Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Хосдзауы бæрæгбон

Читайте также:
  1. Бæрæгбоны фынгæвæрд

 

Хос кæрдын хæхбæсты уавæрты уæззау куыстыл нымад у. Уымæ гæсгæ цалынмæ лæппуйæн йе уæнг сфидар уа, уæдмæ йын ахæм уæззау куыст кæнын пайда нæу. Фæлæ лæппуйыл 15 азы куы сæххæст вæййы, уæд æй нымайын райдайынц æххæст куыстхъомыл æмæ æцæг хосдзауыл, ома хæдзардарæгыл. Ахæм лæппуйæн хосгæрдæнты скæнынц хосдзауы хуын — æртæ чъирийы, физонæг кæнæ кусарт, хосдзауы гуыл — фæстаг гуыл, Ома уæд сывæллон нал вæййы, уымæй фæстæмæ йын гуыл нал фæкæнынц, бæгæны кæнæ къуымæл, æндæр нуазинæгтæ æмæ хæринæгтæ. Уыцы хуынимæ лæппуйы арвитынц хосгæрстмæ — уыгæрдæнмæ — æмæ йын уым хосдзауты хистæр Хуыцаумæ æмæ Уастырджимæ батабу кæны, ракуры сæ, цæмæй лæппуйæ куыстуарзон æмæ æрхъуыдыджын, хъаруджын æмæ арæхстджын, хæдзардарæг скæной. Уыйфæстæ йын уым хистæр хиуæттæй исчи балæвар кæны, рагацау кæй сцæттæ кæны, ахæм ног цæвæг. Иннæ хосдзаутæ йын арфæ ракæнынц, стæй иумæ фæбадынц æмæ хъæлдзæг гаджидæуттæ фæуадзынц, фæзарынц.

Ныры рæстæджы фылдæр рæтты холлæгты куыст кæй нал кæнынц, ома сæ хос кæрдыны сæр кæй нал хъæуы, уымæ гæсгæ лæппуйæн йæ хосдзауы бæрæгбон баиу кæнынц йæ райгуырæн бонимæ. Иутæ та йæ кæнын байдыдтой, æхсæрдæс азы йыл куы сæххæст вæййы кæнæ паспорт куы райсы, уæд.

 

7. Сывæллæттæ хъомыл кæныны иуæй-иу фарстатæ

 

Нæфыдæлтæ-иу афтæ загътой: «Хуыцаумæ цасфæнды куы фæкувай, уæддæр дын æнæ фынддæс сомы хæрæг ничи ратдзæн». Уыйау, куывдтæ кæнын æмæ сывæллæттæ хъомыл кæнын иу не сты. Сывæллон схъомыл кæнын дунейы æппæтæй зындæр æмæ вæазгджындæр куыст у. Уый ныййарджытæй — хъомылгæнджытæй домы æгæрон фæразондзинад, стыр ныфс æмæ арф зонындзинæдтæ хъомылады фæрæзтæй пайда кæнынæн.

Хъомылгæнæджы сæйраг фæрæз уарзондзинад, æнæ уый хъомылгæнæг у куырм æмæ гоби.

Сывæллон куыддæр райгуыры, афтæ йæ райдайын хъæуы хъомыл кæнын. Алы ныййарæг дæр æрвылбон, æнæсцухæй, фæллад нæ зонгæйæ хъуамæ кæса йæ сывæллоны митæ æмæ æууæлтæм, араза йæ раст фæндагыл, ахуыр æй кæна æрдз æмæ æхсæнады цардыл. Ныййарæг уæвгæйæ афтæ чи нæ кæны, уый æрдзæн дæр æмæ æхсæнадæн дæр фыдбылыз хæссы.

Хъомылгæнæг хъуамæ хорз зона, зонад æмæ ирон адæмы фæлтæрæн хъомыладон куыстæн цы сæйраг фæткæвæрдтæ скодтой, уыдон, æмæ сæ пайда кæна. Хъуамæ йæ зæрдыл дара сывæллоны удыхъæды бавæринаг сæйрагдæр миниуджытæ. Уыдон сты: адæймагуарзынад, рæстдзинад, уæздандзинад, бонзонгæ уæвын, сæр сæрмæ хæссын, ныфсхаст æмæ æхсарджын уæвын.

Хъомылады сæйраг скъола у ныййарæг хæдзар, йæ ныййарджытæ та сты сæйраг хъомылгæнджытæ. Æрмæстдæр ам æмæ адоныл сахуыр вæййы сывæллон, уæздандзинады домæнтæ æххæст кæныныл, адæмы ’хсæн цæрыныл æмæ адæймаджы цардхъомдзинады сæйраг мадзалыл — фæллой кæныныл.

Сывæллонæн йæ ныййарджытæм хорзæй, æвзæрæй цы миниуджытæ вæййы, фыццаджы-фыццагдæр йæ удыхъæды уыдон бацæуынц. Уымæн фæзæгъынц «Сау къæдзæхæй сау дуртæ тулынц», «Сæгъæй уæрыкк нæ райгуыры».

Хъомылады сæйраг чиныг æмæ цæстуынгæ æрмæг у ныййарæг йæхæдæг. Уымæ гæсгæ алы ныййарæг дæр йæ цотæн хъуамæ уа алкæддæр æмæ алцæмæй дæр фæзминаг, уаг æмæ æфсармы бæрцбарæн. Сывæллон йæ ныййарджытæм искуы цæстмæ ми, мæнгарддзинад кæнæ гæды ныхас куы рахата, уæд ныййарджыты хъомыладон куыст уыдзæн, куырой ривадæй куы зила, уый хуызæн. Стæй канд æнæпайда нæ, фæлæ ма фыдбылызхæссæг дæр.

Æцæг хъомылгæнæгæн йæ алы ныхас, йæ алы ми æмæ йæ алы архайд дæр хъуамæ æнцайой уарзондзинады бындурыл. Сывæллонмæ уарзæгой цæстæй чи нæ кæсы, зæрдиагæй йыл чи нæ ауды, уый хъомылгæнæгæн нæ бæззы. Æцæг хъомылгæнæгæн йæ алы ныхас, йæ алы ми æмæ йæ алы архайды ис Хуыцауы комытæф, зæрдæйы хъарм, фæлмæндзинад, æууæнк æмæ ныфс. Уыцы æууæлтæ æмæ миниуджытæ цы хъомылгæнæгмæ вæййы, уый йæ бæрны уæвæгмæ фæкæсы барон цæстæй, æмæ йæ хъомылгæнинаг цыфæнды фыдуаг ми куы бакæна, уæддæр ыл йæ зæрдæ нæ аивы, хæрамы цæстæй йæм нæ ракæсы, æрмæст йæ бæрны уæвæгимæ иумæ сагъæсы бацæуы йæ хъомылгæнинаджы æвзæр мийыл (йæ равджы йын сагъæс æмæ фæсмон бауадзы).

Сывæллонæн хъомылгæнæг фыццаджы-фыццагдæр цы дзырды мидис бамбарын кæны, уый у«Ма кæн!» Ацы дзырд сывæллонæн йæ алыварсуæвджытæ хъуамæ дзурой стæм хатт. Иугæр загъд куы ’рцæуа, уæд та сывæллонæн æнæмæнг æххæстгæнгæ у. Ацы ныхасæй сывæллон хъуамæ стъæлфа æмæ зона, æнæ баххæстгæнгæ йын кæй нæй, уый.

Саби змæлынхъом куы фæуа, уæд ын хъæуы, йæ хъару цас амоны, уый бæрц «цума» кæнын. Сывæллонæн куысты бафæллайынæй тæрсын нæ хъæуы, тæрсын хъæуы, куыст ын куы нæ рардæуа кæнæ йын йæ куыстæн аргъ куы нæ счындæуа, уымæй. Сывæллоны авд-аст азмæ йæ ныййарджытæ хъуамæ сахуыр кæной къаддæр уæддæр мæнæ ацы æрвылбоны куыстытыл:

— арæхсгæ цъылын æмæ уисойæ мæрзын, фынгтæ, тæрхæджытæ, бандæттæ ныссæрфын, къустæ æмæ тæбæгътæ ныхсын, уæлæдарæс æмæ хуыссæнтæ бæлвырд бафснайын;

— цæхæрадоны æвзартæм зилын — рувын, дон сыл кæнын, хортæ æмæ халсартæ ’фснайын;

— арæхсын хырх, дзæбуг, аркъау, бырау æмæ лæсгæр зилæн дзаумæттæй хуымæтæг куыстытæ æххæст кæнын;

— быдыры уавæрты æмæ хæдзары артдзæсты арт скæнын, стæй бæлвырд зонын, зынг сирвæзты ныхмæ цы мадзæлттæ æмæ уагæвæрдтæ ис, уыдон;

— электронтых, газ æмæ артагæй хи хъахъхъæнын;

— хуымæтæджы хæринæгтæ скæнын, уæларты æмæ цæхæры картоф, нартхор фыцын, хъайла скæнын æмæ æйчытæ сфыцын, цай сцæттæ кæнын;

— буар æмæ дарæсмæ зилын, хи ныхсын æмæ хи ныннайын, цъындатæ æмæ къухмæрзæнтæ æхсын, сæр ныхсын æмæ дзыккутæм зилын, къæхтæ æмæ къухты ныхтæ ракæнын, хуыдыхæлд æмæ цæппузыр бахуыйын.

Сывæллоны ахуыры фæндагыл сæвæрын, аивады бындуртимæ йæ базонгæ кæнын, йе уæнджы цы курдиат, цы зæрдæргъæвддзинад ис, уыдон ын раргом кæнын æмæ йæ райрæзын кæнын алы ныййарæгæн дæр хæс у. Сывæллон скъоламæ куы бацæуы, уæд йæ сахуыр кæнын свæййы бинонты царды сæйрагдæр фарста.

Дæ сывæллоны сахуыр кæнынæн æвгъау мацы бакæн, нæдæр дæ исбон, нæдæр дæ хъару. Йæ сывæллоны фидæныл цы ныййарæг нæ сагъæс кæны æмæ йын мадзæлттæ чи нæ аразы, йæ амал амоны, афтæмæй, уый ныййарæджы ном хæссыны аккаг нæу.

Сывæллоны сахуыр кæнынæн хъæуы æрвылбон мадзæлттæ аразын, æрмæст ын йæхи фæлмæцын нæ кæнгæйæ. Сывæллонæн «ахуыр кæн, ахуыр кæн» дзурын канд æнæпайда хъуыддаг нæу, фæлæ ма зианхæссæг дæр. Уый бæсты мадзæлттæ сараз сывæллоны ахуырмæ разæнгард кæнынæн.

Сывæллоныл авд-аст азы куы сæххæст уа, уæдмæ йæ ныййарджытæ хъуамæ самидин кæной ахуырмæ, базонгæ йæ кæной, ахуыр адæймагæн цы хорздзинæдтæ дæтты, уыдонимæ.

Алы æнæниз авдæдзыд сывæллон дæр хъуамæ зона:

— иронау æнæкъуызгæ дзурын, уæнггай кæсын;

— уырыссагау дзурын, æмæ дамгъæтæ зонын;

— нымæцтæ ссæдзы онг нымайын, кæсын æмæ фыссын, дæсы онг æфтауын, æппарын æмæ хатт кæнын.

Иры фыдæлтæ кæсын æмæ фыссын нæ зыдтой, абон адæммæ цы хъæздыгдзинæдтæ ис, уыдон дæр сæм нæ уыдысты, фæлæ уыдон ахæм æрдхæрæны хъомыладон скъола сарæзтой, æмæ абон мах нæ кæстæрты фидæныл куыд сагъæс кæнæм, фыдгæнджытæ нын куы суой, зæгъгæ, уыдонæн уый сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Фыдæлты скъола фæсивæды ахуыр кодта уæздандзинад, царды уæз хæссын, фыдæлты уырнынад æмæ удварны хæзнатæ хъахъхъæныныл.

Ссæдзæм æнусы куыддæр диныл нæ къух систам, афтæ уæздандзинад нæ национ удыхъæды скадавар, фæсивæд галиу фæндагыл цæуын байдыдта. Нæ куырыхон фыдæлтæ нын бæргæ фæдзæхстой сæ таурæгъты, Хуыцауыл уæ зæрдæ ма куы сивут, зæгъгæ, фæлæ йæ ферох кодтам. Абон дæр ныййарджытæй афтæ чи æнхъæлы, æмæ æнæ Хуыцаумæ кувгæйæ сывæллоны удыхъæды уæздандзинад бавæрæн ис, зæгъгæ, уый рæдийгæ кæны. Сывæллон цæмæй уæзданæй схъомыл уа, уый тыххæй йæ гыццылæй ахуыр кæнын хъæуы Хуыцауы тыххæй зонындзинæдтыл.

Скъоламæ бацæуыны агъоммæ сывæллон хъуамæ зона, чи у, цы у Хуыцау, чи сты, цы сты зæдтæ, дауджытæ, цы у сæ хъомыс Хуыцау, зæдтæ æмæ дуджытæн, цы сты дæлимонтæ, цы нæ фæтчы динон уырнындзинæдтæм гæсгæ, куыд хъæуы Хуыцаумæ цыбырæй бакувын, хатыр дзы ракурын. Хъуамæ зона, цы амоны æмæ кæмæй фæзæгъынц: «Хуыцауы æмæ адæмæн уарзон адæймаг», цы амоны дзырддзæугæ куырыхон адæймаг.

Фыдæлтæ хорз зыдтой, сывæллон схъомыл кæнынæн иу-дыууæ адæймаджы æгъгъæд не сты, уый. Уымæ гæсгæ уыцы хъуыддаджы архайдтой канд ныййарджытæ нæ, фæлæ уыдоны ныййарджытæ, хæстæг, хионтæ, сыхбæстæ. Абон цот хъомыл кæнын фæлварынц æрмæстдæр ныййарджытæ, ома сывæллæттæ хистæр фæлтæрæй фæиппæрд сты, æмæ бæрæг дарынц уыцы уавæрæн йæ æппæрццæг фæстиуджытæ.

Сывæллоны Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытыл баууæндын кæнын алы хъомылгæнæгæн дæр хæс у. Нæ фыдæлты æвæджиау хъомылад æнцади динон уырнынадыл, æнæ уыцы уырнынадæй уæздандзинадæн уæвæн нæй. Ирон адæмы царды фæлтæрæн ууыл дзурæг у, æмæ, куыддæр хъомылад фыдæлты уырнынады кæнонтæй фæиппæрд вæййы, афтæ фæсивæд галиу фæндагыл ацæуы, æхсæнад та дзолгъо-молгъо свæййы.

Ныййарджытæ сывæллоны талæнты Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджыты тыххæй зонындзинæдтæ бавæрынц канд дзыхы ныхæстæй нæ, фæлæ кувгæйæ æмæ фыдæлты æгъдæуттæ æххæстгæнгæйæ.

Раджы дæр æмæ абон дæр ирон адæймаг йæ сывæллоныл æргом цинтæ кæнын, иугæндзонæй йемæ хъæлдзæг хъæзтытæ кæнын, цæстмæхъусæй йын «хорз дæ», «зондджын дæ», «уарзын дæ» дзурын нымадта æмæ нымайы галиудзинадыл. Ахæм уавæры сывæллон хæлгæ цы фæкæна, æндæр хуыздæр нæ фæуыдзæн. Сывæллонмæ тызмæгæй дзурын дæр хъæуы, куы бахъæуа, уæд æй бафхæрын дæр нæ бахъыгдардзæн, æрмæст рох кæнын нæ хъæуы фыдæлты мæнæ ацы æмбисондæн йæ мидис: «Адæймагæн æдзух «хуы дæ, хуы дæ» куы кæнай, уæд искæд ныхъхъох кæндзæн».

Сывæллоны фæлмæнвад æмæ фыдрæуæг митæй хизын хъæуы, уæлдайдæр лæппуйы. Уæлдай цинтæ, уæлдай узæлд фылдæр хатт æркæнынц æппæрццæг фæстиуджытæм. Сывæллонимæ ныхас кæнын хъæуы, карджын адæймагимæ куыд фæныхас кæнæм, афтæ — зæрдиагæй, бахъуаджы рæстæг та — тызмæгæй дæр.

Æцæг хъомылгæнæг йæ бæрны уæвæг сывæллонæн йæ ми, йæ архайды æмæ йе ’ууæлты ссары æппæлинаг исты æмæ дзы раппæлы, æрмæст бæрц зонгæйæ. Йæ рæдыдты охыл æм загъд нæ фæкæны, фæлæ амоны, раст куыд кæнын хъæуы, уый. Архайы, цæмæй сывæллон алы хъуыддаджы дæр æууæнда йæ хъаруйыл, йæ зонындзинæдтыл æмæ йæ фæлтæрæнтыл.

Æцæг хъомылгæнæг цыфæнды чысыл хъомыладон ныхасмæ кæнæ архайдмæ дæр йæхи хъуамæ цæттæ кæна, артист радон равдыстмæ йæхи куыд фæцæттæ кæны, афтæ рагацау æмæ зæрдиагæй. Уыимæ, сывæллонимæ цыфæнды тызмæг ныхас куы фæкæнай, уæддæр дæм зулцæстæй хъуамæ ма ракæса æмæ дын дæ зæрдæйы хъарм æнкъара.

Æцæг хъомылгæнæг хъуамæ фæразон, бæрнон æмæ рæстзæрдæ адæймаг уа. Сывæллон цавæрфæнды адæмыхаттæй уæд, цавæрфæнды расæйæ уæд, йæ мад æмæ йæ фыд чифæнды уæнт (кадджын, æгад, удхъуаг, зондджын, æнæниз, рынчын, рæстуд, фыдгæнæг, хион кæнæ æцæгæлон), йæ уд æмæ йæ талæнтæ, йæ зонд сты сыгъдæг, барæвдау æй, ма йæ бахъулон кæн, æвæгæсæгæй йæ ма ныууадз. Уый ирон адæмæн фыдæлтæй баззайгæ фæтк у. Сывæллоны фыдбылызæй бахизын, раст фæндагыл æй саразын алы адæймагæн дæр хæс у.

Кæд дын сывæллоны галиудзинадæй раздахынæн мадзал уыдис, раст фæндагыл æй сæвæрын дæ бон уыдис, афтæмæй йæ нæ сæвæрдтай, уæд ды дæ фыдгæнæг.

Ныййарæг уæвгæйæ зон, дæ сывæллонæн абон ды цы дæ, уый дæр дын райсом уый фæуыдзæн, æрмæст — дывæрæй. Сывæллонмæ хæцæнгарз сисæг, хъизæмæрттæ йын æвзарынгæнæг, йæ уд ын тæссаг уавæры баппарæг, рис дзы бауадзæг кæнæ йæм æвзидæг æмæ йæ мæлæтæй тæрсынгæнæг сæры зондæй æххæст нæу.

Сывæллоны исæй (хæринагæй, донæй, хъармæй, дарæсæй) бахъулонгæнæг ирон адæймаджы ном хæссыны аккаг нæу.

Алы ныййарæг дæр йæ сывæллоны удыхъæды цы миниуджытæ бавæрдта, уыдонæн у бæрнон дзуапп дæттæг йæ адæмы раз, цалынмæ цæры, уæдмæ. Ныййарæг уæвгæйæ йæ сывæллоныл къух сисæг у Хуыцауы æлгъыст, ахæмæн хатыр нæй уæлæуыл дæр æмæ мæрдтыдæр. Фыдæлтæ ахæмты куыд зæппарæн былæй æппæрстой, хъоды сыл кодтой.

Искæй сывæллонæй «цы рæсугъд у», «цы хæрзконд у», «цы дзæбæх у», «цы хæрзхуыз у», — зæгъын аив нæу. Кæд уавæр нæ домы, уæд искæй сывæллонмæ армæй æвналын аив нæу. Æнæ йæ мады бафæрсгæйæ йын исты хæринаг раттын, кæд уавæр нæ домы, уæд аипп у.

Сывæллон кæйфæнды куы уа, уæддæр ын уайдзæф бакæнын, фыдуаг ми кæнын æй нæ бауадзын алкæмæн дæр йæ хæс у. Сывæллонæн уайдзæф бакæнæг, йæ рæдыд ын бацамонæг уыцы сывæллоны ныййарджытæн арфæйаг у. Ахæм арфæтæ сты: «Дæ цæрæнбон бирæ!» «Хуыцауы æххуыс дыл сæмбæлæд!» «Бузныг, дæ кæстæрты цинæй бафсæд!» æмæ æнд.

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 54 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.011 сек.)