Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Разныхас

Зынаргъ чиныгкæсджытæ! Сымах ацы чиныджы бакæсдзыстут нæ иумæйаг нырыккон ирон æгъдæутты тыххæй, фæлæ уæ курæг стæм, раздæр-иу бакæсут ацы разныхас.

Махæн нæ фыдæлтæ суанг æнусæй абоны онг ныууагътой хорз кад æмæ æгъдæуттæ. Рæстæг куыд цæуы, афтæ царды дæр цæуы бирæ ивддзинæдтæ. Куыд зонут афтæмæй, нæ фыдæлтæм нæ уыд, абон адæммæ цы хорздзинæдтæ æмæ хъæздыгдзинæдтæ ис, уыдон. Зæгъæм: хæдтæхджытæ, хæдтулгæтæ, ракетæтæ, телеуынынад, телефонтæ æмæ æндæр цард хуыздæргæнæн техникон мадзæлттæ æмæ сгуыхтдзинæдтæ. Уымæ гæсгæ царды куыд цæуынц ивддзинæдтæ, афтæ ивд цæуынц нæ æгъдæуттæ дæр. Цардимæ мах дæр размæ хъуамæ цæуæм, уымæн æмæ æгъдæуттæ дæр цардимæ баст сты. Мах афтæ зæгъæм, нæ фыдæлты æгъдæуттæн сæ бындурæн ивæн нæй. Ирон адæм æгъдæуттæ сæхицæн сæхæдæг æвæрынц. Æххæст, хъыгагæн, халгæ æмæ æмхæццæ дæр сæ чидæртæ нæхицæй кæнынц. Махæн, абоны фæлтæрæн, нæ хæс у лæмбынæгæй æркæсын не ’гъдæуттæм, ма сæ бауадзæм æмхæццæ кæнын, махмæ хъуамæ уа ирон æгъдау, хорзæй цы æрхъуыды кодтой нæ фыдæлтæ, уыдон æххæст кæнын.

Уæхæдæг æй зонут, XIII æнусы ирон адæм зын уавæры куы уыдысты, уæд фæлыгъдысты хæхбæстæм æмæ уым мæлæтæй аирвæзтысты. Хæхбæсты цæргæйæ алы комы æмæ хъæуы дæр уыдис сæхи æгъдау, уыцы æгъдæуттæ æххæст кодтой. XVIII æнусæй фæстæмæ хæхбæстæй адæм лыгъдысты æмæ æрцардысты быдыры хъæуты æмæ сахары. Куыд ирон адæм, афтæ кæрæдзийы уарзынц, æцæг алчидæр кæны цы æгъдау æрæййæфта йæ комы, уый. Кæстæртæ кæсынц æмæ дызæрдыг кæнын байдайынц, нæ фæзонынц кæцы æгъдау хуыздæр у, стæй кæцы райсой, уый.

Хъæуты æмæ кæмтты цы ирон æгъдæуттæ баззад, уыдонæй æвзæр ничи у, мах дзы иу æгъдау дæр нæ фауæм, фæлæ кæд нæхи ирон адæм хонæм, иу æвзагæй дзурæм, уæд хъуамæ махмæ уа иу æгъдау, уымæ гæсгæ нæ ууыл бакусын хъæуы.

Районты æмæ хъæуты фылдæр адæмы фæнды иу æгъдау нæм куы уаид, уый. Алчидæр йæхи æгъдау, ома æндæр æгъдау куы кæна, уæд уый зиан йеддæмæ пайда не ’рхæсдзæн нæ адæмæн. Зæгъæм, Хуссар Иры цины фынгыл кусарты бæрзæйыл æвæрынц кусарты уæн æмæ æвзагæй хæйттæ, иннæ рæтты та æвæрынц зæрдæ æмæ æндæр хæйттæ. Дыгургомы иуæй-иу хъæуты, стæй Заманхъулы кусарты сæр фынгыл нал æвæрынц. Сæ фыдæлтæ сæ куы æвæрдтой, уæд кæцæй ист цæуынц уыцы ивдцзинæдтæ? Куырттаты комæй чи ралыгъд, уыдон ранæй рæтты циндзинады кусарты бæрзæй æвæрынц кусарты сæры рахизфарс, иннæтæ та галиу. Афтæ дардцæр куы ахæсса, уæд нæ хорз ирон æгъдæуттæ суыдзысты хъазинаг (æмтъеры) æмæ нæ адæм кæрæдзийы не ’мбардзысты, не ’нгомдæр кæндзысты, къаддæр уарздзысты кæрæдзийы.

Чындзхасты æмæ чызгæрвысгы хъуамæ уа хъæлдзæгдзинад, хъазт, кафт æмæ ирон фæндыры цагъд. Хъыгагæн, ныртæккæйы нæлгоймагфæсивæд хъазт цы у, уый ферох кодтой. Уыдон уайтагъд абадынц хъæздыг фынггыл æмæ хæрын, нуазынмæ фæвæййынц. Вæййы афтæ дæр, хистæр скувы æмæ чи ацахода, уый нæ вæййы, бахъæуы стын кæнын фынгтæй кæстæрты. Бадты хистæртæ хъазтмæ нуазæн нал æрвитынц, кæмæн æрвитой хъазт куы нæ уа, уæд?

Уæрæсейы, дард æмæ хæстæг паддзахæдты цы ирон адæм цæрынц, уыдон махыл ахуыр кæнынц ирон æгъдæуттыл, афтæмæй нæ цавæр æгъдау райсдзысты?

Афтæ дарддæр куы ахæсса, мах фæлтæры адæм уыцы хъуыддæгтыл куы нæ бакусой, уæд сæфтмæ цæуынц нæ ирон æгъдæуттæ. Уымæн уæвæн нæй! Цыфæнды паддзахæдты æмæ уавæрты куы цæрой ирон адæм, уæддæр нæ ирон адæм, нæ ирон æгъдауæн фесæфæн нæй, стæй нын уый нæ ныххатыр кæндзысты райсом нæ кæстæртæ.

Махмæ рæзы дзæбæх æмæ хæрзконд фæсивæд, зæрдæ сæ рухс кæны, фæлæ уыдон нæ ирон æгъдæуттæ дзæбæх нæ зонынц, уымæн æмæ сæ мах нæ ахуыр кæнæм, сæхи бар сæ ауагътам. Нæ кæстæртæ хъуамæ кæной цардæн аргъ, стæй сæ фыдæлтæ æмæ уыдоны фыдæлтæ куыд зын уавæрты цардысты, ома куыд куыстой, уый зоной. Уыцы стыр тухæнтæ кодтой сæ кæстæрты тыххæй, цæмæй абон уыдонæн уа хорз цард æмæ уавæртæ.

Советон Цæдисы заман хъомыладон куыст уыдис хорз æвæрд. Уыдысты октябронтæ, ногдзаутæ, партион æмæ фæскомцæдисон обкомтæ, сахарты æмæ районты арæзт, уыдысты сæрмагонд хайæдтæ, уыдон уыдысты куыстыты æмæ ахуырады бынæтты дæр. Скъоладзаутæн уыдис рæсугъд скъолайы дарæс галстуктимæ, уый дæр бирæ пайда лæвæрдта хи дарынæн. Рагон кинонывтæм адæм зæрдиагæй кæсынц æмæ сæ фæллад уадзынц. Ныртæккæ уыдонæй ницыуал ис. Фæсивæдимæ официалон æгъдауæй ничи кусы. Центрон телеуынынад бынтондæр сафы нæ фæсивæд. Уым искуы иухатт йеддæмæ хорздзинад нæ фендзынæ. Æппынæдзух дæр хылтæ, рæмыгъдтытæ, æвзæр митæ æмæ лæгмæрдтæ. Ныр та хæцæнгарзæй марын райдыдтой чызджытæ дæр, архайынц бандгруппæты. Хуыцауæй бузныг, ахæмтæ мах адæммæ нæй, фæлæ сæ куы сахуыр кæной, уымæй у тæссаг. Компьютеры сывæллæттæ куы фæхъазынц, уæд сæ программæйы вæййы куыд амарын хъæуы чызджы. Цæмæн?! Фæлтау дзы чызджы бæсты сæвæр тæрхъус, кæнæ куыд хинæй рацæуæн ис рувасыл. Цæмæн халæм сывæллæтты?!

Цæуылнæ ахъуыды кæнæм абон мах, цæмæй саразæм ерыстæ: чи хуыздæр бацæттæ кæндзæн постановкæ, кæнæ киноныв, цæмæй сывæллæттæ исты хорздзинад æмæ æгъдæуттыл ахуыр кæной. Уазал хæцæнгарзы фыдбылызы тыххæй фыст æрцыд 11 диссертацийæ фылдæр. Фæлæ цæмæй фæсивæд хорздзинадыл ахуыр кæной, уый тыххæй та ницы. Бирæ фысджытæ нæм куы ис, уæд кæд æрцæудзæн ахæм рæстæг?

Нæ кæстæрты рохуаты ныууагътам æмæ сыл худæн нæй. Сæ иуæй-иутæ хъылма æмæ карз нозты бын фесты. Ис дзы ахæмтæ æмæ сæ æхца йедцæмæ ницы æмæ ничи хъæуы. Хъыгагæн, ахæм фыдбылыздзинæдтæ æрцыд Ирыстоны, æхцайы тыххæй йе ’фсымæры, йæ мад кæнæ йæ фыды чи амардта.

Абоны хистæр фæлтæрæн сæ хæс у, цæмæй се ’ргом раздахой нæ кæстæртæм, ахуыр сæ кæной æмæ сæ раст фæндагыл аразой.

Сывæллон цы хæдзары райгуыра, уым куыд сахуыр уа, афтæ йæхи дардзæн алыран дæр. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ загътой: сау хохæй урс дуртæ нæ тулы, зæгъгæ.

Фыццаджыдæр сывæллоны ахуыр хъæуы æфсарм æмæ æгъдауыл. Уæд йæхи æвдисдзæн хорзæй æмæ æгъдауджынæй йæ бинонтæн, мыггагæн æмæ ирон адæмæн, маст æмæ фыдбылыздзинад не ’рхæсдзæн. Дæ кæстæр йæ хæдзарæй æнæфидауц, æрдæгбæгънæгæй куы рацæйцæуа, уæд æй макæйы æфсон кæн, раздах æй, бамбарын ын кæн, цæмæй дыккаг хатт афтæ мауал бакæна.

Дæ цотæй искæмæ дæ зæрдæ куы фехсайа æхцайы фæрæзтæй, хи дарынæй, карз нозт æмæ хъылмайы тыххæй, уæд æй æмбæхсгæ ма кæн, фæлæ йын афоныл баххуыс кæн, фервæзын æй кæн афоныл зын уавæрæй.

Нæ кæстæртæ хъуамæ афоныл сæ цард аразой æмæ йæ хъахъхъæной, бирæ цот уадзой. Иу кæнæ дыууæ сывæллоныл ма л æууой, кæннод мыггаг æмæ наци рæзгæ нæ, фæлæ къаддæр кæны, сæфтмæ цæуы. Уымæ гæсгæ хъуамæ алчидæр хъуыды кæна йæ райсомы боныл, йæ мыггагыл, Ирыстоныл, хъомыл кæной бирæ цот.

Уæ кæстæрты хъахъхъæнут хъыла æмæ карз нозтæй.

Хъыл мауарзджытæн зæгъæм, уæхи бахъахъхъæнут, иннæ сывæллæтты мауал сафут!

Карз нозтæй бафсис кæмæн нæй, уыдонæн та афтæ зæгъæм, æгъгъæд скæнут. Карз нозт кæлы Терчы доны хуызæн, нуæзт æй ничи фæцис, стæй фæуыдзæн. Уæ кæстæртæ сымахмæ кæсынц æмæ сæ кæд нæ хъуыды кæ/ нут, уæд сæ æфсæрмы уæддæр кæнут.

Адæймаг æрмæстдæр йæхиуыл куы мæт кæна, райсомы боныл куы нæ хъуыды кæна, уæд уый раст нæу. Лæвар хъуамæ ма фæцæра адæмæн, бинонтæн, мыггагæн исты æххуыс кæна, йæ фæстæ ныууадза хорз фæд, бæлас куы ныссадзай, уæддæр æй адæм зондзысты. Нæ мадæлон æвзаг рох кæнын байдыдтам, бирæтæ сæ сывæллæттæм дзурынц уырыссагау. 2013 азы ирон сывæллæттæй ахуырмæ чи бацыд фыццæгæм кълæстæм, уыдонæй 80% Дзæуджыхъæуы æмæ 60% та Беслæныхъæуы иронау нæ зонынц. Ныр уыдон скъолайы фæлмæцынц, мадæлон æвзаг ахуыр кæнынц куыд фæсарæйнаг. Курæг уæ стæм, ма тигъ кæнут уæхи нæ мадæлон æвзагыл, уый махæн у нæ цард, кад æмæ намыс.

Афæстаг азты ирон адæм чындзæхсæвтæ кæнын райдыдтой ресторанты. Нæ ирон æгъдау бынтон сæфт кæны уым. Оркестры хъæрæй галуаны къултæ ризынц, лæгæн йæ сæры магъз фæцæйтоны. Адæм кæрæдзийы нал фембарынц, хистæр-кæстæр бæрæг дзы нал вæййы. Хистæр цæма скувы, афтæмæй фынгтыл адæм нуазынмф æмæ хæрынмæ фæвæййынц. Раст цыма æххормагæй мæлынц. Бадты хистæр сысты кувынмæ, кæнæ фæсидынмæ æмæ йæ хъуыдыгæнæг нæй, ничи йæм хъусы, музыканттæн та бауромæн нæй, уæлдайдæр карз нозтæй сæхимæ куы фæкæсынц, уæд.

Чындзæхсæвы нал фехъусдзынæ рæсугъд Нанайы, кæнæ Уарийы зарæг, Уæздан хонгæ, кæнæ цæрдæг лæппуйы ирон кафт. Уый бæсты фæсивæдæн цæгъдынц цыдæр æндæрхуызон цæгъдтытæ, уыдон дæр чъыллиппытæ байдайынц, фылдæр нозтджынæй.

Чындзы хъуамæ бакæной кæм цæрдзæн, уыцы хæдзары къонамæ. Уырдæм чындз бавæры йæ рахиз къах æмæ æртæ хатты къонамæ æркувы. Хызисæг ын йæ хыз куы сисы, уæд тырыса сæвæры къонайы цармæ хæстæг. Рестораны та чындз кæмæ æркува, стæй сæрзæды тырыса цы фæвæййы? Бирæтæн сæ цард фехæлы, рахицæн вæййынц æмæ кæд уый тыххæй у, уæд та?

Куыд зонут æмæ уынут, афтæмæй ирон æгъдауы тыххæй лыггæнинаг фарстатæ бирæ ис, макæмæ æнхъæлмæ кæсæм, аразын сæ хъæуы, кæннод махмæ ничи æрбацæудзæн, цом, Ирыстоны æгъдау сæвæрæм, зæгъгæ.

Пысылмон æмæ чырыстон динтæ мах хуызæн дихтæ нæ кæнынц. Æнусæй-æнусмæ сты иухуызон. Уæд цы кодтам мах, цæмæн ахæм уавæры стæм? Ныр дыууадæс азæй фылдæр ацы фарстатыл кусы æмæ тох кæны «Иры Стыр Ныхас» æмæ йæ æгъдæутты комитет.

Адæмы фæнды Ирыстоны иу æгъдау куы уаид, уый. Уымæ гæсгæ æгъдæутты комитет бацæттæ кодта гыццыл бæрæгуат, дзыппыдаргæ чиныг нæ иумæйаг æгъдæутты тыххæй. Уыцы проект мыхуыргонд æрцыд «Рæстдзинад»-ы, «Иры Стыр Ныхас»-ы æмæ районты газетты. Алы районы æмæ хъæуты дæр арæзт æрцыдысты æмбырдтæ. Адæм сæ хъуыдытæ æмæ сæ фæндæттæ бахастой æмæ проектыл æмхъæлæсæй сразы сты. Сæ курдиæттæ чи æрбалæвæрдта, уыдон ма Дзæуджыхъæумæ семæ æрбакодтой ирон куырыхон адæймæгты, æртæсæдæйæ фылдæр, уыдон дæр уыцы проект райстой æмхъæлæсæй.

2003 азы уыцы проект мыхуыргонд æрцыд гыццыл чиныгæй йæ тираж 40 мины, афтæмæй. Чиныджы рецензенттæ уыдысты профессортæ Цыбырты Людвиг, Хацырты Анзор æмæ Гуыриаты Тамерлан. Йæ бæрнон редактор та уыд Джыккайты Шамил.

Ацы чиныг 2006 азы фидаргонд æрцыд Цхинвалы æппæтирон адæмы 6-æм съезды æмхъæлæсæй. Чингуытæй 15 мины скъолатæн райста ахуырады министрад. Цалдæр мин чиныджы та æрвыст æрцыдысты Уæрæсейы, хæстæг æмæ дард падцзахæдты цы ирон адæм цæры, уыдонæн. Цæмæй адæмæн зынаргъ; ма уа, уый тыххæй йын йæ аргъ скодтам туман.

Нæ фыдæлтæ-иу афтæ загътой, зæгъгæ, мæсыг хи дурæй хæлы, уый раст у. Нæ ирон адæммæ разындис ахæмтæ, кæцытæ цы æгъдæуттæ æрæййæфтой, уыдон кæнынц, нæ иумæйаг æгъдæутты та сæ къæхты бын кæнынц. Адæм «Иры Стыр Ныхас»-мæ æмæ æгъдæутты комитетмæ дзурынц æмæ фæрсынц: кæд нæм уыдзæн иу æгъдау, зæгъгæ.

Зынаргъ чиныгкæсæг, ме ’мзæххон, ирон адæймаг!

Дæ къухы цы чиныг ис, уым фыст сты дæу æмæ адæмы хъуыдытæ, фæндондзинад, нæ ирон нырыккон æгъдæуттæ, кæцытæ фидаргонд æрцыдысты æппæтирон адæмы 6-æм съезды горæт Цхинвалы. Курæг уæ стæм, абонæй фæстæмæ æххæст кæнут ацы нырыккон иумæйаг æгъдæуттæ. Дæ хæстæг, дæ зонгæ, сыхаг æмæ иннæтæн дæр бамбарын кæн, цæмæй иууылдæр æххæст кæной нæ иумæйаг æгъдæуттæ.

Ирон æгъдæуттæ хауынц алкæмæ дæр æмæ алчидæр йæхицæй райдайæд. Раст сæ чи нæ кæны, уымæн та уайдзæф кæнын хъæуы.

Мауал дихтæ кæнæм нæхи къуыдайраг, дыгурон, куырттатаг æмæ æндæртыл. Кæрæдзиуыл æнгом хæцæм, кæрæдзийæн аргъ кæнæм, иу æвзагæй дзурæм, кæрæдзиимæ тугхæстæг æййафæм, уымæ гæсгæ кæрæдзийы хъуамæ хуыздæр æмбарæм. Ам æрхъуыды æмбæлы Хетæгкаты Къостайы ныстуан:

Цæйут, æфсымæртау

Раттæм нæ къухтæ

Абон кæрæдзимæ,

Иры лæппутæ!


Дата добавления: 2015-08-02; просмотров: 64 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
Освещенность| ХУЫЦАУЫ ÆРТÆ ХОРЗÆХЫ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.014 сек.)