Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Хæрнæджы фынгæвæрд æмæ хæрнæджы бадт

Читайте также:
  1. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 1 страница
  2. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 2 страница
  3. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 3 страница
  4. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 4 страница
  5. XV. ИУÆЙ-ИУ ФИППАИНÆГТÆ ÆМÆ НЫХÆСТЫ МИДИС
  6. Алы ныхасæн дæр фæтк æмæ уавæр ис» фæзæгъынц
  7. Амæй фæстæмæ дæ къухы æнтыстытæ æфтæд.

 

Хæрнæджы фынгæвæрдтæ иууылдæр æмхуызæттæ вæййынц, фæнды стыр хисты уæд, фæнды чысыл кæнды. Сæ фæтк æмæ се ’гъдæуттæдæр сты иухуызон. Хæрнæгæн фæнды гал аргæвд, фæнды рæуæд, фæнды фыс йе уæрыкк — уæлдай нæу. Сæ фарн æмæ сæ ахадындзинад у иу. Мæрдджынтæ фæархайынц, сæ фадæттæ, сæ уавæр хынцгæйæ.

Хæрнæджы фынгмæ нæ хастæуы, хæлар кæнын нæ фæтчы:

— рынчын, хæдмæл, топпæй мард æмæ æнæсыкъа цæрæгойты фыд;

— хуыснæггаг, гæртамæй амалгонд фосы фыд кæнæ хуыснæггаг æмæ гæртамæй конд хæринæгтæ;

— куывд кæнæ хæларгонд чи ’рцыди (æндæр хъуыддагæн), ахæм хæринæгтæ æмæ нозт;

— амæлæг уæлæуыл æлгъ кæмæ кодта æмæ æнаккагыл кæй нымадта, ахæм хæринæгтæ æмæ нозт;

— ныффæлдисыны размæ адæм кæнæ фос кæмæй сахуыстой, ахæм хæлцæгтæ æмæ хæринæгтæ.

Хæрнæджы фынгтæ гом арвы бын вæййынц ныгуылæнæй скæсæнырдæм рæгъæвæрдæй, хæдзары та — артдзæсты ’рдæм, кæд гæнæн ис, уæд.

Мардмæ æрцæуæг адæмæй кæнды фынгыл сбадынц æрмæстдæр бадты кæронмæ рæстæг кæмæн и, уыдон.

Хæрнæджы фынгыл хистæрæн бады уæздан, дзырддзæугæ, фынджы æгъдæуттæ хорз чи зоны æмæ сæ кæронмæ, куыд æмбæлы, афтæ чи ахæсдзæн ахæм адæймаг. Бадты хистæрæн (фыццаг хистæр) бады сыхбæсты карджын лæгтæй иу, дыккаг хистæр — мæрдджын мыггагæй кæнæ сæ хæрæфырттæй.

Фынджы уæлхъус сæ бынæттæ фыццаг бацахсы хистæр. Фыццаг хистæр фæбады фынджы уæллаг кæрон, йе ’ргом адæммæ, хурыскæсæнырдæм, цæмæй, уынаффæ цы адæмæн кæны, уыдон æй уыной æмæ сæ йæхæдæг дæр уына, фынгæн та уа галиу æмæ рахиз фæрстæ. Хистæр куывды дæр æмæ кæнды дæр хистæр у, йæ бынат ис фынджы сæргъы. Фынг куывды у æви кæнды, уый та хъуамæ зына æрмæстдæр адæмæн сæ уагыл. Дыккаг хистæр сбады фынджы фарсмæ бадты хистæрæн йæ галиу фарсырдыгæй. Иннæ æрцæуæг адæм сбадынц сæ кармæ гæсгæ. Фынгмæ æрæджиау чи ’рбацæуы, уымæн, цыфæнды кары куы уа, уæддæр йæ бынат ис фынджы дæллаг кæрон уæгъд бынаты. Хъæубæстæй хисты фынгыл бадыны бар ис æрмæстдæр зæронд лæгтæ æмæ зæронд устытæн.

Кæнды фынджы уæлхъус уырдыглæуджытæн сæ архайæн бынат ис фынджы галиу фарсырдыгæй, кæд уымæн гæнæн ис, уæд. Алы 12—16 адæймагæн уырдыг фæлæууы иу лæппу сыхбæстæй (хъæубæстæй). Уырдыглæуджытæн разамынд дæтты лæггадгæнджыты хистæр.

Хæрнæджы фынгыл æппынкъаддæр хъуамæ уа:

— дыууæ кæнæ цыппар кæрдзыны (фынджыдзаг), хистæрты раз;

— фосы сæр æнæ бинаг æфсæр æмæ æнæ ’взагæй, йе ’ргæвдæн бадты хистæры ’рдæм;

— бæрзæй æнæ ’фцæгæй æмæ æнæ бирæгъы хайæ, сæрæн йæ рахиз фарс кæнæ йæ уæлæ æвæрдæй;

— суар кæнæ хуымæтæджы нуазыны дон;

— арахъхъ кæнæ сæн, йе къуымæл, науæд та бæгæны;

— цæхх цæхдарæны æмæ кард.

Мардæн йе ’вæрæн боны хистмæ кæд амал æмæ гæнæн ис, уæд бас, халсартæ, дыргътæ тъæнгты хъæрмхуыпп æмæ плау рахæссын аипп нæу.

Зынгхæссæны фæстæ цы кæндтæ чындæуы, уыцы фынгæвæрдтæм хастæуы, амæлæг удгоймаг цыдæриддæр адджынæн хордта, уыцы хæринæгтæй кæцыфæнды дæр, сыджытбын (хъуымбылджын) халсартæ æмæ, уæлæуыл кæй нæ уарзта, уыцы хæринæгтæ æмæ нозтæй дарддæр.

Кæнды бæркæдтæ се ’ппæт дæр сты фæлдисинаг.

Марды кæнды фæлдисгæйæ дæр æмæ фынгтыл дæр хæларгæнинæгтæ вæййынц къæйттæй (2, 4, 6 æмæ а.д.), хойрæгтæ (чъиритæ) та æрмæст дыгæйттæй æмæ цыппæргæйттæй. Хæларгæнинæгтæ кæд къæйттæ вæййынц, уæддæр сæ ас æмæ сæ бæрцæн ницы ахадындзинад ис, æргæвдинаг дæр фæнды стыр уæд, фæнды — чысыл.

Бадты адæмæй алкæмæн дæр йæ разы хъуамæ уа тæбæгъ, саджилæг, къухсæрфæн, агуывзæ, хатгай уидыг дæр.

Хæрнæджы фынгыл цы рæгъытæ (сидтытæ) рауадзынц, уыдон сты:

— Стыр Хуыцауы номыл;

— марды рухсагæн;

— мардæн йæ фæстæ цы бинонтæ баззад, уыдон цæрæнбонæн;

— мардæн йæ къабæзтæй мæрдты чи ис, уыдоны рухсагæн;

— мардæн лæггад цы сыхбæстæ, цы кæстæртæ бакодтой, уыдон цардамондæн;

— марды æмæ мæрдджынты Мыкалгабыртыл бафæдзæхсынæн.

Рæгъытæ æдæппæт сты 6, фæлæ хистæрæн йæ бон у 4 рæгъы рауадзын, уыдон вæййынц:

— Стыр Хуыцауы номыл;

— марды рухсагæн;

— мæрдджын бинонты цардамондæн;

— Мыкалгабырты номыл.

Мард цалынмæ ныгæд æрцæуа, уæдмæ йын не ’мбæлы хæлар кæнын нæдæр хойраг, нæдæр фыдызгъæл, йе æндæр исты хæринæгтæ. Нæдæр ингæнкъахджытæн, нæдæр хæрнæджы кусарт фыцджытæн, нæдæр хойраггæнджытæн не ’мбæлы кæнды хæлцæй аходын, цалынмæ мард ныгæд не ’рцыди, уæдмæ. Фæлдисинаг хæлцæй канд адæймаг нæ, фæлæ фос, цæрæгойтæ дæр хъуамæ ма фæхъæстæ уой, ахæм фæлдисинаджы нал вæййы нæдæр фарн, нæдæр Хуыцауы комытæф æмæ йæ Хуыцау нæ исы амæлæгæн хæлайраг скæнынæн.

Хæрнæджы фынгыл сидты ныхæстæн «оммен» нæ чындæуы, фынджы сæрты рæгъ нæ уагъдæуы, лæугæйæ нæ нызтæуы, нуазæнтæ кæрæдзиуыл нæ къуырдæуы (къуырццæй нæ нызтæуы), искæмæн нуазæнтæ нæ лæвæрдæуы, искæмæн нозт нæ хъардæуы. Бадты адæмæй хъæрæй дзуры æрмæст бадты хистæр, иннæтæ иууылдæр ныхас дæр æмæ сидгæ дæр кæнынц мынæг хъæлæсæй. Бадты адæмæй алчи дæр сиды, йæ фарсмæ дæлæрдыгæй чи бады, уымæ.

Хæрнæджы бадты хистæр ныхасы бар ратты æрмæст мыггаджы хистæрæн кæнæ, мыггаджы номæй хистæрæн чи фæбады, уымæн æртæ рæгъы фæстæ. Уыцы нуазæн амоны, мардæрцыд дунейы цард кæй не ’рурæдта, уымæ гæсгæ бинонты, мыггаджы хъуамæ ныфс уа, фыдохы бонтæ кæй раивдзысты хуыздæр заманмæ, æмæ та цард йæ кæнонтæ кæй кæндзæн. Мыггаджы хистæр цыбырæй арфæ ракæны æрцæуæг адæмæн, рухсаг фæзæгъы мардæн æмæ йæ нуазæнæй бадгæйæ саходы кæнæ йæ бануазы. Ахæм нуазæн фæстæмæ дзагæй не здæхтæуы, уымæ гæсгæ агуывзæ ратты уырдыглæууæгмæ.

Сыхбæстæ æмæ, лæггад чи кæны, уыдон цардамондæн рæгъ куы рауадзынц, уæд дыккаг хистæр кусарты сæрæй галиу хъус ралыг кæны, дæргъмæ йæ дыууæ уадздзаджы фæкæны, цæхх ыл айзæры æмæ йæ сæрыл æрæвæры.

Бадты адæм фынгтæй куы сыстынц, уæд дыууæ къордæй кæрæдзи комкоммæ кæрты кæнæ кæртмæ бацæуæны тæфæрфæсгæнджытау æрлæууынц — мæрдджынтæ æмæ хæстæг сыхбæстæ хæдзарырдыгæй, се ’ргом æддæрдæм; æрцæуæг адæм (æндæр хъæуккæгтæ æмæ дард хæстæджытæ) та — сæ ныхмæ æддæдæр, æмæ кæрæдзийæн арфæ ракæнынц. Фыццаг æрцæуæг адæмы хистæр иу санчъех размæ ракæны æмæ фæзæгъы:

В а р и а н т: «Фыдохы уæвæг Æрхонтæ æмæ сæ арфæйы аккаг сыхбæстæ, абонæй фæстæмæ ацы кæртмæ, ацы сыхбæстæм бирæ азты дæргъы цины хъуыддæгтæм куыд цæуæм, ахæм хорз уын дунескæнæг Стыр Хуыцау ракæнæд! Табу йæхицæн! Асте рухсаг уæд! Цы мæрдтæм цæуы, уыдон хорзæх æй уæд. Йæ фæстæ чи баззад, уыдоныл хæрзаудæн кæнæд хионæй, æддагонæй!»

Уыйфæстæ æрцæуæг адæмæн раарфæ кæны сыхбæсты (хъæубæсты) хистæр, размæ иу санчъех ракæнгæйæ.

В а р и а н т: «Мардмæ æрцæуæг хорз адæм, нæ зæрдæйы хъыг, не ’рхæндæг уæхимæ райстат, Астейы нын йæ фæстаг балцы фæндагыл сбуц кодтат æмæ уæ дунескæнæг Хуыцау йæ хорздзинæдтæй барæвдауæд! Табу йын уæд! Асте та уыл цæрæнбонтæм цардаудæн кæнæд! Æнæмæлгæ Дуне нæй, фæлæ иу мæлæг адæймаг мæрдтæм цардæфсæстæй ацæуæд! Хуыцау уын уæ цины хъуыддæгтæ фылдæр скæнæд! Уæ цæрæнбон бирæ уæнт!


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 61 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)