Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Куывд æнæ хъæлдзæгдзинад нæ фидауы

Читайте также:
  1. VII. СЫЛГОЙМАГ, НÆЛГОЙМАГ
  2. XV. ИУÆЙ-ИУ ФИППАИНÆГТÆ ÆМÆ НЫХÆСТЫ МИДИС
  3. Дæ къухтæ фæрнæй фæдар.
  4. Минæвæрттæ æмæ сæ архайд
  5. Уынджы æмæ æхсæнадон бынæтты
  6. Хæрнæджы фынгæвæрд æмæ хæрнæджы бадт

 

Музыкæ, зард, кафт æмæ хъæлдзæг хъæзтытæ цы цины хъуыддаджы нæ вæййынц, уый вæййы æнæзæрдæмæдзæугæ æмæ фæлгъуыз. Æрмæст бахæрын æмæ баназыны охыл адæмы æрхонын у æнæфенддзинад. Ирон куывд, ирон чындзæхсæв, ирон бæрæгбонæн йæ рæсугъддзинад, йæ фарн хъæлдзæгдзинады ис æмæ, уый хынцгæйæ цины хъуыддаг аразгæйæ, фысымтæ хъуамæ лæмбынæг ахъуыды кæной, цы хуызы æмæ цавæр мадзæлттæ саразын хъæуы, цæмæй хуынд адæм иууылдæр цинхуыз, хъæлдзæг уой, уый тыххæй. (Кæс сæргонд «Ускурын æмæ мойкæнын»).

Циндзинад хъуамæ уа бæрæгбонæн йæ алы ми, йæ алы архайды дæр. Кæд уыди фыдæлтæм, æмæ куывды фынгæй зарæг æмæ нуазыны цагъд нæ хъуыстаид, хъæлдзæг ныхас кæнæ æмбисонды таурæгъ дзы нæ рачындæуыд?

Фынджы уæлхъус фыццаг ныззарынц хистæртæ дыууæ, æртæ гаджидауы фæстæ, стæй йæ кæстæртæ айсынц. Фылдæр хатт уый вæййы Уастырджийы зарæг. Кæстæртæ хистæртæм арфæйы нуазæнимæ куы ’рбацæуынц, уæд семæ æрбахонынц фæндырдзæгъдæджы æмæ ма иуæй-иу хатт зарæгамонæджы дæр, цæмæй хистæртæн нуазыны цагъд æмæ «Айсæй, аназæй» акæной, уый тыххæй.

Цины хъуыддаджы хъазт бауромыны бар ис, æрмæстдæр кæрты хистæриуæг чи кæны, уымæн. Удавдзæг, зарæг æмæ хъазт бауромынц, æрмæстдæр хистæртæ кувгæ кæнæ фысымтæн арфæ куы фæкæнынц, уæд.

Цæмæй бадты хистæртæ æмæ уазджытæ кæрæдзи ныхас хъусой æмæ ма сфæлмæцой, уый охыл, кæд гæнæн æмæ амал ис, уæд хъуамæ фæндырдзæгъдджытимæ (ансамбылимæ) уой хицæн рæтты.

Фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ загътой, мардæрцыд æмæ цины хъуыддаг фæрсæй-фæрстæм цæуынц, зæгъгæ. Сыхбæстæй, хъæубæстæй искæйы хæдзары æнæфснайд (æнæныгæд), мард куы вæййы, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, цалынмæ æфснайд æрцæуа, уæдмæ хъæлдзæгдзинадæн уæвæн нæй. Фæлæ мард æфснайд куы ’рцæуы, уæд мæрдджын мыггагæн сæ хæс у, цины хъуыддаг цы хæдзары уа, уырдæм минæвæрттæ барвитын æмæ сæм æрхатын, уæ хъуыддаг, уæ циндзинæдтæ, куыд снысан кодтат, афтæ кæнут, зæгъгæ. Уыцы хъуыддагыл зæрдиагæй фæархайынц сыхбæстæ, хъæубæстæ. Уый та уымæн, æмæ æнæ мардæрцыд æмæ æнæ мардыкæндтæ иу хъæубæстæ дæр нæ вæййы, æмæ кæрæдзийы уавæр куы нæ хынцой, уæд хъæлдзæгдзинадмæ рад никуы ’рхаудзæн, йæ кой дæр нал уыдзæн. Уымæн-иу загътой нæ фыдæлтæ, цин æмæ зиан æфсымæртæ сты, зæгъгæ.

Ахæм цины хъуыддæгтæ, зæгъæм: чызгæрвыст, чындзхаст, хъæугуывд, фыццаг кæхц, уыдон арæх нæ вæййынц, æмæ сæм бинонтæ — фысымтæ — мæйгæйттæ сæхи фæцæттæ кæнынц. Уымæ гæсгæ мæрдджынтæ сæ сыхæгты уавæры бацæуынц æмæ сын бар раттынц.

В а р и а н т: «Цоколаты уæздан мыггаг, уæ хъуыддæгтæ уæхи фæндиаг уæнт æмæ Стыр Хуыцауы зæрдæмæ фæцæуæнт, табу йæхицæн! Уæ фæрнæйдзаг кæрты циндзинады артдзæст макуы ахуыссæд! Нæ хъæубæстæн мах мардæрцыд Хуыцау æгъгъæд скæнæд!

Фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ загътой: «Мардæрцыд æмæ цины хъуыддаг æфсымæртæ сты». Цалынмæ нæм чындзæхсæвтæ уа, уæдмæ ноггуырдтæ дæр уыдзæн, ноггуырдтæ цалынмæ уой, уæдмæ та æнæ мардæрцыд нæ уыдзыстæм.

Мах уæ нæ мыггаджы номæй курæм, табуафси, мæнæ цы дыууæ сабийы амондмæ кувут æмæ цин кæнут, уый сын ма батар кæнут! Уыцы хъуыддаг амæлæг удмæ дæр æмæ Хуыцаумæ дæр раст нæ фæкæсдзæн. Æнæ мардæрцыд никæд уыдзыстæм æмæ алы мардæрцыдæн дæр нæ фыдæлты æгъдæуттæ куынæуал кæнæм, уæд нæ ферох уыдзысты, æмæ ма уæд цæй ирон адæм уыдзыстæм.

Уæ хорзæхæй, уæ чындзæхсæв фæндырдзагъд æмæ зарæгæй срæсугъд кæнут!»

Ирон фынг Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм кувынæн у, йæ фарн æмæ йе ’фсарм æгæрон сты. Уымæ гæсгæ алы ирон адæймагæн дæр хæс у фынджы æгъдæуттæ хорз зонын æмæ сæ æххæст кæнын.

 

XII. КУВИНÆГТÆ, ХУЫНТÆ, ЛÆВÆРТТÆ

1. Цы сты кувинæгтæ

 

Ир кувгæ цæмæйдæриддæр кæнынц, уыдон, уæлдæр куыд сбæлвырд кодтам, афтæмæй иууылдæр сты, адæм сæ цардхъомдзинадæн Хуыцау æмæ зæдтæй цы ахъаззагдæр хорздзинæдтæ курынц, уыдонæн сæ дзырдгонд нысæнттæ (символтæ). Уымæй уæлдай ма сæ кувæг Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæн фæхъары: «Фен мæ уды фæллой, барст дын уыдзæни», ома дын рис, низ не ’рхæсдзæн, бæззон дын уыдзæн. Æмæ æцæгдæр уыцы кувинаг бæркæдтæ цæмæй барст æмæ хæлары бæркæдтæ уой, уый тыххæй сæ скæнынц хи удвæллой, сыгъдæгзæрдæ, сыгъдæг хъуыдытæ æмæ сыгъдæг къухтæй, рæсугъд. Уыцы бæркæдтæ иууылдæр вæййынц, æвзаргæ хæлцæгтæй, хызт вæййынц фыдхæссæг комытæфæй.

Æркæсæм-ма, куыд хуызы æмæ цæмæй сцæттæ кæнынц уыцы нысæнттæ-бæркæдтæ.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 40 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)