Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

МÆН ЧИ УАРЗЫ, УЫМÆН

МАРДЫ УÆЛХЪУС | СОНЕТ КАДЫ ТЫХХÆЙ | ЗÆРЫ БОН | УАЛДЗЫГОН РАЙСОМ | НОГ АЗЫ ФЫНТÆЙ | AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС | КÆМÆНДÆР | СÆРДЫГОН ИЗÆР | ДОНЫЧЫЗГ | ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ |


Читайте также:
  1. КÆМÆНДÆР
  2. КÆМÆНДÆРТЫ
  3. МÆ АДÆМÆН
  4. МÆН ЧИ НÆ ЗОНЫ, УЫЦЫ ХÆЛАРÆН
  5. ФЫЦЦАГ ÆМДЗÆВГÆ ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН

У хиуарзон йæ уарзты лæг:

Цы уарза, кæй, уый хъуамæ алкæд

Йæ разы уа... Науæд хæлæг

Зæрдæйæн никуы зæгъы: ма кæ!

 

Цæуын та ног æмæ нындзыг

Дæ цæстыты хаутыл дæ цæссыг.

Дæ уарзты сагæн æз — мæлдзыг,

Мæн уый йæ сæрмæ дæр нæ хæссы.

 

Хъысмæты фат, — тæрсы дæ уд —

Мæн абон, сом уа — милмæ хоны,

Кæцырдæм фессæнда мæ туг,

Уый Мадымайрæм дæр нæ зоны!

 

Къуыттыйау джитæнтæ кæныс

Мæ тæссаг амондыл, мæ сонтыл...

Мæ удвæндиæгтыл кæуыс, —

Нæй, не ’ххæссынц мæ цыбыр бонтæ!

***

Мæ мидвыны дæ нал арын, Гыцци...

Дæумæ фæндагыл ног мæ размæ сысты

Æгæрон тар хъæд... Гъа, зæгъгæ, фæци, —

Æрыхъал дæ æмæ та цу дæ куыстмæ.

 

Фæагурын дæ æгæсты æхсæн...

Дæу нæ, фæлæ дæ æнгæс чи у, оххай,

Сæ уæрджытыл æрæнцайы мæ сæр,

Дæ фæлмæн уырзтæ бавзарыны охыл.

 

Рæдау, сæ цуры ницæмæй тыхсын,

Цы къæсы ма фæцæрай хъуамæ адæн? —

Фæлæ та сæм зæрдæрыстæй кæсын, —

Мæнæн дзы ничи бæззы мадæн!..

 

Æмæ та ног мæ цæстыл уайы уæд

Хæхбæсты хур бон... Зиууæтты фæд-фæдыл

Фæсрагъæй суры уæлибæхты тæф, —

Изæрмилты уыдзæни бадт нæ кæрты.

 

Нырттивдзæни ыстъалыты рæгъау,

Уырдыгæстæгау мæй йæ тынтæ уары

Фæрныг фынгыл... нæ хæхбæсты æгъдау —

Ныннæрдзæн комы Уастырджийы зарæг.

 

О, уый уыди æрымысгæ дзæнæт!

Кæм нæй, бæстæ уа, адæмтæй хуыздæртæ, —

Ныууагътон сыл гæзæмæтæ мæ фæд,

Фæцин сыл кодта хионау мæ зæрдæ,

 

Фæлæ мын никæд амонды хуыдымæй

Нæ рацъелф кодта уа зæрин кæсаг...

Æрцу-иу мæм, Гыцци, уæд та ма фыны,

Æмæ мын уа æнæхъæн царды фаг!

***

Ты опоздая на много лет,

Но все-таки тебе я рада...

А. Ахматова

Ау, куыд нæ дыл фæтых ысты азтæ! —

Раст зæды сихау у дæ конд...

Ды мæн уыдтæ, Хуыцауы растæй,

Фæлæ байрæджы ис, мæ бон!

 

Нал дæн уарзыныл, нал, цы кæнон,

Ацы уаз монцæй сафтид риу,

Æмæ зæрдæйы сау æхсоныл

Нал фæкæны зынгæстъæлфæн зиу.

 

Æз æрымысин рагбоны цинтæ, —

Уый æцæгæй дæр мæн фæнды,

Фæлæ зонын: мæ кæнгæ митыл

Нал баууæнддзынæ ды.

 

Нæ, дæ кондæй, мыййаг, нæ дæн разы, —

Хурыскастау, мæ хур, дæ фенд! —

Фæлæ нал у дæ бон, зæгъгæ, уарзын,

Уæд æцæгæй дæр нал дæ поэт!

***

Ю... йæн

Æз дæ зæрдæйы дуармæ цæрын,

Æз мæлдзынæн йæ цуры.

Мæнæй байсдзæн мæ фæззæг — мæ рын —

Гъе уæд дæу æмæ хуры.

 

Фæлæ цалынмæ а зæххыл уон,

Мæныл тулдзау мæ къохы,

Никæд фенкъуысдзæн ног сыфтæр, зон,

Демæ хицæны охыл!

***

Фæсмонæй нæу æвзонгады рæумитыл...

Æз ферох кодтон дæу, фæлæ ма кæс, —

Мæ сыгъдæг уарзт, мæ сонт уды фыр цинтæй

Ныры онгдæр æфсæрмы кæнын æз!

 

Æз уарзтон цард. Нæ йæ ахста мæ хъуыды, —

Дыккаг хатт ыл нæ баппардзынæ саргъ! —

Уыдтæн ызнæт, æнæсæрæн, æдылы, —

Фæлæ мæхицæн гъе уæд кодтон аргъ!

 

Сæумæ-иу хур куы растади йæ балцмæ,

Фæхаудтон-иу, — фæгæдзæ кæнæд цъус,

Ныртæккæ йæ æрцахсдзынæн йæ барцæй,

Дæуæн нывонд у уымæн дæр йæ рухс!

 

Мæ разы ды, — уæндон æмæ сæрыстыр,

Кæл-кæлæй худтæ... Чи дæм хæсса фау?!.

Гæдыхъæдау-иу де уæнгтæ рызтысты...

Кæй уарзтай, уый цур — мадзура зæдау.

 

Кæд, чи зоны, мæн аххос уыд нæ хицæн,

Æви уыд цард нæ дыууæмæ дæр карз,

Уæддæр нæ дæн ныббаринаг мæхицæн

Мæ сыгъдæг уарзт, мæ нæргæ цинты раз!..


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 54 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ХÆДТÆХÆДЖЫ| НАЛ МÆ УАРЗЫС

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.013 сек.)