Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Сывæллоны фæзынд бинонты ’хсæн

Раджы дæр æмæ ныр дæр ирон адæммæ сывæллоны райгуырд нымад уыди стыр æмæ ахсджиаг хъуыддагыл.

«Сывæллон цы хæдзары нæй, уый æххæстхæдзар нæу», «Сывæллоны хъæр цы хæдзарæй нæ цæуы, уый мæгуыр у», — афтæ фæзæгъынц ирæттæ. Сывæллоны райгуырд нымад у Хуыцауы фæндоныл, уымæн фæзæгъынц æнхъæлцау сылгоймагæй, «йæхи бар нæу», зæгъгæ. Уымæн вæййы æнхъæлцау сылгоймаг уæлдай буцдæр даринаг, уымæн æй хъахъхъæнынц цæсты гагуыйау низтæй, æрдзон фыдбылызтæй æмæ зындзинæдтæй (кæс сæргонды «Сылгоймаг — нæлгоймаг»).

Ирон сылгоймæгтæ кæддæрау уæззау уавæрты нал арынц, алы æвгъæдыбадæг æмæ арæг сылгоймаг дæр йæ арыны рæстæг куы ’рцæуы, уæд бацæуы арæндонмæ. Фæлæ уæддæр æххæст фæкæны, нæ фыдæлтæй цы фæтк æмæ уагæвæрдтæ баззад, уыдон. Арæндонæй рахæссыны размæ йыл йæ мад кæнæ мады мад (фыды мад) батутæ кæны æртæ хатты (символикон хуызы), стæй фæзæгъы: «Фыдцæстæй дын хай ма уæд! Науæд та «Æвзæр цæст æмæ цымыдис — сæ равдисæджы!» Сывæллоны фыццаг хатт йæ хуыссæнуатмæ (хæдзармæ) бахæссыны размæ уаты рудзынг кæнæ дуар бакæнынц, уаты ссудзынц исты артхос, стæй, фæздæг куы ацæуы, уæд рудзгуытæ бахгæнынц æмæ сывæллоны бахæссынц. Æцæгæлонмæ йæ не ’вдыстæуы, цалынмæ йын йæ галиу цонджы хъулыл сырх хæцъилы уаццæг нæ бабæттынц, уæдмæ. Уыцы митæ иууылдæр кæнынц, цæмæй йæм дæлимоны тæфаг ма бахæццæ уа æмæ йæ исчи ма фæцæстдзыд кæна, уый тыххæй. Ноггуырд сывæллоны раз не ’мбæлы хъæр кæнын, æхситт кæнын, тамако дымын, исты химикаттимæ архайын, чъизи уæлæдарæс кæнæ къахыдарæсимæ йæ уатмæ цæуын, æнæхсад къухæй йæм æвналын. Сывæллоны уаты хъуамæ ма уа æвзæр кæнæ карз тæф чи кæны, ахæм дзаумæттæ.

Сывæллоныл цалынмæ ном сæвæрой, уæдмæ йæ сахат дæр иунæгæй нæ уагъдæуы, стæй йын йæ уатмæ уæгъдцыд (æнæхъуаджы) нæчындæуы.

Раджы дæр æмæ ныр дæр ирон адæммæ сывæллоны райгуырд нымад цыдис Хуыцауы æппæт стырдæр лæварыл, стыр бæрæгбоныл. Ууыл дзурæг сты, бинонтæ сывæллоны цардамондæн цы бирæ уæлибондзинæдтæ арæзтой, уыдон. Нæ рæстæджы уыцы алыхуызон бæрæгбонтæ æмæ æндæр цины хъуыддæгтæй дзæвгар аиварс кодтой царды уавæртæ, фæлæ ма уæддæр бирæ рæсугъд æмæ хъæугæ æгъдæуттæ цæрынц. Уыдонæн сæ фылдæры мидисы ис сывæллоны райгуырдыл цин кæнын, Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм ын кувын. Бар æм чи дары, уыцы зæдтæ æмæ ’дауджытыл æй бафæдзæхсын, йæ мады йын цотхал кæныныл разæнгард кæнын.

Уæдæ бæлвырддæр æркæсæм, абон ма цы бæрæгбонтæ кæнынц, уыдонæн сæ ахсджиагдæртæм.

Рæстæйы куывд. Сывæллоны райгуырдмæма дыууæ-æртæмæйы куы баззайы, уæд скæнынц æртæ чъирийы, дзыкка кæнæ сир, бахсидынц бæгæны кæнæ къуымæл, аргæвдынц карк кæнæ гогыз. Фынгæвæрд куы срæвдз вæййы, уæд æрбахонынц хæстæг сыхбæсты сылгоймæгты, æмæ уыдон, фынгыл цы бæрæчет вæййы, уыдонæй скувынц Хуыцаумæ, (Мады-Майрæммæ) æмæ Сæрызæдмæ.

В а р и а н т: Дунесфæлдисæг иунæг Хуыцау!

Табу дæхицæн, табу де стырдзинадæн! Мæнæ ацы æнæтæригъæд сылгоймаг æнхъæлцау у, æмæ йын æй, дæ хорзæхæй, фæрæстмæ кæн! Æнæниз æмæ йын рæсугъд сывæллон куыд райгуыра, ахæм хорз ын ракæн! Кæд дæ разы истæмæй азымджын у, уæд ын ныххатыр кæн.

Сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм), сызгъæрин тæбæгъты дæм фæкуывдæуæд, табу дæхицæн!

Ацы æнхъæлцауы дæуыл дæр фæдзæхсæм, зынæвгъæд куыд нæуа, йæ арæн бон рæстмæ куыд рауайа, ахæм ахъаз ын ракæн! Йæ сывæллон æнæниз, æнæсахъатæй дунейы рухс куыд фена, уый йын дæ цæст бауарзæд! Фыццаг сывæллон ын у, æмæ авдæн амондджын фæндаг куыд скæна, ахæм арфæ йын ракæн!

Табу дæхицæн, уæздан Мадызæд (Мады-Майрæм)! Сæрызæд, дæуæн дæр æхцон уæд! Ацы сылгоймаджы Хуыцау де ’вджид бакодта æмæ, дæ хорзæхæй, дæ цæст æм фæдар!

Стыр Хуыцау, Мадызæд, ацы æртæ кæрдзыны уæ номыл конд сты æмæ уын барст уæнт!»

Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд аходæггаг авæры чындзмæ.

Уыйфæстæ сбадынц æмæ гаджидæуттæ фæуадзынц Стыр Хуыцау æмæ Мадызæды номыл, Сæрызæд æмæ Бынатыхицауы номыл, чындз æмæ бинонты цардамонды тыххæй.

Ууыл бæрæгбон фæвæййы æнæуæлдай хъæлдæзгдзинæдтæй.

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 38 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)