Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 3 страница

Читайте также:
  1. 1 страница
  2. 1 страница
  3. 1 страница
  4. 1 страница
  5. 1 страница
  6. 1 страница
  7. 1 страница

13. ХОРЫ БОН — ХОР-ХОР.Ацы бæрæгбон ма хонынц «Хуымидайæн», ома, хуым кæнын райдайæны бон, «Рæмонбон», («Ныфсæвæрæн бон»). Кæнынц æй, Комбæттæнæй къуыри куы рацæуы, уый фæстæ дыццæджы. Иуæй-иу хъæуты бæрæгбон кодтой астæу мархойы — иу нæлгоймæгтæ сæ ком куы суагътой, уæд æмæ-иу фынгтыл фыдызгъæл дæр æрæвæрдтой. Иуæй-иу хъæуты бæрæгбон кодтой фæззæджы дæр анауылигæнæнты размæ. Бæрæгбон райдайы къуырисæры изæрæй (дыццæгæхсæв), уæд алы хæдзары дæр вæййы бæрæгбоны фынгæвæрд мархойы хæринæгтæй, бинонты хистæр йæхæдæг скувы, стæй бинонтæ фæминас кæнынц. Дыццæджы та вæййы сыхы куывд, раджы йæ кодтой къусбарæй, нæ рæстæджы йын йæ фæтк фендæрхуызон кодтой.

Сыхы уынаффæмæ гæсгæ 2—3 къуырийы раздæр Хоры фысым сыхбæстæйæ æрæмбырд кæны мысайнæгтæ (афтæ сæ хонынц) æмæ уыдонæй балхæны æмæ сцæттæ кæны, сыхы куывдæн цыдæриддæр хъæуы, уыдон. Стæй канд хæрд æмæ нозт нæ, фæлæ ма, алыхуызон хъæлдзæгдзинæдтæн цытæ хъæуы, уыдон дæр — чегърейæ фæндырдзæгъдæджы онг.

Йæ боны нысангонд рæстæгмæ сыхбæстæ стырæй, чысылæй æрæмбырд вæййынц хоры фысымы кæрты (хæдзары), хъазт скæнынц æмæ фæкафынц, фæзарынц, стæй хицæнтæй сбадынц нæлгоймæгтæ, сылгоймæгтæ, сывæллæттæ æмæ фæминас кæнынц.

Фынгтыл æрæвæрынц мархойы чъиритæ, ома æнæсой æмæ æнæ урсагæй, кæсæгтæ æмæ кæсагæй конд хæринæгтæ, æмыстæ, задынтæ, адджинæгтæ, дыргътæ, халсартæ, ирон бæгæны æмæ тæнæг къуымæл, стæй карз нозтытæ.

Иу хоры бонæй иннæмæ сыхæгтæй сывæллæттæ кæмæн райгуыры, уый та куывдмæ æрбахæссы «хъалон» — æртæ чъирийы, кæф — уæларты кæнæ тебæйы фыхæй, бæгæны — 1—3 литры. Скувынц Хуыцаумæ, Уацилламæ, Уастырджимæ, Мыкалгабыртæм. Хистæрæн йæ алы куывды ныхас куы фæвæййы, кæстæртæ «оммен, Хуыцау» куы фæзæгъынц, уæд сæ хистæр афæрсы: «Цы курут, лæппутæ?! Кæстæртæ йын æмхъæлæсæй дзуапп дæттынц: «Хор! Хор! Хор!»

В а р и а н т.

Кувæг: Ацы рухс дуне раттæг æмæ нæ удтылхæцæг бæрзонд Хуыцау, табу дын уæд!

Кæстæртæ: Оммен, Хуыцау!

Кувæг: Цы курут, лæппутæ?!

Кæстæртæ: Хор! Хор! Хор!

Кувæг: Хоры зæд — фæрныг куырыхон Уацилла, Табу дæхицæн, дæ хорзæх махæн!

Кæстæртæ: Оммен, Хуыцау!

Кувæг: Цы курут, лæппутæ?!

Кæстæртæ: Хор! Хор! Хор!

Кувæг: Лæгдзинаддæттæг, уæлахизхæссæг цытджын Уастырджи! Д ’арм ныл макуы сис, табу, табу дын!

Кæстæртæ: Оммен, Хуыцау!

Кувæг: Цы курут, лæппутæ?

Кæстæртæ: Хор! Хор! Хор!

Кувæг: Тутыр æмæ Фæлвæра, уæ хорзæхтæй нын рæдау хай бакæнут! Табу уын уæд!

Кæстæртæ: Оммен, Хуыцау!

Кувæг: Цы курут, лæппутæ?!

Кæстæртæ: Хор! Хор! Хор!

Кувæг: Рæдауарм Авд-авд Мыкалгабыры, æхцон уын уæд, Фыдбылызæй нæ хизут æмæ нын бæркад раттут!

Кæстæртæ: Оммен, Хуыцау!

Кувæг: Цы курут, лæппутæ?!

Кæстæртæ: Хор! Хор! Хор!

Кувæг: Бынатыхицау æмæ Сафа, бинонтæ æмæ бынæттæ фæрнæйдзаг куыд уой, ахæм ахъаз бакæнут. Æхцон уын уæд!

Кæстæртæ: Оммен, Хуыцау!

Кувæг: Цы курут, лæппутæ?

Кæстæртæ: Хор! Хор! Хор!

Кувæг: О не скæнæг Хуыцау, кæд ацы сыхбæстæ дæ разы истæмæй азымджын сты, уæд сын æй бахатыр кæн!

Кæстæртæ: Оммен, Хуыцау!

Кувæг: Стыр Хуыцау, Хоры Уацилла, ацы фынджы бæрæчет уæ номыл конд у æмæ уын барст уæд!

Кæстæртæ: Оммен, Хуыцау!

(Хъæдгæройнаг 70-аздзыд Хæуытаты Басилы скуывд, 1957 аз).

Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд аходинаг авæры, иннæ аз (фидæны) хоры фысым чи уыдзæн, уыдоны кæстæртæй искæмæ. Нæ рæстæджы хоры фысым хæлттæ æппæрстæй нæ бæрæг кæнынц, фæлæ йæ сыхбæстæ кæнынц радæй. Æрмæст мæрдджын бинонтæм фысымы рад нæ лæвæрдæуы.

Хоры бон дæр иннæ бæрæгбонты хуызæн хистæрты хъæппæрисæй скæнынц алыхуызон хъæлдзæгдзинæдтæ. Иннæ бæрæгбонтæй уæлдай хоры бон саразынц ерыстæ уæззæуттæ исынæй æмæ цъилæй хъазынæй (цъил тæрынæй, ома, бæрæг нысанмæ, ехсæй йæ цъил чи раздæр батæра). Зæхх ма салд куы вæййы, уæд цъилæй фæхъазынц ихыл.

14. КЪУТУГÆНÆН. Бæрæгбон кæнынц Куадзæны хæд размæ Хуыцаубоны. Скæнынц бæрæгбоны фынгæвæрд мархо хынцгæйæ. Адджын хыссæйæ сфыцынц тымбыл дзултæ, бакæсгæйæ вæййынц кауæй быд æмæ дзалайæ æмбæрзт тымбыл хохаг къутуйы æнгæс, уымæ гæсгæ сæ хонынц къутутæ. Нæ рæстæджы къутутæ кæнынц адджын хыссæйæ æмæ сæ фыцынц джиппы рæсугъддæрæн.

Хистæрты таурæгътæм гæсгæ уыцы бон æрдз йæ зымæгон фынæйæ райхъал вæййы, зæхх сулæфы, æмæ сæ адæм фæкурынц уалдзæджы фарн æмæ фæззæджы бæркад. Бинонтæ, фынгтæм цы ’мбæлы, уыдон куы сцæттæ кæнынц (æртæ кæрдзыны, æртæ къутуйы, бæгæны кæнæ къуымæл, нæмыгфых хортæ: нартхор, мæнæу, хъæдур æмæ æнд.), уæд хæдзары хицау скувы Стыр Хуыцаумæ, Мыкалгабыртæм æмæ Уацилламæ, ракуры сæ бæркадджын фæззæджы дзаг къутутæ æмæ гонтæ. Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд куывд къутутæй иу сисы, æцæг къутуйы йæ бавæры, стæй къутуйæн йæ фарс (къул) æртæ хатты бахойы æмæ йын арфæ ракæны: «Æбæркад макуы фæу!», кæнæ: «Уæле исгæ, бынæй ахадгæ фæу!»

Уыцы бон фынгæвæрдмæ сыхбæсты нæ хуындæуы, фæлæ сыхæгтæ кæрæдзийæн фервитынц бæгæны æмæ къутутæ, стæй арфæтæ фæкæнынц, «Уациллайы хорзæх уæ уæд», зæгъгæ.

Хистæртæ сывæллæттæн бæрæгбоны саразынц алыхуызон ерыстæ, фылдæр — фатæй æхсынæй, гуда æмæ селайæ хъазынæй æмæ армæйхæстæй. Уæлахиздзаутæн раттынц «къутутæ» æмæ æндæр исты зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уыцы бонæй фæстæмæ хъæууонхæдзарадон куыстытæ бацæуынц сæ тæккæ тыфылы.

15. КУАДЗÆН (КОМУАДЗÆН)кæнынц, æхсæв бонимæ æмдæргъ куы свæййы, уыйфæстæ, мæй йæ цалхыдзаг цы хуыцаубонмæ свæййы (кæс мæйы къæлиндармæ), уыцы хуыцаубоны — чырыстон «Пасхæйы» бон. Скæнынц æртæ уæлибæхы, сфыцынц хæдзарон мæргътæй исты — карк, гогыз, бабыз кæнæ хъаз. Фынгмæ рахæссынц ахуырст æйчытæ, адджинæгтæ, халсартæ, дыргътæ, алыхуызон нозтытæ æмæ скувынц Хуыцаумæ, Уацилламæ, Мады-Майрæммæ æмæ Чырыстимæ. Чырыстон диныл хæст чи у, уыдон ма уымæй уæлдай фæкувынц аргъуанты. Куадзæны дæр хуыйы фыд фынгмæ хæссын нæфæтчы.

Иннæ бæрæгбонтæй уæлдай Куадзæны бон хæстæджытæ æмæ къабæзтæ æд сывæллæттæ зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ куадзæны æйчытимæ кæрæдзимæ фæцæуынц æмæ кæрæдзийæн арфæтæ фæкæнынц, «Чырыстийы хорзæх уæ уæд», зæгъгæ. Стæй иумæ фæбадынц æмæ фæминас кæнынц.

Уыцы бон уæлдай бæрæгбондæр хуыз вæййынц сывæллæттæ, ныййарджытæ. Се ’ппæтæн дæр бæрæгбоны лæварæн балхæнынц кæнæ бахуыйынц ирд хъуымацæй сæрдыгон уæлæдарæстæй истытæ, кæнæ та æххæст фæлыст. Сывæллæттæн ма уыцы бон скæнынц алыхуызон хъæлдзæгдзинæдтæ (хъæзтытæ, ерыстæ æмæ æндæр ахæмтæ). Чи фæуæлахиз вæййы, уымæн балæвар кæнынц ахуырст æйчытæ, кæнæ исты зæрдæлхæнæнтæ. Цæвиттон, Куадзæн свæййы сæйраг уалдзыгон райдзаст бæрæгбон.

16. ХУЫЦАУЫДЗУАРЫ БОН. Бæрæгбон вæййы Куадзæны фæстæ фыццаг цыппæрæмы. Уæлладжыры комæй рацæугæ ирæттæ бæрæгбон кæнынц Майрæмы Куадзæны фæстæ. Раджы заманы ацы бæрæгбон нымад уыдис тынг стыр æмæ ахсджиагыл, ууыл дзурæг сты йæ иннæ нæмттæ: «Стыр цыппæрæм, «Цæуæггаджы бон» — уыцы бон æртæ азы цы лæппуйыл сæххæст вæййы, уымæн фæстаг хатт бакувынц Мадызæдмæ (Мады-Майрæммæ) æмæ йæ лæгты бардуаг Уастырджийыл бафæдзæхсынц, æмæ уæдæй фæстæмæ барджын вæййы лæгты ныхасмæ цæуынæн (кæс сæргонд «Сывæллон»).

«Фæлгæсæн бон» — уымæн æмæ, дам, уыцы бон дунесфæлдисæг йæхæдæг фæфæлгæсы алы удгоймаджы уаг æмæ миниуджытæм æмæ сын, сæ удыхъæд хынцгæйæ, хорзæхтæ фæуары фидæнмæ.

«Номæвæрæджы бон» — уыцы бон сывæллæттæй (лæппутæ æмæ чызджытæй) æртæ азы кæуыл сæххæст вæййы, уыдонæн сæ номæвæрджытæ æрхæссынц хуынтæ æмæ алыхуызон лæвæрттæ. Хистæртæ фæкувынц Стыр Хуыцаумæ, Уастырджимæ, Мадызæдмæ æмæ Сæрызæдмæ, цæмæй уыдон цардамонд балæвар кæной сывæллæттæн æмæ сæ ныййарæг мадæлтæн. Уыцы бон адæм кæрæдзимæ вæййынц уæлдай зæрдæхæлардæр.

Бæрæгбон æппæт хъæуты кæд иу рæстæджы нæ кæнынц æмæ йæ иу номæй нæ хонынц, уæддæр йæ мидис æмæ йæ ахадындзинад сты æмхуызон æмæ ахъаззаг. Хъыгагæн, уыцы стыр бæрæгбон иуæй-иу бинонтæ нал кæнынц, фæлæ уæддæр Ирæн у иумæйаг.

Алы хæдзары дæр скæнынц бæрæгбоны фынгæвæрд. Æртæаздзыд сывæллæттæ цы бинонты ’хсæн вæййы, уыдон ма уæлæмхасæн скæнынц æртæ æртæдзыхоны, гуыл æмæ физонæг сæрмагондæй сывæллоны номыл скувынæн. Йæ амал кæмæн вæййы, уый кусарт дæр акæны. Уыцы бон уæлдай хъæлдзæгдæр вæййынц æртæазыккон сывæллæттæ, хистæртæ сын саразынц алыхуызон ерыстæ, хъæзтытæ æмæ æндæр хъæлдзæгдзинæдтæ. Чызджытæ ерыс фæкæнынц хуыйынæй æмæ уыци-уыцитæ базонынæй кæнæ агла-доглатæ дзурынæй, лæппутæ — фат æхсынæй æмæ згъорынæй. Хистæр кары фæсивæд саразынц хъазт æмæ алыхуызон хъæлдзæгдзинæдтæ.

17. БÆЛДÆРÆН.Бæрæгбон кæнынц Куадзæны фæстæ фыццаг хуыцаубоны. Йæ нысаниуæг у уалдзыгон æрдзы райхъалыл цин кæнын. Скæнынц алы хæдзары дæр æртæ чъирийы æмæ скувынц гом арвы бын (цæхæрадоны, хуымы, сæрвæты) Стыр Хуыцаумæ, Уастырджимæ, Уацилламæ, Дзиримæ, Мыкалгабыртæм. Фæкурынц сæ æрдзы æнусондзинад, дзыллæйы фарн, зæххы бæркад æмæ дунейæн сабырдзинад. Уыцы бон дзидзидай сывæллæттæ æмæ рынчынтæй фæстæмæ хурыскастæй хурныгуылдмæ хуыссын æмæ фынæй кæнын никæмæн æмбæлы. Уæд, дам, æрдзы фарнæй æнæхай фæвæййы.

18. АЛАРДЫЙЫ КУВÆНБОН.Вæййы Куадзæны фæстæ дыккаг къуырисæры. Кувынцæм, сывæллæттæ æмæ æрыгон чындзытæ цы хæдзæртты вæййы, уыдон. Скæнынц æртæ чъирийы æмæ æртæ æртæдзыхоны, аргæвдынц хæдзарон мæргътæй исты, кæнæ уæрыкк (сау карк æмæ сау уæрыкк не ’ргæвстæуы). Скувынц Стыр Хуыцаумæ, Мадызæдмæ, Алардымæ, ракурынц сæ сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæн æнæниздзинад, балæгъстæ кæнынц Алардыйæн, цæмæй сæм йæ цæсгом, йе ’ргом макуы равдиса, сабитæн радта æнæниздзинад, чындзытæн — амондджын цот, чызджытæн та сæ фидауц ма фесафа.

Алардыйы кувæндæттæм хæстæг хъæутæ йын иумæйаг куывдтæ дæр скæнынц.

Алардыйы кувæнбон Ирыстоны иуæй-иу хъæуты кæнынц æндæр бон, Майрæмы куадзæны фæстæ, æмæ уымæй бæрæгбонæн йæ ахадындзинад къаддæр нæ кæны.

19. ФÆЛВÆРАЙЫ БÆРÆГБОН. Бæрæгбон кæнынц дыууæ хаты, фыццаг вæййы Куадзæны фæстæ дыккаг — дыццæджы, хонынц ма йæ «Фистæлвынæн», дыккаг вæййы Майрæмыкуадзæнæй дыууæ къуырийы куы рацæуы, уæд цыппæрæмы, хонынц æй «Фæсмæлвынæн». Бæрæг æй кæнынц, æрмæстдæр фосдарыны куыст чи кæны, уыдон. Сцæттæ кæнынц бæрæгбоны фынгæвæрд, скувынц Стыр Хуыцаумæ, Фæлвæрамæ æмæ Тутырмæ. Ракурынц сæ, цæмæй уыцы аз фос бабирæ уой хæрзхаст æмæ æнæнизæй. Уыцы бон фыййæуттæн, бæхгæстæн, хъомгæстæн ахæссынц хуынтæ, арфæтæ æмæ сын лæвæрттæ фæкæнынц. Фиййауы хуыны вæййы æртæ æртæдзыхоны, дзыкка кæнæ 9 айчы, къуымæлы дурын æмæ карз нозты авджы дзаг. Фыййæуттæн лæварæн нывæрынц фæсмынæй быд исты дзаумæттæ. Фæззæджы фос æлвынын афон фосыкуыстгæнджытæ сæхи цæттæ райдайынц фос сæрдыгон хизæнтæм тæрынмæ фæскуывд.

20. КАСУТÆ — СЫЛЫСТÆДЖЫ БОН. Бæрæгбон кæнынц Куадзæны фæстæ дыккаг хуыцаубоны. Раджы заманы ацы бæрæгбон кодтой æппæт ирон адæм, æмæ уыдис тынг кадджын æмæ рæсугъд. Хъыгагæн æй абон бирæтæ нал кæнынц, чи йæ кæны, уыдон дæр æй бинонты ’хсæн ахицæн кæнынц æртæ кæрдзынæй.

Касуты бон-иу алы хæдзары дæр скодтой уæлибæхтæ, дзыкка, сир, алыхуызон кастæ, сфыхтой-иу хæдзарон мæргътæй исты, уæдмæ-иу бахсыстой бæгæны. Скуывтой-иу Стыр Хуыцаумæ, Лæгтыдзуармæ, Мадызæдмæ (Мады-Майрæммæ) æмæ Уацилламæ. Куырдтой сæ, цæмæй хæдзарвæндаджы сылыстæг чындзæй, чызгæй иууылдæр амондджын уой, цæмæй хæдзары æфсинтæ дзагарм уой. Уыцы бон-иу скодтой хъæугуывд дæр, бадтысты дзы æрмæстдæр нæлгоймæгтæ. Сылгоймæгтæта-иу иууылдæр ацыдысты донисæн ранмæ кæнæ æндæр фæсвæд ранмæ — доны былмæ — æмæ-иу уым скодтой хицæн куывд.

Чызджытæ цы хæдзары уыди, уыцы хæдзар сæ донисæнмæ æрвыста æд хуын (æртæ чъирийы, карк кæнæ æндæр исты хæдзарон маргъы фыд, дзыкка кæнæ сир, бæгæны кæнæ къуымæл, науæд сæн). Ног чындзытæ кæмæн уыди, уыдон-иу сæ æд хуынтæ сæхæдæг (æфсинтæ) æрбахуыдтой донисæнмæ, алыхуызы сæ æвдыстой – радзырдтой-иу æгас хъæубæсты сылгоймæгтæн, сæ чындзытæм цы хорз миниуджытæ уыдис, уыдон, æппæлыдысты сæ. Хистæр сылгоймæгтæ сын-иу арфæтæ кодтой, сæ хуын сын-иу райстой, зæрдиагæй сын-иу фæкуывтой Стыр Хуыцау, Мадызæд æмæ доны чызджытæм, аходинаг-иу радтой чындзæн йæхимæ, стæй-иу ын уидыгæй йæ армы тъæпæны хоры нæмгуытæ æркодтой æмæ-иу ын арфæ ракодтой: «Дæ армы цал нæмыджы ис, уал хорзы дын Хуыцау ракæнæд!» Чындз-иу донисæны раз æрлæууыд, йæхинымæр-иу скуывта Мадызæдмæ æмæ доны чызджытæм, ракуырдта-иу сæ, йæ сæйраг бæллицтæ цы уыдысты, уыдон, стæй-иу хоры нæмгуытæ доны бакалдта.

Уыцы бон-иу сылгоймæгтæ суанг изæрмæ фæминас кодтой, фæкафыдысты, фæзарыдысты, чысыл сывæллæтты рæвдыдтой. Чындзытæ æмæ-иу чызджытæн ерыстæ сарæзтой дарæс æмпъузынæй, æлвисынæй, алдымбыдæй. Кафынæй фæуæлахиз уæвджытæн лæвæрдтой алыхуызон лæвæрттæ — къухмæрзæнтæ, раздарæнтæ æмæ хъазæн чындзытæ. Зæрондæй, ногæй кодтой алыхуызон хъæзтытæ суанг театралон равдыстыты онг. Иуæй-иу сылгоймæгтæ зæгъы-иу сæ уæлæ нæлгоймаджы дарæс скодтой æмæ фæзмыдтой сылваз мойы, рæуæг сиахсы, расыггæнаг лæджы æмæ æндæрты.

Уыцы бон нæлгоймæгтæ донисæнмæ хæстæг нæ цыдысты, стæй æнæуи дæр лæгтæ æнæ ахсджиаг хъуыддагæй уырдæм нæ цыдысты, уымæ гæсгæ сылгоймæгтæ сæхи дардтой уæгъдибар, фæлæ уаг æмæ æфсармы фæлгæты.

Ацы бæрæгбоны митæ фыст æрцыдысты 1952 азы Хæтæлдоны 78-аздзыд Гусаты-Æхболæтты Чабæйы ныхæстæм гæсгæ.

Касутæ мæ Дыгуры Осталти куывд сты тынг æмгæрон.

21. УÆЛАХИЗЫ БОН. Вæййы зæрдæвæрæны мæйы 9-æм бон. Уыцы бон бæрæг кæнынц æппæт Уæрæсе æмæ ма бирæ æндæр бæстæты цæрæг адæм. Фылдæр хæдзæртты скæнынц бæрæгбоны фынгæвæрдтæ. Лæвæрттæ æмæ арфæтæ фæкæнынц хæсты архайæг ветерантæн. Фæкувынц Стыр Хуыцаумæ, Уæлахизы бардуаг Уастырджимæ, ракурынц сæ дзыллæйæн сабыр æмæ æнæмаст цард. Уымæй уæлдай ма фæмысынц, хæсты быдырты чи баззад, уыцы хионты æмæ къабæзты, базилынц сын сæ ингæнтæм. Фæсивæды ’хсæн Уæлахизы кадæн саразынц алыхуызон спортивон ерыстæ æмæ хъæзтытæ.

22. НИККОЛÆ (Хуарз Никколæй бæрæгбон). Кæнынц æй Кæрдæгхæссæны мæйы фæстаг къуырийы. Раджы заманы бæрæгбон кодтой Цæгат Ирыстоны цæрджыты фылдæр хай. Абон ма йæ зæрдиагæй кæнынц æрмæстдæр Дыгургом æмæ Уæллагкомæй рацæугæ мыггæгтæ. Уыцы бон скæнынц иумæйаг хъæуы (сыхы) куывдтæ, уымæй уæлдай алы хæдзары дæр вæййы бинонты бæрæгбоны фынг. Иумæйаг куывд цы хъæуы (сыхы), вæййы уым сфыцынц стыр гуыдын æмæ йæ хъæуы цæрджытыл байуарынц; хъуамæ дзы алчи дæр сахода æмæ уымæй йæхи Никколæйыл бафæдзæхса.

Адæм фæкувынц Стыр Хуыцаумæ, Никколæмæ, Уацилламæ, Галæгонмæ æмæ сæ ракурынц, цы хор, хос сырæзын кодтой, уый цæмæй рæстмæ фæуа, æрдзон фыдбылызтæй хызт уа.

Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд къуымæлы (бæгæныйы) къусы дзаг куывддоны къултыл (кæнæ къутуйыл) бапырх кæны аргъуыды донау, къæртайы дзаг дон та куывддоны агъуысты алыварс зæххыл тауæгау бакæны. Уыцы митæн сæ нысаниуæг у, Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæй зæххы уымæлдзинад æмæ стыр хорæрзад ракурын.

23. КÆРДÆГХÆССÆН.Бæрæгбон фæкæнынц, Куадзæнæй авд къуырийы куы рацæуы, уæд Хуыцаубоны. Нымад у æппæт ирон адæмæн иумæйаг бæрæгбоныл.

Уыцы бон алы хæдзары дæр вæййы бæрæгбоны фынгæвæрд, фылдæр цæхæраджынтæ æмæ давонджынтæ. Сфыцынц цъæх цæхæра, бæгæны кæнæ къуымæл, амал кæмæн вæййы, уый кусарт дæр акæны. Фæдзурынц сыхбæсты хистæр нæлгоймæгтæм, æмæ сын уыдон сæ кувинæгтæй скувынц Стыр Хуыцаумæ, Дзиримæ æмæ Уацилламæ. Ракурынц сæ, цæмæй, бинонтæ цы хуымтæм æмæ цæхæрадæттæм базылдысты, уым æрзайа бирæ хор, быдырты сырæза сойджын кæрдæг, бæлæстыл æрзайа ставд дыргътæ. Фæстаг азты фылдæр бинонтæ архайынц, цæмæй се ’ртæ чъирийы скувой искуы æрдзы хъæбысы. Уый хорз хъуыддаг у, нæ фыдæлтæ стыр Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм фылдæр хатт куывтой гом арвы бын рæсугъд æмæ аив æрдзон бынæттæй. Цин кодтой æрдзы рæсугъддзинадыл æмæ йæ цæсты гагуыйау хъахъхъæдтой.

Уыцы бон йæ амал кæмæн куыд амоны, афтæ йæ хæдзармæ быдырæй кæнæ хъæдæй æрбахæссы хæрынæн бæзгæ кæрдæджытæ, гагадыргътæ æмæ дидинджытæ. Кæрдæгхæссæны нысаниуæг раджы дæр æмæ ныр дæр уыди æмæ у уалдзыгон куыстыты фæудыл æмæ сæрды райдианыл зæрдæрухсæй сæмбæлын. Уымæ гæсгæ алы зæхкусæг дæр фæархайы, цæмæй уыцы бонмæ йæ хуымтæм æмæ цæхæрадæттæм зылд фæуа æмæ бæрæгбоны йæ фæллад суадза.

24. ДАУДЖЫТЫ БОН.Ацы бæрæгбон раджы кодтой ирон адæмæн сæ фылдæр хай Кæрдæгхæссæны фæстæ фыццаг Хуыцаубоны кæнæ хурхæтæны фыццаг хуыцаубоны. Куывтой Стыр Хуыцаумæ æмæ æппæт дауджытæм, ома стыр куывд-иу ракодтой. Адæм зæдтæ æмæ дауджытыл сæхи фæдзæхстой, куырдтой, цæмæй сæ фыдбылызтæй æмæ низтæй хизой. Алы хæдзарæн дæр цардамонд дæттой æмæ кæстæрты раст фæндагыл аразой. Нæ рæстæджы ацы бæрæгбоны иумæйаг куывдтæ нал кæнынц. Бирæтæ скæнынц æртæ кæрдзыны æмæ дауджытæн сæ нæмттæ ссарынц. Уыцы бæрæгбоны дæр, Кæрдæгхæссæны куыд вæййы, афтæ рауадзынц сæрмагонд гаджидау Уацилла æмæ Дзирийы номыл æмæ сæ фæкурынц, цæмæй æрдзы рæсугъддзинад æнусон уа, хуры рахатт та хорз боныхъæдмæ рахæсса — адæм, фос æмæ хортыл æрдзон фыдбылыз ма æрцæуа, уый.

25. РЕКОМ.Реком у ирон адæмы рагондæр бæрæгбонтæй иу. Æрæджы дæр ма йæ бæрæг кодтой æппæт Иры дзыллæ. Нæ рæстæджы бæрæгбонмæ кæддæры цæстæнгасæй нал кæсынц. Йæ боны нал вæййы стыр уæлибондзинæдтæ, фæлæ уæддæр рох нæу Уæлладжыр æмæ Хуссарирыстойнæгтæй. Æрвылаз йæ боны (Кæрдæгхæссæнæй дыууæ къуырийы фæстæ — Хуыцаубоны) Уæлладжыры комæй рацæугæ мыггæгтæ скæнынц иумæйаг куывд, бирæ ирон хæдзæрттæ скæнынц бæрæгбоны фынгæвæрдтæ, фæкувынц Хуыцау, Уастырджи, Уацилла æмæ Уадæхсинмæ, фæкурынц сæ, цæмæй быдырты æмæ бæстыхæйтты хор, хос æрдзон фыдбылызтæй хызт уа, уыцы хорздзинад.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 56 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.015 сек.)