Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

ХУЫЦАУЫ ÆРТÆ ХОРЗÆХЫ

Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой, зæгъгæ, Стыр Иунæг Хуыцау адæймагæн ратты æртæ хорздзинады: йæ райгуырæн бон, йæ амонд куы ссары, уæд (мой куы скæна кæнæ ус куы ракура, уæд), стæй йæ рухс дунейæ куы ахицæн вæййы, уæд цы фæд ныууадзы, уый.

1. Йæ райгуырæн бон. Сывæллон æнæсахъат æмæ æнæнизæй куыд райгуыра, мад æмæ йын фыд куыд уа, афтæмæй амондджынæй куыд схъомыл уа æмæ уæлдæр ахуырад куыд райса.

2. Йæ амонд ссарæн бон (адæймаг бинонты хъуыддаг куы бакæна, ус куы ракура кæнæ мой куы скæна). Ацы фарста аразын хъæуы афоныл. Æнæ усæй æмæ æнæ мойæ бирæ бадын раст нæу æмæ не ’мбæлы. Ацы хъуыддаг талф-тулфы аразæн дæр нæй. Ныхасы афтæ баззад: дæс хатты йæ сбар, дзæбæх ыл ахъуыды кæн, стæй йæ иу хатт алыг кæн. Нæ фыдæлтæ-иу гуыбынмæ дæр фидыдтой. Баныхас-иу кодтой, æнхъæлцау сылгоймагæн кæд лæппу уа, уæд дын æз мæ чызджы дæттын. Кæд чызг райгуыра, уæд та йæ ды мæ лæппуйæн ратт. Уыдон-иу куы байрæзтысты, уæд-иу сæ цард баиу кодтой æмæ кæрæдзи уарзгæйæ цардысты, стæй бирæ цот уагътой, мыггæгтæ æмæ Ирыстон фылдæрæй фылдæр кодтой.

Чындзæхсæвы афтæ фæкувынц, ома ацы хъуыддаг амондцжын уæд, зæронды бонмæ кæрæдзи уарзгæйæ фæцæрæнт, бирæ цот хъомыл кæнæнт æмæ дзы арæхдæр кæхцытæ куыд кæной.

Ныртæккæйы рæстæджы алы дыккаг бинонты цард дæр фехæлы, рахицæн вæййынц. Цæмæн, цæй тыххæй. Уыцы рахицæндзинад дыууæйæн дæр æгады нысан у, сывæллонæн та у æнамондцзинад. Ныртæккæйы рæстæджы афтæ не ’мбæлы, уымæн æмæ кæрæдзи фыццаг хатт нæ фенынц. Иумæ ахуыр фæкæнынц скъолайы æмæ уæлдæр ахуыры бынæтты. Кинотæм æмæ театртæм цалдæргай азты цæуынц, кæрæдзийы бинонты зонынц. Кæмæ цы зондахаст ис, уый дæр зонынц. Уæ хорзæхæй, ма халут уæ цард.

Алчидæр æй зоны, нæлгоймаг хъуамæ уынаффæ кæна, бинонты дара, хæдзары цæджындз æмæ фидарзондыл хæст уа, цард æмæ хæдзары къона хъахъхъæна. Æцæг, хивæндзонд пайда нæ хæссы. Дыууæ царцæмбалы хъуамæ кæрæдзимæ хъусой, иумæ уынаффæ кæной, уымæн æмæ зондджындзинад кæмæ хуыздæр æвæрд у, уый бæрæг нæй. Дыууæ уарзон æмкъайы астæу хъуамæ ма цæуа ахæм ныхæстæ, æз дæуæй ахуыргондцæр кæнæ зондджындæр дæн, зæгъгæ. Зондджындæр чи у, уый цард нæ халы, стæй алы хъуыддаг дæр ныббары. Цымæ цы ис уымæй хуыздæр, кæрæдзийы уарзгæйæ зæронды бонмæ фæцæр. Бирæ цот, зонгæтæ æмæ æрцхæрдты ’хсæн.

3. Йæ амæлæты бон. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ загътой, хорз адæймаг уыдтæ æви æвзæр, уый бæрæг уыдзæн дæ амæлæты бон, зæгъгæ. Адæймаг куы цæра, уæд хъуамæ лæвар ма фæцæра, хъуамæ дæ фæстæ исты хорздзинад ныууадзай бинонтæн, мыггагæн, сыхбæстæн æмæ ирон адæмæн. Ахæм адæймаг куы амæлы, уæд адæмы астæу мыггагмæ баззайы йæ ном æмæ йæ кад. Æнæмæлгæ дуне нæй, Хуыцау зæгъæд æмæ уæ алчидæр фæцæрæд фондзыссæдз азæй фылдæр.

Алы адæймаг дæр хъуамæ хъуыды кæна, фыццаджыдæр йæ бинонтыл, мыггагыл æмæ ирон адæмыл. Хъуамæ уыдонæн лæггад кæна, мæрдтæм ничима ницы ахаста, уымæ гæсгæ йæ фæстæ хъуамæ ныууадза кад æмæ хорздзинад.


Дата добавления: 2015-08-02; просмотров: 56 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
РАЗНЫХАС| ЧЫЗГÆРВЫСТ ÆМÆ ЧЫНДЗХАСТ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.005 сек.)