Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Алы ныхасæн дæр фæтк æмæ уавæр ис» фæзæгъынц

Читайте также:
  1. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 1 страница
  2. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 2 страница
  3. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 3 страница
  4. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 4 страница
  5. XV. ИУÆЙ-ИУ ФИППАИНÆГТÆ ÆМÆ НЫХÆСТЫ МИДИС
  6. Амæй фæстæмæ дæ къухы æнтыстытæ æфтæд.

— Ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл ныхасы бацæуыны агъоммæ сбæлвырд кæн цавæр аргументтæ æрхæсдзынæ, уый;

— искæимæ ныхасгæнгæйæ, кæд амал æмæ гæнæн ис, уæд дæ ныхасæмбалæн зæгъ: «Табуафси, сбад!» — куы сбада, уæд дæхæдæг дæр йæ разы сбад, де ’ргом æм аздах æмæ афтæмæй дзур;

— дæхиуыл хæцын фæраз, хъæрæй ма дзур, кæд цыфæнды мæсты дæ, уæддæр дæ ныхасæмбалмæ дæ маст ма равдис, кæд дæ маст уый аххосæй у, уæддæр, тыхдзырд ма кæн, дæ къухтæ æгæр ма змæлын кæн, дзур цадæггай, фæлæ цыбырæй;

— ныхасæмбал дæм кæд лæмбынæг нæ хъусы, уæд ын уайдзæф ма кæн, кæд дæ кæстæртæй кæнæ дæ хъомылгæнинæгтæй исчи нæу, уæд, йе ’ргом раздахынæн æй бакъуыр-бакъуыр ма кæн, бацархай къаддæр дзурыныл, фæлæ фылдæр хъусыныл; ныхасæмбалмæ нæ хъусын аипп у, йæ ныхас ын аскъуынын та æнæфенддзинад у;

— адæмы ’хсæн, æмбырды, фынджы уæлхъус кæд дæ ныхасмæ хъусæг нæй, кæнæ фылдæр адæм нæ хъусынц, уæд хуыздæр у нæ дзурын, уымæн æмæ ныхасмæ цæттæ нæ дæ, дæ ныхасы уæз нæй;

— дæ ныхæстæ фæлхат ма кæн, лыстæг цаутыл дæргъвæтин ныхас ма кæн, къаддæр кæн «æрдхæрæны» ныхæстæ æмæ сомытæ («Хуыцауæй дын ардхæрын», «Уастырджийыстæн», «Мæ фыдыстæн» æмæ æнд.);

— исчи дæ ныхасмæ куы агура, фæлæ дæ куы не ’вдæла, уæд ын цæхгæр «нагъ» зæгъын аипп у, кæд дæ фыдгул у, уæддæр. Зæгъ ын: «Бахатыр мын кæн, рæстæг мын нæй, æндæр хатт аныхас кæндзыстæм». Кæнæ: «Тынг æнæвдæлон дæн æмæ мын хатыр, уæд дæ хорзæхæй!»

— исты ахсджиаг цауы тыххæй, ома, телефонæй исчи куы дзæнгæрæг кæна, аргъæвæн кæмæн нæй, ахæм фарстайы фæдыл æндæр исчи куы ’рбацæуа, уæд, стæй дæ рæстæг куынæуал амона, уæд дæ ныхасæмбалæн æваст йæ дзырд ма аскъуыддзаг кæн, зæгъ ын: «Табуафси, дæ ныхас ма ферох кæн, æз тагъд уыдзынæн», кæнæ: «Дæ хорзæхæй, бахатыр кæн!», æмæ æвæстиатæй дæ хъуыддаг бакæн, куы раздæхай, уæд ын бамбарын кæ, æндæр гæнæн дын нæ уыд, уый;

— ныхасгæнгæйæ æндæр искæимæ ма дзур, де ’нгас дæ дзурæг æмбалæй ма здах, уый аив нæу, хæрын, æхсынæнтæ ’хсынын, нуазын, газет кæсын, чъиу æууилын кæнæ æндæр исты ми кæнын æнæфенддзинад у;

— кæд дæ ныхасæмбал йæхæдæг нæ куры, йе та дæхи кæстæр — хъомылгæнинаг нæу, уæд ын дæхи уынаффæгæнæг ма кæн, дæ ныхасы уаг зондамонæгау ма уæд, йемæ æмсæр æмæ æмбары хуызы куыд цæуа, афтæ, фæлæ кæд дæ бон у, уæд ын исты ахъæзаг уынаффæ рахæсс, кæнæ йын дæхæдæг лæгæй-лæгмæ баххуыс кæн, кæд ын æппындæр дæ бон баххуыс кæнын нæу, уæд ын уый æргом зæгъ;

— дæ дзурæгæмбалимæ уæ ныхас кæронмæ куы ахæццæ уа, уæд ын арфæ ракæн: «Ныхасæмбал мын кæй уыдтæ, уымæй бузныг!» кæнæ: «Дæ фенд, дæ ныхæстæ мын æхсызгон уыдысты, дæ цæрæнбон бирæ!» Йе та: «Нæ ныхас æнæпайда нæ уыди, Хуыцауæй арфæгонд у!» Науæд: «Бузныг де ’ргом ныхасæй!» Æмæ кæд дæуæй кæстæр у, уæд ын йæ къух райс.

Ирон уæздандзинад ныхасгæнгæйæ домы мæнæ ахæм ныхæстæ: «Æрбад, дæ хорзæхæй». «Мæ ныхас æгæр ныддаргъ (ныссуйтæ, ныккуыддæртæ), æмæ бахатыр кæн». «Дæ мад, дæ фыды хатырæй, кæронмæ мæм байхъус!» «Уавæр дæхæдæг хорз зоныс». «Дæхæдæг та куыд хъуыды кæныс?» «Мæнæ ахæм фæндон ис, æмæ дæумæ та куыд кæсы?» «Хистæр дæ, демæ æгæр уæндон ныхас кæнын, æмæ мын бахатыр кæн». «Хуыцауы хатырæй, кæрæдзи бамбарæм!» «Курын дæ, æмæ нæ ныхас кæронмæ ахæццæ кæнæм!» «Хъуыддаг тынг ахсджиаг у (аргъæвæн ын нæй) æмæ мæм зæрдиагæй байхъус!» «Дæ цæрæнбон бирæ, æз уæлдай ницыуал зæгъын». «Нæ ныхасы бирæ дæрзæгдзинæдтæ уыдзæн, фæлæ «æргом ныхасы къæм нæ вæййы». «Дæ мад, дæ фыды хатыр бакæн, æмæ нæ абоны фембæлд дзырддаг ма скæн!» «Дæ ныхас раст у, фæлæ…». «Æмбарын æй, зын дын у, фæлæ йæ уый тыххæй нæ зæгъын». «Зын мын у дæуæн уыцы хабар зæгъын, фæлæ дын æй æнæ зæгъгæнæй».

Ныхас кæимæфæнды дæр æмæ кæмфæнды дæр уæд, дæ ныхасæмбалæн йæ дарæсмæ (фæдджи, сæхтæг, цæппузыр, дзыкку) ма ’внал, тагъд-тагъд ма дзур.

Æнæзонгæ адæймагимæ, кæд уавæр нæ домы, уæд ныхасыл ма схæц, дæхи йын ма амон, дæ зæрдæйы уаг ын ма гом кæн, дæ хабæрттæ йын ма дзур, цалынмæ йæ бæлвырд нæ базонай, чи у, цы у, уæдмæ. Бæлвырд бамбар, йе ’рбацыды нысан цы у, цы пайдамæ æнхъæлмæ кæсы, æндæра уый æнæрхъуыдыдзинад у.

Исчи искæимæ ныхас куы кæна, сæ ныхас дæуыл куынæ уа, уæд сæм æргом ма хъус, дзырдæппарæн сæм ма кæн, кæд уавæр нæ домы, уæд сын уайдзæфтæ ма кæн, уый æнæфенддзинад у.

Сывæллонимæ ныхас кæн, карджын адæймагимæ куыд дзурыс, афтæ, зæрдиагæй æмæ фæткыл.

Цыфæнды стыр хицауимæ дæр ныхас куы кæнай, уæд дæр, фыдæлтæй куыд баззад, уыцы фæткыл: дæ сæр сæрмæ хæсс, фырнымд митæ ма кæн, дæхи дæлджиныджы бынаты ма ’вæр, дæхи æгæр ронбæгъдæй ма ’вдис, уæлдай цæстмæ митæй дæхи худинаг ма кæн, хицауы йæхи раз ма стау. Нæ фыдæлтæ хицаумæ, раздзогмæ, йæ ном ын бæрзонд чи кодта, ахæм эпитеттæй йæхи раз (лæгæй-лæгмæ) нæ дзырдтой, бирæон нымæцы иу адæймагæн йæ ном нæ дзырдæуы (кæс сæргонд «Хицау æмæ дæлбаруæвæг»).

Ирон иронимæ йæхи æвзагыл хъуамæ дзура, ирон лæгимæ уырыссагау кæнæ æндæр æвзагыл дзурын кæдфæнды дæр æмæ кæмфæнды дæр аипп у, уый у хи адæммæ (этносмæ) дæлджиныджы цæстæй кæсыны нысан, фæлæ кæд, цы адæмимæ дзурыс, уыдоны ’хсæн ирæттæ къаддæр сты, уæд дзур, фылдæр дзы кæцы адæмыхаттæй ис, уыцы ’взагыл кæнæ иронау тæлмацгæнæгимæ.

Нæ фыдæлтæ нын æнусты сæрты æрхастой диссаджы зарæг мыртæй аивгонд, æнцон æмбарæн, хъæздыг, æмбисæндтæй арæзт, бирæ дзырдбыдтæ æмæ базырджын хъуыдыйæдтæй ифтонг æвзаг. Æрдзы æмæ æхсæнады, наукæ æмæ культурæйы ахæм къабаз нæй ирон æвзаг бæлвырд равдисын кæмæ нæ сарæхса. Ирон (алайнаг) æвзагæн ис дыууæ æмбар, æмдых къабазы — ныгуылæйнаг (ныгуылæн аланты) æмæ скæсæйнаг (скæсæн аланты) диалекттæ. Дыууæ къабазы дæр сты æппæт ирон адæмы иумæйаг хæзна. Алы ирон адæймаг дæр хъуамæ сæрыстыр уа æмæ алы мадзæлттæй архайа уыцы хæзнайы цардхъомдзинад фидар кæныныл.

Барвæндонæй мадæлон æвзагыл къухсисæг у æнæджелбетт æмæ къуымых адæймаг. Ирон æвзаг мæгуыр чи хоны, уый йæ зонгæ нæ кæны. Ирон уæвгæйæ йæ мадæлон æвзагыл стырзæрдæ чи сси, уый у талынг зондыл хæст. Ахæм адæймагæн ноджы бæлвырддæр аргъ саккаг кодта стыр уырыссаг фыссæг К. Паустовский: «Человек равнодушный к родному языку — дикарь. Он вредоносец по самой своей сути...»

Фылдæр хатт ныхас кæнынæй ныхасмæ байхъусын ахсджиагдæр æмæ пайдадæр вæййы. Уый хынцгæйæ, къаддæр дзур, фылдæр хъус. Архай риторикон фарстатæ æвæрын æмæ сын дæ ныхасæмбалæй уæзданæй дзуаппытæ кур, цæмæй уый дæр йæ хъуыды, йæ цæстæнгас равдиса, уый тыххæй. Дзургæ-дзурын ын йæ ныхас ма скъуыддзаг кæн, бауадз æй кæронмæ дзурын, йæ хъуыды зæгъын.

Ныхасæмбал дæ истæмæй куы фæрса, уæд дзуапп раттынмæ тагъд ма кæн, цалынмæ хъуыддаг кæронмæ бамбарай, уæдмæ. Байхъус æм лæмбынæг, ратт æм уæзданæй иу-цалдæр риторикон фарсты æмæ дзы ракур дзуаппытæ, йæхæдæг сын цавæр дзуапп раттид, уый базонынæн. Зæгъæм, мæнæ ахæм фарстатæ: «Дæхæдæг та уыцы хъуыддаг куыд æмбарыс?» кæнæ: «Æмæ дæхæдæг мæнæ афтæ куы бакæнис, уæд та, цымæ, куыд уаид?» Хъуыддаг бæлвырд куы базонай, уæд ын дæ дзуапп зæгъ уæзданæй, зæгъæм, мæнæ афтæ: «Æздæ бынаты мæнæ афтæ бакæнин (куыд, уый раргом кæн). Дзуапп хъуамæ ахæм ахъаззаг æмæ хуымæтæг уа, дæ ныхасæмбалы уыцы фарста æндæр искæмæ дæттын куыд нал бахъæуа.

«Адæймаджы цытджындзинад рабæрæг вæййы, гыццыл адæймæгтимæ ныхас кæнын куы фæзоны, уæд»

Карнеги.

 

IV. ХИОНТÆ ÆМÆ ХÆСТÆДЖЫТÆ

«Лæг мæхи фæзæгъы хъармбылтæ æнгомæй,

Исчи та фæзæгъы уазал былтæ гомæй.»

(Х.К.)

 

Адæмы æмахастдзинæдты дзырдтæ «хæстæг» æмæ «хион» кæд иу грамматикон бындурыл арæзт не сты, уæддæр сæ мидис иу у. «Мæн у, мæхи у» кæмæй фæзæгъынц, уый у хион, ома, адæймагæн йæ зæрдæмæ хæстæг æвæрд чи у, уый.

Ирон адæммæ бирæ ис мæнæ ахæм арф мидисджын ныхæстæ: «Хион хион у æмæ йыл дæхи бæтт», «Хионы цин дæ цин у, хионы рис дæ рис у», «Хæстæг хуымы нæ зайы», «Хионы чи нæ уарзы, уый æцæгæлоны нæ бауарздзæн», «Тæрсы фидар — уидæгтæй, лæджы фидар — хионтæй». Ирон адæммæ хионтæ, хæстæджытæ кæд алкæд кæрæдзийæн стыр хæрзты нæ бацæуынц, уæддæр нын фыдæлтæй баззад кæрæдзиуыл арм дарын, цин дæр æмæ хъыг дæр дих кæнын, кæрæдзийæн ныфс æвæрын, бахъуаджы сахат адæймагæн йæ сæрыл рахæцын, зын уавæры бахаугæйæ йæ фарсмæ æрбалæууын, цыфæнды зынæй дæр ын баххуыс кæнын. Хионы зæрдæйы уаг рабæрæг вæййы, адæймаг уæззау уавæры куы бахауы, уæд.

 

1. Хионтæ æмæ хæстæджытæ (къабæзтæ)

 

Ирæттæм хионтыл нымад сты:

— æрвадæлтæ æмæ æрвадиуæггæнæг мыггæгтæ;

— æрвадæлтæ æмæ æрвадиуæггæнæг мыггæгты хæрæфырттæ;

— хæрæфыртты цот, стæй ма цоты цот (фæндзæм фæлтæрмæ). Кæй ранымадтам, уыдон ма хонынц туг æмæ стæг хæстæджытæ;

— мад æмæ мады ’рвадæлтæ æмæ сæ хæрæфырттæ;

— мады ’рвæдæлты хæрæфыртты цот;

— мады ’рвадæлтимæ æрвадиуæггæнæг мыггæгтæ;

— мадымады ’рвадæлтæ æмæ сæ хæрæфырттæ;

— фыдымад æмæ фыдымады ’рвадæлтæ (стыр мадырвадæлтæ);

— фыдымады ’рвадæлтæ æмæ сæ хæрæфырттæ.

Кæй ранымадтам, уыдон ма хонынц тугхæстæджытæ;

— мыггаджы сиæхстæ æмæ уыдоны битнонтæ;

— хæдзарвæндаджы сиæхсты бинонтæ (мад, фыд æмæ мадызæнæг);

— каистæ æмæ каисты хæрæфырттæ;

— чындз æмæ чындзы бинонтæ, йæ мадызæнæг, йæ мад æмæ йæ фыд æмæ уыдон ныййарджытæ; йæ мады æфсымæртæ æмæ хотæ, йæ фыды æфсымæртæ æмæ хотæ;

— æрдхорд æфсымæртæ æмæ хотæ, къухылхæцæг, æмдзуарджын, хызисæг, чындзхон мад, æмдзидзи æмæ уыдон цот;

— кæнгæ æфсымæрты æмæ хоты ныййарджытæ æмæ сæ мадызæнæг;

Хæстæг хионтæ:

— хæдзарвæндаг æмæ иу артæй байуаргæ бинонтæ (æфсымæртæ, хотæ, мад, фыд, фыды мад, фыды фыд, фыды хотæ, сæ лæгтæ æмæ сæ цот, фыды ’фсымæртæ, сæ устытæ æмæ сæ цот;

— хæстæг мады ’рвадæлтæ (мады мад, мады фыд, мады ’фсымæртæ, сæ устытæ æмæ сæ цот, мады хотæ, сæ лæгтæ æмæ сæ цот);

— каистæ (усы мад æмæ фыд, усы мадызæнæг);

— сæры хицауы (мойы) мад, фыд, æмæ сæ цот;

— кæнгæ ’фсымæртæ æмæ хотæ.

Ирон адæммæ хионтæ кæрæдзийæ чызг нæ курынц, уый у Хуыцауы æлгъыст ми. Ахæм ми бакæнæг нымад вæййы æвирхъау фыдгæнæгыл, хъæддаг адæймагыл. Ахæмтыл бакæнынц хъоды, сæ мыггагыл та сбады æгады гакк. Усгур лæппу, чындздзон чызг æмæ уыдон ныййарджытæ куы сфæнд кæнынц хæстæгдзинад бакæнын, уæд æппæты фыццаг сбæрæг кæнынц, кæрæдзийæн исты бавæййынц æви нæ, цæмæй се ’хсæн туджы хæццæдзинад ма рауайа, уый тыххæй.

Алы ирон лæгæн дæр хæс у хионты кадыл кад æфтауын, сæ номы сыгъдæгдзинад сын хъахъхъæнын, рæдийгæ дзы чи кæны, уый раст фæндагыл саразын, кæд кæстæр у, уæд ын уайдзæф бакæнын, йæ аипп ын бамбарын кæнын, мыггаджы хистæртæн кæстæриуæг кæнын, сæ кад сын бæрзонд кæнын. Мыггагæй искæй бинонтыл уæззау уавæр куы скæны, уæд мыггаджы ном хæсджытæй æмæ хæстæг-хионтæй алкæмæн дæр йæ хæс у баххуыс ын кæнын, цы амал ис, уымæй.

Мыггаджы хорз, мыггаджы кад æвдисæг сты хистæрты куырыхондзинад, кæстæрты æвзыгъддзинад æмæ алы адæймагæн дæр йæ уæздандзинад. Мыггаджы номхæсджытæй алкæмæн дæр хæс у йæ фарн æмæ йын йæ ном бæрзонд кæнын фæллой æмæ уæздандзинадæй.

Æгад у æмæ ирон адæймаджы ном хæссыны аккаг нæу, цардхъом уæвгæйæ, йæ хæстæг, хионтæй исчи æвæгæсæг, гæвзыкк кæмæн у, сывæлæтты интернаты кæнæ мæгуырты æмæ зæрæдты хæдзæртты кæмæн сты, уый.

Йæ ныййарджыты æмæ йæ хæстæг хионтыл къух сисæг, сæ зæронды бонтæ сын æцæгæлон адæмы быгъдуан бакæнæг, зæрæдты хæдзæрттæм æмæ сæ интернаттæм раттæг у хъодыйы аккаг, уымæн адæймаджы ном у æвгъау.

Алы ирон адæймагæн дæр йæ ныййарджытæ, йе стыр мад æмæ фыды мыггагмæ уæлфæдзæхстон сты. Уыдонæн сæ удахаст кæд зæрдæзæгъгæ не сты, уæддæр сын цæрæнбоны лæггад кæнын уаз, хæс у.

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 69 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.015 сек.)