Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

AElig;ртæ кæрдзыны— æртæ чъирийы

 

Нæ рæстæджы фылдæр адæм кувгæ цы хойрагæй кæнынц, уыдон сты æртæ хуызы: æртæ кæрдзыны — æртæ тымбыл чъирийы — Хуыцауы номыл, æртæ æртæдзыхоны — зæдты номыл, иу æртхурон — гуыдын — Хуыцауы номыл. Алы кувæг дæр уыцы кувинæгтæ кæны, йæ амæлттæ цæмæй амонынц æмæ цы ’мбæлы, уымæй: мæнæу, хлепа, хъæбæрхор кæнæ нартхорыссадæй, æнæ дыдагъæй — кæрдзынтæ (дзултæ), кæнæ дыдагъæй — хæбизджынтæ, чи донгондæй, чи та æнхъызт хыссæйæ. Уыцы хойрæгтæ фыцгæдæр кæнынц, йæ уавæртæ кæмæн куыд амонынц, афтæ: чи уæливых кæны, чи фæныквых, чи та фыцы нырыккон электрон æмæ газын пецты. Уый, чи æмбæлы, ахæм хъуыддаг у. Хæбизджынтæн сæ мидæг цы вæййы — сæ гахæ, уый дæр, кæмæн йæ арм куыд фæамоны, афтæ — уæлибæхтæ (цыхтджынтæ), цæхæраджынтæ, насджынтæ, къабускаджынтæ, хъæдурджынтæ, хъæдындзджынтæ, давонджынтæ, ома, цæмæй æмбæлы кувын, уыдонæй исты. Кувын та ’мбæлы урсаг æмæ зайæгхалæй конд хæбизджынтæй. Нæ куывдæуы фыдджынтæ æмæ фиуджынтæй.

Кæй ранымадтам, уыцы чъиритæн сæ гахæ фылдæр хатт вæййы цыхтимæ, фæлæ ком чи фæдары, уыдон цыхт нæ февæрынц, стæй, йæ амал кæмæн нæ вæййы, уыдон дæр.

Нæ рæстæджы фылдæр адæм кувынæн кæнынц уæларты кæнæ нырыккон духовкæджын пецты фых, æнхъызт хыссæйæ конд цыхтджын уæлибæхтæ (уæливыхтæ).

Кувинаг æртæуæлибæхæн рæстæмбис нымадæй хъæуы:

— мæнæуы ссад, дзуллаг луæрстæй — 2 килæйы;

— дыууæ-æртæ боны кæуыл цæуы, ахæм цыхт — 2,5 килæйы;

— нæлхæ, царв кæнæ маргарин — цайцымæн агуывзæйы ’рдæг;

— æйчытæ — дыууæ;

— æнхъизæн — цырв — стыр уидыджы æмвæзы бæрц;

— сæкæр — стыр уидыджы дзаг;

— цæхх — уидыджы æмвæзы дзаг;

— æхсыр — 0,6 литры;

— дон — 0,6 литры.

Кæрдзынгæнджытæ се ’ппæт иухуызон нæ кæнынц чъиритæ, алчи дæр дзы архайы йæхи сæрмагонд мадзæлттæй, фæлæ фылдæр кæрдзынгæнджытæ пайда кæнынц, дæлдæр кæуыл дзурдзыстæм, уыцы уагæвæрдæй.

В а р и а н т. Ссад арынджы астæумæ балуарынц, йæ астæу ын адзыхъ кæнынц, æвдулæнæн дзы цы бахъæудзæн, уый арынджы иу къуыммæ фæхицæн кæнынц. Уый фæстæ æхсыр, æйчытæ, сæкæр æмæ цæхх иумæ сцæгъдынц (сызмæнтынц). Уыцы змæстмæ ма бафтауынц, рагацау хъæрмуст доны цы цырв стайын кæнынц, уый. Дыууæ змæстæй цы тæнгъæд рауайы, уый ссады дзыхъхъы сабыргай ныккæнынц æмæ йæ ссадимæ хорз сызмæнтынц. Æгæр лæхъир куы рауайы, уæд ма йæм æвдулæнæй бафтауынц æмæ йæ снæмынц, цалынмæ къухтыл хæца, уæдмæ.

Над хыссæ исты мигæнæны хъарм ран цæвæрынц æнхъизынмæ. Цæмæй хыссæ мигæнæны къултыл ма хæца, уый тыххæй йæ нæлхæйæ байсæрдынц. Хыссæ дыууæ сахатмæ ’ввахс ныннæрсы æмæ йæхи уæлæмæ дзæвгар сисы, æмæ йæ уæд фæхъæуы фæстæмæ азмæнтын. Стæй дыккаг хатт йæхи куы сисы, уæд цæттæ вæййы кæрдзын кæнынмæ.

Хыссæ чъирихор хæйттæ ныккæнынц, къорингæс тымбылтæй сæ арынджы хицæнтæй æрæвæрынц. Цыхт бассæндынц къухæй, ныххафынц насхафæнæй кæнæ йæ фыдгæрдæны рауадзынц. Кæд æмæ цæхджын цыхт вæййы, уæд æй ныддихтæ кæнынц æмæ йæ ныуудайынц доны. Цыхтызмæст куы сцæттæ вæййы, уæд уый дæр чъирихор тымбылтæ тæбæгъы кæнæ æндæр истæм хицæнтæй æрæвæрынц. Æмæ уæд сæ каст ницæмæуал вæййы. Хыссæйы тымбылæг армытъæпæнтæй тынг ныннæмынц, алырдæм куыд аивæза, афтæ. Йæ астæу ын цыхты тымбылæг æрæвæрынц, нæмæгау æй æркæнынц, куыд атъæпæн уа, афтæ, стæй хыссæйы кæрæттæ цыхты алыварс хæрдмæ ивазæгау скæнынц, æмæ сæ уым, голладжы ком бæттæгау, кæрæдзимæ æрбалвасынц, стæй сæ аныхасынц. Уыйфæстæ, йæ æвдулæн арæхæй, армытъæпæнæй нæмгæ, алырдæм аивазынц, фыцгæ йæ цы тебæйы кæндзысты, уымæн йæ ас цас амоны, уыйбæрц. Тебæ рагацау тынг стæвд кæнынц, чъири дзы нывæрынц, тебæйы æмыйас ма йæ аивазынц æмæ йæ фыцынмæ бавæрынц. Чъири куы сфыцы, уæд йæ уындæй бæрæг вæййы, æмæ йæ тебæйæ сисынц, истæуыл æй æрæвæрынц, стæй йæ нæлхæйæ алырдыгæй байсæрдынц.

Кувинаг хойраг чындæуы сыгъдæг мигæнæнты, сыгъдæг дарæсы æмæ сыгъдæг къухтæй.

Кæрдзынгæнæг фæнды сылгоймаг уæд, фæнды нæлгоймаг, йæ сæрыхъуын хъуамæ уа æфснайд, сæрбæттæн кæнæ сæрмагонд худæй, хъуамæ уа æнæниз, йæ къухтæ — æхсад, йæ ныхтæ — конд.

Фыдæлтæ сыгъдæгдзинады охыл куывды кæрдзынгæнæг, куыд фæзæгъынц, судзины фындзæй æвзæрстой. Æнхъæлцау æнæниз, мæйгæроны тыхстæй хибар цы сылгоймаг нæ уыди, уый кæрдзынгæнæгæн нæ нысан кодтой.

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 1 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)