Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Цы нæ фæтчы

Читайте также:
  1. VII. СЫЛГОЙМАГ, НÆЛГОЙМАГ
  2. XV. ИУÆЙ-ИУ ФИППАИНÆГТÆ ÆМÆ НЫХÆСТЫ МИДИС
  3. Дæ къухтæ фæрнæй фæдар.
  4. Куывд æнæ хъæлдзæгдзинад нæ фидауы
  5. Минæвæрттæ æмæ сæ архайд
  6. Уынджы æмæ æхсæнадон бынæтты
  7. Хæрнæджы фынгæвæрд æмæ хæрнæджы бадт

Нæфæтчиагыл нымад сты, дины ’гъдауæй чи не ’мбæлы, Хуыцау, зæдтæ, дауджытæ æмæ дунейы фарны ныхмæ чи у, ахæм ми, архайд æмæ ныхас.

u Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм былалгъæй кувын, æвирхъау ми бакæнынæн сæм æххуысмæ сидын, цæстмæхъус митæ сын кæнын кæнæ сæ æвзæр зæгъын, ралгъитын, рафауын.

u Ирон адæмæн уаз чи у (кæс сæргонд «Хуыцау æмæ уырнынад») æмæ табу кæмæ кæнынц, уыдонæй мæнг ард бахæрын кæнæ мæнг сомы бакæнын, бафхæрын сæ кæнæ сæ рис бауадзын, сæ ныхмæ фыдархайд кæнæ сыл цъыфкалæн кæнын.

u Ирон хæдзары артдзæстыл æмæ Сафайы рæхысы цур æлгъаг цæрæгойтæ æмæ, ирон адæм кæй нæ хæрынц, уыцы цæрæгойты фыд фыцын кæнæ цурын. Хуыснæггаг кæнæ гæртамæй ист хæлц сыл фыцын кæнæ цурын. Артдзæстыл ту бакæнын, исты æлгъæгтæ йыл æвæрын.

u Хуыцау æмæ Сафамæ табу нæ бакæнгæйæ, артдзæсты рæхыс рафтауын, æндæр ранмæ йæ ахæссын, искæмæн æй раттын, ауæй йæ кæнын, чъизи ран æй сæвæрын, къахæй йæм бавналын, йæ сæрты ахизын.

u Кувæндоны, дзуары бын, кувинæгты раз кæнæ фæлдисинæгты раз мæнгард ныхас æмæ фæлитой митæ кæнын, искæуыл хъæр кæнын, æвзидын æм, къух æм сисын, искæмæй исты адавын, исты рæмудзын, топпæй кæнæ æндæр исты хæцæнгарзæй æхсын.

u Кувæндоны, дзуары бын, кувинæгты кæнæ фæлдисинæгты раз æнæфсарм ми кæнæ чъизи ныхас кæнын, нæфæтчиаг кæнæ йæм æлгъаг истытæ хæссын, Хуыцауы æвастæй (хатыр дзы нæ ракургæйæ) хæйрæг, калм, куыдз, хæрæг, хуы зæгъын, хи кæнæ искæйы буары хъылма (наркотик) бауадзын кæнæ йæ дымын.

u Дзуары бынæй, кувæн бынатæй, кæцыфæнды диныл хæст адæмы кæд у, уæддæр дзы исты радавын, дзаума, мысайнаг, зайæгой, мæр, дур кæнæ æндæр исты рахæссын кувæггаг æмæ фæдзæхсæнæй дарддæр. Дзуары бын цы кувæнгæрзтæ, дзаумæттæ æмæ æндæр исты уаздзинæдтæ ис, уыдон асæттын, басудзын, ныппырх кæнын.

u Хуыснæггаг, рынчын, хæдмæл, хуыснæггаг холлагæй хаст кæнæ хуыснæггаг æхцайæ æлхæд æмæ гæртамæй райст фосы фыд æмæ æндæр ахæм æнаккаг хæринæгтæй Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм кувын кæнæ мардæн хæлар кæнын, куырддым æмæ æнæсы фосæй нывонд кæнын кæнæ дзы куывды кусарт акæнын.

u Бæрæгбон æмæ бæрæгæхсæв, хуыцаубон æмæ хуыцауæхсæв (хурныгуылдæй-хурныгуылдмæ), кæд удхосæн нæ хъæуы, уæд, Хуыцауæй хатыр ракургæйæ дæр хæцæнгарзæй архайын, искæй маст бауадзын, æвзидынæм, къух æм сисын, æнæфсарм æмæ чъизи митæ кæнын, давын, сайын, мæнг ард бахæрын.

u Цалынмæ кувинаг куывд æрцæуа, фæлдисинаг — фæлдыст, уæдмæ дзы аходын (хæрын, нуазын), кувинагæн (фæлдисинагæн) йæ туг, йе стджытæ, йæ хауæццæгтæ, йæ æнтыд, йæ цъæл æмæ йæ арынджы хафæнтæй фосæн æмæ æндæр цæрæгойтæн дæттын кæнæ сæ æнæбары (зæрдаивæй) фæхъæстæ кæнын.

u Цины хъуыддаджы куывд цы хæринæгтæ æмæ нозт æрцыдысты, уыдон мардæн фæлдисын кæнæ, фæлдыст цы хæринæгтæ æрцыдысты, уыдонæй кувын.

u Æнæхсад къухтæй кувинагмæ кæнæ фæлдисинагмæ ’вналын æмæ йæ кувын, фæлдисын, кæд уавæр нæ домы, уæд бæгънæгæй, æнæ уæлæдарæсæй фынгæвæрдæй кувын, фæлдисын.

u Нывонд фосы æлгъитын, нæмын, баивын, уæй йæ акæнын, кæнæ йæ хуыснæггагæй хæссын, æлгъаг æмæ хуыснæггаг фосимæ иу дарæны дарын

u Хуыснæггаг, тыхтона æмæ гæртамæй райст æхцайæ мысайнаг скæнын, мысайнаг æхца æндæр хъуыддагæн сфæлхас кæнын, баивын æй кæнæ йæ фæкъаддæр кæнын, æндæр зæдæн (дуагæн) æй цæвæрын.

u Мысайнагæн гæххæттын æхца сæвæрын кæнæ арты нæ сыхсыст исты.

u Хор, хойраг, урсаг æмæ фыдызгъæлæй «æвзæр», «нæбæззы», «нæй», «нал и» зæгъын. Хойрагмæ карды кæнæ æндæр цыргъаджы фындзæй æвналын (джиуын), зæхмæ йæ æппарын кæнæ амæрзын, йæ уæлæ лæууын кæнæ бадын, къухы саггомæй йæ исын. Куывды, кæнды кæрдзынтæ (чъиритæ) бадгæйæ дих кæнын, разил-базил сæ кæнын.

u Кусæрттаг карды бæсты æндæр исты цыргъагæй æргæвдын, топпæй йæ æхсын, æндæр исты хуызы йæ амарын, кæд уавæр нæ домы, уæд. Кусарт кæнгæйæ цалынмæ сæр бæрзæйæ ахицæн уа, уæдмæ ныхас кæнын.

u Сылгоймаг уæвгæйæ кусарт кæнын кæнæ æндæр исты аргæвдын, кæд удхосæн хъæуы, уæд Хуыцауæй хатыр ракургæйæ.

u Ногбоны æртхурон, хæйрæджыты æмæ бынатыхицауы номыл сконд хæринæгтæй æддагонæн раттын, фосы дзы фæхъæстæ кæнын.

u Рынчын, мæлæг адæймагæн лæггад нæ бакæнын, рис дзы бауадзын, де знаг кæд у, уæддæр.

u Марды уæзæгыл, чырыныл (табæтыл), марды цыртыл бадын, лæууын, æнцой йыл кæнын, исты уæззæгтæ сыл æвæрын, истæмæй сæ чъизи кæнын. Афтид марды чырын (табæт) уæлгоммæ сæвæрын.

u Мард ракъахын, йæ цырт ын сæфтауын, (кæд амæлæг уды кад æмæ намысæн нæ хъæуы, уæд). Марды дзаумæттæ кæд мæрдджынты лæвар не сты уæд сæ хи бакæнын кæнæ сæ искæмæн раттын, знаджы марды куы уой, уæддæр.

u Мард адæймагæн фыдми бакæнын, маст дзы исын, ралгъитын æй, фыддæрадæн æй æвзæр ран бавæрын, æлгъаг исты йын фæлдисын. Мардæн йæ кой кæнгæйæ, истæмæй йæ азымджын кæнгæйæ фæзæгъынц: «Рухсаг уæд, мæрдты ма схъæрзæд!»

u Мардæн æмæ йæ фæстæ цæуæг мæрддзыгойæн сæ фæндаг алыг кæнын.

u Удæгас адæймагæн кæнæ мардæн йæ уæлæдарæс, йæ чырын æмæ чырыны дзаумæттæй уæлдай (цалынмæ уæлæуыл ис, уæдмæ) йын исты фæлдисын (хæлар кæнын).

u Удхъуаг (сахъат) адæймагæн йæ сахъатдзинадыл бахудын, фидис ын æй бакæнын, æгæр маст дзы бауадзын, къух æм сисын.

u Æнахъом сывæллоны рис бауадзын, зындзинад ын бавзарын кæнын, тæссаг кæнæ йæ уæззау уавæры æвæгæсæгæй ныууадзын, йæ фидæн ын истæмæй фенамонд кæнын, йæ сæрты ахизын, йæ удхос æмæ йын цы иунæг царды фæрæз ис, уый айсын, кæнæ йын æй, амал æмæ гæнæн уæвгæйæ, нæ раттын. Афтид авдæн узын, сывæллоны (рæзæны) сæрты ахизын, кæд уавæр нæ домы, уæд, хæцæнгарз æм ныддарын.

u Балцы цæугæйæ, къæсæрыл фæстæмæ бахизын (кæд æнæ бахизгæ нæй, уæд та дзыхмæ исты схæссын — дон, хæринаг — кæнæ иуцъусдуг абад.)

u Хæдзармæ бацæугæйæ кæнæ хæдзарæй рацæугæйæ, къæсæры сæрты къух исын — æгасцуай кæнын. Балцы цæуæгæн йæ къух райсын.

u Хæдзармæ (бинонтæм), кæд дзы нæлгоймаг цæрæг ис, уæд сылгоймаджы номæй бадзурын. Хæдзармæ дзырдæуы кæстæр нæлгоймаджы номæй, уыцы кæстæр нæлгоймаг хæдзары ис, нæй, уый нæ хынцгæйæ.

u Кæд уавæр домы, уæддæр Хуыцауы æвастæй сылгоймагæн йæ къухмæ хæцæнгарз, фæрæт кæнæ цæвæг райсын.

u Æхсæвæры фæстæ (талынджы) бырæттæ кæнæ æхсæнтæ искæдæм акалын, айдæны кæсын, куыройы бынæй кæнæ йæ дæле дон исын.

u Ирон фынгыл æмæ арынгыл бадын, къахæй лæууын, æлгъаг кæнæ æндæр исты нæфæтчиæгтæ сыл æвæрын. Арынг афтидæй кæнæ æнæ ’мбæрзæнтæй уæлгоммæ ныууадзын.

u Кувæггаг хойраг лыг (дих) кæнгæйæ зилын æнцондæр лыг кæныны тыххæй кæнæ сæ тонын (скъуынын).

33. Къутуйы, хордоны, къæбицы, гоны ’хситт кæнын, æлгъаг истытæ æвæрын, «нæй дзы», «афтид у» — зæгъын.

u Тугхæстæг адæймагимæ æмкъайады цæдисы бацæуын — йемæ æмуатон фæуын (кæс сæргонд «Хион, хæстæг»).

u Сывæллонимæ æмуатон фæуын.

u Ныййарæджы маст æмæ тас бауадзын, зонгæ-зонын æй фæриссын кæнын, бахъуаджы сахат ын æххуыс нæ бакæнын, йæ зæры бон æй æвæгæсæгæй ныууадзын.

u Саударæг уæвгæйæ, хъæлдзæгдзинæдты архайын, кафын, зарын, карз нуæзт нуазын, сылгоймагимæ (нæлгоймагимæ) æмуатон фæуын.

Ацы номхыгъды сты æрмæст динон нæфæтчиæгтæ.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 33 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.01 сек.)