Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 1 страница

Читайте также:
  1. 1 страница
  2. 1 страница
  3. 1 страница
  4. 1 страница
  5. 1 страница
  6. 1 страница
  7. 1 страница

«Адæм æмзонд æмæ æмдых куы уой, уæд сын басæттæн нæй».

Мамсырады Дæбе

Ирмæ рагæй æрæгмæ ахæм хъуыды ис: зондамонджытæ æмæ куырыхон лæгтæ цасфæнды бирæ куы уой, уæддæр разамонæг æмæ уынаффæгæнæг хъуамæ уа иу: «Æнæ ’лдар мыдыбындзытæ дæр нæ цæрынц». Фæлæ ма ирæттæм ис æндæр æмбисæндтæ дæр: «Æгас адæмæн иу лæг фæтк нæу», «Хицау адæмы зондæй хицау у».

Нæ фыдæлтæ кæддæриддæр адæймаджы хицауы бынатмæ æвзæрстой зонд, удыхъæд æмæ фæлтæрддзинад хынцгæйæ. Кадджын уыди, уæздан æмæ бонзонгæ, сабыр æмæ дардмæуынæг чи уыди, ныфс æмæ ’хсар кæмæ уыди, ахæм разамонæг. Нæ рæстæджы ма уыцы хорз миниуджытæм чингуыты зонындзинæдтæ бафтау, уæд ахæм хицауæн æмбал нæ уаид.

Ирон дзыллæйæн цыфæнды зондджын æмæ ахуыргонд хицау куы уа, уæддæр кадджын нæ уыдзæн, йæ уынаффæ, йæ архайд ирон уæздандзинад æмæ ирон æгъдауы фæлгæты куынæ уой, уæд. «Гулиаг рæгъауæн — гулиагфыййау».

Хицау-разамонæг кæд, кæй ранымадтам, уыцы миниуджытæй æххæст уа, уæддæр куырыхон уынаффæтæ æрмæстдæр уæд хæсдзæни, йæ зæрдæ Хуыцауы комытæфæй дзаг куы уа.

Хицау уæвгæйæ афтæ æнхъæл ма у, æмæ дæ дæлбар уæвæг адæмы ’хсæн дæуæй зондджындæр ничи у. «Лæгдæрæй лæгдæртæ ис», — зæгъы ирон æмбисонд. Уæдæ ссар уыцы зондджын дæлбар-уæвджыты, скæн сæ дæхицæн цæдисæмбæлттæ, уымæн æмæ ды иунæгæй алцы æмæ æппæтзонæг нæ дæ, стæй ахæм адæймаг уæвгæ дæр нæй.

Хицау уæвгæйæ, дæ зæрдыл дар — дæ архайд æмæ дæ миты сæйраг нысан у адæмæн лæггад кæнын. Адæм дæуæй ницы хæс дарынц, ды та уыдонæй дарыс. Уыдон дын се ’ууæнк балæвар кодтой æмæ дыл сæ зæрдæ дарынц. Уыцы æууæнк фæсайæг хицауы ном хæссыны аккаг нæу. Дæ зæрдыл дар, дæуæн æмæ дæ дæлбар уæвджытæй кæмæнфæнды дæр æхсæнады иу аргъ ис. Адæм цæмæй цæрынц, уымæй цæр, дæхицæн уæлдай хъулон митæ æмæ æхцондзинæдтæ ма дом æмæ ма агур. Кæд дæ уынаффæтæ æмæ архæйдтытæн сæ фылдæр уæлæмхасæн пайда нæ хæссынц æхсæнад æмæ адæмæн, уæд уынаффæгæнæгæн нæ бæззыс æмæ дæхи хъæппæрисæй дæ бынат суæгъд кæн.

Йæ хæдзары — йæ бинонты ’хсæн — фидар фæтк, уæздандзинад æмæ зæрдæхæлардзинад кæмæн нæй кæнæ йæ бинонтæн уынаффæ кæнын йæ бон кæмæн нæу, йæ бинонтæ æмæ йæ мыггаджы ’хсæн кадджын чи нæу, уый адæмæн уынаффæгæнæгæн нæ бæззы.

Хицауы куырыхондзинад уæд рабæрæг вæййы, йæ дæлбаруæвæг адæмы фыдрæстæджы уæззау уавæрæй æнæзиан, æнæфыдбылызæй кæнæ къаддæр зиантæ æмæ къаддæр фыдбылызтимæ куы ракæны.

Хицау уæвгæйæ æвзæр уынаффæ рахæсæгæн ныббарæн ис, фæлæ, хицау уæвгæйæ, уынаффæ æппындæр нæ рахæссæгæн хатыр нæй.

Хицау уæвгæйæ адæмы хардзæй йæхицæн исбон чи кæны, уый фыдгæнæг у æмæ, кæд иу сомы аргъ райста, уæддæр у карз тæрхоны аккаг.

Хицау кæнæ бæрнон кусæг уæвгæйæ гæртам райсæг у хъæддаг лæг, цыфыддæр тæрхоны аккаг. Алы адæймаг дæр хъуамæ æмбара, бахъуыди, зæгъгæ, уæд дын гæртам исæг дæ удыл дæр нæ бацауæрддзæн, айсдзæн æй. Уымæн æмæ гæртамисæг гæртамдæттæджы нымайы кусæг фосыл, æдылыйыл æмæ йæм уый цæстæй кæсы.

Гæртам исæг бирæгъ у, гæртам дæттæг — фос. Гæртам лæвæрдæуы дыууæ хуызы — æргомæй кæнæ лæвары хуызы, фæлæ сæ ницы хъуауджыдæр ис. Хицауæн гæртам раттын у йæ чъыртмæ йын дæ цæсгом бадарыны хуызæн, гæртам чи дæтты, уый йæхицæй хынджылæг кæны.

Ирон лæг цыфæнды стыр бынат куы ахса кæнæ цины куы уа, уæддæр йæ дæлбаруæвæг æмзæххонтимæ ныхас кæны ирон æвзагыл, уæзданæй, сабырæй: «Табуафси», «Бахатыр кæн», «Дæ фарн бирæ» æмæ а.д.

«Ирон хицау уæвгæйæ, йæ ирон адæмимæ æндæр адæмыхæтты æвзагыл дзурæг, кæддæриддæр йæ адæмæн уыдзæн æнæпайда æмæ æцæгæлон».

Гутынаты Хъанымæт

Дæлбаруæвæг дæм хъуыддагмæ куы ’рбацæуа, уæд сыст, йæ размæ рацу, «Æгасцу!» йын зæгъ, йæ къух ын райс, сбадын æй кæн дæхимæ хæстæгдæр æмæ йæм лæмбынæг кæронмæ байхъус, йæ ныхас ын нæ исгæйæ. Бацу йæ уавæры, стæй, кæд амал æмæ гæнæн ис, уæд ын йæ курдиат баххæст кæн кæнæ йын йæ баххæст кæнынæн сараз фæрæзтæ. Кæд иу дæр æмæ иннæдæр дæ бон бакæнын нæу, уæд ын уавæр бамбарын кæн. Уынаффæ рахæссынмæ тагъд ма кæн, курдиатыл алывæрсыгонæй бæлвырд ахъуыды кæн. Æрбацæуæгимæ хорз зонгæ куы уай, уæд æй бафæрс: «Цы хабæрттæ уæм ис?» «Хуыцауы фæрцы æнæниз, æнæмаст куы уаис?» Кæнæ та: «Уаспи, дзæбæх, æнæниз стут?» «Куыд архайынц дæ кæстæртæ?» æмæ афтæ дарддæр. Æрбацæуæгимæ ныхас кæнгæйæ дæм æртыккаг исчи дæ куыстмæ куы æрбацæуа кæнæ телефонæй куы дзура, уæд дæ ныхасæмбалæй хатыр ракур: «Дæ хорзæхæй, бахатыр кæн», æмæ æртыккагæн цыбыр дзуапп ратт кæнæ йын зæгъ: «Дæ хорзæхæй, фæстæдæр мæм æрбауай (æрбадзур)», кæнæ та йын æндæр рæстæг снысан кæн фембæлдæн (телефонæй дзурынæн).

Æрбацæуæгимæ кæрæдзи куы бамбарат, ома исты уынаффæмæ куы ’рцæуат, æмæ уый цæуыныл куы ныллæууа, уæд сыст, йæ фæстæ (кæртмæ, къæсæрмæ, бацæуæнмæ) рацу æмæ йæ афæндараст кæн. (Кæс сæргонд «Уазæг, бæлццон, фысым»).

Хицауы бынат бацахсгæйæ дæ иу уысм дæр рох ма уæд, дæ дæлбаруæвджытæ канд адæм не сты, фæлæ ма сæ алкæмæ дæр ис царды йæхи уынынад, уырнынад æмæ сæрыстырдзинад. Уый хынцгæйæ дæ дæлбаруæвджытæй алкæмæн дæр йæ талæнты фидар кæн, нымад æмæ, чи хъæуы, ахæм адæймаг кæй у, уый.

Ирон ныхасы, куывды кæнæ æндæр иумæйаг бадты хицауы (разамонæджы) бынат æрмæстдæр йæ кармæ гæсгæ вæййы. Хицау кæй у, уый тыххæй йын нæдæр сидты бар ис, нæдæр нуазæнтæ дæттыны бар, нæдæр хистæры бынаты бадыны бар, кæд йæ кар æмæ йæ уæздандзинады миниуджытæ нæ амонынц, уæд.

Хицаумæ бартæ ис æрмæстдæр, закъон æмæ æхсæнады фæтк цас амонынц, уый бæрц.

Алы адæймаг дæр паддзахады закъонтæ хъуамæ æххæст кæна. Уыцы закъонты хицауæн цы кад дæттын хъæуы, уый дæр æххæстгонд хъуамæ цæуа.

Нæ рæстæджы бирæ хæттыты хицау закъонтæ баивы йæхи уынаффæтæй. Уымæ гæсгæ алы лæг дæр хъуамæ фыццаг ахъуыды кæна, хицау дзы цы хъуыддаг, цы хæс домы, ууыл. Закъон у æви хицауы хъæппæрис, ома хицау цы зæгъы, уый цагъаирагау, æнæ йæ мидис ын нæ базонгæйæ æххæстгæнгæ нæу. Хуыцау нæ бахизæд цагъайраджы дугæй. Фыдгулы бæстæ у закъон кæм нæй, фæлæ æрмæст хицæуттæ разамынд кæм дæттынц, уый. Кæд дæлбар уæвæг дæ дæ хицауæн, уæд уый афтæ нæ амоны, æмæ дæ уд, дæ бинонтæ, дæ бар, дæ цард дæр хицауы бар сты. Хицау ницы хъомыс дары дæ царды уагмæ, дæ бинонты æмахастдзинæдтæм æмæ сæм ницы хуызы фæныхилдзæн нæдæр хъуыддагæй, нæдæр дзыхы ныхасæй. Уæдæ, афтæ, цæмæй царды æдылыйы бынаты ма уай, уый тыххæй зонын хъæуы æхсæнадон цардæвæрды æууæлтæ æмæ закъонты мидис.

Дæ абоны хицау кæд дæ зæрдæмæ нæ цыд æмæ нæ цæуы, афтæмæй йæ адæм разамонæгæй сæвзæрстой, уæд уыцы хъуыддаг амоны, йæ бардзырдтæ æмæ йæ уынаффæтæ, кæд закъоны ныхмæ не сты, уæд æххæстгæнгæ кæй сты, уый. Уыцы уавæры хицауы ныхмæ цæуын амоны адæмы уынаффæйы ныхмæ рацæуын.

Хицауæн ныхасæй кæнæ æндæр истæмæйты козбау митæгæнæг цæрæнбоны ирæттæм æгад уыди, нæ цытджын фыдæлтæ, иннæ адæмыхæттытæй хъауджыдæр хицауы раз уæрджытыл никуы лæууыдысты. Сæ тæрныхтæ зæххыл никуы хостой, сæрæй йын никуы куывтой. Уымæ гæсгæ стыр худинагыл нымад у хицауæн цæстмæ митæ кæнын, ахæм митæ чи кæны, уый та хонынц дымысдæр.

Хицау цыфæнды бæрзонд бынат куы ахса, уæддæр æм дзурын хъæуы иууон нымæцы, стæй æрмæстдæр йæ номæй: «Бало», «Васо», «Иссæ», «Къоста», бæлвырддæр фысгæйæ та — «Гусаты Дохцыхъойы фырт Гадæкко», «Торчынты Зауырбеджы чызг Агуындæ», стæй йæм номивæгæй куы дзурай, уæд та: «ды», «дæумæ», «уый», «уымæ», дæхæдæг», «дæхимæ» æмæ а.д.

Ирæттæ кæрæдзимæ «дæ бæрзонддзинад» кæнæ «дæ цытджындзинад» æмæ æндæр ахæм хуызы нæ дзурынц. Ахæм хуызы дзырдæуы Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм кувгæйæ.

Хицауимæ фембæлгæйæ йæ кармæ гæсгæ хистæр чи у, æгасцуайгæнгæйæ фыццаг йæ къух уый æрбадаргъ кæны. Хицау кæд æмæ сылгоймаг у, уæд та, кар нæ хынцгæйæ, сылгоймаг.

Хицау йæ хæстæ æххæстгæнгæйæ, кæд, йæ бартæ кæйонгты æххæссынц, уыцы фæлгуырæй нæ ахизы, уæд ын йæ ми, йæ архайдмæ лаз хæссын раст нæу. Кæд æмæ хицау ирон æхсæнады æгъдæуттæй æмæ царды фæткæй исты раст нæ кæны, уæд ын хистæр уайдзæф куы бакæна, уæд уый раст у.

Хицау-хæстон разамонæг цы бардзырдтæ дæтты знаджы ныхмæ тохы кæнæ хæстон уавæры, уыдон алы ирон лæгæн дæр æххæстгæнинаг сты, кæд цæстуынгæйæ йæ ми, йæ архайд райгуырæн бæстæйы æмæ иубæстон адæмы ныхмæ не сты, уæд.

Хицау кæд æппындæр дæ зæрдæмæ нæ цæуы, уæддæр фæскъуымты, сусæгæй кæнæ фæсномыгæй йæ фыдгой ракæнын кæнæ йыл цъыфкалæн кæнын сæрмæ хæсгæ хъуыддаг нæу. Хицау истæмæй куы рæдийа, уæд алы ирон лæгæн дæр йæ хæс у цæстæй хъусмæ йæм æнæ гуымиры ныхасæй лаз æрхæссын, уайдзæф ын бакæнын, кæд дын дæ кармæ гæсгæ уыцы бар лæвæрд ис, уæд. Хицау дæр адæймаг у, адæмæй та ахæм нæ вæййы, рæдийгæ чи нæ кæны, уый алчидæр хъуамæ æмбара.

Хицау æмæ дæлбаруæвæг кæд кæрæдзийæн къабаз (хион) сты, уæддæр адæмы æууæнк æмæ адæмы хардзæй кæрæдзийæн хæрзиуджытæ кæнын фыдракæнд у.

Хицау хъуамæ зона, адæмыхатт фæнды стыр у, фæнды чысыл — Хуыцауы раз иууылдæр æмсæр æмæ æмбар кæй сты, уый, фæлæ рох кæнын нæ хъæуы фыдæлты æмбимсонд — «Кæрцæй хæдон хæстæгдæр у.»

X.БÆРÆГБОНТÆ

«Радостные думы умножают силы и помогают достигнуть пристани,

даже когда корабль терпит крушение».

Араппаг философты талæнтæ

 

Нæ рæстæджы ирон адæм цы бæрæгбонтæ кæнынц, уыдонæн адих кæнæн ис æртæ къордыл (хуызыл). Фыццаг къорды сты нæ фыдæлты дины бæрæгбонтæ. Уыдонæн сæ фылдæр баст сты афæдзы афонтимæ: сæрд, зымæг, уалдзæг, азы райдиан, хурхæтæнтæ, ома уыцы афонты цы хъæууонхæдзарадон куыстытæ кæнын хъæуы, уыдонимæ.

Дыккаг къорды сты æппæтадæмон æмæ паддзахадон бæрæгбонтæ: Ног азы бон, 8 мартъи, Уæлахизы бон æмæ æнд.

Æртыккаг къордмæ та хауынц, бинонтæ сæ царды ивддзинæдтæ кæмæй бæрæг кæнынц, уыцы бæрæгбонтæ: райгуырæн бон, номæвæрæн, авдæнбæттæн, хосдзауы бæрæгбон, уæлахиздзауы куывд, бæлццоны куывд, фыдбылызæй фервæзæджы куывд æмæ æндæртæ.

Æрдзы фæзындтытæн æмæ æхсæнады царды алы къабазæн дæр хицæн бардуаг ис. Уымæ гæсгæ бæрæгбонтæй алчи дæр хæссы зæдтæ æмæ дауджытæй кæцыдæры ном, ома уыцы бæрæгбоны табу чындæуы уыцы бардуагæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, иннæ зæдтæ æмæ дауджытæй иуæй-иуты нæмттæ дæр ссарынц, уымæн æмæ æрдзы æмæцарды цаутæ кæрæдзиуыл баст сты, фæлæ уæддæр уыцы бон сæйраг табуйаг вæййы, бæрæгбон кæй номыл у, уыцы зæд (дуаг).

Кæддæрау адæм кæд стыр куывдтæ нал кæнынц, уæддæр сæ зæдтæ æмæ дауджытæ рох не сты æмæ кæмæн куыд йæ амал, йæ фадат амоны, афтæ сæм кувынц — чи æртæ кæрдзынæй, чи зæрдæйæ, чи дзыхы ныхасæй, чи та йæ удыхъæдæй.

Ацы сæргонды ныхас цыбырæй цæудзæн, ирон адæмæн сæ фылдæр кæй кæнынц, уыцы бæрæгбонтæн сæ мидис æмæ сæ кæныны фæткыл.

 

1. НОГ АЗЫ БÆРÆГБОН — тъæнджы мæйы фыццаг бон ног нымадæй. У æппæтадæмон бæрæгбон. Уыцы бон кувыны хæс никæуыл ис, фæлæ æртæ кæрдзыны скæнын, Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм скувын аипп нæу. Ирон адæм дæр ацы бæрæгбон кæнынц, дунейы иннæ адæмтæ йæ куыд кæнынц, афтæ: фынгæвæрдтимæ хъæлдзæгæй. Алы хæдзары бинонтæ дæр сфæлындынц заз алыхуызон рæсугъд хъазæнтæ, дыргътæ, адджинæгтæй. Адæм кæрæдзимæ фæцæуынц Ног азы арфæтимæ. Сывæллæттæн фæаразынц алыхуызон хъазтизæртæ, хихъæппæрисадон изæртæ, театралон, драмон равдыстытæ митын дадаимæ.

Фæстаг азты фылдæр адæм «Ног бон» — 4-æм дæлсæргонд — кæнынц ацы бæрæгбонимæ иу бон, тъæнджы мæйы фыццаг бон.

2. ЦЫППУРС (ЦÆППОРСÆ). Бæрæгбон хæссы, фыдæлтæ Ног азы размæ сæ мæрдтæ номыл æхсæз къуырийы — цыппор боны — цы мархо дардтой, уый ном, мæй дæр уый ном хæссы. Абон та ком дарынц æрмæст дыууæ къурийы, сæ ком та уадзынц цыппурсы ’хсæвы. Райдайы, Ног азæй иу къуыри куы рацæуы, уæд — æвдæм бон. Цыппурсы иумæйаг куывдтæ нæ чындæуы, уымæн æмæ нымад у бинонты бæрæгбоныл. Бæрæгбонæн йе ’хсæвы, фылдæр хатт йæ боны, алы хæдзары дæр вæййы бæрæгбоны фынгæвæрд, ома, æппынкъаддæр æртæ чъирийы, фыдызгъæл æмæ нуæзт. Йæ амал кæмæн куыд амоны, афтæ йæ фæбæрæг кæны, кусарт дæр акæнынц иуæй-иутæ, æмæ уæд хæстæг сыхæгты æрбахонынц.

Цыппурсы адæм кæрæдзимæ фæдарынц уæлдай хæлар цæстæнгас, вæййынц бæрæгбонхуыз, хъæлдæзг. Уæлдай райдзастдæр æмæ хъæлдзæгдæр вæййынц æрыгон фæсивæд. Алчи сæ бацархайы йæ дуармæ уыцы ’хсæв арт скæныныл. Рагацау бацæттæ кæнынц хус хæтæлтæ, хъæмп, сындзытæ, тоблахътæ, къæр-къæр куыд кæной, афтæ. Уыцы артыл, дам, басудзынц хæдзары фыдбылызтæ, бинонты тæригъæдтæ, стæй Ног азы къæсæрыл хæйрæг рухсæй тæрсгæ кæны æмæ артæй бахизын нæ бауæнды. Артыл фæсивæд фиуæй физонджытæ фæкæнынц, растдæр зæгъгæйæ та фиу фæсудзынц, цæмæй, дам, йæ тæфæй Хуыцау базона, адæм дзы Ног азы цы курынц, уый. Æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæ кæрæдзи къухтыл хæцгæ арты алыварс фæзилынц «Сой, фиу»-гæнгæ. (Кæс XV сæргонд, 27 фиппаинаг).

Сойгæнджытæ арæх вæййынц ацæргæ адæймæгтæ дæр. Зарæг куы фæвæййы, уæд та йæ ноджыдæр хъæрдæрæй зарын райдайынц, цалынмæ сын, кæй арты раз сой кæнынц, уыдон «æгъдау» рахæссой, уæдмæ. «Æгъдау»-ы та вæййы: æртæ уæлибæхы, физонæг кæнæ æндæр исты фыдызгъæл æмæ бæгæны. Сойгæнджытæ карджын адæм куы вæййынц, уæд сын карз нозт дæр рахæссынц. Кæстæр кары сывæллæттæн байуарынц адджинæгтæ æмæ дыргътæ.

Арт куы ’рмынæг вæййы, уæд йæ сæрты фæкæнынц гæппытæ. Чи агæпп кæны, уый фæзæгъы: «Мæ тæригъæдтæ, мæ фыдбылызтæ дæуау басудзæнт!» кæнæ «Мæ тæригъæдтæ — демæ!»

Саразынц æндæр хъæзтытæ дæр, алыхуызон ерыстæ дзоныгътæ æмæ къахдзоныгътыл бырынæй, годзы къæхтыл цæуынæй, миты уæлæ хъæбысæй хæцынæй æмæ æнд. Цæвиттон, адæм иууылдæр фæархайынц хъæлдзæг уæвыныл, кæстæрæй, хистæрæй сывæллоны онг.

Дыккаг бон сыхбæстæй кæрæдзимæ чи фæцæуы, уыдон семæ бахæссынц хоры нæмгуытæ, йе та лыстæг æхца æмæ бæсты хайыл арфæтимæ байтауынц.

3. ХÆЙРÆДЖЫТЫ ÆХСÆВ. Хонынц ма йæ дæлимонты ’хсæв, æвдиудар æхсæв, дзинкъуырты ’хсæв æмæ æнæзæгъинæгты ’хсæв дæр. Кæнынц æй Цыппурсæй Ногбоны ’хсæн æртыццæг æхсæв. Скæнынц дыууæ кæрдзыны (чъирийы) æмæ дыууæдзыхон гуыл (соти) хæйрæджыты кæстæр сывæллонæн, аргæвдынц сау карк кæнæ сæныкк (йæ амал кæмæн куыд вæййы, афтæ). Каркæн дæр æмæ сæныккæн дæр йе стæг кардæй кæнæ æндæр цыргъагæй лыг нæ чындæуы, цыргъагæй хæйрæг тæрсгæ кæны. Фынгæвæрд скæнынц æмæ йæ карз нозтæй, дæлимонтæй хæдзармæ бар чи дары, уыдонæн ныххæлар кæнынц, Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджыты кой не скæнгæйæ. Хæйрæджыты ’хсæв фынгыл кард æмæ цæхх не ’вæрдæуы.

В а р и а н т: «Дæлимонæй, уæлимонæй, ацы бынаты не ’мдзæрин чи у, бинонтæм бар чи дары, мæнæ ацы дыууæ кæрдзыны уыдонæн хæлар уæнт! Хæдзары бинонтæ уæ ницы хъыгдарынц, сæ фæллой, сæ исæй уын афойнадыл хай кæнынц, æмæ, уæхорзæхæй, фыд сын ма ракæнут! Ацы бынæттæ нын иумæйаг сты æмæ нын дзы цы фарн ис, уый уæ цæст бауарзæд!»

(Æвдайаздзыд Æхболæтты Чабæйы ныхæстæ, 1948 аз).

Уыйфæстæ рухс ахуыссын кæнынц, кæрдтæ æмæ æндæр цыргъæгтæ бафснайынц (рухсæй дæр хæйрæджытæ тæрсгæ кæнынц), фынг арæзтæй ныууадзынц, бинонтæ сæхæдæг æддæмæ кæнæ æндæр уатмæ ацæуынц. Цасдæр рæстæг куы рацæуы (10—15 минуты), уæд фæстæмæ бацæуынц хæдзармæ æмæ фæминас кæнынц. Рæгъытæ æмæ гаджидæуттæ нæ уагъдæуы. Уыцы ’хсæвы фынгæвæрдæй æддагонæн нæ лæвæрдæуы. Хæринæгты уæлдæйттæ, кусарты туг, стджытæ, бумбулитæ, дзидза æмæ хойраджы хауæццæгтæ баныгæнынц, цæмæй сæ мачи æмæ мацы фæхъæстæ уа, уый тыххæй.

Хæйрæджыты ’хсæв æмæ Бынатыхицауы бæрæгбон кæд цæмæйдæрты æмхуызон сты, уæддæр сæ мидис иу нæу. Хæйрæджытæн афæдз иу хатт кæнынц бæрæгбон. Бынатыхицауæн та — цалдæр куывды æртыгай кæрдзынтæй. (Кæс дæлсæргонд «Бынатыхицауы бæрæгбон»).

Хæйрæджыты ’хсæвæн нывонд ныббæтты сылгоймаг-æфсин, хæдзары нæлгоймаг хистæр куынæ вæййы, уæд сæ хæлар фæкæны æфсин йæхæдæг.

4. НОГБОН (АНЗИСÆР) — æппæт ирон адæмы иумæйаг бæрæгбон. Кæнынц æй тъæнджы мæйы цыппæрдæсæм бон ног нымадæй. Бирæ цæмæйдæрты Ногбон у Ног азы бæрæгбоны хуызæн, куыд азы райдиан, афтæ. Фæлæ йæ ирон адæм куыд кæнынц, афтæмæй йын ис йæхи сæрмагонд миниуджытæ æмæ хицæндзинæдтæ. Ирон адæмæн сæ иннæ бæрæгбонтæ куыд райдайынц, афтæ Ногбоны бæрæгбон дæр райдайы йе ’хсæвы, ома тъæнджы мæйы æртындæсæм бон куы баизæр вæййы, уæд. Уыцы ’хсæв алы хæдзары дæр вæййы бæрæгбоны фынгæвæрд, фылдæр куы ницы уа, уæддæр æнæмæнг æртæ кæрдзыны æмæ цæхх. Йæ фадат кæмæн куыд амона, афтæ скæнынц алыхуызон хæринæгтæ хыссæйæ, фыдызгъæлæй, халсартæ æмæ адджинæгтæй скæнынц рæсугъд фынгæвæрд, кусарт чи акæны, ахæмтæ дæр вæййы. Ногбон æхсæв, иннæ бæрæгбонтæй уæлдай, кувинагæн фынгтыл æрæвæрынц адджын хыссæйæ конд басылтæ, дедатæ (сылгоймаджы гуырыконд æвдисæг гуылтæ), фыркъатæ, галтæ æмæ мæргъты хуызæвдисæг нывгæндтæ. Ногбоны фынгыл æппæтæй ахсджиагдæр æмæ кадджындæрыл нымад вæййы æртхурон — хурæнгæс — аив чъирифыст егъау гуыдын. Æртхуронæн (дыг. æртхорон) йæ дзаджджын (гаха) канд цыхт æмæ царв нæ вæййы, бавæрынц ма дзы алыхуызон фых хоры нæмгуытæ — мæнæу, еуу, нартхор хъæбæрхор, хлепа, пырындз, хъæдур, балы, чисмисы æмæ æндæр дыргъты хустæ, уыдон иууылдæр сты Хуыцауæй æмæ Хурæй хорзæхæн цы хорæрзад курынц, уыдонæн сæ символтæ. Æртхурон куы скувынц, уæд æй, бинонтæ цал сты, уал дихы акæнынц, цæмæй дзы алчидæр сахода, уый тыххæй. Бинонтæ дзы хъуамæ æмхуызонæй дæр фæхъæстæ уой, æддагонæн дзы нæ лæвæрдæуы, уæд афæдзы тыллæджы фарн скуынæг вæййы.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 45 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.016 сек.)