын не ’мбæлы. Уый у тæригъæддзинад мæрдты бæсты æмæ йæ мауал кæнæм.

17. Марды ныгæнæн бон райсомæй цы хыссæ скæнынц, уымæй сылгоймæгтæ сисынц, æрцæттæ дзы кæнынц æртæ чъирийы æмæ сæ æрæвæрынц мæрдджын хæдзары. Фæдзурынц марды мыггагæй æмæ сыхæгты хистæртæй дыууæ нæлгоймагмæ. Уыдон Хуыцауы ном арынц æмæ дзы курынц:

«Стыр Иунæг Хуыцау, æппæт дæр дæуæй аразгæ сты хъуыддæгтæ, ацы хæдзары ацы марды кæндтæй фæстæмæ æртыгай чъиритæ куыд кувæм, уый дæ цæст бауарзæд. Бадгæ не ’ркæнынц. Сылгоймæгтæ та цæттæ кæнынц хойрæгтæ хæрнæджы фынгæн. Ныртæккæ иуæй-иутæ ацы æгъдау нал кæнынц, уыцы æртæ чъирийы афæдзæй-афæдзмæ хæрнæджы фынгмæ рахæссынц, хистæры раз сæ æрæвæрынц, уый раст нæу. Хæрнæджы фынгыл хистæры раз æвæрæм дыууæ чъирийы. Фыдæлтæй æрхæццæ арфæ: «Æртæ чъирийы куыд кувæм», зæгъгæ, уымæн æмæ хæрнæджы фынгыл не ’вæрдтой æртæ.

18. Мард куы ахæссынц, уæд сыхæгты æмæ мæрдджын мыггаджы хистæртæ цыппарæй бацæуынц мæрдджыны хæдзармæ (стыр хæдзæртты — кæрты къæбицмæ) æмæ, мардæн цы цæхх æмæ кæрдзын æрцæттæ кодтой, уыдон ныххæлар кæнынц. Куы ныххæлар кæнынц, уæд фыдызгъæл, нозтытæ æмæ хæринæгтыл цæхх айзæрдынц, стæй сæ карды фындзæй карддзæф фæкæнынц. Хæлар чи ныккæны, уыцы хистæртæ нуазгæ æмæ бадгæ нæ кæнынц, рацæуынц мæрддзыгоймæ æмæ семæ хæрнæджы фынгыл æрбадынц. Йæ бон кæмæн у, уый цæуы уæлмæрдтæм. Уæлмæрдты мард ныгæнинаг у, уырдæм æнæмæнг хъуамæ ацæуой бынтон хæстæджытæ æмæ фæсивæд фæкæсынмæ.

19. Хæрнæджы æрбадыны разæй адæмæн рахæссын хъæуы дон, сапон æмæ хисæрфæн, цæмæй, кæй фæнды, уый ныхса йæ къухтæ.

20. Хæрнæджы фынгыл бадгæйæ кæрæдзимæ нæ хъæуы хатын карз нозт æмæ хæрынæй. Алчидæр хъуамæ æвдиса йæ хорз æгъдау. Фынгæй стын хъæуы æрвонгæй æмæ хæрдхъуагæй.

21. Фынгыл алы адæймаджы раз дæр хъуамæ уа тæбæгъ, агуывзæтæ нозт æмæ донæн, вилкæ æмæ къухтæ сæрфæн гæххæтт (салфеткæтæ).

22. Бадты адæмы уæлхъус æмбæлы уырдыглæуджытæ. Хъуамæ дзы уа æгъдау æмæ æфсарм. Рох нæ ма уæд кæм бадæм, уый. Уырдыгыстæг хистæртæн кæны лæггад, нозтæй йæм ма хатæм.

23. Хистæрæн сбадын кæнын хъæуы фынгæн æмæ адæмæн æгъдау чи ратдзæн, æфсæрмы кæмæй кæной, ахæм сыхаг адæймаджы. Дыккаг хистæр вæййы æрцæуæг адæмæй æгъдауджын адæймаг.

24. Хæрнæджы бадты хистæр фæбады фынджы райдайæны галиуæрдыгæй фыццаг бынаты, йæ комкоммæ (фынджы рахизфарс) æрцæуæг адæмæй дыккаг хистæр. Мæрдджын мыггаджы хистæр бады хистæры фарсмæ. Рæгъытæ уадзы бадты хистæр.

Хистæрты фынгмæ хистæр рагацау æрбахонын кæны саударæг нæлгоймæгты, ратты сын бар сæ саутæ сисынæн. Уыдон сæ куы сисынц, уæд æрбацæуынц хистæртæм нуазæнтимæ. Хистæр сын фæзæгъы: «Абонæй фæстæмæ уæ хил дарын мауал бахъæуæд, цардаудæн уыл кæнæд».

25. Хæрнæджы фынг æвæрынц афтæ: хистæры раз æвæрд вæййы дыууæ кæрдзыны, кусарты сæр, сæрæн йæ рахиз фарс бæрзæй. Чъиритæй фæстæмæ æмбæлы дзул, нозт, фыдызгъæл æмæ цæхх.

26. Хæрнæджы фынгыл мæрдджын æрæвæры йæ бон цы у, уыцы нозт æмæ хæринæгтæ æмæ дзы уæлдай мацы домæм, ма йæ æвæрæм æфсæрмы бынаты. Фæлдисинæгтæ марды хуыссæны (чырыны) цурмæ хæссын фыдæлтæй нæ баззад.

27. Хæрнæджы бадты не ’мбæлы:

— бирæ дзурын æмæ тамако дымын;

— хъæрæй дзурын;

— фæрасыг уæвын;

— нуазæнтæ дæттын;

— хистæрмæ ныхас æппарын;

— æнæ хистæры бафæрсгæ фынгæй сыстын;

— хистæр куы дзура, уæд уæлдай ныхас кæнын;

— æгæр бадын æмæ бирæ рæгъытæ кæнын, æгъгъæд сты цыппар-æхсæз рæгъы:

1. Хуыцауы ном.

2. Рухсаг, чи амард, хист (хæрнæг) кæй номыл у, уымæн; нозтæй чысыл æркалгæйæ, зæгъын хъæуы: «Рухсаг у, дзæнæты бад, дæ фæстæ чи баззад, уыдоныл цардаудæн кæн. Æнæбары хай дзы æндæрæн ма бакæн».

2 (а) Хæрнæджы фынгыл йæ ныгæнæн бон, хистæр рухсаджы тыххæй рæгъ куы фæзæгъы, уæд бадты адæм хъуамæ иууылдæр сыстой æмæ иу минут æдзæмæй алæууой. Уыцы æгъдау вæййы æрмæстдæр иу хатт.

3. Мæрдджын бинонты цæрæнбонты тыххæй.

4. Зæронд мæрдты тыххæй. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ загътой: «Кæй уæрдоны бадай, уый зарæг кæн». Ацы рæгъы нозтæй калгæ нæ кæнынц, рухсаг дæр нæ фæзæгъынц, æрмæстдæр сæ ном сæфт макуы уæд, зæгъгæ. Ацы рæгъы кой хъæуы æрмæстдæр хæдзары бинонтæй кæнæ мыггагæй амæйразмæ чи амардис, уыдоны тыххæй. Иуæй-иуты нæмттæ дæр дзы æмбæлы зæгъын. Ирыстоны бирæ фыдбылыз æмæ æнамонд хабæрттæ æрцыд адæм кæм фесæфтысты, уыдон иууылдæр хауынц зæронд мæрдтæм. Уыдоны кой хъæуы иумæйаг фынгæвæрды, комы кæнæ хъæуы куывды. Чи амард æмæ кæй хæрнæджы фынгыл бадæм, уым уыдоны кой нæ хъæуы. Цæмæн хæлар кæнæм мæгуыр хæдзар цы нозт æмæ хæринæгтæ æрцæттæ кодта, уыдон æппæт зæххы къорийы хæсты æмæ æндæр рæтты чи фæмард, уыдонæн.

5. Фыдæбонгæнджыты цæрæнбоны тыххæй. Уыдон сты æрцæуæг адæм, сыхæгтæ æмæ кæстæртæ. Дардцæр уыдоны тыххæй хицæн рæгъытæ уадзын не ’мбæлы. Бирæ бахæрын æмæ баназын кæмæ цæуы, уыдон хъаугъа сисынц, ома раст нæу, алкæй тыххæй дæр хицæн рæгъ уадзын хъæуы, зæгъгæ, æмæ хæрнæджы фынгæвæрд дæргъвæтин ахæссы.

6. Мæрдты Мыкалгабырты тыххæй. Ам Хуссар Ирыстоны адæмы фæндонмæ гæсгæ æфтыд æрцыд Мыкалгабыртæ. Ома, иухуызон хъуамæ ма уой. ЦиндзИнады бæркад, хæрнæджы дæр бæркад.

28. Цæмæй хæрнæджы æгъдау уа, уый тыххæй хъæуы афтæ: хистæр рæгъ куы рауадза, уæд æм лæмбынæгæй хъусын. Рæгъ дæрвæтин ахæссы уымæн, æмæ алчидæр йæ рæгъы дзуры бирæ, уæлдайдæр куы аназы, уæд. (Куы йæм сдзурай, уæд дыл бабустæ кæндзæн: «Æз дæр худ дарын, хæдзарæй рацыдтæн æмæ мæм ма дзур, мæхи бар мæ уадз»). Уый раст нæу, æмæ афтæ мауал кæнæм.

29. Бирæтæ мæнæ ацы æгъдау раст нæ кæнынц æмæ йæ æмбарын кæнæм.

Мæрдджын мыггаг рацæуынц хæрнæджы фынгмæ арфæмæ, вæййынц къæйттæ — дыууæ, цыппар кæнæ æхсæз. Уыдон рахæссынц æрмæстдæр кусартæй дыууæ фæрсчы æнæ нуазæнтæй. Хистæрæн дзы хъуамæ уа сыхаг æгъдауджын адæймаг. Уыдон рацæуынц æмæ æрлæууынц хистæрты раз, бадтæн галиуæрдыгæй. Бадты адæм æй бамбарынц арфæмæ æрбацыдысты, зæгъгæ. Уырдыгыстæг сын рауадзы нозт дыууæ агуывзæйы (уымæй фылдæр не?мбæлы). Дзуры æмæ арфæйы ныхæстæ фæкæны æрмæстдæр сыхаг хистæр, иннæтæн дзурын не ’мбæлы. Фæзæгъы цы æмбæлы, ахæм ныхæстæ æмæ нуазæн авæры хистæрмæ, дыккаг нуазæн та дыккагхистæрмæ. Уыдон сæ нуазæнтæ бануазынц, бадты хистæр фыццаг нуазæн авæры мæрдджын мыггагæй хæрнæджы хистæрæн чи фæбады, уымæ. Уый фыдæбонгæнджытæн арфæ ракæны. Нуазæнтæ авæрынц арфæмæ чи ’рбацæуы, уыдонæн дæр.

29 (а). Ранæй-рæтты бадты хистæр сæрмагондæй рæгъ рауадзы: мæрдджын бинонты арфæйы нуазæнтæ алчидæр баназæд, зæгъгæ. Уый раст нæу æмæ йæ афтæ мауал кæнæм. Уыцы хистæртæ цæмæн аразынц куывд нæ хæрнæгæй. Мæрдджын бинонтæ, кæнæ мыггаг кæд арфæйы нуазæнтæ æвæрдтой æрмæстдæр дыууæ хистæрмæ. Уыцы арфæ хауы се ’ппæтмæ дæр. Нуазæнтæ баназынц æрмæстдæр дыууæ хистæры. Хæрнæджы фынгыл бадт адæмæн уыцы нуазæнтæ нуазын не ’мбæлы. Хъæлдзæгдзинады фынгæвæрд нæу.

30. Бæркады рæгъы размæ кусарты сæры галиу хъус ралыг кæнынц, фæсаджил æй кæнынц, цæхх ыл айзæрынц æмæ йæ кусарты сæры уæлæ æрæвæрынц, йæ лыггæнæн хистæрты ’рдæм куыд уа, афтæ.

31. Нæ фыдæлтæ хæрнæджы фынгыл нæ бадтысты, цалынмæ мæрддзыгой уæлмæрдæй æрбаздæхой мæрдджыны хæдзармæ, уæдмæ. Ныр хæрнæджы фынгтæ æрæвæрынц, мард куы ахæссой æмæ куы ныххæлар кæной, уæд.

32. Марды фæстæ мæрцдзыгой се ’ппæт уæлмæрдтæм нæ цæуынц, æрмæст кæстæр фæсивæд фæкæсынмæ æмæ мæрдджын бинонтæм хæстæгдæр чи у, уыдон. Баргонд кæмæн вæййы, уый цыбырæй арфæйы ныхас фæзæгъы ингæнкъахджытæн æмæ мæрддзыгойæн. Ныффæлдысы йын йæ уæлмæрд, йæ сыджыты хай, йæ чырыны йын гыццыл сыджыт бакалы. Чырыны æмбæрзæныл спичкæ адарынц, цæмæй гыццыл асудза, уый фæстæ мард баныгæнынц.

33. Марды кæндтæ афæдзæй-афæдзмæ сты бирæ. Рæстæмбис нымадæй дзы хъæуы 12 кусарты. Ныры заманы ахæм хæрдзтæ кæнын бирæты бон нæу, æфсæрмæй мæрдджын хæсты бацæуы. Адæмы фæндонмæ гæсгæ марды кæндтæ кæнын хъæуы дыууæ хатты: йæ ныгæнæн æмæ афæдзы бон. Хæрнæг æмæ хисты фынгыл мæрдджыны бинонтæ æрæвæрынц хойраг æмæ нозт сæ амал куыд уа, уымæ гæсгæ. Иннæ мысæн бонтæ кæнынц бинонтæ, сыхæгтæ æмæ бынтон хæстæджытæ. Мысæн бонты тыххæй телеуынынады, газетты æмæ радиойæ нæ хъæуы хъусын кæнын.

33 (а). Æртæ азы цы сывæллоныл нæма сæххæст ахæм куы амæлы, уæд ын хæдзары бинонтæ «фæдзæхсæны хист» скæнынц æмæ йæ бафæдзæхсынц, мыггагæй раздæр чи амард, уыдоныл, цæмæй йæм сæ цæст дарой æмæ йæ мацы хъуаг уадзой. Уымæй фæстæмæ ахæм сывæллонæн марды кæндтæ нал æмбæлы.

34. Сабатизæрты æмæ майрæмæхсæвты нæ фыдæлтæ кусарт нæ кодтой, нæлгоймæгтæ уырдæм нæ цыдысты. Сыхаг сылгоймæгтæ-иу мæрдджыны хæдзары амбырд сты, уæлмæрдты-иу дыууæ кæрдзыны ныххæлар кодтой. Мах дæр æй хъуамæ афтæ кæнæм.

35. Ныртæккæйы рæстæджы мæрдджын бинонтæ лæвæрттæ кæнынц ингæнкъахджытæн, кæрдзынгæнджытæн, стæй мардмæ чи базылд, уыдонæн. Дыууиссæдзæм боны та хæстæджытæ мæрдджынтæн хæссынц алыхуызон лæвæрттæ къахы дарæсæй сæры дарæсмæ æмæ сæ марды сынтæгыл сæвæрынц. Уыцы лæвæрттæ нæ фыдæлтæ нæ кодтой, мардæн сты тæригъæды хос, адæмы зæрдæмæ нæ цæуынц æмæ сæ мауал кæнæм.

Нæ фыдæлтæ-иу кодгой афгæ: кæрдзынгæнджытæн лæвæрдгой куатæтæ, цæмæй сæхи ма счъизи кæной, сау чи дардга, уымæн та-иу аивтой йæ сау кæлмæрзæн æндæрæй, афтæ æмбæлы.

36. Сабæттаг дæттæм æрмæстдæр мардæвæрæн бон, кæмæн куыд йæ бон æмæ йæ фадат у, афтæ. Стыр фæлхæстæ не ’мбæлы. Сабæттаг чи фыссы, уыдон вæййынц бинонты æвзæрст, æмæ хъуамæ бадой фæсвæд ран, афтæ аивдæр у.

Сабæттагæй машинæтæ æлхæнын æмæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн рацу-бацу кæнын у тæригъæд хъуыддаг. Афтæ не ’мбæлы! Сабæттаг æхца хардз хъæуы марды кæндтыл, кæнæ марды номыл адæмæн исты хорздзинад саразынæн.

Нæ хъæуы цæстмæ митæ кæнын: хъæздгуытæн æмæ хицауадæн бирæ сабæттаг æхцатæ дæттын, мæгуыртæн та — гыццыл. Йæ бон кæмæн у йæ мард баныгæнын æнæ искæй æххуысæй, уый мæрддзыгой адæмæй сабæттаг мауал исæд.

37. Тæригъæд хъуыддаг у иу мардæн цалдæр раны цыртдзæвæнтæ æвæрын, уæлдайдæр фæндæгтыл. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой: иу мардæн цалдæр цырты алырæтты æвæрын у фыдбылыз канд бинонтæн нæ, фæлæ æнæхъæн мыггагæн дæр, сæ рæзты цы бæлццæттæ цæуы, уыдонæн дæр, æмæ уыцы хъуыддаг мауал кæнæм.

Мардæвæрæн æмæ кæнды бонты мæрдджын бинонтæн не ’мбæлы:

— искæйы æфхæрын, расыг уæвын;

— фæлдисинæгтæ, уыдонимæ хойрæгтæ цæттæ кæнын;

— мардæн ингæн къахын, кæнды фынгтæ æвæрын;

— марды чырын хæссын;

— фыдæбонгæнджытæн лæвæрттæ кæнын;

— мардмæ чи не ’рцыд, кæнæ сабæттаг чи нæ радта, уымæн йæ кой кæнын, кæнæ уый æфхæрын;

— кæд уавæртæ нæ домынц, уæд мæрдджын хæдзары цины хъуыдцæгтæ кæнын æмæ цинмæ цæуын;

— цалынмæ мардæн йæ кæндтæ ахицæн уой, уæдмæ зарын, кафын, хъæрæй худын, фæндырæй цæгъдын æмæ хъæлдзæгдзинæдты архайын.

38. Марды æгъдæутты йæ ныгæнæн бон, дыууисæдз боны æмæ йæ афæдзы бон æргæвст вæййы стурвостæ, фылдæр хатт дыгай сæртæ. Уыцы кусарттæн сæ сæртæ æмæ сæ бæрзæйтæ райсоммæ ныууадзынц, ома сыхæгтæ æмæ кæстæртæ абадой, зæгъгæ. Вæййы афтæ æмæ иуæй-иу кæртыты къуыригай алы бон дæр сыхбæстæ кæнæ иуæй-иутæ бадынц дæргъвæтин бадты, ахæмтæ дæр дзы вæййы, кæцыты ферох вæййы цавæр фынгыл бады, уый.

Уый мардæн у тæригъæдцзинад, уæдæ мæрдджын бинонтæн дæр æхсызгон нæу. Мауал уадзæм райсоммæ сæр æмæ бæрзæй хæрнæджы фынгæй, мауал аразæм фынгтæ. Хæрнæджы кусарты сæр æмæ кусарты бæрзæй æрлыгтæ кæн æмæ сæ байуар сыхбæстæн æмæ мæгуыртæн.

38 (а). Чи амард, уымæн йæ афæдзы хисты хистæр бæркад куы зæгъа, марды кæндтæ афæдзæй-афæдзмæ куы ахицæн уой, уæд хæдзары бинонтæ фынджы хистæрмæ рахæссынц æртæ чъирийы. Хистæр уыдон скувы æмæ фæзæгъы: Стыр Иунæг Хуыцау, абонæй фæстæмæ сау нал дарæм æмæ нын арфæ ракæн, бинонтæ æнæниз куыд уой. Нæ кæстæртæн бар ис сæ цард, сæ амонд агурын æмæ аразын.

39. Мауал æвæрæм хæйттæ мæрддзыгойæн семæ.


Дата добавления: 2015-08-02; просмотров: 79 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХУЫЦАУЫ ÆРТÆ ХОРЗÆХЫ| Размышление о чувстве долга

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.072 сек.)