Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Хъæргæнæг — фыдуацхæссæг

Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй амæлæгæн йæ хæстæг хионтæ æмæ хæстæг сыхæгтæн марды хабар фехъусын кæнынц уайтагъд, цæмæй æрбамбырд уой æмæ, мард бафснайынæн цы æмæ куыд хъæуы, ууыл бауынаффæ кæной, стæй мæрдджынтæн уыцы зын рæстæг ныфс уой. Уыцы бон кæнæ дыккаг бон та хабар фехъусын кæнынц æрвадæлтæн, хæдзарвæндаджы къабæзтæн, чи амæлы, уый æмкусджытæн, йæ хæлæрттæн æмæ хъæуы цæрджытæн. Дард хæстæджытæ, æнæзонгæ æмæ æцæгæлон адæммæ хъæргæнæг æрвитын аив нæу.

Нæ фыдæлтæ хабархæссæг — хъæргæнæг æрвыстой фистæгæй кæнæ саргъы бæхыл. Нæ рæстæджы та фылдæр хатт ацæуынц машинæтыл, фехъусын кæнынц телефонæй æмæ суанг дзыллон информацион фæрæзты, æххуысæй дæр.

Хъæргæнæг æрвыстæуы æрмæстдæр нæлгоймаджы, æрвадæлтæ æмæ амæлæджы хæстæг хионтæй не ’рвыстæуы, уый нæ фидауы. Фистæг кæнæ бæхыл хъæргæнæг æрвыстæуы æрмæстдæр хъæубæстæм, æндæр хъæутæм та арвитынц машинæтыл кæнæ хабар арвитынц телефонæй.

Бæхджын хъæргæнæгæн йæ бæхы къæдзил хъуамæ æлхынцъ ма уа, йæ ехста уа галиу къухы. Хæдзармæ куы бахæццæ вæййы, уæд дæрддзæфгомау йæ бæхæй галиухызт ракæны (рахизырдæм) æмæ бæх идæдзæй кæнгæ, идон рахиз къухы, ехс — галиуы, афтæмæй хæдзармæ хæстæг бацæуы, стæй дуар кæнæ фæрсаг бахойы. Кæд дуарыл дзæнгæрæг вæййы, уæд бадзæнгæрæг кæны æмæ чысыл æддæдæр алæууы.

Хъæргæнæг машинæйыл куы вæййы, уæд йæ машинæ дæрддзæфгомау æруромы, матор ахуыссын кæны, стæй уæд хæдзармæ хæстæг бацæуы æмæ бахойы кæнæ бадзæнгæрæг кæны. Хæдзары хицау куы рацæуы, уæд хъæргæнæг æмраст слæууы йæ къухтæ дæлæмæ уагъдæй æмæ тæфæрфæс ракæны, стæй хабар сбæлвырд кæны.

В а р и а н т: «Абонæй фæстæмæ хорз хабæрттæ хъусут! Æрхонты Асте рухсаг уæд! Знон йæ уæлæуыл цардæй ахицæн æмæ йæ райсом Къатыхъæуы æфснайынц».

Кæнæ: «Æрхонты Асте рухсаг уæд! Знон амард, райсом æй æвæрынц Къатыхъæуы. Амæй фæстæмæ цины хабæрттæ хъусут!»

Хъæргæнæгæн дзуапп раттынц: «Рухсаг уæд, дзæнæты бадæд! Цины хабæрттæ хæссæг у!»

Хион, сыхаг, хъæуккаг кæнæ хæлары амæлæты хабар фехъусæгмæ хъæргæнæг куы нæ æрбарвыстæуа, афтæмæй хабар куы базона, уæд ын мардмæ æрцæуын хæс у. Хъæргæнæг мæм нæ уыди, зæгъгæ, мæрдджынтæй хъаст кæнын, азымы сæ дарын æнæуагдзинад у.

Авторы хъуыдымæ гæсгæ марды хабар зиан хоны не ’мбæлы.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 37 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)