Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

XV. ИУÆЙ-ИУ ФИППАИНÆГТÆ ÆМÆ НЫХÆСТЫ МИДИС

Читайте также:
  1. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 1 страница
  2. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 2 страница
  3. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 3 страница
  4. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 4 страница
  5. Алы ныхасæн дæр фæтк æмæ уавæр ис» фæзæгъынц
  6. Амæй фæстæмæ дæ къухы æнтыстытæ æфтæд.

1. «АМЕН» (АММЕН). Ацы дзырдæн йæ мидисы ис, бирæ æндæр динты дзырд «Амин» (оммин)-ы мидисы цы æмбарынад ис, уый, амоны — «иттæг раст у», «уый æцæгдзинад у». Кувæджы алы ныхасы фæстæ йæ разы уæвæг адæм чысылæй, стырæй æмхъæлæсæй фæзæгъынц ацы цыбыр ныхас, кæнæ ма йæм бафтауынц дунескæнæджы ном — «амен, Хуыцау!» Ома кувæг цы ныхас загъта, уый æцæгдзинад æмæ раст у, мах ын æвдисæнтæ стæм. Цæвиттон, кувæг цы фæзæгъы, уый Хуыцауæй ракурынц, равдисынц, хистæры (кувæджы) ныхæстыл се ’ппæтдæр иузæрдион кæй сты, уый.

2. «АЛЛА» (ÆЛЛО). Искæмæн йæ уаг — йæ архайд, йæ ми кæнæ йæ ныхас Хуыцауы æваст (фыдбылызхæссæг, знаггад, нæфæтчиаг, кæнæ худинаггæнæг) куы вæййынц, уæд æй фæхонынц «аллайаг хъуыддаг» кæнæ риторикон хуызы «Æлло», зæгъгæ, бакæнынц. Ома, уый æвирхъау, тобæйаг хъуыддаг у, Хуыцау нæ дзы бахизæд!

3. АХОДИНАГ. Цины хъуыддаджы хистæр куы скувы, уæд кæстæртæй иумæ кувинæгтæй (хойрагæй, фыдызгъæлæй, нуæзтæй) ацаходынмæ (фæхъæстæ уæвынмæ) цы хæйттæ авæры, уыдон хуыйнынц аходинæгтæ.

Æгъдаумæ гæсгæ, фынджы фыццаг хистæр аходинаг авæры йæ цуры уæвæг амменгæнджыты æппæты кæстæрмæ, фынджы бадты архайынхъом чи нæма у, фылдæр хатт, ахæммæ. Дыккаг хистæр аходинаг авæры, фынджы дæллаг кæрон цы æртæ кæстæры фæбадынц, уыдонæй иумæ (фылдæр хатт, æртæйæ хистæр чи у, уымæ). Æртыккаг хистæр та, æртæ хистæры хæд дæле цы кæстæртæ фæбадынц, уыдонæй искæмæ. Дыккаг æмæ æртыккаг хистæры хойрагæй (чъиритæй) аходинаг кæстæртæм нæ адæттынц.

Бадты хистæр аходинаг цы лæппумæ авæры, уый æнæ исты дзургæйæ бæгæныйæ схуыпп кæны, кæнæ дзы ануазы, уæллаг (сæрæггаг) чъирийæ иу мур рахиз къухæй радих кæны æмæ йæ скомдзаг кæны, стæй физонæджы кæройнаг хай рафтауы, кæнæ йын æй хистæртæй исчи рафтауы, æмæ уымæй дæр саходы. Бæгæныйы къусæй ма цы баззайы, уый йæ цуры уæвæг амменгæнæг лæппутæн ратты, физонæг та уæздандзинады охыл фæдзæхсæнæн дыккаг кæнæ æртыккаг фынгыл æрæвæры.

Аходыны фæткæн йæ нысаниуæг у, кувинæгтæ сыгъдæг, æнæ фыдхъæстæ — бæрстаг кæй сты, ома тобæйаг кæй не сты, уый Хуыцау, зæдтæ, дауджытæ æмæ куывддзаутæм равдисын. Ома, зæгъы, бæркæдтæ хæлайраг куы нæ уаиккой, уæд нын зынаргъ æмæ æнæтæригъæд цы кæстæр у, уымæн дзы нæ саходын кæниккам.

4. БАРДУАГ. Ацы вазыгджын дзырд арæзт у дыууæ хуымæтæг дзырдæй. Дзырдæн йæ фыццаг хай «бар», амоны искæуыл кæнæ истæуыл бар дарын (барджын уæвын); дыккаг хай дуаг та, куыд зонæм, афтæмæй у Хуыцауы хъомысхæссæг уæларвон уæлфæдзæхстон тых. Æмткæй райсгæйæ дзырд «бардуагæн» фыдæлтæ йæ мидисы æвæрдтой — уаз уæларвон барджын æмæ хъомысджын тых — зæд (дзуар). Алы бардуагæн дæр ис, йæ бар, йæ хъомыс кæуыл æмæ цæуыл цæуы, ахæм удгоймæгтæ, æрдзы æмæ æхсæнады фæзындтæ, ома йæ бæрны чи ис æмæ сæрмагондæй кæуыл ауды, ахæмтæ. Зæгъæм, Сафа у арты фарн бинонтæм хæссæг æмæ бинонты ’хсæн уарзондзинад фидаргæнæг, Галæгон у, дымгæтыл йæ бар, йæ хъомыс кæмæн цæуы, ахæм бардуаг æмæ а.д.

5. БАРСТ ДЫН УÆД (УÆНТ). Ацы ныхас чъирикувæг фæзæгъы, кувинæгтæ Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæн куы фæхъары, уæд. Дзырд «барст»-æн цалдæр æмбарынады ис, фæлæ кувгæйæ амоны æнæнизы хос, ома, дын (уын) хайыр фæуæд, æхцондзинад дын æрхæссæд. Дзырд «хæлар дын уæд» æмæ «барст дын уæд»-æн логикон æгъдауæй ис иу мидис, фæлæ адæм, Хуыцауæн нымдгæнгæйæ, кувинæгтæй фæзæгъынц: «Барст дын уæнт». «Хæлар дын уæд (уæнт)» та фæзæгъынц искæмæн хæрды фæстæ арфæйы ныхасæн, стæй, мардæн исты бæркæдтæ куы фæфæлдисынц, уæд.

Ныхас «барст дын уæд»-æн кувгæйæ ныхас «хатыр дын уæд»-имæ æмæ исты бæрцбарæнæй барстимæ иумæйагæй ницы ис.

6. ЗАЗХÆССÆН. Зæхæссæн у, уалдзæджы талатæ садзын афон кæй кæнынц, ахæм марды кæнд. Уæдæ цы ис йæ мидисы Зæхæссæнæн? Нæ фыдæлты уырнынадмæ гæсгæ чидæриддæр амæлы, уый мæрдты бæсты дæр фæцæры, уæлæуыл куыд царди, афтæ æрдзы хорздзинæдтæй — лæвæрттæй. Цæмæй уыцы æрдзон хъæздыгдзинæдтæй йæ бон хъауын уа, уый тыххæй йын афæдзы дæргъы йæ алыхуызон кæндты фæлдисынц, мæрдты йæ цардхъомдзинадæн цыдæриддæр хъæуы, уыдон. Иуæй-иу хатт та уыдонæн сæ нысанхæсджыты (символты). Ныффæлдисынц ын дарæс, хуыссæнтæ, алыхуызон хæлцæгтæ, зæхх, дон, суанг ма арт æмæ æртхос дæр. Адæймаджы цардхъомдзинадæн ма уымæй уæлдай стыр ахъаз сты зайæгойтæ, сæрмагондæй та бæлæстæ, уымæ гæсгæ заз у бæласы нысанхæссæг. Фæлæ, цæмæй уыцы бæлас дыргътæ дæтта, уый тыххæй та йыл æрцауындзынц алыхуызон дыргътæ æмæ адджинæгтæ. Куы йæ сфæлындынц, уæд æй мардæн йæ ингæны цур ныссадзынц (сæвæрынц). Уыцы митæй ракурынц Хуыцау æмæ мæрдты бардуагæй амæлæг удæн зайæгойтæ æмæ бæлæсты фарн. Гæнæн æмæ амал куы вæййы, уæд уыцы бон марды ингæны цур, аив кæм у, уым ныссадзынц бæласы тала дæр.

7. КАРД ИРОН ФЫНГЫЛ. Кувинæгтимæ ирон фынгыл цытæ æрæвæрынц, уыдонæй иу у кард. Раздæр куыд загътам, афтæмæй нæ фыдæлтæ куывды фынгмæ хастой, сæ цардхъомдинадæн Хуыцауæй цы ахсджиагдæр хорздзинæдтæ куырдтой, уыдон нысанхæсджыты (символтæ). Кард та, куыд згъæр, арты æхсыст æфсæйнаг, цыргъаг, хæссы иу нæ, фæлæ цалдæр ахъаззаг нысаниуæджы. Фыццаджыдæр, кард у згъæр, згъæрæй та нæ фыдæлтæ арæзтой знагæй хи хъахъхъæнынæн фæрæзтæ (уарт, така, хæдон, æмæ æнд.) Кæй зæгъын æй хъæуы, лæбурæн хæцæнгæрзтæн дæр сæ фылдæр нысаниуæг уыди знагæй хи бахъахъхъæнын. Уымæ гæсгæ куывды фынгыл кард амоны Хуыцауæй æдасдзинад æмæ знаджы (фыдгулы) ныхмæ цæттæдзинады фæрæзтæ ракурын. Нарт хуымæтæджы нæ куывтой Хуыцаумæ, фыдызгъæл цирхъы, хъамайы кæнæ карды фындзыл сисгæйæ. Дыккаджы та, кард арты æхсыст згъæрæй конд у, ома, Хуыцауы хорзæхæй равзæргæ, уымæ гæсгæ куывды фынгыл йæ нысаниуæг у Хуыцауæй арт æмæ æфсæйнаджы фарн ракурын.

Карды æртыккаг нысаниуæг уый мидæг ис, æмæ, цыргъаг кæй у, уый фæрцы фынджы бæркæдтæ хизы дæлимонты фыдхъомысæй. Дæлимонтæ арт æмæ цыргъагæй тæрсгæ кæй кæнынц, уый та алчи дæр зоны. Карды уыцы нысаниуæг хынцгæйæ ма дзы пайда фæкæнынц фæлдисгæйæ — хойрæгтæм карды фындзæй бавналынц, ома сæ фыдбылызхæсджытæй сæдас кæнынц. Уымæй уæлдай ма уый охыл кард кæнæ æндæр цыргъаг дарынц сывæллоны гæбынайы бын æмæ марды нывæрзæны бын.

Кардæн уæлдæр цы æртæ нысаниуæджы сбæлвырд кодтам, уыдон ууыл дзурæг сты, æмæ кард ирон фынгыл хуымæтæджы лыггæнæн дзаума (инструмент) нæу — кард у кувинаг. Кувинаг кæй у, уый нæ дард фыдæлтæ дæр зыдтой æмæ-иу дзы тыгъды быдыры Хуыцау æмæ уæлахизхæссæг бардуагмæ куывтой, куырдтой сæ уæлахиз (хъама кæнæ æхсаргард зæххы ныссадзгæйæ).

Хъыгагæн, уыцы скуывды æмæ ардбахæрды абон дæр ма иуæй-иу чиныгфысджытæ кæрæдзи фæзмгæ нымайынц быдыргъмæ кувынадыл, цыма Хуыцаумæ нæ куывдтой, фæлæ кардмæ, уыйау.

8. НОГБОНЫ КЪОДАХ. Ногбоны-иу нæ фыдæлтæ Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм куы скуывтой, уæд-иу къонайы артдзæстыл стыр къодах бавæрдтой. Уый хъуамæ сыгъдаид ног боны хурыскастмæ. Судзгæ къодахы нысаниуæг уыди ног азы Хуыцау æмæ Сафайæ арты фарн ракурын. Ома къодах куыд æнæрынцойæ æмæ дæргъвæтин сыгъд кæны, афтæ хæдзары артдзæст азы дæргъы бинонтæн фарн (хъарм, рухс, пайда) хæссæд, ма «бауазал» уæд.

9. «РУХСАГ У» (РУХС ДЗÆНÆТЫДÆ БАДÆН) — фæзæгъынц амæлæгæн. Фыдæлты уырнынадмæ гæсгæ амæлæг адæймаг, кæд уæлæуыл æнæтæригъæд вæййы, уæд йæ уд рухсы бæстæм — дзæнæтмæ — бацæуы æмæ уым æнæмæлæт свæййы. Уæлæуыл рæстудæй чи нæ цард, Хуыцауы æваст митæ чи кодта, уый та бахауы зындоны тармæ æмæ уым йæ тæригъæдтæ фыдфæлварæнтæй фæфиды. Амæлæгæн «рухсаг» куы фæзæгъæм, уæд уый фæамоны Хуыцауæй йын дзæнæтон удыбæстæ ракурын, ома йæ рухс дзæнæты аккаг фæкæнын.

«Уæлæуыл, зæгъы, æнæтæригъæд чи вæййы, йæ адæмæн стыр лæггæдты чи бацæуы, уымæн йæ уд стъалы фесты æмæ уæларвæй рухс фæкæны». (Хæтæлдойнаг 75-аздзыд Датиты Муцкайы ныхæстæ 1946 азы).

10. СÆРЫЗÆДЫ ТЫРЫСА. Ацы тырыса Ирыстоны кæцыдæр хъæуты хонынц «Сæрызæд» æмæ «Сæрызæды хæцъил». Уыцы номæвæрджытæ, æвæццæгæн, нæ зонынц, зæд хъуымацæй конд кæй нæу, фæлæ Хуыцауы уынаффæтæ æххæстгæнæг бардуаг, стæй сæрмагонд аив нывæфтыд хъуымац хуымæтæджы хæцъил кæй нæу, уый.

Сæрызæды тырыса, куыд зонæм, афтæмæй скæнынц чындзæн йæ цæгаты — йæ фыды хæдзары. Æртæ кæрдзынимæ йæ æрбарвитынц чындзæн йæ мойы хæдзармæ, æртæ кæрдзынæй скувынц Хуыцау æмæ Сæры зæдмæ, чындзы сыл бафæдзæхсынц, стæй йын уый фæстæ йæ хыз сисынц. Уæд ын, зæгъы, тас нал вæййы фыдбылызхæссæг цæстæнгасæй, тырыса та свæййы уæлфæдзæхстон дзаума (амулет). Уыйфæстæ чындзы искæд Сæрызæды хъомыс куы бахъæуы, уæд тырыса райсы, йæ сæрыл æй æрытауы æмæ Сæрызæдмæ бакувы, цы хорздзинад хъуаг вæййы, уый дзы ракуры, стæй йæ фæстæмæ йæ бынаты бафидар кæны.

Тырысайы дыккаг нысаниуæг — цы хæдзармæ æрбакуывта, уым уæзданæй, æнæзæрдæхудтæй цæрын кæй хъæуы, уый зæрдылдарын. Ома цы бинонтæй рацыди, уыдоны фарн хынцгæйæ йæ хæстæ æнаипп, æнæлазæй æххæст кæнын кæй хъæуы, уый дзы рох ма кæна, стæй йын йæ уаг, йæ митæм Сæрызæд æдзух йæ цæст кæй дары æмæ йын ныфс кæй дæтты, уый йæ зæрдыл дара. Уымæн бафидар кæнынц тырыса, чындз арæхдæр йæ рæстæг кæм æрвиты, уым — цæлгæнæны, зынгæ ран Чындзæн сывæллон куы райгуыры, ног бинонты ’хсæн куы ’рфидар вæййы, уæд тырыса искуы сыгъдæг ран бафснайы.

11. «ТАБУ», «ТАБУ КÆНЫН». «Табу» у, ирон адæймаг Хуыцау æмæ зæдтæм кувгæйæ æппæты фыццаг цы дзырдæй бахаты, ахæм («табу дын», «табу дæхицæн», «Табу де Стырдзинадæн», «Табу, дæ хорзæхæй», «Табу дæ бæрзонддзинадæн», «Табу дæ сыгъдæгдзинадæн»).

Дзырд «табу» канд ирмæ нæ, фæлæ ма бирæ æндæр скæсæйнаг адæмтæм амоны, кæмæн загъдæуы, уымæн салам дæттын, кад ын кæнын, бузныг дзы уæвын æмæ йын лæгъстæйаг уæвын. Иуæй-иу европæйаг адæмтæм «табу» амоны нæфæтчиаг, Хуыцауы æваст хъуыддаг. Ирон æвзаджы ахæм мидис ис дзырд «тобæ»-йæн, ома Хуыцау ма зæгъæд. Тобæгонд ма фæхонынц Хуыцауы æваст ми искæйы азарæй чи бакæны, фæлæ уый фæстæ Хуыцауæй хатыр чи ракуры, уый.

Дзырд «табу кæнын» амоны кувын, лæгъстæ кæнын.

12. ФÆДЗÆХСÆН. Дзуары бын цы бæркæдтæй скувынц, уыдон свæййынц уæлфæдзæхстон — Хуыцауы комытæфдзыд, чи дзы саходы, уый фæдзæхст æрцæуы, цы зæдмæ бакуывтой, ууыл, кувæггæгтæ та фæхонынц фæдзæхсæнтæ. Куывддзаутæ фæдзæхсæнтæй саходынц дзуары бын, цы ма дзы баззайы, уый алчи йæ хæдзармæ æрхæссы, цæмæй дзы хæдзары бинонтæ иууылдæр саходой æмæ зæдыл фæдзæхст æрцæуой, уый тыххæй. Кувæггæгтæ дзуары бын нæ уагъдæуы.

13. ФЫНГИСÆГГАГ. Уазæгуаты кæнæ хи хæдзары хæрды фæстæ фынгтыл æнæхъæнæй цы хæринаджы хæйттæ баззайынц, уыдон хуыйнынц фынгисæггæгтæ. Ома фынг чи фефснайы, уымæн фынгæфснайæггаг (исæггаг).

Дзырдæн йæ нысаниуæг куыд хъуысы, йæ бындур афтæ нæу. Ирон фынджы æгъдаумæ гæсгæ фынгыл цы хæринæгтæ æрæвæрынц, уыдонæй иуæн кæнæ цалдæрæн сæ хæйттæй æппынкъаддæр иу хъуамæ фынгыл æнæвнæлдæй (æнæхъæнæй) баззайа, уæздандзинады бæрæггæнæн.

Фыццаджыдæр, уыцы фæстаг хай — фынгисæггаг — нæ ныууадзæг (бахæрæг), фыдæлты уырнындзинадмæ гæсгæ, фынджы фарн йемæ ахæссы, уый та у æнæгъдаудзинад. Дыккаджы та, фынгыл фынгисæггаг ныууадзын у гуыххæлдзинады — хиуылхæцынады бæрæггæнæн, ирæттæм та гуыххæлдзинад рагæй æрæгмæ у уæздандзинадыл нымад.

14. ЦÆХХ ИРОН ФЫНГЫЛ. Хæрыны цæхх ирон фынгыл, фæнды куывды, фæнды бинонты фынгæвæрды, алкæддæр чи хъуамæ уа, ахæм хæлцаг у. Дунейы фылдæр адæмтæм цæхх канд хæрыны продукт нæу, фæлæ ма йæ нысаниуæг у адæмы ’хсæн æууæнк, зæрдæхæлардзинад æмæ цæстуарзондзинад фидар кæнын. Цæххы уыцы нысаниуæг æмæ йæ магион тых иннæ адæмтау фидарæй уырны ирæтты дæр. Уымæн-иу ныппæрстой цæххы тæпп (щепоткæ) туджы ’ртæхтимæ ирон лæппутæ сæ иумæйаг нуазæны, æфсымæрдзинадыл ардхæргæйæ. Уымæй уæлдай ирон адæмы рагæй æрæгмæ уырны, цæхх фынджы бæркæдты дæлимонты фыдхъомысæй кæй хизы, уый. Фыдæлтæ цæххæн гъеуыцы нысаниуæг хорз зыдтой æмæ уымæ гæсгæ, кусарт кæныны размæ кусæрттагæн уый охыл дардтой цæхх. Цæхх зæрстой, фыд-иу уæлартæй куы райстой, уæд, цæхх зæрстой хæларгæнинаг æппæт бæркæдтыл дæр.

Цæххæн дæр кардау ис æртыккаг миниуæг (нысаниуæг) дæр — кæмфæнды дæр æмæ цасфæнды дæр куы фæлæууа, уæддæр йæ хæрзхъæддзинад (ад, сатæг, хъару) нæ сæфы, уый хынцгæйæ фæлдисæг куы фæзæгъы, ацы хойрæгтæ æдзухæй — сæрдæй, зымæгæй — дæ цуры сатæгæй уæнт, зæгъгæ, æмæ ма сыл цæхх куы айзæры,уæд уый фæамоны фæлдисинæгтæ цæххы уыцы миниуæгæй хайджын фæкæнын — Хуыцау æмæ мæрдты бардуагæй ракурын.

Цæххæн цы нысаниуджытæ ранымадтам, уыдон ууыл дзурæг сты, æмæ ирон фынгыл цæхх хуымæтæджы хъацæн нæу. Цæхх у кувинаг (кæнды фынгыл — фæлдисинаг).

15. УАЙСАДЫН у ирон сылгоймаджы уæздандзинады сæйраг бæрæггæнæнтæй иу — хистæрæн æфсармы фæлгæты сæрмагонд кæстæриад кæнын.

Æрыгон сылгоймаг — чындз — хистæрты йæхимæ æрыхъусын æмæ æркæсын кæнын нымд фæкæны, уыйадыл йæ алы ми, йæ алы базмæлдæй фæархайы, цæмæй йæм хистæртæ сæ хъус, се ’ргом къаддæр здахой, ууыл. Уыцы нымдкæнынад у уайсадыны мидис — хистæрæн кад кæныны мадзал.

Уайсадын сылгоймагæн цæуы йæхи удыхъæдæй, тыххæй ничи никæйы кодта уайсадын. Сылгоймаг йæ уайсæстæй фæхъахъхъæны, цы мыггаг, цы сыхбæстæм æрцыди, уыдон хистæрты фарн æмæ йæ чи схъомыл кодта, уыцы мад æмæ фыды сæры кад.

Уайсадын æмæ уайсадæг Ирмæ рагæй дæр кадджын уыдысты, уымæн æмæ бинонты ’хсæн фидар кодтой кæрæдзийæн аргъ кæнын æмæ уарзондзинад. Уайсадыны митæ кæд æнцон æххæстгæнæн сты, уæддæр нымад сты бæрнон æмæ ахсджиаг хъуыддагыл.

Уайсадын æрмæст чындзы ’рдыгæй æххæстгæнгæ (иувæрсыг) æфсарм нæу, чындз кæмæ фæуайсады, уыдон сæхæдæг фæархайынц сæхи æфсармæй уайсадынæн мадзæлттæ аразынæн, афтæмæй уыцы фæтк дыууæты дæр дары иу — нымдкæнынады — фæлгæты.

Уайсадæг чындзы митæ сты:

— кæмæ уайсады, уымæ нæ хатын; нæ дзурын, йæ цуры ныхас кæны мынæг хъæлæсæй, куыд нæ йæ хъуса, афтæ;

— нæ дары цыбырдыс æмæ цыбырдым дарæс æмæ спортивон салбар, нæ цæуы гомсæрæй, æнæцъындайæ æмæ бæгъæмвадæй;

— кæмæ уайсады, уый ном фехъусгæйæ кæнæ йæ кой ракæнгæйæ (фæсаууонмæ) йæ бынатæй сысты (слæууы) æмæ фæзæгъы: «Йæ фарн бирæ уæд!», йæ разы бадгæ дæр нæ кæны;

— хистæрты раз нæ хæры, нæ нуазы, йæ буармæ нæ зилы (йæ сæр нæ фасы, йæ цæсгом нæ ахоры, кæсæнмæ йæхимæ нæ кæсы);

— йæ мад, йæ сывæллон æмæ, кæмæ уайсады, уыдонæн узæлæн митæ (хъæбыстæ, батæ æмæ æнд.) нæ кæны;

— стыр ахсджиаг хъуыддаджы охыл ын хистæрмæ сдзурынæй дарддæр гæнæн куынæ уал вæййы, уæд дзы хатыр ракуры æмæ сдзуры, зæгъæм: «Баба, бахатыр мын кæн... уæртæ Дзерассæйыл цыдæр бæллæх æрцыди!» — кæнæ æндæр искуыд.

Хъыгагæн, ивгъуыд æнусы иуæй-иу ахуыргæндты галиу хъуыдымæ гæсгæ, бирæ ирон æгъдæуттæ нымад æрцыдысты знаггадхæсджытыл, фæстæзадтыл, уыдонимæ уайсадыны фæтк дæр. Уый азарæй фæсивæд æмбал кæмæн нæй, уыцы æвæджиауы ирон æгъдæуттæй фæиппæрд сты. Се ’ргом иннæ адæмты мæнг (псевдо) культурæмæ аздæхтой. Уыцы «раззаг» культурæ Иры фæсивæдæй бирæты цы цъымарамæ æркодта уый абон уынæм. Æнусты дæргъы Ир сæрыстыр кæмæй уыди, сæ уæздандзинад æмбисондæн кæмæн хастой, уыцы ирон сылгоймæгты фæдонтæй абон иуæй-иутæ сæ цæсгом суагътой æмæ бахаудтой сæ мондæгты уацары, хъылма æмæ хъахбайдзинад сæ царды сæйраг нысæнттæ систы. Уыцы уавæр æмбæхсын никæмæй хъæуы.

Ацы дæнцæг дзурæг у, нæ фыдæлты æгъдæуттæй мах фæлтæрмæ чи ’рхæццæ, уыдонæй иу дæр аппаринаг кæй нæ уыди æмæ нæу, ууыл. Уайсадыны æгъдау та ирдæй æвдисы, нæ адæмы хидарыны уагæвæрдтæ, сæ æвæрццæг ахадындзинадмæ гæсгæ бæрзонд къæпхæныл æвæрд кæй уыдысты, уый.

16. ФАРН у Хуыцауы хорзæхæй адæймагæн цардхъомдзинад, удæнцой, сабырдзинад, ном æмæ рухс талæнтæ дæттæг æнæмæлгæ монон хъомыс. Фарн буаргъæдон нæу, нæй йын нæ цæстæй фенæн, нæ æрмæндзæвдæй банкъарæн. Хуыцауы сконд монон æмæ буаргъæдон дунейы алцæмæн дæр ис фарнæй аккаг хай. Адæймаджы цардхъомдзинадæн егъаудæр фарнхæсджытæ сты: хур (арт), зæхх, уæларвон тыхтæ æмæ адæймаг йæхæдæг.

Адæймагмæ фарн æрцæуы Хуыцауы фæндæй, æмæ цас удæй сыгъдæг, уæздандзинады æууæлтæй æххæстдæр у, уыйас йæ фарн дæр вæййы стырдæр.

Адæймæгты къордтæн; бинонтæн, мыггагæн, хъæубæстæн æмæ адæмыхаттæн ис сæхи иумæйаг фарн. Уыцы адæймæгты къордтæн цас сæ иудзинад, сæ хæлардзинад фидардæр уа, уыйас сæ иумæйаг фарн дæр уыдзæн фылдæр. Фыдæлты хъуыдымæ гæсгæ, фæрнджын адæймаг куы амæлы, уæд йæ фарн баззайы йæ фæдонтæн, йæ мыггагæн, йæ хъæубæстæн æмæ йæ адæмæн, уымæн-иу загътой: «Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы». «Мард цы хæдзарæй рахæссынц, йæ фарн уым баззайы».

Ирон адæммæ ныхас «Фарн»ы ахадындзинад у тынг егъау — зæдтæ æмæ дауджытимæ лæууы иу æмвæзадыл, фæлæ йын зæд рахонæн нæй. Зæдтæ æмæ дауджытæм кувгæ кæнæм, фарнæн та йæхи Хуыцауæй курæм. Фарнæй сомы чындæуы, ард хæрдæуы, кад ын чындæуы, ис ын Хуыцауæй ракурæн, фæлæ йæм кувæн æмæ дзы исты ракурæн нæй, уымæн æмæ йæхæдæг у хорзæх, бардуаг нæу.

Советон дуджы иуæй-иутæ кувæгау кодтой Стыр Хуыцаумæ æмæ коммунистон хуыцæуттæм. Цæмæй уыцы дыдзæсгомдзинад æмбæхст уа, уый тыххæй Стыр Хуыцауы номы бæсты дзырдтой «дунейы фарн». Ахæм «куывд», хъыгагæн, абон дæр фехъусæн ис, уый у æнæрхъуыдыдзинад.

Иуæй-иу ахуыргæндтæ Хуыцауы раз уæвæг зæдтæ æмæ дауджытыл нымайынц кæцыдæр уаздзинæдтæ. Сафайы рæхыс, æртхурон, кувæндæттæ, мысайнæгтæ æмæ адæмты динон атрибуттæ (быдыргъ, иконæ, кувæджы сæрмагонд дарæс, мæзджыттæ, аргъуантæ æмæ дзуæртты), уый у муртакдзинад, растдæр зæгъгæйæ та — «идолопоклонство» кæй хонынц, уый, æмæ йын ирон динимæ иумæйагæй ницы ис æмæ никæд уыди.

17. ФÆДЗÆХСÆНЫ ХИСТ. Æртæ азы цы сывæллоныл нæма сæххæст вæййы — «цæуæггаг» кæмæн нæма скæнынц (кæс дæлсæргонд «Цæуæггаджы бон»), ахæм куы амæлы, уæд ын йæ ныгæнæн бон цы хæрнæг (хист) скæнынц, уый хонынц фæдзæхсæны хист.

Уыцы хисты хистæртæ сывæллоны бафæдзæхсынц, хæдзарвæндаджы цардхъомдæр, амалджындæр æмæ æнæтæригъæддæр нæлгоймæгтæй сывæллонæй раздæр мæрдтæм чи бацыд, уыдонæй иуыл. Ома йын уый, мæрдты бæсты цы хъуаг уа, уый амал кæндзæн, хъахъхъæндзæн æй æмæ йыл ауддзæн.

Уыцы хистæй дарддæр сывæллонæн ницавæр кæндтæ чындæуы, æрмæст ма йæ амæлæтыл афæдз куы рацæуы, уæд ын уæлæдарæсы фæлыст ныффæлдисынц, стæй сæ хæстæджыты сывæллæттæн балæвар кæнынц, марды лæвар амонды хос у, зæгъгæ.

18.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 49 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.022 сек.)