Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Мардмæ æрцыды фæтк

Читайте также:
  1. Алы ныхасæн дæр фæтк æмæ уавæр ис» фæзæгъынц

 

Алы ирон адæймаг дæр хионы, хæлары, сыхаджы, хъæуккаджы мардмæ æрцæуын нымайы ахсджиаг хæсыл. Уымæ гæсгæ — «мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты». Хатгай æрцæуæг адæмы — мæрддзыгойы нымæц минæй фæфылдæр вæййы. Хионтæ æндæр хъæутæй бирæтæй куы фæцæуынц, уæд иумæ автобус кæнæ æндæр машинæтæ дæр баххуырсынц æмæ къордæй иумæ æрцæуынц. Сыхбæстæ, хъæубæстæ дæр, гæнæн куы вæййы, уæд мардмæ æрбацæуынц иумæ, уæвгæ, иунæгæй æрбацæуын дæр аипп нæу.

Адæм мардмæ куыдфæндыйæ нæ цæуынц, ис сын сæрмагонд фæтк. Зæгъæм, машинæйы чи ’рцæуы, уыдон рахизынц мæрдцжынты хæдзарæй дæрддзæфгомау, слæууынц иу рæгъæвæрды дыгæйттæ кæнæ цыппæргæйттæй: разæй — нæлгоймаг хистæртæ, сæ фæстæ — нæлгоймаг фæсивæд. Уыдоны фæстæ — сылгоймæгтæ сæ кармæ гæсгæ. Мæрддзыгойы фыццаг рæнхъы рахизырдыгæй сæ хистæр (мæрдджынтæн — æцæгæлон кæнæ дард хæстæг), мæрддзыгойы номæй тæфæрфæсы ныхас чи кæндзæн, уый. Раззаг рæнхъыты ма слæууынц мæрдджынты хæстæг нæлгоймаг хионтæ. Рæгъæвæрды кæмæн кæм æмбæлы, уым сæ бынæттæ куы бацахсынц, уæд сабыргай, æнæдзургæйæ араст вæййынц мæрдджынты хæдзармæ. Мæрддзыгойæн уыцы рæстæджы дзурын, къухтæ дзыппы дарын, тамако дымын не ’мбæлы.

Мæрддзыгойы æрбацыдмæ мæрдджын бинонтæ — нæлгоймæгтæ — фæллæууынц кæртмæ бацæуыны сыхбæсты хистæрты хæд фарсмæ, хистæртæ бадгæ куы кæной, уæд аипп нæу.

Мæрддзыгой мæрдджынты дуармæ бацæуынц мæрджынтæ æмæ сыхбæсты хистæрты раз иу 3—5 санчъехы бæрцмæ æрлæууынц сæ къухтæ бынмæ уагъд æмæ æдзæмæй. Сыхбæсты лæгтæ дæр слæууынц, сæ къухтæ бынмæ æруадзынц æмæ афтæмæй дыууæтæ дæр иу уысмы бæрц алæууынц — тæфæрфæс ракæнынц), уыйфæстæ сыхбæсты хистæр мæрддзыгойæн арфæ ракæны.

В а р и а н т: «Хуыцауæй арфæгонд ут! Уæ зæрдæты хъыг æмæ уæ фыдæбон Арсæгæн мæрдтыбæсты фæндарасты мадзал фæуæнт! Уæ цæрæнбон бирæ!»

Кæнæ та: «Стыр Хуыцауы хорзæх уæ уæд! Уæ сагъæс, уæ къахы фыдæбон Арсæгæн хæлар уæнт! Мæрдты бæстæй уыл хæрзаудæн кæнæд!» Йе та: «Хуыцау уæ фыдгул æмæ фыдбылызæй бахизæд! Арсæг рухсаг уæд æмæ уыл мæрдты бæстæй цардаудæн кæнæд».

Мæрддзыгойы хистæр иу санчъех размæ бакæны æмæ тæфæрфæсы ныхас фæзæгъы.

В а р и а н т: «Арсæг рухсаг уæд, дзæнæты бадæд! Мæрдты бардуаг æмæ йæ мæрдты хорзæх уæд! Йæ бинонтæ æмæ йæ къабæзтыл цардаудæн кæнæд! Сымах дæр амæй фæстæмæ циндзинæдты фыдæбонгæнæг ут!» Дæргъвæтин ныхас нæ фидауы.

Уый фæстæ мæрддзыгой сыхбæсты хистæртæм æмæ мæрдджынты кæртмæ чъылдым нæ раздæхгæйæ иуварс ацæуынц æмæ иннæ мæрддзыгойы ’хсæн, се ’ргом кæртмæ, афтæмæй æрлæууынц. Мардмæ кæугæ бацæуын кæй фæфæнды тæфæрфæс ракæныны фæстæ кæнæ та йæ размæ (уæлдай нæу), уыдон кæртмæ — хæдзармæ, марды размæ бацæуынц, чи кæугæ, чи хъарæггæнгæ, чи та æнæуи хъынцъымгæнгæ. Мардæн йæ цуры иучысыл алæууынц, стæй, йын «рухсаг у» фæзæгъынц æмæ йын йæ риуыл кæнæ йæ чырыныл армы тъæпæнæй æрæндзæвынц — къухыл авæрынц, ома мæ буар, мæ зæрдæйы хъарм дын мæрдтæм фæндарасты хос фæуæд, зæгъгæ.

Мæрдджын бинонтæн æмæ хæстæг хионтæн не ’мбæлы:

— мæрдæвæрæн бон æмæ хисты бонты лæггадгæнджытæн бардзырдтæ дæттын, æфхæрын, сæ уынаффæтæ сын ивын;

— марды кæндæн — хистæн кусарт, кæрдзын æмæ æндæр хæларгæнинæгтæ цæттæ кæнын, уый сыхбæсты цæсты æфтауы;

— мардæн ингæн къахын, уæлмæрдтæм æй хæссын æмæ æндæр ахæм митæ кæнын;

— лæггадгæнджытæн лæвæрттæ кæнын;

— чидæр мардмæ не ’рцыд кæнæ сабæттаг нæ радта, зæгъгæ, уый тыххæй йæ кой кæнын кæнæ йæ æфхæрын;

— усы, мойы æмæ каисы мардыл æргом хъæрæй кæуын кæнæ хъарæг кæнын;

— мæрдджыны хæдзары афæдзы дæргъы цины хъуыддæгтæ кæнын, стæй ма ус курын æмæ мой кæнын, кæд уавæр нæ домы, уæд;

— цалынмæ мардæн йæ кæндтæ ахицæн уой, уæдмæ кафын, зарын, хъæрæй худын, фæндырæй цæгъдын, хъазтмæ цæуын æмæ хъæлдзæгдзинæдты архайын.

Мардмæ æрцæуæгæн не ’мбæлы:

— хъæлдзæг митæ кæнын, хъæрæй дзурын, æхситт кæнын, искæйы æфхæрын, загъд кæнын;

— марды цур тамако дымын, къухтæ дзыппы кæнæ дæлæрмтты дарын, чъиу æууилын, æхсынæнтæ æхсынын, хæрын;

— мæрдджынтæн уайдзæфтæ кæнын, бафхæрын сæ;

— мæрддзыгойы адæмы ’хсæн мæрдджынтæ, хионтæ æмæ лымæнтæн хъæбыстæ æмæ пъатæ кæнын, уый у æнæуаг ми;

— мæрдджынтæй искæмæн йæ къухрайсын — «æгасцуай» кæнын;

— мардмæ æмæ мæрдджынты кæртмæ чъылдыммæ лæууын, бадгæйæ иу къах иннæуыл сæвæрын;

— мæрдджынтæн сæ къухтæ исын, хъæбыстæ сын кæнын;

— хи равдисыны охыл мардæн адæмæй уæлдай стыр сабæттаг нывæрын;

— искæйы цæстмæ кæуын, саударæн æмбырды, амæлæг цы нæ уыди, уый дзурын;

— мардмæ нозтджынæй, ронбæгъдæй æмæ æнæхудæй, сылгоймагæн æнæ цъындатæй æмæ урс, ирд дарæсы æрцæуын;

— уæлмæрдты уæвгæйæ искæйы марды уæзæгыл лæууын, цыртыл æнцой кæнын;

— мард цалынмæ бафснайой, уæдмæ уæлмæрдты æндæр ингæнтыл зилын рухсаг зæгъынæн;

Ирмæ рагæй æрæгмæ ахсджиаг сты сыхбæсты, хъæубæсты æмæ мæрдджынты æмахастдзинæдтæ. Мæнæ уыдонæй иуцалдæр:

— амæлæг сыхаджы, хъæуккаджы мардмæ æрцæуын хистæр кары адæмæй алкæмæн дæр хæс у, амæлæг хæстæг кæмæн феййафы, уыдонæн та сæ фæсивæдæн дæр;

— сыхбæсты, хъæубæсты, афæдз кæуыл нæма рацыд, ахæм мард куы вæййы, уæд, цалынмæ уыцы мæрдджынтæ сæхæдæг æрбарвитой æмæ æрхатой, уæдмæ куывды, чындзхасты æмæ æндæр ахæм цины хъуыддаджы хъæлдзæгдзинæдтæн уæвæн нæй, уый хынцгæйæ мæрдджынтæн ирон æгъдаумæ гæсгæ æрбарвитын æмæ æрхатын сæ хæс у (кæс сæргонд «Ускурын æмæ мойкæнын»);

— мард цы хæдзары уа, уый рæзты ирон адæймаг, æгъдаумæ гæсгæ, æнæ тæфæрфæс ракæнгæ нæ цæуы, чи амæлы, уый кæд æппындæр нæ зоны, уæддæр;

— мæрдджын адæймаджы бафхæрын, маст дзы бауадзын æнæуагдзинад у;

— амæлæг адæймаг кæд сыхбæстæн, хъæубæстæн цыфæнды æвзæр уыди, уæддæр ын сыхбæстæ фæстаг лæггад бакæнынц;

— мæрдджын бинонтæн мæрдджынты æхсæвæр (мæрдæхсæвæр) скæнын (æрбахæссын) æмæ сæм æрхатын (бахæрын сын кæнын) хæстæг сыхбæстæн хæс у. Уымæн æмæ мардæн йæ ныгæнæн бонмæ мæрдджынты хæдзары арт нæ чындæуы — уый нæфæтчиаг хъуыддаг у;

— мæрдджын бинонтæн хæстæг къабаз куынæ вæййы, уæд мард æфснайынц æмæ йын къаддæр-уæддæр цы хъæуы, уый скæнынц сыхæгтæ сæхи хъæппæрисæй æмæ лæвар, мæрдджынтæй уый тыххæй лæвæрттæ кæнæ æхца райсын у аллайаг хъуыддаг;

— мардæн йæ фæстаг фæндаг алыг кæнын — йæ рæзты цæхгæрмæ ацæуын у нæфæтчиаг хъуыддаг, уæд, дам, мард уыцы адæймаджы тæригъæдтæ мæрдтæм йемæ ахæссы.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 34 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.009 сек.)