Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Хиуылхæцынад

Хиуылхæцынад у уæздандзинады æппæты сæйраг дæр бæрæггæнæн. Амоны зæрдæйы бæллицтæ, мондæгтæ, буары æнкъарæнтæ æмæ домæнтæн уынаффæ кæнын æмæ сыл фидар хæцын фæразын.

Адæймаг йæ монцтæ æмæ йæ зæрдæйы æхцонады фæстæ куы цæуа, ома сын сæ рохтыл хæцын куынæуал фæраза, уæд ын, хæцгæ низау, йæ сæрызонд абырсдзысты æмæ йын йæхи кæнæ æгады бынатмæ æркæндзысты, кæнæ фыдгæнæджы фæндагыл сараздзысты.

Уæдæ цы сты хиуылхæцынады нысæнттæ, кæм æмæ куыд хъуамæ зына се ’вæрццæг ахадындзинад (цавæр æнкъарæнты):

А. ЦÆСТÆНГАСЫ. Ома адæймагæн йæ цæстæнгас, йæ бакаст искæйы ма батыхсын кæна, рæстæй зындзинад, тас æмæ фыдбылыз кæмæн æрхæсса, аипп макæмæ фæкæса, кæнæ «æз ницы федтон»-ы руаджы уæззау фæстиуæгмæ ма æркæна. Дæ бакаст æнæууæнкдзинад хъуамæ макæмæ уадза, дæ æрвылбоны цæстæнгасы дæр хъуамæ зына хæлардзинад æмæ фарн. Истæмæ кæнæ искæмæ æдзынæг кæсын аив нæу.

Адæймагæн æрмæстдæр йæ зæрдæйы æмæ йæ буары миниуджытæ уынаффæ кæнын куы байдайынц, уæд йæ митæ æмæ архайд ахизынц уæгъдибардзинадмæ, ома цы йæ бафæнды, уый бакæны, рауайы дзы хиуарзон, къуыдипп, йæ алыварс уæвæг адæмы æмæ æхсæнады домæнтæ ницæмæ дарæг. Адæймаджы уыцы уавæрмæ арæх æркæны йæ æппæрццаг цæстæнгас.

Æ. НЫХАСЫ. Адæймагæн æй алы ныхасы дæр хъуамæ уа уæз æмæ арф хъуыды. «Алы ныхасæн дæр фæтк æмæ уавæр ис», — зæгъы фыдæлты æмбисонд. Ныхасы хъомыс æппæтыл дæр аххæссы, адæймаджы маргæ дæр акæны, мæлæтæй дæр æй бахизы. Уымæ гæсгæ адæймаг йæ ныхасæн уынаффæгæнæг æмæ хицау хъуамæ уа. Уымæн фæзæгъынц — дæ ныхас фыццаг баууил, стæй йæ суадз. Уæздан адæймагæн ныхасгæнгæйæ йæ алы дзырд дæр барст æмæ лæгъзгонд хъуамæ уа, уæд дзы уыдзæн уæз æмæ тых (кæс сæргонд «Хидарыны уагæвæрдтæ»). «Уæздан адæймаг йæ дзыхы ныхас сахсæны дары».

Б. ТАЛÆНТЫ. Адæймаг йæхиуыл хæцын хъуамæ йæ талæнты — йæ мидхъуыдыты дæр фæраза, ома сæ уæгъдибар ма уадза. Уæгъдибар талæнтæ раджы уа, æрæджы уа, уæддæр адæймаджы æркæнынц худинаггæнæг кæнæ Хуыцауы æваст митæм, ома рахизынц архайдмæ. Уымæ гæсгæ сыл хъæуы сæргъиуæг кæнын. Æппынæдзух сæры зилын куы байдайынц, уæд сæ хъæуы сурын æмæ ивын фæрнæйдзаг талæнтæй æмæ райдзаст фæндтæй. Æвзæр, æнаккаг, Хуыцауы æваст нæфæтчиаг хъуыды дæ сæрмæ куы æрцæуа, уæд æй тагъд асур æмæ Хуыцауæй хатыр ракур: «Ме скæнæг стыр Хуыцау, ныббар мын, дæ хорзæхæй, табу дæхицæн!» Уыцы рæстæджы адæй­маг хъуамæ йæхи æндæр хъуыддагыл бафтауа, цæмæй уыцы хъуыдытæй фæиппæрд уа.

Алы мидхъуыды дæр хъуамæ æнцайа царды æцæгдзинадыл, æмæ фылдæр адæм растыл цы фæнд, уынаффæ, архайд нымайынц, уый ныхмæ ма лæууа, ома ныхмæлæуд архайд ма кæна. Мидхъуыды раст у æви нæу, уый базоныны тыххæй йæм æркæсын хъæуы адæмы цæстæй, цымæ мæ уыдон цы хонынц, зæгъгæ. Фылдæр хатт уыцы адæмы бынаты æвæрын хъæуы, раст у, нæу, уый æргом чи зæгъид, ахæм адæймæгты — ныййарджыты, йе хъомылгæнджыты, ахуыргæнджыты.

Уæздан адæймагæн йæ фæндтæ, йæ талæнтæ хъуамæ искæйы цард, йæ миддуне æмæ сæрибардзинад ма хъыгдарой, йæ исбонмæ йын ма ныхилой. Адæймаг хатгай ацæуы йæ бæллицты æмæ монцты фæдыл, сæ æрдз сын арф нæ басгаргæйæ, æмæ сæ уый фæстæ царды æцæгдзинад йæ дæрзæг къухтæй ахафы. Адæймаг баззайы саст æмæ афтид зæрдæимæ, уымæ гæсгæ бæллицтæ рæстæгæй рæстæгмæ барын хъæуы царды æцæгдзинадимæ, цæмæй уæгъдибардзинадмæ ма асайой, уый тыххæй.

В. ÆХЦОННАДЫ (уырыс. — блаженство ). Æхцонад адæймагæн æрдзæй райсгæ æмбудынад у, Хуыцауы лæвар. Æхцонад у уæлмонцады бæрзонддæр къæпхæн. Адæймаг йæхи рæстæгæй рæстæгмæ кæмæй сбуц кæны, ахæм æнкъарынад, æмæ йыл бынтон къух сисæн нæй. Иуæй-иу динон уырнындзинæдтæ амонынц, зæгъгæ, дам, æхцонад иугуырæй фыдбылызхæссæг у, ахæм хъуыды адæймаджы æркæны цагъайраджы уавæрмæ. Уый ирон адæммæ растыл нымад никуы уыди. Уымæн æмæ æхцонад у дунейы дзыллæйы бæллицты бæрзонддæр нысан. Фæлæ æнæсцухæй йæ уацары уæвгæйæ адæймаджы асайы царды æцæгдзинадæй, «мæнæн уа»-йы иувæрсыг талæнтæм æй бакæны æмæ йын йæ зонд æртар кæны, сæргъиуæг байдайы адæймагæн йе ’ппæт хорз миниуджытыл. Хиуылхæцынады æппæтæй зындæр у æхцонады рохтыл хæцын, бæрц дзы зонын, уымæн æмæ уый адæймаджы æппæт æууæлты дæр хъары — хæццæ сæм кæны.

Фыдæлты базырджын хъуыдытæ: «Æгæр цæхджын дойны кæны», «Хæтаг-хæтаг цæл ары, æгæр хæтаг цæф ары» комкоммæ амонынц, æхцондзинадмæ цы цæстæй кæсын хъæуы, уымæ.

Æхцонад канд бæрцæй æнкъарын нæ хъæуы, фæлæ дзы хи буц кæнын хъæуы, иуæй-иу хатт адæмы цæстæй хизгæйæ, уымæн æмæ йе ’ууæлтæй бирæтæ адæмы ’хсæн æвдисын æнæуагдзинадыл нымад сты. Уæлдайдæр та ирон æгъдæуттæм гæсгæ.

Уæздан адæймаг æмбары æмæ архайы искæй æхцонады æнкъарæнтæн æмбæлгæ фæндаг раттыныл, ома сæ нæ хъыгдарын, хæлæг сæм нæ кæнын, цæлхдуртæ сын не ’вæрын. «Бæрзæндты тæхæг æгæр тагъд хауы»

Г. МОНЦТЫ (уырыс. — искушение, соблазн). Æхцондзинад арæх рахизы, адæймагæн æрдзæй йæ уæнджы æвæрд чи вæййы, уыцы мондагдзинæдтæм — монцтæм, базмæнты сæ, æмæ уæд уыдон дæр сæхицæн бынат агурыныл схæцынц. Зондыл уæлахиз кæнын байдайынц, æмæ хатгай адæймаг се ’руромынæн мадзæлттæ нал фæары, фылдæр хатт та йæ æмбаргæ дæр нæ бакæны, сæ уацары куыд бахауы, уый.

Монц адæймаджы æрдзон миниуæг у, æмæ йæ чи не ’нкъары, ахæм адæймаг бынтон æнæниз нæ вæййы, йæ талæнтæ монцты уацары кæмæн вæййынц, уый та, хуымæтæджы сдзæбæхгæнæн кæмæн нæй, ахæм низæй сæйы. Йæ монцты цагъайраг чи свæййы, уый æнцонæн ахизы æфсармы арæнтæй æмæ свæййы фыдгæнæг. фыццаг гуыбындзæл, расыггæнаг, хæтаг, мæнгард, хъылмадымæг, уый фæстæта — давæг, сайæг, фæлитой, тыхмигæнæг. Ахæм адæймаг у рынчын — удхъуаг, ома сæрхъæн, нал ын вæййы адæймаджы сурæт. Æрдзы алцæмæн дæр ис бæрц, арæн.

Д. ХÆРДЫ ÆМÆ НОЗТЫ. Адæймаджы уæздандзинад хæргæ æмæ нуазгæйæ куыд рабæрæг вæййы, афтæ никæд рабæрæг вæййы. Хæргæ алы цæрæгой дæр кæны, фæлæ мын, æгъгъæд хæрд у, зæгъгæ, адæймаг йеддæмæ хъуыды кæнын никæй бон у. Иннæ цæрæгойтæн цалынмæ сæ ахсæнтæ байдзаг вæййынц кæнæ бафæллайынц, уæдмæ фæхæрынц, адæймаг хъуамæ йæхи æрурома, хъуамæ æмбара, фырхæрд æмæ фырнозт пайда кæй не сты, адæймаджы æгад кæй кæнынц, уый. Адæймаг афтæ хъомылгонд куынæ уа, уæд уымæй фосæй хъауджыдæр нæй. Нæ фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ загътой — «Лæджы гуыбыны куыдз хуыссы», «Гуыбындзæлæн марг йæ цæлы кæхц у, йæ фыдызнаг та йæ хуылфы ’мбæхст у». Адæймаджы ахсæн æнæбын чъыбылайау у, кæд чысыл зыны, уæддæр ын байдзаг кæныны мадзал ницæмæй ис. Адæймаг цас фылдæр хæры, уыйас æм бонæй бон фылдæр хæрын цæуы. Цас лæг бæзнагдæр у, уыйас тынгдæр мондаг кæны хæринагмæ æмæ хæргæ дæр кæны фылдæр. Адæм фылдæр нард кæнынц фырхæрдæй. Уымæн кодтой ирæттæ стыр аргъ гуыххæл адæймагæн.

Уæздан адæймаг нæдæр уазæгуаты, нæдæр йæхи хæдзары йæ гуыбын никуы дзаг кæны, бахæры йе стонг суадзыны бæрц. Йæ ахсæны бынат ныууадзы уæздандинады нысанæн. Уæздан адæймаг архайы йæ къæбæр искæимæ бахæрыныл. Искæйы хардзæй кæнæ æввонгæй нæ хæры уазæгуаты дæр æмæ йæ бинонты ’хсæн дæр. Йæхицæн уæлдай хæрд æмæ нозт нæ домы, хæрдыл æмæ нозтыл хæлæф нæ кæны, хуыздæр хæйттæ фынгæй не ’взары. Уæздан лæг уазæгуаты фынгисæггаг ныууадзы, хистæры кæнæ сылгоймаджы разæй фынгмæ не ’вналы.

Искæйы дзыхмæ кæсын, искæи бахæрд нымайын, гуыбыны хæрдыл тых ныхас кæнын цæрæнбоны ирæттæм худинаг у. Цæхх æмæ кæрдзын, цыфæнды кадаварæй дæр, искæмæй бамбæхсæг та æгады гакк хæссы. Дæ хордзенæй кæрдзын куы сисай, уæд уал дзы фыццаг дæ фарсмæ уæвæг адæймагæн бахай кæн. Æртæ кæрдзыны дæм куы уа, уæд дзы дыууæ дæ фарсмæ уæвæгæн ратт, кæд дæм иу кæрдзын ис, уæд та — йе ’рдæг.

Ирæттæ æмæ суанг сæ рагфыдæлтæ хорз зыдтой нозтæн канд йæ кæныны мадзæлттæ нæ, фæлæ ма йын цы æппæрццæг ахадындзинад ис, уый дæр. Кодтой бирæ алыхуызон нозтытæ: ронг, сæн, арахъхъ, брæгъ, бæгæны, фæлæ сæм расыг лæг кæддæриддæр уыдис худинаг. Иу хатт-иу чи фæрасыг, уый-иу адæмы ’хсæнмæ рацæуын нал уæндыди. Расыггæнаг та уыди æгад æмæ фидиссаг, адæм æй хæдзармæ нæ хуыдтой. Ирон лæг кæддæриддæр йæхи хъахъхъæдта фыднозтæй. Уæздан адæймаг кæддæриддæр хъуамæ уа æвронг, уый фыдæлты фæтк у. Уæздан адæймаг нуазгæ куы бакæна, уæддæр исты стыр бæрæгбоны — куывды, чындзхасты кæнæ æндæр хъæлдзæгдзинады, уый дæр, уæздандзинады домæнтæ нæ рохгæнгæйæ, ома æвронг куыд уа, афтæ. Уæздан адæймаг иунæгæй никуы бануæдзæн, нозтмæ никуы бабæлдзæн, нозтæй тых никæмæн бакæндзæн. Уый уæздан адæймагæн сæрмæхæссинаг нæу. Уæздан адæймагмæ цыфæнды кадджын арфæйы нуазæн куы ’рбахастæуа, уæддæр дзы æфсæрмæй йæхицæн зын не скæндзæн. Кæд йæ бон нæу, уæд дзы йе ’рбахæссæгæн арфæ ракæндзæн, саходдзæн дзы кæнæ йæ, хатыр ракургæйæ, баивдзæн лæмæгъдæр нозтæй. Ирон адæммæ никуы уыди æмæ нæй, æнæмæнг нуазын кæй хъæуы, иу ахæм арфæйы нуазæн дæр æмæ иу ахæм гаджидау дæр.

Арæх фехъусæн ис, зæгъгæ, дам, нæ рагфыдæлтæ бирæ нызтой, фæлæ расыг нæ кодтой. Уыцы ныхæстæ сты æнæбындур, бирæ чи фæнуазы æмæ расыг чи нæ кæны, ахæм адæймæгтæ æрмæстдæр аргъæутты цæрынц. Нæ фыдæлтæ сæхæдæг загътой: «Нозт йæ кæнæгæн дæр нæ бары». Бирæ чи нуазы, уый расыгдæр кæны, стæй рæдийгæ æмæ худинаг дæр.

Нозт фæлтæрдджын æфсадхонау у, фыццаг йе ’фсæдты знагмæ уацары ратты, стæй уыдон уым куы æрфидар вæййынц, уæд се знаджы сæ быны скæнынц, йæ зонд ын айсынц, йæ ныфс ын асæттынц æмæ дзы уацайраг саразынц.

Расыг адæймаг æрра у æмæ дзы нæдæр æгъдау домæн ис, нæдæр — рæстдзинад. Расыгæн уайдзæф кæнын масты хосæй дарддæр ницы дæтты. Расыггæнагыл худын нæ хъæуы, уымæн æмæ уæззау низы ахæсты ис. Ахæмæн нуазын чи кæны, уый та йæ æдзардæй мæрдтæм æрвиты. Уымæн фæзæгъынц — «Арахъхъ гаджидауæй райдайы æмæ маройæ фæвæййы». Нозтæй искæй зæрдæ балхæныны охыл нуазын дæр нæ хъæуы, искæмæ хатын дæр. Нозтуарзаг адæймагæн бануазын кæнын у æнæрхъуыдыдзинад, расыггæнагæн бадарын та — æнæгъдаудзинад. Уæздан лæджы хæдзарæй расыг лæг нæ рацæудзæн, расыггæнаг та йæм цæугæ нæ бакæндзæн. Расыггæнаджы æрмæстдæр хынджылæггаг хæдзармæ хуындæуы.

Адæймаг нуæзтмæ бæллын куы райдайы, уæд æгад суæвыны тæссаг уавæрмæ æрхæццæ вæййы. Мондаг кæнын æм куы байдайы, уæд та йæ фосы уавæрмæ æркæны. Нозты руаджы æхцондзинад агурын у Хуыцауы æваст хъуыддаг æмæ фыдракæнд. Куывды кæнæ кæнды цы гаджидæуттæ æмæ рæгъытæ рауадзынц, уыдон се ’ппæт нæ нуæзтæуы. Бадты алы адæймагæн дæр йæхи хъуыддаг у, куыд æмæ цас нуазы, уый (кæс сæргонд «Ирон фынгæвæрд»).

Е. ЗЫН УАВÆРЫ. Адæймаджы цард афтæ арзæт у, æмæ алчидæр искæд, æппынкъаддæр, иу хатт, бахауы зын уавæры: низы ахасты, æрдзон фыдбылызы, исты бæллæхы, тыгъд быдыры, уацары, ахæстоны, кæнæ рæстæй дзыллæйы фыдæхы. Ахæм уавæр ирдæй равдисы адæймагæн йæ удыхъæды миниуджытæ. Тынгдæр сæхи равдисынц, разынынц адæймагæн йе ’взæр миниуджытæ æмæ æнцонæй раиртасæн вæййы адæймагæн йæ удыхъæд. Уæд разынынц йæ уæздандзинад дæр æмæ йе ’нæчетар дæр. уыдонæй раиртасæн вæййы, адæймагæн хиуылхæцынад йе уæнджы ис æви йе ’ддаг хъузджы. Уæздан адæймаг цыфæнды зын уавæры дæр йе уæнгтæ не ’руадзы, фæлæ равдисы æвронг хъуыды æмæ фæразондзинад. Фæагуры мадзæлттæ уавæрæй фервæзынæн, йе ’муавæры уæвджытæн вæййы ныфс, бахъуаджы сахат равдисы æцæг æмбалад, нæ фæкæны тыфтырыкъо митæ, цæвиттон, равдисы йæ ирон удыхъæд æмæ уымæй бæрæг фæдары иннæ адæмты минæвæртты ’хсæн. Вазыгджын, кæнæ уæззау уавæры бахаугæйæ, æппæты фыццаг Хуыцау æмæ зæдтыл дæхи бафæдзæхс, ракур сæ ныфс æмæ фæразондзинад. Уыйфæстæ агур исты мадзæлттæ дæ уавæр аивынæн. Фæстаг уысммæ дæ уырнæд, рацæуæн кæцæй нæй, ахæм уавæр нæй, фæлæ дæ тых, дæ хъару фæстауæрц кæн. Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы. Цæссыг калынæй æмæ марой кæнынæй пайда нæй. Æрмæстдæр уырнындзинад, ныфс, æрхъуыды æмæ ’хсар — дæ сæрхъуызойтæ. Зон, ахæм зын уавæры дæуæй раздæр чи бахаудта, уыдон бирæ уыдысты, æмæ сæ фылдæр фервæзтысты, равдыстой фæразондзинад, хъайтардзинад.

Кæд дæ уæззау уавæр адæймаджы азарæй у, дæ цард уый къухы ис æмæ, кæд дзыхы ныхасæй дæхи ссæрибар кæнын дæ бон нæу, уæд сразы у иставæр дыууæрдæм пайда бадзырдыл (компромиссыл), кæд цыфæнды зын æххæстгæнæн у, уæддæр. Фæлæ кæд уыцы бадзырд искæмæн зиан хæссы, искæйы дæу бæсты зын уавæрмæ кæны, уæд ахæм бадзырд скæнын фыдракæнд у Хуыцауы раз.

Кæд дæ ныхæстæ, дæ митæ, дæ архайд фыдгулы не ’ртасын кодтой æмæ фарста кæнæ цæрыныл, кæнæ мæлыныл æрæнцади, уæд де ’ппæт зонындзинæдтæ, дæ хъару æрæмбырд кæн æмæ хъазуаты бацу. Кæд мæлæтдзаг тох уыдзæн, уæддæр бавзар дæ лæджыхъæд. Уыцы сахат дæ фæстаг хъуыды хъуамæ уа — цард зынаргъ у, фæлæ кæд мæлгæ, уæд рæстдзинадыл тохы. «Худинаджы бæсты мæлæт» — афтæ амыдтой фыдæлтæ. Цыфæнды уæззау, тæссаг æмæ æбæрæг уавæры куы уай, уæддæр дæ рох ма уæд, дæ уагахаст, дæ митæ дæ Сæрызæд æмæ дæ Хуыцауы хайы раз кæй сты, алы адæймагæн дæр йæ уд Стыр Хуыцауы бар кæй у, уый, æмæ йыл æууæнд, йæ тæрхон куыдфæнды куы уа, уæддæр раст уыдзæни.

Зон, мыггагмæ ничи цæры ацы дунейыл, не ’ппæтдæр мæрдты бæстæм цæудзыстæм, уый адæймагæн Хуыцау æмæ æрдзæй лæвæрд у. Ахæм уавæрæн бафæразын, хиуылхæцын та мæрдтыбæсты удæн рухс бынаты аккаг у.

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 37 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.009 сек.)