Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Минæвæрттæ æмæ сæ архайд

Читайте также:
  1. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 1 страница
  2. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 2 страница
  3. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 3 страница
  4. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 4 страница
  5. XV. ИУÆЙ-ИУ ФИППАИНÆГТÆ ÆМÆ НЫХÆСТЫ МИДИС
  6. Алы ныхасæн дæр фæтк æмæ уавæр ис» фæзæгъынц
  7. Амæй фæстæмæ дæ къухы æнтыстытæ æфтæд.

 

Минæвæрттæ вæййынц уæздан, дзырддзæугæ æмæ æууæнкджын нæлгоймæгтæ хионтæй, сыхбæстæй (хъæубæстæй). Сæ нымæц вæййы 3—5 адæймаджы. Уыдонæй 2—3 — æрвадæлтæй æмæ хæстæджытæй, 1—2 та сыхбæстæ, хъæубæстæй.

Минæвæрттæ фыццаг цыдæн семæ акæнынц лæппуйы дæр (усгуры). Минæвар лæппуйы бинонтæй исчи — фыд, кæнæ фыдыфсымæр — куы ацæуа, уæд дæр аипп нæ уыдзæни.

Лæппуйы бинонтæ 2—3 боны раздæр фехъусын кæнынц, минæвæрттæн кæй снысан кæнынц, уыдонæн.

Минæвæрттæ нысангонд рæстæгмæ лæппуйы хæдзармæ æрæмбырд вæййынц, æмæ сын уым мыггаджы хистæр сбæлвырд кæны, чызджы хæдзары цæуыл æмæ куыд ныхас хъуамæ кæной, уый, стæй сæ æртæ кæрдзынæй Хуыцау æмæ Уастырджийыл бафæдзæхсы, æмæ сæ чызджы хæдзармæ афæндараст кæны.

Фылдæр хатт чызджы бинонтæ фæзонынц, минæвæрттæ сæм æрбацæудзысты, уый, æмæ сын ныхасæмбалæн æрбахонынц 2—3 нæлгоймаджы сыхбæстæ æмæ мыггагæй кæнæ æндæр хионтæй. Æнæуæлдай буцдзинæдтæй сын фынгæвæрд скæнынц «уазæджы хардзæй».

Фынгыл цалынмæ гаджидæуттæ не сбирæ вæййынц, уæдмæ уазджыты хистæр уæзданæй бамбарын кæны се ’рбацыды сæр. Фылдæр хатт уый вæййы, Уастырджийы номыл сидт куы ахицæн вæййы, уæд.

В а р и а н т: «Нæ фæрныг фысымтæ! Сымахмæ нæ æрбарвыстой Торчынты уæздан хистæртæ стыр курдиатимæ, æмæ нæм, уæ хорзæхæй, байхъусут. Ацæут æмæ, дам, Тыбауты уæздан мыггагæн зæгъут, семæ нæ хæстæгдзинад бакæнын кæй фæнды, уый. Торчынты Зауырбеджы фæрнæйдзаг хæдзары схъомыл Хуыцауы уарзон æмæ æгъдауæй æххæст лæппу — Тотрадз, æмæ Иры чызджытæй хуыздæрæн равзæрста мæнæ, фарн æм бадзурæд, Аслæнбеджы чызг Зæринæйы. Мах уæ Торчынты мыггаджы номæй Хуыцауæй курæгау курæм, уыцы дыууæ сыгъдæгуд кæстæры кæрæдзиуыл бафæдзæхсæм! Уæ хорзæхæй, Тыбаутæ, нæ курдиатыл нын рагацау уæ къух ма ауигъут! Курæг мæгуыр у, æмæ нын уый хатыр бакæнут. Табуафси, исты зæрдæдарæн дзуапп нын раттут!»

Фысымтæ лæмбынæг байхъусынц минæвæртты ныхасмæ, стæй сын уæд уæзданæй дзуапп раттынц. Дыууæрдыгæй фарс дæр ныхас фылдæр фæкæнынц хистæртæ.

В а р и а н т: «Мах стыр бузныг стæм, Торчынты уæздан мыггаг нæ хæстæгæн кæй агурынц, уымæй. Æмæ уал афæрсæм нæ хистæрты, нæ къабæзты, стæй уын исты дзуапп ратдзыстæм. Хæдзармæ фæндаг та уын æхгæд нæу».

Кæд минæвар скæнæг хæдзарвæндаг — бинонтæ, минæвæрттæ сæхæдæг кæнæ та сæ митæ æмæ, цы фарст æрæвæрдтой, уый фысымты зæрдæмæ нæ фæцæуы, уæддæр уыдонæн не ’мбæлы минæвæрттæн дæрзæг кæнæ гуымиры дзуапп раттын, науæд сæ бафхæрын. Фысымæн минæвæрттæ фыццаджыдæр сты уазджытæ æмæ сæм кæсын хъæуы, уазæгмæ куыд æмбæлы, ахæм цæстæй. (Кæс сæргонд «Уазæг, бæлццон, фысым»).

Минæвæртты фыццаг æрбацыдæн разыйы дзуапп стæм хатт раттынц фысымтæ. Уый чызгæн алкæд кад нæ кæны. Чызджы æмæ лæппуйы ныййарджытæ кæрæдзи хорз куы фæзонынц, уæд чызджы бинонтæ минæвæртты фыццаг æрбацыдæн бæлвырд дзуапп раттынц кæнæ «разы стæм» фæзæгъынц, кæнæ та цæхгæр алыг кæнынц: Махмæ сымахæн чызг нæй, æмæ уæ курæм, уыцы хъуыддаджы охыл мауал æрбацæут!»

Иуæй-иу хатт лæппу, чызджы зæрдæйы уаг бæлвырд нæ зонгæйæ, минæвæрттæ арвиты, æмæ уæд хъуыддаг ныддаргъ вæййы, цалынмæ чызг æмæ лæппу кæрæдзи бамбарынц, уæдмæ. Минæвæрттæ дзæгъæлы цалдæр цыды акæнынц.

Фылдæр хатт минæвæрттæ разыйы дзуапп райсынц дыккаг æрбацыдæн, уæдмæ чызджырдыгæй фарс бæлвырд базонынц, чи сты æмæ цы сты лæппу æмæ йæ ныййарджытæ, бамбарынц чызг æмæ лæпппуйы æмахастдзинæдты фидардзинад, кæд лæппу дæр æмæ йæ ныййарджытæ дæр сæ зæрдæмæ фæцæуынц, уæд бауынаффæ кæнынц минæвæртты иннæ æрбацыдæн разыйы дзуапп раттыныл, фидауынмæ сæхи цæттæ кæнын райдайынц.

Минæвæрттæ чызджы хæдзармæ дыккаг цыд куы ’рбакæнынц, уæд сыл фысымтæ зæрдæрухсдæрæй сæмбæлынц, фынгæвæрд сын скæнынц. Минæвæрттæ та, фынгмæ бавналыны размæ, ацы хатт дзуапп райсыны фарста хъæддыхдæрæй æрæвæрынц.

В а р и а н т: «Нæ фæрныг фысымтæ, зæрдиагæй нæ буц кæнут æмæ уын мах бæсты дунескæнæг Стыр Хуыцау арфæгæнæг уæд! Мах ацы хæдзары канд уазджытæ не стæм, фæлæ ма æгас мыггаджы æрвыст лæгтæ, æмæ нæм æнхъæлмæ кæсынц хорз хабармæ. Уымæ гæсгæ уæ мах тынг зæрдиагæй курæм, уæ хорзæхæй, бæлвырд дзуапп нын раттут ацы хатт, мауал нæ аздахут зæрдæсастæй. Уæлæ Хуыцауæн табу! Уый не ’вдисæн, Торчынтæ æмæ Тыбаутæ кæрæдзийæн хæстæг аккаг сты».

Уыйфæстæ фысымты хистæр фæзæгъы йæ дзуапп.

В а р и а н т: «Нæ буц уæджытæ, мах мыггаджы номæй зæгъæм афтæ: разы стæм Торчынтимæ хæстæгдзинад бакæныныл. Æрмæст абон цæттæ нæма стæм фидыды ныхас зæгъынмæ. Уымæ гæсгæ нæ фæндон у — сæмбæлæнт Торчынты фидауджытæ ам Тыбауты хистæртимæ, æмæ уæд хъуыддаг хæстæгдзинадмæ æркæндзыстæм».

Фысымты ахæм дзуапп амоны, чызг æмæ лæппуйы æмкъайады цæдисыл разы кæй сты, уый. Ахæм дзуаппы фæстæ дыууæ мыггаджы дæр сæхи цæттæ кæнын райдайынц канд фидауынмæ нæ, фæлæ ма чызгæрвыстмæ æмæ чындзхастмæ дæр.

Арæх минæвæртты дыккаг бацыдæн фысымтæ фидаугæ дæр бакæнынц. Уый аипп нæу. Минæвæртты рарвит-барвит кæнын фысымтæн кад нæ кæны.

Фысымтæ сæ уазджытæн разыйы дзуапп куы раттынц, уæд сæ хорз фенынц алы минасæй. Фæлæ уæддæр уыцы бадты рæгъ сæрмагондæй дыууæ мыггаджы æмæ дыууæ кæстæры амондæн нæ рауадзынц, стæй фидауæггаг (фидыды нысан — æхца) дæр не ’рæвæрынц.

Минæвæрттæн не ’мбæлы чызджы хæдзармæ æнафоны цæуын æмæ сæ æнæхуыссæг кæнын, фынджы уæлхъус бирæ бадын, хъуыддагмæ бар чи нæ дары, ахæм фæрссаг хабæрттæ кæнын æмæ нуæзтыл æнувыд уæвын, хъуыддаг фæтагъд кæныныл тыхдзырд кæнын. Сæхи фæхъахъхъæнынц æнæрхъуыды митæ æмæ ныхæстæй. Фысымтæн та не ’мбæлы уазджытæн уайдзæфтæ кæнын, уазæджы аргъ сын нæ кæнын, нуæзтæй тых кæнын, стæй, кæд сæ хъуыддаг суæвинаг нæу, уæддæр семæ гуымиры ныхас кæнын.

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 65 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)