Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

VII. Сылгоймаг, нæлгоймаг

«Нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы Хуыцау кæрæдзийæн сфæлдыста.»

Ирон æмбисонд

 

Цæрынæй хæрынмæ ирæттæм иннæ адæмтимæ абаргæйæ сылгоймагæн стыр кад уыди. Бинонты ’хсæн дæр æмæ æхсæнады дæр ахста стыр æмæ ахъаззаг бынат. Ууыл дзурæг сты, æнусты сæрты сæ кой махмæ кæмæн æрхæццæ, уыцы номдзыд сылгоймæгты нæмттæ: Амагæ æмæ Алайнаг Иринæ, Сатеник, Бурдихан, Рухсана, Задалесчы Нана æмæ æндæртæ. Раджы дæр æмæ ныр дæр сылгоймаджы æууæлтæ ирон адæм барстой зæдтæ æмæ дауджыты æууæлтимæ, хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: «Æцæг сылгоймаг хæдзары зæд у», кæнæ «Ирон сылгоймагæн йæ хъуыдытæ дардыл зилынц», йе та, «Сатана кæд сылгоймаг уыди, уæддæр нарт йæ зондæй цардысты» æмæ æнд.

Сылгоймаг йæ уæларвон хъомысæй адæймагæн боны рухс кæй дæтты, йæ зæрдæйы хъарм æмæ йæ уæздандзинадæй йæ царды раст фæндагыл кæй æвæры, уый тыххæй йын ирон адæм зæды аргъ кодтой, сæ зонд, сæ хъару цас æххæссыди, уый бæрц æй хызтой æмæ хизынц зындзинæдтæй, рис æмæ гуымирыдзинадæй.

Ирон сылгоймаг йæ хъомыс æмæ йæ фарн рахæссы, цы хæдзары æмæ æхсæнады схъомыл вæййы, уырдыгæй.

Раджы дæр æмæ ныр дæр сылгоймаг (чызг) схъомыл кæнын бирæ зындæр уыди нæлгоймаг (лæппу) схъомыл кæнынæй. Уымæн æмæ бинонты ’хсæн дæр æмæ æхсæнады — адæмы ’хсæн, уымæн цы кад, цы ном ис, уый домы, цæмæй, цалынмæ æрыгон вæййы, уæдмæ йæ зондахаст æмæ йæ удыхъæды бацæуой уæздандзинады миниуджытæ, рæстдзинад (æнæгæдыдзинад), зæрдæхæлардзинад, хиуылхæцынад æмæ ’фсарм. Æнæ уыдонæй сылгоймаг у æгад, æдзыт æмæ æнамонд. Сылгоймаг йæхи зонынхъом куы фæвæййы, уæдæй йæ амæлæты бонмæ йæ алы ныхас, йæ алы базмæлд хъуамæ барст цæуой æфсарм æмæ уæздандзинады бæрцбарæнтæй. Ирон сылгоймаджы стыр кад æмæ æхсæнадон ахадындзинад аразгæ митæ æмæ æрдзон рæсугъддзинадæй не сты, фæлæ йын, фыдæлты æрхъуыдыгонд национ хъомылады институттæ æмæ йæ ныййарджытæ цы рæсугъд удыхъæд балæвар кæнынц, йæ миддуне йын цы æууæлтæ, миниуджытæй байдзаг кæнынц, уыдон æй кæнынц æмæ кодтой Сатанайау зонынджын æмæ хъомысджын, Дзерассæйау рæсугъд æмæ сыгъдæг. Уымæн æй барстой уæларвон зæдтæ æмæ дауджытимæ. Уыцы миниуджыты руаджы бирæ алайнаг (ирон) сылгоймæгтæ систы дунейыл хъуыстгонд лæгты æмæ паддзæхты устытæ.

Ирон сылгоймаджы миниуджытæй æппæтæй бæрзонддæр æвæрд уыдис хиуылхæцынад. Сылгоймаг уæвгæ йæ монцтыл хæцын чи нæ фæзоны æмæ фæфæразы, æхцондзинадмæ сæ уæгъдибарæй чи ауадзы, цардмæ иу боны цæстæй чи кæсы, уый ирон сылгоймаджы кадджын ном хæссыны аккаг нæу.

Сылгоймаджы зондахасты æмæ удыхъæды хорз миниуджытæ цæмæй сфидар, стынг уой, уый тыххæй æгъгъæд нæу ныййарджыты хъомыладон куыст, алы сылгоймаг дæр цалынмæ цæры, уæдмæ хъуамæ йæхæдæг архайа Иры фыдæлты фарны бындурыл йæ цард аразыныл.

Сылгоймаджы зæрдæмæдзæугæ æууæлтæй иу у йæ фæлмæндзинад, йæ барондзинад. Сылгоймагæн æгадгæнæг сты лæгой митæ, нæлгоймагимæ ерыс кæнын. Кæд уавæр тыхдомд нæ кæны, уæд сылгоймагæн, мадзал уæвгæйæ, не ’мбæлы: уæззæуттæ хæссын, хъæд калын, суг сæттын, хос кæрдын, хуым кæнын, шахтæйы кусын, белæй зæхх къахын, сис амайын, цуан кæнын, трактор скъæрын æмæ æндæр ахæм уæззау æмæ чъизи куыстытæ кæнын. Уыдон ын сафынц йæ сылгоймагад.

Ирон сылгоймаг нæлгоймаджы зæрдæ æлхæны канд гуыры фидауц æмæ цæсгомы рæсугъддзинадæй нæ, фæлæ сæйрагдæр йæ уæздандзинад, йæ дунезонынад æмæ сæрыстырдзинадæй. Сексуалон æмæ алыхуызон эротикон фæрæзты фæрцы нæлгоймæгты йæхимæ чи æркæсын кæны, уый у хъахбай æмæ ирон сылгоймаджы ном хæссыны аккаг нæу.

Фылдæр хатт сылгоймаг хъахбайдзинадыл сæнувыд вæййы, æвзонджы бонты йæ æрдзон æнкъарынад куы райхъал вæййы, уæд ныййарджытæ сæ хъомыладон куыст афойнадыл ног къæпхæныл куы нæ сæвæрынц — сæ хъæбулæн монон æнкъарынады ахадынад йæ талæнты куынæ ныффидар кæнынц, уæд.

Ирон æгъдау æмæ уагæн фыдæххæссæг æмæ æцæгæлон сты хи сексуалонæй æвдисын, æргом уарзты митæ — пъатæ æмæ хъæбыстæ кæнын, æвзæр дзыхæй дзурын, сылгоймаг æмæ нæлгоймагæн дæларм-уæларм хæцын, кæрæдзимæ армæй æвналын. Ахæм митæ раджы уа, æрæджы уа, æркæнынц æгады уавæрмæ. Нæ фыдæлтæм ахæм митæ нымад уыдысты стыр фыдракæндыл.

Сылгоймаг цыфæнды куы архайа, уæддæр хъуамæ æнæсцухæй хъуыды кæна, йæ алы фезмæлд дæр нывыл, аив æмæ уаджы фæлгæты куыд уа, ууыл. Цæмæй æнæфсармæй ма разына, уый тыххæй не ’мбæлы: ком ивæгæйæ, æхснырсгæйæ, цымыдисхуызæй, хæбæц лæугæйæ, стыр санчъехтæгæнгæ, гомриуæй, гомæгъдтæй, хъæрæй дзургæйæ æмæ худгæйæ æ.а.д. Раджы дæр æмæ абон дæр сылгоймагæн не ’мбæлди æмæ не ’мбæлы нæлгоймаджы хъæзтытæ кæнын, нæлгоймагмæ армæй æвналын, йемæ нуазын, æцæгæлон нæлгоймагимæ ныхас кæнын, нæлгоймæгты ’хсæн уæвгæйæ хъæрæй дзурын æмæ худын, æхситт кæнын, айуан кæнын, æнæзонгæ нæлгоймагимæ ахибар уæвын, йæ машинæйы абадын, кæд уавæр нæ домы, уæд.

Сылгоймаг адæмы ’хсæнмæ хъуамæ цæуа зæрдæрай, æвæллад æмæ æвæлмасхуызæй. Йæ фæлгонц, йæ дарæс — зæрдæмæдзæугæ, йæ буар, йæ цæсгом — хæрззылд, йе уæнгты базмæлд — æнцад æмæ сæрыстыр.

Ирон чызгæн йæ дарæс, йæ буары аивдзинады фæрæзтæ фæсте нæ зайынц дунейы нырыккон модæтæй. Алы чызг дæр архайы уыцы модæтæй фæсте нæ баззайыныл, йæ къух куыд амоны, уымæ гæсгæ, æрмæст ирон æфсарм хынцгæйæ æфсармы фæлгæты.

Рагæй æрæгмæ ирон адæмæн æнæуынон у лæгмондаг æмæ йæхи сексуалонæй æвдисæг сылгоймаг, ахæм цардæмбалæн нæ бæззы.

Моймæдзыд уæвгæйæ дæ рох ма уæд, Хуыцау æмæ дын æрдз дæ бæрны бакодтой, а дунейы æппæтæй уаздæр чи у, уыцы хæс, æппæтæй бæрзонддæр чи у, уыцы нысан — зæнæг кæнын.

Моймæдзыд сылгоймаг, æнæниз уæвгæйæ, Хуыцау æмæ æрдзæй йæхи уæгъдибар хонгæйæ, йæ уды æхцондзинады охыл зæнæг куы нæ фæкæны, уæд уый æлгъыст вæййы, ахæм сылгоймаг ироны ном хæссыны аккаг нæу. Сылгоймагæн æрдзæй зæнæг куы нæ фæцæуы, уæд уый дæлджиныг æмæ æддæссон кæнын та æвирхъаудзинад у.

Лæг æмæ усы цал сывæллоны хъæуы, уый сæхи хъуыддаг у, æрмæст рох кæнын нæ хъæуы ирон æмбисонд: «Иу сывæллон æххæст сывæллон нæу». Иу сывæллон схъомыл кæнын цалдæр сывæллоны схъомыл кæнынæй зындæр у, уый нын æвдисы нæ абоны царды фæлтæрæн.

Сывæллон ныййарын кад æмæ намысы хъуыддаг у, йе схæссын та — хъайтардзинад.

Сылгоймагæн Хуыцауы æвастæй, стæй кæд удхосæн нæ хъæуы, уæд не ’мбæлы къухмæ хæцæнгарз райсын, искæмæ къух сисын, исты цæрæгойтæ (фос, сырдтæ, мæргътæ, доны цæрæгойтæ æмæ хилæгойтæ) амарын, фос æргæвдын (кусарт кæнын). Ахæм митæгæнæг сылгоймаг фесафы йæ сылгоймагад. Нал æм вæййы, зæрдæмæдзæугæ йæ чи кæны, уыцы лæмæгъдзинад.

Царды ахæм уавæр куы сæвзæры, æмæ, кæй ранымадтам, уыцы нæфæтчиаг митæн æнæ кæнгæ куынæ уал вæййы, ома удхосæн куы фæхъæуынц, уæд Хуыцау дæр æмæ Сæры зæд дæр вæййынц йæ фарсхæцджытæ, фæлæ кæддæриддæр бахъуаджы сахат хъæуы Хуыцауæй хатыр ракурын: «Стыр Хуыцау, ацы хъуыддагæн мын хуыздæр мадзал нæй, æмæ мын, дæ хорзæхæй, ныббар! Табу дæхицæн, Стыр Хуыцау!»

Алы ирон нæлгоймагæн дæр хæс у сылгоймаджы хъахъхъæнын, зын уавæры йæ фарсмæ æрбалæууын, бахъуаджы сахат йæ сæраппонд хъазуаты бацæуын, чифæнды куы уа, кæцыфæнды адæмыхаттæй куы уа, уæддæр. Ирон нæлгоймаг хъуамæ архайа сылгоймаджы рæдийын нæ бауадзыныл. Сылгоймаджы исты æнæгъдау ми кæнæ фыдракæндмæ самидин кæнын у Хуыцауы æваст хъуыддаг.

Сылгоймагмæ хæцæнгарз кæнæ къух сисын, рис дзы бауадзын, тæрсын æй кæнын, æвзидын æм, æнæфсарм дзыхыуагæй йæм дзурын кæцыфæнды нæлгоймагæн дæр сты аллайаг митæ.

Сылгоймагæн фæндон куынæ уа, уæд æм бавналын, хъæбыс кæнæ йын пъа кæнын ирон лæгæн сæрмæ хæссинаг митæ не сты, йæхи бинойнаг куы уа, уæддæр.

Сылгоймаджы рæстæй цæсты ’фтауын, цъыфкалæн ыл кæнын, фæсаууонмæ йæ кой кæнын (кæд æм лаз ис, уæддæр), хахуыртæ йыл мысын нæлгоймаджы кæнынц æгад, æдзыт.

Сылгоймагæн йæ лæмæгъдзинад кæнæ йæ уарзæгойдзинадæй пайда кæнын, кæнæ йæ уыдон фæрцы фæхудинаг кæнын, фæрæдийын æй кæнын у фыдракæнд.

Сылгоймаг кæд бакастæй бæллиццаг нæу, кæнæ æрдзæй исты хъуаг у (низджын, сахъат, уæнгхъуаг, æвидыц), уæддæр æм алчидæр, иннæ сылгоймæгтæм цы цæстæнгас дары, ахæм хъуамæ дара. Уый истæмæй хъулон кæнын æнаккаг хъуыддаг у, йæ равдисын та Хуыцау æмæ дунейы фарны раз — тæригъæддзинад. Сылгоймаг уынд æмæ кондæй кæд цыфæнды у, уæддæр алы нæлгоймагæн дæр йæ хæс у зæрдæхæлардзинад æм равдисын, кæм æмбæлы, уым та йын кад скæнын æмæ йын æгъдау раттын.

Чызгæн дæр æмæ лæппуйæн дæр æмкъайады цæдисы бацæуынæн ис иу сæйраг бындур — уарзондзинад. Нæдæр исбон, нæдæр ныййарджыты бынат æхсæнады, нæдæр курдиат, нæдæр ахуыргонддзинад, нæдæр ныййарджыты фæндон кæнæ иувæрсыг уарзт. Æмкъайады цæдис æнæ уарзондзинадæй цæдис нæу.

Адæймаг æрдзæй исты хъуаг куы уа, уæд йемæ тæригъæды охыл æмкъайады цæдис саразын раст нæу, кæд дыууæ дæр кæрæдзи æцæг уарзтæй нæ уарзынц, уæд.

Уарзондзинады бындурыл цы æмкъайады цæдис не ’нцайы, уый тæлæссонд у. Афтæ чи хъуыды кæны, абон æз кæй нæ уарзын кæнæ абон æнæгъдау чи у, уыимæ уал фыццаг æмкъайады цæдис скæнон, стæй йæ уыйфæстæ бауарздзынæн кæнæ йæ уæздандзинадыл сахуыр кæндзынæн, уый йæ фидæнæй хынджылæг кæны, йæхи дæр сайы æмæ сылгоймаг дæр.

Зон, абон раппæлинаг чи нæу, уый райсом хуыздæр фæуыдзæн, уый зын зæгъæн у. Абон æдзæсгом, æнæфсарм чи у, йæхиуыл хæцын чи нæ фæразы, кæнæ зæрдæргъæвд чи нæу, уый сомбон фыддæр йеддæмæ хуыздæр нæ фæуыдзæн.

Рагæй æрæгмæ дæр ирон чызг æмæ лæппуйы уарзондзинад æнцади рог сæнттæ æмæ сæртæг монцтыл нæ, фæлæ æвронг талæнтæ, сыгъдæг æмæ æназым æнкъарæнтыл.

Ирон чызг цалынмæ мой скæна, уæдмæ хъуамæ йæ сæры кад хъахъхъæна буары монцтæй, хъуамæ зона, æхцондзинадмæ фæндаг æрмæстдæр уæздандзинадыл кæй цæуы, уый. Алы ирон чызгæн дæр йæ чызгондзинад бахъахъхъæнын йæ царды сæйрагдæр хæстæй иу у, цалынмæ æмкъайады цæдисы бацæуа, уæдмæ. Дамдзыд сылгоймаг бинонты æмæ мыггаджы худинаггæнæг у, ахæм сылгоймаг хъодыйы аккаг у.

Раджы заманы дæр æмæ ныр дæр хæзгул дарæг фæнды сылгоймаг уæд, фæнды нæлгоймаг, фæнды æрыгон, фæнды кардзыд, ирон адæмы ’хсæн нымад уыдис æмæ у цыфыддæр чъизи адæймагыл — гадздзайыл.

Чызгæн дæр æмæ лæппуйæн дæр йæ уарзондзинад æргом æвдисын фыдæлтæй нæ баззад, æмæ ныр дæр нымад у æнæгъдаудзинадыл. Чызг æмæ лæппуйы æхсæн æцæг уарзондзинад куы равзæры, уæд, цæмæй дыууæ уды æхсæн сусæггаг мауал уа, уый тыххæй фыццаг къахдзæф хъуамæ скæна лæппу.

Дыууæ уарзæгой зæрдæйы цæмæй æмкъайады цæдис саразой, уый тыххæй хъуамæ бæлвырд базоной, фыццаджыдæр, чи сты сæ ныййарджытæ æмæ се схъомылгæнджытæ, ирон æмбисонд «Байраджы йæ мадæй æвзарынц», зæрдыл даргæйæ, стæй, чызг æмæ лæппуйы ’хсæн тугхæстæгдзинад ис æви нæ. Туг æмхæццæ кæнын незамантæй ирæттæм абонмæ нымад у стыр æвирхъаудзинадыл. Цæвиттон, базонын хъæуы, лæппуйæн (чызгæн) йæ къабæзтæ æмæ йæ бинонтæ хæстæг бакæныны аккаг сты æви нæ. Дыккаджы та, чи у йæхæдæг дæ къайаг, цы йæ æлвасы дæумæ (дæ исбон, дæ номæй исты пайда скæнын, гуырдзон монц æви æцæг уарзт), цæй аккаг у æмæ цы хъом у, цавæр хъуыддагыл хæст у. (Кæс сæргонд «Ус курын æмæ мой кæнын»).

Ирон æгъдаумæ гæсгæ лæппу йæ ныййарджыты æвастæй ус нæ куры, кæд уавæр нæ домы, уæд, чызг та чындзы нæ цæуы. Ахæм хъуыддаджы фæстаг ныхасы бар ныййарджытæм хауы. Дыууæ æрыгоны кæрæдзи куы фæуарзынц æмæ кæрæдзи аккаг куы вæййынц, уæд ныййарджытæ уыцы уарзондзинады ныхмæ никуы рацæуынц — сразы вæййынц æмкъайады сæ баиу кæныныл. Кæд лæппумæ (чызгмæ) исты стыр аипп ссарынц, уæд рагацау фæзæгъынц, уыцы хъуыддагæн уæвæн нæй, зæгъгæ. Ахæм уавæры æрыгæттæ сæхи фæнд куы атæрынц, уæд уый æгас мыггагæн дæр вæййы стыр худинаг, уæлдайдæр та чызджы мыггагæн. Чызгыл æгады гакк сбады. Хуымæтæджы нæ хонынц Ирыстоны ахæм чызджы къулбадæг, æдзæсгом, хъахбай.

Нæ рæстæджы Ирыстоны æвæндонæй ус ничи никæмæн куры, моймæ ничи никæйы дæтты. Ахæм хъуыддаг у æнæфенддзинад. Ирæд дæр ничи никæмæй домы, чызг цалынмæ йæ кармæ ацæуы, уæдмæ мой нæ кæны æмæ куырдуаты нæ бады. Ирыстоны тыхæй чызг скъæфыны æгъдау нал ис, уымæн æмæ зондджын лæппу ахæм хъæддаг ми бакæнын йæ сæрмæ нæ хæссы, æгъдауджын чызг та йæхи скъæфын нæ бауадздзæн. Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: «Мæ фыдгулы чызг йе ’ртæ кæрдзынмæ ма фæбада». Йæхи барвæндонæй скъæфын цы чызг бауадзы, уый та фæхонынц «лæгмондаг», «гадздза», «куырмæдзог».

Ирон лæгæн йæ цардæмбал æндæр адæмыхаттæй кæнæ æндæр диныл хæст куы уа, уæд уый аипп нæ уыдзæни æрмæстдæр уæд, ирон уæздандзинад æмæ æфсармы бæрæггæнæнтæ куы ’ххæст кæна, куы æмбара æмæ куы дзура ирон æвзагыл. Ирон лæгæн йæ бинонтæ иууылдæр хъуамæ иронау дзурой. Йæ бинонтæ кæрæдзимæ иронау кæмæн нæ дзурынц, уый ирон лæг нæу.

Ирон бинонтæй кæд исчи æндæр диныл хæст у, уæд уый аипп нæу, фæлæ хуыздæр у, иу диныл хæст куы уой, уæд. Иры фыдæлтæ сæ чызджыты æндæр адæмы минæвæрттæм моймæ лæвæрдтой æмæ абон дæр дæттынц, фæлæ тынг стæм куырдтой чызг æндæр адæмыхаттæй.

Ирон сылгоймаг тамако нæ дымы, хъæбæр нозтæй йæхи хъахъхъæны. Сылгоймаг, мой скæнгæйæ интимон фембæлды размæ, дыууæ мæйы дæргъы, стæй, цалынмæ сывæрджын уа, уæдмæ нозт йæ дзыхмæ нæ хæссы.

Ирон лæппуйæн цæмæй йæ цардæмбал (йæ ус) рæстмæ банхъæлцау уа, уый тыххæй интимон фембæлды размæ йæ уæнг бынтондæр нозтæй сцух кæны иу мæйы дæргъы, йæ бинойнаджы хъахъхъæны уæззау куыстæй, алыхуызон зæрдæнкъуыстытæй æмæ тызмæг ныхæстæй.

Ирон нæлгоймаг, сылгоймагæй хатыр нæ ракургæйæ, тамако йæ цуры не сдымы. Сывæллон æмæ сывæрджын сылгоймаджы раз тамако нæ дымдæуы (Иры фыдæлтæ тамако нæ дымдтой), хъæр, загъд нæ чындæуы.

Сылгоймагæн йæ басывæрджыныл авд мæйы куы рацæуы, уæд йæ моймæ интимон æмбæлд нал фæкæны, цалынмæ сывæллоны райгуырдыл авд къуырийы рацæуы (49 боны), уæдмæ.

Сывæрджын сылгоймаджы уазалæй, уæззæуттæ хæссынæй (исынæй), сонт хъæртæй (мыртæй), эмоционалон æмæ психикон æнкъуыстытæй хизын алкæмæн дæр хæс у. Сывæрджын сылгоймаг хъуамæ уа ахæм адæмы æхсæн, тынг кæуыл æууæнды æмæ йæ ныфс кæуыл дары, йæ аиппытæ, йæ сонт ми æмæ хъæддых ныхас ын чи бара.

Сывæрджын сылгоймаг цы бинонты ’хсæн ис, уыдонæй алкæмæн дæр йæ хæс у, цæст æм дарын, амал æмæ гæнæн цæмæй и, уымæй йын æххуыс кæнын æмæ ныфс дарын.

Алы ныййарæгæн дæр йæ ахсджиагдæр хæстæй иу у, æмкъайады цæдисы куыд цæрын хъæуы, цоты ууыл ахуыр кæнын, ома сын лекцитæ кæнæ семинартæ кæнын нæ хъæуы, фæлæ сæ тынг зæрдиагæй ахуыр кæнын хъæуы ныййарæгæн йæхи царды фæлтæрæныл. Сывæллон царды æцæгдзинад фылдæр-фылдæр базоны йæ ныййарджытæй, сæ дзыхы ныхас æмæ сæ æрвылбоны митæй. Цот кæрæдзи фæуарзынц, мад æмæ фыд кæрæдзимæ æмæ сæ цотмæ уарзон цæстæй куы кæсой — кæрæдзимæ фæлмæн ныхас куы кæной, кæрæдзиуыл куы аудой, уæд. Ныййарджыты ахастдзинæдтæ цот фылдæр хатт бахæссынц фидæны сæхи æмкъайады цæдисмæ.

Цот сæ ныййарджытыл æмæ æрмæстдæр сæ ныййарджытыл сахуыр вæййынц, се ’мкъæйттимæ, уыдонæн сæ бинонтимæ, сæ къабæзтимæ æмæ сæ сыхæгтимæ ахастдзинæдтæ куыд аразын хъæуы, хи куыд дарын хъæуы, ууыл. Ныййарæг йæ цотæн хъуамæ фæзминаг уа.

Чызг цы бинонты ’хсæн схъомыл, уыцы бинонты царды фæтк иугуырæй йæ мойы хæдзармæ хъуамæ ма бахæсса, фæлæ æххæст кæна йæ ног бинонты царды фæтк. Кæд уыцы фæтк исты нæбæззон уа, уæд та йæ лæгъзæй, æнæмастæй хъуамæ йæ мойæн бамбарын кæна. Чызг мой скæныны, лæппу та ус ракурыны агъоммæ бæлвырд хъуамæ зоной, се ’хсæн цы интимон ахастдзинæдтæ уыдзæн, уыдон мидис æмæ сусæгдзинæдтæ. Чызг дæр æмæ лæппу дæр хъуамæ æмбарой, интимон ахастдзинæдты хъомыс æмкъайады цæдисы ахсджиаг бынат кæй ахсы, фæлæ уый къайады фидардзинадæн зыбыты иунæг фæрæз кæй нæу, уый дæр.

Лæг æмæ ус æмкъайады алы хъуыддаджы дæр сты æмбар, уымæ гæсгæ, исты вазыгджын уынаффæ хæсгæйæ, фæархайынц кæрæдзимæ хъусгæйæ, кæрæдзи фæрсгæйæ, фæлæ уæддæр уынаффæ хæсгæйæ лæгмæ хауы фæстаг ныхасы бар, стæй уыцы уынаффæ æхсæнадмæ рахæссыны бар, куыд хæдзары хистæр, афтæ. Лæг æмæ ус æмбар сты сæ интимон царды дæр. Лæг æмæ ус кæрæдзи кадæй кадджын вæййынц. Хорз лæгæн æвзæр ус нæ вæййы, æвзæр лæгæн та — хорз ус, уымæ гæсгæ сæ дыууæ дæр архайынц кæрæдзи рæсугъдæй, уæзданæй равдисыныл.

«В каждом важном деле необходимо женское начало, как основа и сущность».

Е. Блавацкая

Сылгоймаджы æнафоны (талынджы) искæдæм цæуын куы бахъæуы, кæнæ боныгон дæр исты тæссаг ранмæ куы фæцæуы, уæд йемæ ацæуы нæлгоймаг æмбал, хæстæг хионтæй исчи кæнæ сыхаг æууæнкджын лæппу. Чызгæн æнафонмæ искуы баззайын, кæд æппындæр тæссаг ницæмæй у, уæддæр аипп у. Гæнæн æмæ амал уæвгæйæ сылгоймагæн æнæзонгæ ран кæнæ æцæгæлон адæммæ баззайын не ’мбæлы. Хионæн, сыхагæн сылгоймагимæ тæссаг ранмæ кæнæ æнафон æмбалæн ацæуын хæс у. Сылгоймагимæ æмбалæн ацæуæг йæхимæ райсы стыр бæрнондзинад, æмæ цыфæнды зын раны дæр хъуамæ йæхи равдиса уæздан æмæ æхсарджын сæрхъуызойæ, уавæрмæ гæсгæ куы бахъæуа, уæд хъуамæ хъазуаты дæр бацæуа.

Сылгоймагимæ ныхасгæнгæйæ, кæд гæнæн ис, уæд сабыргай дзур, чъизи, æнæгъдау ныхас ма кæн, де ’ргом æндæр искæдæм ма здах, йæ ныхас ын ма скъуыддзаг кæн, ныхасгæнгæйæ йæ ма ныууадз æнæхатыр ракургæ, «хъус-ма», зæгъгæ, йæм сидын, кæнæ йæ ныхасгæнгæйæ бакъуыр-бакъуыр кæнын не ’мбæлы. Хъазты кафгæ-кафын сылгоймаджы кафгæ ныууадзын худинаг æмæ æнаккаг ми у. (Кæс сæргонд «Хидарыны уагæвæрдтæ»).

Лæгæн, сиахсæн мидæгмоймæ бацæуын, ома, усы цæгаты цæрын сæрмæ хæссинаг нæу. Кæд хæдзар дæ бинойнагæн (усæн) сæрмагондæй йæхи у, уæддæр чындзæхсæв уым скæнын аипп у. Чындз хъуамæ фарн бахæсса йæ мойы хæдзармæ кæнæ мойæн йæ хæдзарвæндаджы бæстыхаймæ, кувгæ дæр ын чындæуы уым.

Каистæм æхсæвиуат бакæнын, кæд æндæр гæнæн ис, уæд аив нæу.

Сылгоймæгты ныхæстæм дзырдæппарæн кæнын, аивæй сæм хъусын, æдзынæг сæ искæмæ кæсын, кæнæ йын йæ буармæ æнæфсарм кæстытæ кæнын нæлгоймаджы æгад кæнынц. Ирмæ рагæй æрæгмæ дæр сылваз нæлгоймаг æгады гакк хаста æмæ хæссы.

Кадджын уазæгмæ, хъæуы кæнæ мыггаджы хистæрмæ исты ахсджиаг хъуыддагмæ (куывд, чындзхаст, фидыды фынг, кæнæ исты уынаффæ рахæссынмæ æрвыстæуы сылгоймаг-хонæг). Сылгоймаг-хонæг фервитынц, цæмæй хуынды ахсджиагдзинад бахахх кæной, уый тыххæй. Сылгоймаг-хонæг кæмæ æрбацæуы, уый тынг æнæвдæлон куы уа кæнæ ’нæфæразгæ, уæддæр сылгоймаджы æфсæрмæй рацæудзæн, сылгоймаг-хонæджы коммæ нæ бакæсын кад нæ кæны нæдæр хонинагæн, нæдæр хонæгæн. Сылгоймаг-хонæг иунæгæй нæ фæцæуы, фæсивæдæй йемæ хъуамæ исчи уа. Хонгæ кæй фæкæнынц, уый кæд дард искуы фæцæры, уæд æм сылгоймаг-хонæджы аласынц исты хæдтулгæйыл.

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 312 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.015 сек.)