Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ХУР, ХÆХТÆ ÆМÆ ДЕНДЖЫЗ

ПОЭТЫ ФЫНГЫЛ ЗЫМÆГОН | AElig;МÆ УÆДДÆР... | НЫЙЙАЗÆЛД | ИРОН МАДЫ НЫХАС ÆНÆЗОНГÆ САЛДАТЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | СВЕТЛАНÆЙÆН | ИРОН ХЪАЗТЫ МЕЛОДИ | ДÆУÆН | ХÆХБÆСТЫ АРГЪАУ | БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ | ЧЕСЕЛТГОМ |


Читайте также:
  1. БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ
  2. БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН
  3. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ
  4. ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ
  5. ДЕНДЖЫЗЫ МАСТ
  6. ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ
  7. КÆМÆНДÆР

Дыууæ этюды

I

Хæхты, сусæны мæйы

Куы ныкхæлы иуафон арв

Æмæ тæрккъæвдайы

Къухы зæрдæйы ыстæвдæн æртæхтæ

Куы ныххойынц зæххы риу

Рыджы фæздæг калгæ,

Уæд хохаг фæзæгъы:

— Йæхи найы хур!

Иу уысм, æмæ та

Сæгъы цармау — ног ыстыгъд,

Нырттивы бæрзонд арвы цъæх;

Йæ тæккæ бæрæгастæу

Æрдынау ныкъкъæдз и —

Æрвгæроны иу былæй иннæмæ

Тæмæнкалгæ Авдхойы рон.

Мæнмæ-иу уæд каст:

 

Хур цынадта йæхи, æмæ айсæфт рæстæгмæ:

Хохæй-хохмæ æрттивгæ бæндæныл

Сты ауыгъд йæ сызгъæрин гæрзтæ.

II

Ам та, сæумæйæ

Хур мыстулæгау хъавгæ куы сдары йæ сæр,

Цæст куы нæ лæууы

Денджызы судзгæ тæмæнмæ,

Уæд хатгай æвиппайд ныттар вæййы арв,

Ныккæлы йæ цæссыг;

Ныууынæргъы денджыз йæ кæхцы.

Уæззау мигътæ, саутар, нынныхъуырынц хуры.

Мæнмæ уæд фæкæсы:

Хур надта йæхи,

Цæмæйдæр фæкъæмдзæстыг æмæ йæ гом буар

Амбæхста мигъы пæлæзæй;

Ныр фæсхохы

 

Йæ хуылыдз, йæ донласт уæлæдарæс

Тагъд-тагъд лæмары.

ЗОНГÆТЫ МЫСГÆЙÆ

Мæ рагбонтау мæ баззадыстут рохы,

Мынæг кæны фæндыры зæлау цард.

«Ау, уый та куыд!» — фæзæгъын, фæлæ, оххай,

Чи — зæрдæйæ, чи — арæнæй у дард.

 

Мæ цæсты раз уæ цæсгæмттæ, уæ фезмæлд...

Мæ цымыдис рæгъмæ хæссинаг нæу,

Фæлæ кæд ды мæ хæлар уыдтæ, ме знаг, —

Кæнæ, хæлар, мæ хорз нæ фæндыд дæу?

 

Йе кæнæ ды, æрхæндæг чызг, йæ зынтыл

Мæн уарзгæйæ, кæмæ нæ уыд ысдзырд, —

Кæд-иу зæдау кæй агуырдтон мæ фынты, —

Дæ иунæг мидбылхудты аргъ нæ уыд?

 

Кæд, чи зоны!... Фæлæ у хъуыды хивæнд...

Æз иу хорзæн кæнын нæ зæххыл аргъ:

Куы фæкæнын хæлар сафынмæ зивæг,

Куы нæ кæнын ызнаг ссарынмæ тагъд!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 47 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ПОЭТÆН| ТУРКАГ ИРОНЫ ХЪЫНЦЪЫМ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)