Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Халон æмæ уыг хъæууаты

ФЫЦЦÆГÆМ МАРТЪИ | НОГ АЗЫ КУЫВД | МÆ АДÆМÆН | АЦÆРГÆ СЫЛГОЙМАГÆН | АРАППÆН | МÆГУЫРГУРЫ САГЪÆС | МЫСТ ÆМÆ ХÆФС | AElig;РДХÆРДТÆН | ЧЫСЫЛ НЫВ | ГÆДЫЙЫ ЛÆППЫН |


Читайте также:
  1. БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ
  2. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ
  3. КÆМÆНДÆР
  4. КÆМÆНДÆРТЫ
  5. КÆСАГЛАС ÆМÆ КÆСАГ
  6. ЛÆГ ÆМÆ ХÆРÆГ
  7. МÆ АДÆМÆН

Халон тъæнджы мæйы, хъызты,

Райхъал ис, кæсы: фыдзымæг.

Иунæг у. Хъæцы йæ рыстыл,

Тæрс бæлас — йæ уат, йæ сынтæг.

 

Уаддымгæ... Сæ комы фынкæй

Зæйтæ расхойынц къæдзæхты.

Халон та йæ сау бырынкъæй

Зæххыл агуры цыдæртæ.

 

Мæнæ мусы ис гагатæ,

Фæззæг аивгъуыди раджы.

Дард фæлыгъдысты нæ адæм,

Уый цы диссаг у, цы хъауджы!..

 

Æмæ уæд, куы бафсæст гуыбын,

Митыл байдыдта хъылдымтæ,

Уыгта мæрайы кæуы,

Адæм, раздæхут, зæгъы!

AElig;М МАРТЪИ

Худæджы бæсты

Ныттар и бон. Æгъуыз сæлфынæг

Мæ разы цоппæйттæ кæны.

Ныр уалдзæг у. Нæ арв æрныллæг,

Æмæ йæ их цæссыг кæлы;

 

Кæд афтæ у, мыййаг, йæ хъуыды:

Кæмæ кæсын æмæ цæмæ? —

Мæ разы судзаджы æдылы

Цæуылнæ ацæуы хъæмæ?

 

Уæд æз дæумæ кæсын æнхъæлмæ,

Нæ фæзындзынæ — ма кæ хъаст:

Кæйдæр фæуыдзæни — æдзæлгъæд —

Ныртæккæ дидинджыты баст...

КЪАДА

Фæззæг. Митфæлдзæгъдæн. Уары.

Къада дон кæны йæ цыд.

Иунæг иу удмæ нæ хъары, —

Ууыл сау дымгæ хъызыд!

 

Мæнæ комрæбынты, хъавгæ,

Сусæг хъарджытæ кæны.

Денджызмæ йæ фынк — æвгъауаг —

Тадзгæ-баргæйæ кæлы.

 

Судзы уылæнтыл, мæгуырæг,

Уый цы бакæна, бæгуы! —

Чи йæ расхойы, — æгуыдзæг! —

Чи йыл, хионау, кæуы.

АФРИКÆЙАГ ПОЭЗИ КÆСГÆЙÆ

Уый ды дæ! Бирæ азты фæстæ

Æз хъусын дæ хъæлæс

Фæсус телефоны.

Дзур, тагъддæр-иу дзур,

Науæд иу уысм —

Æмæ нæ фæхицæн кæндзысты

(Йæ аргъ мын фыст нæу, —

Æхца та мæм нæй).

Зæгъ: нæ хицæны фæстæ,

Цъæх арв æмæ хурау,

Нæ удтыл кæй нытталынг

Дуне...

 

Ис уарзты къæсæрыл

Æртæ дидинæджы:

Сæ иу вæййы малусæг,

Дыккаг — сæрдыгон æрыскъæф,

Уыд иннæ,

Фæззыгон фыдтымыгъты дæр ма

Йæ уд кæмæн тæлфы,

Гъе, ахæм

Рæдау хризантемæ...

 

Нæ хъысмæты куывды

Сæ фыццаг ды уыдтæ,

Æрвцæхæрау, — малусæг.

Уыд иннæ — нæ уарзт;

Мыдыбындзы базыртау,

Адджын...

 

Æз цы зæгъон? —

Мæ фæззыгон бонтыл

Ныффутт кæны их дымгæ,

Фæлæ, оххай, дæ сурæт

Нæ хизы

Мæ цæстыты къуырфæй.

ХУДÆДЖЫ ÆМДЗÆВГÆТÆ

Февралы фæуды у фыды комбæттæн, фыццæгæм мартъийы — урсаджы комбæттæн...

Биазырты Аннæйы ныхæстæй

Мæ райгуырд уыди

Фыды комбæттæны,

Февралы мæйы фæуды

Æмæ мартъийы фыццаг бон —

Урсаджы комбæттæны.

Уый худæг кæм нæу:

Æз мæ райгуырдæй

Ацы хæрзиуджытыл,

Æвæццæгæн, ком дарын:

Физонæг уа, урсагыл, —

Мæхи хæдзары сæ,

Мæхи къухæй — галæргæвст,

Мæ бинойнаджы армæй та —

Иу сой уæливых,

Нæ федтон

Æз никæд.

Цæй, уый дæр та барын Хуыцауæн,

Комдардзынæн алцы, æппæтыл,

Фæлæ мын

(Ехх, куыд нæ мæ фæнды!)

Кæд бахъуыди, уæд

Мæ Иры фыдгулты цæгъдыныл

Æз нал дарын ком!..

ÆМДЗÆВГÆЙЫ РАЗМÆ

Кæй сайынмæ хъавут, æнæуд рæнхъытæ,

Фыдрасыгæй дæр уыл куы цæуы мæ бар!..

Раст цъингуыртау сисут уæ рогми тæлфынтæ, —

Йæ чемы ис цуанон, — дæрзæг у йæ арм.

 

Лæудзыстут та къуымы, æнæкуырд чызджытау,

Фыдуынд æмæ сабыр. Кæд уын вæййы аргъ!

Æндонмыр хъæлæсæй куы кæла зынджытæ,

Уæд ничи æвæры йæ хæрæгыл саргъ.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 42 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
УАЛДЗÆГ| СÆРДЫГОН ИЗÆР

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)