Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Нывонд (нывгонд)

Ирæттæ незамантæй абонмæ Хуыцауы æвастæй кусарт нæ кодтой.

Кувын, арт, хусысмаг æмæ кусæрттаджы сыкъатæ истæмæй саив кæнын фæрцы Хуыацумæ сæ курдиат хастой, цæмæй сын бар радта кусæрттаг аргæвдынæн. Æнæ уыдонæй кусарт акæнын уыди фыдракæнд,

йæ фыд та — нæфæтчиаг.

 

Нывонд ныббæттынц (снысан кæнынц) хи фæллойæ хаст, (æлхæд, лæвар) хæдзарон нæл фосæй: гал, уæныг, рæуæд, фыс, далыс, уæрыкк, сæгъ, сæгъгуист, сæныкк Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджыты номыл сæ бæрæгбонтæм, кæнæ бинонты, мыггаджы, сыхбæсты, хъæубæсты царды æндæр ахсджиаг цаутæм. Ахæм цаутæм ахæссæн ис — бæлццоны ацыд æмæ æрбацыд, ноггуырды фæзынд бинонты ’хсæн, низы, фыдбылызы ахæсты бахауæг кæнæ дзы фервæзæг, исты стыр хорздзинады æрцыд æмæ æнд. Нывонд скæнынц, бæрæгбонмæ ма дзæвгар рæстæг куы баззайы, уæд, цæмæй йæм дзæбæхдæр зылд цæуа æмæ кусæрттаг афойнадыл цæттæ уа, уый тыххæй.

Нывонд ныббæттынц (Хуыцауæй йæ ракурынц) афтæ: кæстæртæй исчи нывондаджы кæртмæ ракæны, йе ’ргом ын скæсæнырдæм саразы, уæдмæ уырдæм æрбахæссынц цæхх æмæ кæрдзын кæнæ æртæ чъирийы æмæ нозт. Нозт хъуамæ уа бæгæны, къуымæл кæнæ æндæр исты хорæйконд. Хистæр (фылдæр хатт хæдзары хицау), нывондаджы рахиз фарс æрлæууы, бæгæныйы къус сисы æмæ йе ’ргом скæсæнырдæм саразы, афтæмæй скувы:

В а р и а н т: «Дунедарæг Стыр Хуыцау, табу дæхицæн! Абон мæнæ ацы саби дард балцы цæуы æмæ йын æй рæстмæ фæкæн! Табу дын уæд!

Бæрзонд, фæндагсар Уастырджи, табу дæхицæн! Ацы сабийæн йæ уд, йæ фæндаг дæуыл фæдзæхсæм æмæ, дæ хорзæхæй, дæ сызгъæрин къабазы бын æй бакæн! Дæ кувæндæтты бынмæ фæстæмæ уæлахизæй куыд сыздæха, ахæм хорз ын ракæн! Йæ номæй дын мæнæ ацы Фæлвæрайы лæвар нывонд фæуæд! Табу дæхицæн!

Рæдау Фæлвæра, дæуæн дæр табу дæхицæн! Дæ лæвæрттæй не сфæлдисæг Стыр Хуыцау æмæ де ’мсæр зæдтæм кувынхъом куыд уæм, ахæм хорз нын ракæн! Ацы кусæрттаг ныны Дунесфæлдисæгæй ракур æмæ нын æй хайыр фæкæн!

Зæрдæхæлар Тутыр, табу дын уæд! Нæ нывонд йæ куывды бонмæ дæуыл дæр фæдзæхсæм, æмæ нæ дæ хорзæх уæд!

Бынатыхицау, дæуæн дæр æхцон уæд! Ацы бынат бæлццонæн куывддон бынат фæуæд!

Дунескæнæг Хуыцау, кæд бæлццон царды истæмæй дæ разы азымджын у, уæд ын æй ныббар!»

Нывонд кæмæн фæбæттынц, уый кæд уыцы рæстæджы уым вæййы, уæд аходинаг йæхæдæг райсы æмæ дзы саходы, йæ нывондæн та йæхи къухæй цæхх адары, цæмæй æнæзæгъинаджы комытæфæй хызт уа, уый тыххæй. Кæд, нывонд кæй номыл скæнынц, уый уыцы рæстæджы уым нæ вæййы, уæд аходгæ кæны кæстæртæй исчи, нывондæн цæхх дæр адары уый.

Уыйфæстæ хистæр кувæг нывондæн йæ ныхы хъуынтæй иу чысыл дзыгуырыл гæзæмæ зынг адары, цæмæй фыдбылызхæссæг тыхтæй хызт уа, уый тыххæй, стæй нывондыл къæбæл бафтауы, йæ хæдивæн та йын уæладзæныл кæнæ агъуысты æндæр бæрзонд ран сауындзы. Нывонды къæбæл бафтауынц æрмæст стур нывондыл, фыс кæнæ сæгъæн та йæ сыкъайыл кæнæ йæ ныхыл ахорæнæй гакк скæнынц. Нывонд фосыл къæбæл бафтауынц кæнæ йыл гакк скæнынц, цæмæй бæрæг уа, нывонд у, ома йæм Хуыцауы комытæф хæццæ кæны, уый алчидæр уына æмæ зона.

Кусæрттаг нывонд куы ’рцæуы, уæдæй фæстæмæ нымад вæййы уæлфæдзæхстоныл æмæ йæм кæсгæ дæр ахæм цæстæй фæкæнынц. Нывонд дарæг бинонтæн зæрдылдаринæгтæ:

— хуыснæггаг кæнæ гæртамæй райст холлаг нывондæн нæ лæвæрдæуы, нæ фæтчы;

— нывонд фос не ’лгъыстæуы æмæ нæ цавдæуы, уый æлгъыст у;

— нывонд æлгъаг кæнæ хуыснæггаг фосимæ иу скъæты нæ дардæуы;

— нывонд фосæн хъомгæсы мызд нæ фыстæуы, рады хъомгæс, фыййау нæ цыдæуы;

Хуыцауы раз стыр тæригъæдыл нымад у, нывонд фос стонг кæнæ дойны куы æййафа;

— нывонд фос ауæй кæнын, баивын кæнæ искæмæн раттын нæ фæтчы;

— нывонд фос хастæуы хуыздæр холлæгтæй.

 

Кусарт

 

Кусарт акæнынмæ хæдзары хицау фылдæр хатт фæдзуры йæ хæстæг сыхæгты нæлгоймæгтæй искæмæты. Уæвгæ, йæхæдæг куы акæна, уæд дæр аипп нæу.

Кусартгæнæг рагацау сбæрæг кæны, цавæр бардуаджы номыл у, кусæрттаг æнæниз у æви нæ. Кусартгæнæн бынат æмæ йæ акой кæнынæн цытæ хъæуы, уыдон (фынг кæнæ фæйнæджытæ, арынг кæнæ сивыр, бæндæн, кард, дауæн æртхос, дон) цæттæ сты æви нæ.

Уæдмæ кусæрттаджы цурмæ рахæссынц цæхх, кæрдзын æмæ бæгæныйы къус, кæд амал ис, уæд та æртæ чъирийы.

Кусæрттагæн йе ’ргом хурыскæсæнырдæм саразынц, кусартгæнджыты хистæр йæ рахиз фарс æрлæууы (кæнды ’ргæвдинагæн — йæ галиу фарс) къус райсы æмæ скувы, Хуыцауæй бар райсы:

В а р и а н т: «Не сфæлдисæг, нæ дарæг иунæг кадджын Хуыцау, табу дæхицæн! Не ’ппæт хъуыддæгтæ аразæг, нæ ныфсдæттæг ды дæ, Стыр Хуыцау, æмæ нын фарн, амонд ма бавгъау кæн, табу дын уæд! Дæ хорзæхæй, ацы кусæрттаг нын табуйаг æмæ хайыр фæкæн!

Нæ быдырты хъæздыгдзинады бардуаг, Хоры Уацилла, табу дæхицæн! Абон дæ бæрæгбоны дæумæ кувæг адæмæй фарн кæй дзыхæй схауа, мах дæр уый æмбал фæкæн! Мæнæ дын нæ сыгъдæг уды фæллойæ нывонд фæхастам æмæ йæ дæхицæн саккаг кæн!

Рæдау Фæлвæра, дæуæн дæр æхцон уæд! Дæ лæвæрттæ хæдзарвæндагæн кæддæридцæр кувинаг куыд уой, ахæм хорз нын ракæн! Ацы æртæ кæрдзыны та дын барст уæнт!

Стыр Хуыцау, кæд истæмæй рæдийæм, уæд нын æй ныббар!»

Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд кæстæртæй искæмæн ацаходын кæны бæгæны æмæ чъиритæй, кусæрттагæн та цæхх адары. Стæй йын йæ рахиз фарсы хъуынтæй иу чысыл бындзыгыл исты æртхосæй зынг суадзы (асудзы).

Уый фæстæ йæ аргæвдынц мæнæ ахæм радæвæрдмæ гæсгæ: кусæрттаджы сыгъдæг истæуыл (фынгыл, фæйнæджытыл, нæууыл, хъæмпыл) афæлдахынц, йæ хурх скæсæнырдæм куыд уа, афтæ галиу фарсыл. Стур куы вæййы, уæд ын йæ къæхтæ фидар бабæттынц, змæлынхъом куыд нæ уа, афтæ, æмæ йыл хъæддых фæхæцынц. Лыстæг фосы мыггагæн (сæгъ, фыс) та йæ къæхтыл фæхæцынц.

Кусæрттаджы, куыд æмбæлы, афтæ куы æрæвæрынц, уæд æргæвдæг йæ фæстæ æрлæууы, галиу къухæй стурæн йæ сыкъайыл (фысæн йæ бырынкъыл) хъæддых æрхæцы, кард рахиз къухмæ райсы æмæ йын уымæй йæ сæр бæрзæйæ ахицæн кæны. Фыццаг ын йæ хурхы уадындзтæ бинаг æфсæры (дзоныгъы) рæбынты, бæрзæйы хъулты онг алыг кæны, стæй йæ туг уагъд куы фæвæййы, уæд сæр бæрзæйы хъултæй ралыг кæны.

Сæр бæрзæйæ куы ахицæн вæййы, уæд æй йе ’ргæвдæнæй артмæ бадары, чысыл йæ хусы смаг куыд ссæуа, афтæ — дæлимонты ныхмæ кусарты арты хъомыс бауадзы. Уыйфæстæ æргæвдæг сæр æмæ бæрзæй фæстæмæ кæрæдзиуыл, куыд уыдысты, афтæ ныхасæгау бандзæвын кæны. Уыцы архайдæй æргæвдæг символикон хуызы Хуыцауæй куры фосы æнæхъæндзинад, ома, фосы нымæцыл бафтæд. Уыйфæстæ скувы: «Цы зæд, цы дуагæн нывонд уыдтæ, уымæн барст фæу!»

Кæстæртæ кусарт суæгъд кæнынц, уæлгоммæ йæ рафæлдахынц æмæ йын фыццаг йæ къæхтæ тæккæ фæтасæнтыл ралыг кæнынц. Сæр æмæ къæхтæ арауæджы бар бакæнынц.

Кусартæн йæ царм алыг кæнынц, фыццаг — риуыгуыдырæй хурхыл æргæвдæнмæ, стæй — риуыгуыдырæй гуыбыныл суанг дымæгмæ, стæй та риуыгуыдырæй цæхгæрмæ раззаг къæхты фæтасæнтæм, фæстагмæ — агъды хъæбыстæй цæхгæрмæ фæстаг къæхты фæтасæнтæм.

Царм стигъын райдайынц кусарты рахиз æрдæгæй, риуæй стигъгæ ссæуынц рахиз къахмæ, къах куы суæгъд кæнынц цармæй, уæд риуæй бастигъынц бæрзæйы рахиз фарс æргæвдæны онг, уыйфæстæ гуыбынæй рахиз фарс æрыстигъынц рагъы стæджы онг (уæнæй артæнтæм), стæй агъды хъæбысæй фæстаг къахы фæтасæнмæ. Уырдыгæй стигъгæ ацæуынц синтыл дымæгмæ. Рахизырдыгæй царм стыгъд куы фæвæййынц, уæд уыцы фæткыл бастигъынц кусартæн йæ галиу æрдæг дæр.

Кусарт цармæй куы суæгъд вæййы, уæд, цæмæй ма счъизи уа, уый тыххæй йын царм йæ быны райтауынц, сæ къухтæ ныхсынц æмæ фыдимæ архайын райдайынц. Фыццаг кусартæн йе ’ргæвдæнæй риумæ хурх сфадынц, суæгъд кæнынц ласæггаг æмæ хъæлхъæлаг, ласæггаджы кæронæн йе ’ддаг цъар цæхгæрмæ тымбыл лыг — уыгард фæкæнынц æмæ йæ ууылты йæхицæй алхынцъ кæнынц. Уыйфæстæ кусартæн йæ хуылф риуыгуыдырæй гуыбыныл суанг хордзонмæ акъæртт кæнынц, риуы кæхц афадынц стурæн фæрæтæй, фысæн (сæгъæн) — кардæй, мизг сæфтауынц, хъæппытæ слыг кæнынц, стæй, мисындзæг куыд нæ аскъуына, афтæ сины кæхц фæрæтæй (кардæй) афаз кæнынц (асæттынц).

Кусартæн йæ хуылф куы акъæртт кæнынц, уæд фыццаг хуылфмæ ласæггаг æмæ хъæлхъæлаг баласынц, уый фæстæ фæрстæй ралыг кæнынц хæлур æмæ раззаг хуылфы дзаумæттæ астæухъæдæй суæгъд кæнынц, суæгъд сæ кæнынц ахсæн æмæ уæцъæфæй дæр, стæй хуылфыдзаумæттæ тæныл арынгмæ (сивырмæ) равгæнынц, фæстагмæ ралыг кæнынц мисындзæг æмæ хордзон (суйы кæрон).

Ахицæн кæнынц раззаг хуылфыдзаумæттæ (хъæлхъæлаг, рæуджытæ, зæрдæ, игæр) иннæ хуылфыдзаумæттæй, уыдонимæ фарсылæвзаг, уыргтæ æмæ фиуы цъар. Ралыг кæнынц æмæ туджы дзыхъмæ (тугыстонмæ) ныппарынц бирæгъы хай, мизг, масты дзæкъул, мисындзæг, хордзон (суйы кæрон) æмæ зæрдæйы хъустæ. Ахицæн кæнынц ахсæн, зынæхсæн, уæцъæф, ставд тъæнгтæ лыстæг тъæнгтæй, стæй сæ хицæнтæй ныссыгъдæг кæнынц æмæ ныхсынц.

Ауæнгтæ кæнынц койгонд кусарт, иннæ уæнгтæй хъауджыдæр стуры астæуыстæг (рагъы стæг) æмæ фæрстæ акæнынц цыппæргай дихтæ, фæрсчытæ æртыгæйттæ куыд уой, афтæ. Дыгай дихтæ акæнынц чъылдымы стæг, æгъдтæ, рæуджытæ, игæр, уæцъæф. Æдæппæт стуры кусарты вæййы авд авд (49) уæнджы æмæ хицæн хайы. Уавæрмæ гæсгæ куы бахъæуы, уæд кусартæн йе уæнгтæ дихтæ дæр акæнынц æмæ йæ афтæмæй фыцынмæ бавæрынц, æрмæст сæр, бæрзæй, уæн, рахиз базыг дихтæ нæ чындæуы, уæны стæгыл та цыргъагæй не ’ндзæвдæуы.

Кусарт фыцынмæ бавæрынц уазал доны, цæхх ыл ныккæнынц, цалынмæ нæма рафыцы, уæдмæ. Кусæрттаджы бас хъуамæ уа цæххæргом. Хъацæнтæ (цывзы, нуры, хъонтхора) басыл ныккæнынц, фыд сисыны агъоммæ 10—15 минуты раздæр. Кусарт хъуамæ фыца, цалынмæ фыд стæгæй хицæн кæнын байдайа, уæдмæ — стуры фыд сахат æмæ æрдæгæй дыууæ сахатмæ, фысы фыд та — сахатæй сахат æмæ æрдæгмæ. Амал æмæ гæнæн куы вæййы, уæд хуылфы дзаумæттæ, сæр æмæ къæхтæ сфыцынц хицæнæй — æндæр аджы. Фых дзидзатæ агæй равгæнынц исты мигæнæнмæ (арынгмæ, сивырмæ, кæхцмæ), цæхх сыл айзæрынц, семæ сын кард нывæрынц, цæмæй фыдбылызхæссæг тыхтæй хызт уой, уый тыххæй.

Кувинаг кæнæ фæлдисинаг æргæвстæуы æрмæстдæр кардæй, топпæй кæнæ æндæр истæмæй йæ не ’хстæуы, цыргъагæй йын йæ зæрдæ нæ цавдæуы. Кусæрттаг, цалынмæ змæлгæ кæна, уæдмæ йæ æргæвдджытæ нæ уæгъд кæнынц. Кусарт чындæуы æнæдзургæйæ.

Кусартмæ æнахъом сывæллæтты хæстæг нæ уагъдæуы.

Кувинаг кæнæ фæлдисинаг кусарт цалынмæ хистæртæ скувой (ныффæлдисой), уæдмæ дзы аходын нæ фæтчы. Уымæ гæсгæ кусартгæнджытæн хæринагæн фысымтæ дзидза æмæ æндæр хæлцæгтæ æрцæттæ кæнынц хицæнæй.

Нæдæр хомæй, нæдæр фыхæй кусарты ныхыл (сæрыл) дзуар (крест) нæчындæуы æмæ не ’мбæлы.

Алы ирон лæг дæр хъуамæ арæхса кусартимæ архайынмæ — æргæвдынмæ, уæнгтæ æмæ хæйттæ кæнынмæ, хуылфыдзаумæттæ сыгъдæг кæнын æмæ фыцынмæ.

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 47 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.016 сек.)