Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Дзырды фарн

СЫЛГОЙМАДЖЫ АМОНД | СЫЛГОЙМАДЖЫ ФÆНДОН | ЗАРÆГ | ФЫДÆНХЪÆЛ | ИЛАС ÆРНИГОНЫ МОНОЛОГ | РАЗДÆХ | СЕ ЗНАГЫЛ МÆ ЧИ НЫМАЙЫ, УЫДОНÆН | УАЛДЗÆГ | ФЫСДЖЫТЫ ХÆДЗАРЫ ÆХСÆВГÆС | ХÆРЗИУÆГ |


Тар. Æрфынæй мæ райгуырæн къæс.

Хæхтыл сыстад поэзийы уаз цырт.

Ам кæстæрæн у иу хорз йæ хæс:

У ’ргом æмæ растдзырд.

 

Гъæй, цы фæдæ, аив дзырды фарн!

Ног у судзгæ цыргъыссад мæ хъама.

Риуы арфдæр зæгъинæгты дуар

Фелвæст-ферттывдæй атона хъуамæ.

 

Аззад ивгъуыдыл уды сæлæф...

Аппар уæнгтæ сæрибарæй хосыл, —

Афтæ сæрды гæлæбуйы хæрв

Къухыл андæдзы хъулонæй, носау.

 

Судз, фæндиæгты зарæджы арт!

Бур цъæнутыл æрытау дæ нымæт.

Ам дæ фæндаджы риссæгты уарт

Ары, хъазæны хъулау,

Дæ хъысмæт.

 

Тары уатыл æнæсым у хъæд.

Уыг йæ уасынтæ, зарæгау, систа...

Байрйай, Ир!

Уый дæ хъæбул, дæ фæд

Ног йæ бæхæй

Æрфистæг!..

поэт

 

Иу сæударæй иннæмæ цæры

Рогвæсмон, зынггур гæлæбу, циндзаст.

Судзгæ зынг æй раууатмæ тæры,

Фæлæ кæс, æмæ та ногæй сирвæзт.

 

Зынгыл та ныххуырсы ног йæхи,

Уый йын макæ-макæйæ нæ хъæцы:

Æз дæуæн — дæ урс ингæн, мæ хур!

— Нæ,

— Æз цардмæ рацыдтæн дæ фæрцы!..

 

Æмæ та йæ базырты куырдадзы,

Фаззон фырттау, цард æмæ мæлæт

Иу æндæры къах айсын нæ уадзы, —

Уый, поэт, дæ разагъды хъысмæт...


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 56 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
ФÆЗЗÆГ НÆ ХÆХТЫ| ФÆСМОН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)