Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Чызгæрвыст

Читайте также:
  1. Чызгæрвыстмæ цæттæ кæнын

 

Чызгæрвысты бонмæ дыууæ мыггаджы ’хсæн æнæлыг фарста нал баззайы. Чызджы бинонтæ сыхбæстæ æмæ хионты руаджы сцæттæ кæнынц чызгæн йæ чындздзон дарæс, лæвæрттæ, кусарт, хойраг, нозт. Бафснайынц кæрт, бæстыхæйттæ æмæ сæ сбæрæгбонхуыз кæнынц. Уæдæ цæттæ вæййынц бæрнон архайджытæ дæр хистæрæй, кæстæрæй — æфсинтæ, лæггадгæнджытæ, кæрдзынгæнджытæ, хъæлдзæгдзинадыл архайджытæ æмæ чындзæмбæлттæ.

Нысангонд рæстæгмæ хуынд адæм æрбамбырд вæййынц фысымты кæртмæ, хъазт скæнынц — фæкафынц, фæзарынц, æппæт дæр цæттæ вæййы уазджыты (чындзхæсджыты) æрбацыдмæ. Æфсинтæ æрцæттæ кæнынц, фынгтыл æрæвæрын цыдæриддæр хъæуы, уыдон. (Кæс сæргонд «Ирон фынджы æгъдæуттæ»).

Чындзхæсджыты æрбацыдмæ кæрдзынгæнджытæ скæнынц, хойрагæй цы ’мбæлы, уыдон, фыдджынтæй фæстæмæ. Кæрдзынгæнджытæ хуынд адæмы нымæц хынцгæйæ, фынджы бæркадæн цы кæрдзынтæ скæнынц, уыдонæй уæлдай рагацау сцæттæ кæнынц сæрмагондæй:

— æртæ æртæдзыхоны чындзхæсджытæн «æгасцуай» зæгъынæн (хæдзармæ бацæуæны скувынæн);

— æртæ æртæдзыхоны чызджы йæ уаты чындздзон дарæсы сфæлындыны охыл скувынæн;

— æртæ æртæдзыхоны чындзæрвысты фынгмæ чызгæн фæндараст зæгъынæн;

— æртæ кæрдзыны (чъирийы) æмæ гуыдын чындзæхсæвы фынгмæ;

— æртæ кæрдзыны (чъирийы) сиахсы мыггаджы хистæры номыл;

— æртæ æртæдзыхоны чындзхæсджытæн фæндараст зæгъынæн Уастырджийы номыл (скувынц сæ кæртæй рацæуæны);

— æртæдзыхонтæ лæппуйы хæдзармæ хызисгæйæ Сафа æмæ Сæрызæдмæ скувынæн.

Фысымтæ æппæтæй дæр цæттæ вæййынц чындзхæсджыты æрбацыдмæ æмæ чындзы афæндараст кæнынмæ.

Чындзхæсджытæ нысангонд рæстæгмæ æрбацæуынц чызджы кæрты дуармæ æмæ сисынц чындзхæсджыты зарæг: «Ой, уæ бон хорз уа, нæ фысымтæ», кæнæ «Ой, фарн фæцæуы». Фæзарынц, цалынмæ фысымтæ сæ размæ «æгъдауимæ» (æмбæлæггагимæ) рацæуынц, уæдмæ.

Сæ размæ рацæуынц æртæйæ — разæй фæцæуы хистæр кары нæлгоймаг чызджы æрвадæлтæй — хæстæг, хионтæй кæнæ сыхбæстæй, хъæубæстæй. Уый фæстæ фæцæуынц дыууæйæ — æрыгон чызг æртæ æртæдзыхонимæ, уымæн йæ галиу фарсырдыгæй та — лæппу, йæ рахиз къухы — бæгæныйы къус, галиу къухы — физонæг. Бæгæныйы къус егъау куы вæййы, уæд аипп нæу физонæг къусы уæлæ æвæрын. Хистæр æрлæууы чындзхæсджыты раз æмæ сын фысымты номæй раарфæ кæны.

В а р и а н т: «Нæ буцгæнинаг уазджытæ, уе ’рбацыд Стыр Хуыцауы зæрдæмæ фæцæуæд æмæ уæ йæ хорзæх уæд! Абон Торчынтæ æмæ Тыбаутæ иумæ цы хъуыддагыл цин кæнынц, уый Дунескæнæг Хуыцау рæстмæ фæкæнæд! Сымах та нæм æгас цæут æмæ Хуыцауы уазæг ут!»

Уыцы арфæты фæстæ лæппу бæгæныйы къус æмæ физонæг чындзхæсджыты хистæрмæ ратты. Чъиритæ та айсы чындзхæсджыты кæстæртæй исчи.

Чындзхæсджыты хистæр скувы (кæс дæлсæргонд «Чындзхаст») æмæ аходинаг кæстæртæй иумæ авæры.

Фысымты хистæр чындзхæсджыты хистæртæн сæ къухтæ райсы, æмæ сын кæртмæ амонгæйæ фæзæгъы: «Уæ хорзæхæй, мидæмæ рацæут!» Йæхæдæг кæстæртимæ иуварс алæууынц (фæндаг раттынц).

Уазджытæ кæртмæ бацæуынц, уым сын хистæртæ æгасцуай фæзæгъынц. Кæстæртæ хуындзæуттæн сæ хуынтæ райсынц æмæ сæ æфсинты размæ бахонынц, фæсивæды та хъазтмæ акæнынц. Уазджыты хистæрты кæрты бирæ нал бафæстиат кæнынц — цæттæ фынгтæм сæ ахонынц. (Кæс дæлсæргонд «Чындзхаст»).

Чызгæрвысты фынджы ’гъдæуттæ дæр сты, сæргонд «Ирон фынджы æгъдæуттæ»-йы куыд амынд сты, афтæ.

Бадты хистæртæ, куыд æмбæлы, афтæ скувынц. Ацы куывд, чысыл хицæндзинæдтæй фæстæмæ, у чындзæхсæвы куывды хуызæн (кæс дæлсæргонд «Чындзхаст»). Уый фæстæ гаджидæуттæ уадзын райдайынц. Чызгæрвысты сæйраг гаджидæуттæ сты:

— Стыр Хуыцауы номыл;

— Мадызæды (Мады-Майрæмы) номыл;

— Уастырджийы номыл;

— дыууæ мыггаджы цардамондæн;

— уазджыты цардамонæн.

Ацы фæтк XX æнусы фехæлд, хъыгагæн, сылгоймæгты бардуаг Мадызæды (Мады-Майрæмы) аууонмæ аргъæвдæуыд.

Сæйраг гаджидæуттæ куы ахицæн вæййынц, уæд хистæр, чындзхæсджыты курдиатмæ гæсгæ, бар ратты чындзы фæндагмæ цæттæ кæнынæн.

Чындзы сцæттæ кæнын къухылхæцæг æмæ кæнгæ мады хæс вæййы, фæлæ ма уыдонмæ бадты хистæр бафтауы чындзы æфсымæртæй кæнæ æрвадæлты лæппутæй искæй, уымæн æмæ чызг йæ чындздзон дарæс нæ фæкæны, цалынмæ йын æфсымæр нæ бамбарын кæны, хистæрты уынаффæ кæй у уый, уæдмæ. Къухылхæцæг, чызджы æфсымæр æмæ кæнгæ мад чызджы размæ бацæуынц æмæ, æгъдау куыд амоны (кæс дæлсæргонд «Чындзхаст»), афтæ чызджы (чындзы) цæттæ кæнын райдайынц.

Чызджы чындздзон дарæсы сфæлындынц æрвадæлты, сыхбæсты чызджытæ æмæ æрыгон чындзытæ — æдæппæт æртæ-цыппар адæймагæй.

Цалынмæ чындзыл дарæс фæкæнынц, уæдмæ хистæртæ гаджидæуттæ фæуадзынц, фæзарынц, кæмæн æмбæлы, уыдонæн арфæйы нуазæнтæ фервитынц.

Бадты хистæр уазджытæн фыццаг нуазæнтæ ратты, уый фæстæ рауадзы сæрмагонд гаджидау уазджыты цардамондæн, йе та фыццаг рауадзы гаджидау, уыйфæстæ сын ратты нуазæнтæ.

В а р и а н т: «Фарн уæм бадзурæд, нæ буц уазджытæ! Уæ фаг буцдзинæдтæ скæнын нæ сарæхсдзыстæм, æмæ нын ныххатыр кæнут! Фыдæлтæй нын баззад уазæджы уды фæллойæ æмæ зæрдиаг арфæйæ бабуц кæнын æмæ уын Тыбауты мыггаджы номæй, нæ хъæубæсты номæй арфæ кæнæм! Дунескæнæг Стыр Хуыцау, абон Тыбауты мыггагмæ уазæджы къах чи ’рбавæрдта, уыдонæн сæ цардамонд тыхджын скæн! Абон цы ирон уæздандзинад æмæ æгъдау æвдисынц, уый мыггагмæ хæссын сæ бон куыд бауа, ахæм хъару сын ратт! Уæ цæрæнбон бирæ уæд, нæ зынаргъ уазджытæ!»

Ацы гаджидау куы фæуадзынц, уæд бадты адæм иууылдæр сыстынц, лæугæйæ сæ нуазæнтæй саходынц кæнæ сæ бануазынц.

Хистæр уазджытæн арфæ куы ракæны æмæ сæ цардамондæн гаджидау куы рауадзы, уæд чындзхæсджыты хистæры фæндонæй æмæ чындзхæсджыты номæй æрбахоны чызджы фыды, æмæ йын чындзхæсджыты хистæр арфæ ракæны чындзхæсджытæ æмæ лæппуйы мыггаджы номæй. (Кæс дæлсæргонд «Чындзхаст»).

Чындзхæсджытæ чындзы фыдæн арфæ куы ракæнынц, уæд уый фæстæ йæхæдæг сыхбæстæй искæимæ йæ уазджытæн рахæссы арфæйы нуазæн (иунæг) æмæ йæ арфæтимæ ратты чындзхæсджыты хистæрмæ. Сылгоймаг уазджытæн та ахæм арфæйы нуазæн бахæссы чындзæн йæ мад.

В а р и а н т: «Фарн уæм бадзурæд, фарн, Хуыцауы уазджытæ, æмæ уæ табу Хуыцаумæ рæсугъдæй фехъуысæд! Ацы фарны куывды уемæ бадынц хъæубæсты уæздан хистæр Асæбе æмæ Тыбауты мыггаджы сæр Уасо, уыдонæн не ’рбацыд æнæнхъæлæджы нæу, фæлæ ма сæ мæнæ Аслæнбег иу хатт хатыр куры йæ уæндондзинадæй. Нæ буц уазджытæ! Аслæнбег арфæйагыл нымайы уæ табу дунескæнæг Хуыцаумæ æмæ уæ уæздандзинад. Йæхи æмæ, цы бинонты сæргъы лæууы, уыдон номæй уын ацы нуазæн буцæн æрбахаста æмæ йæ, табуафси, уæхицæн саккаг кæнут!»

(Хъæдгæройнаг 70-аздзыд дзæнæты бадæг Тезиаты Джамботты ныхæстæм гæсгæ, 1961 аз).

Нæлгоймæгты бадтæй хъауджыдæр сылгоймæгты фынджы фæтк æмæ æгъдæутты ис чысыл хицæндзинæдтæ. Уыдон сты:

— кусартæн йæ сæр, йæ бæрзæй æмæ уæны хай фынгыл не ’вæрынц;

— фынгтыл фылдæр — адджинæгтæ, дыргътæ æмæ лæмæгъ нозтытæ;

— хистæры куывд вæййы цыбырдæр, гаджидæутты нымæцта — къаддæр;

— фылдæр хатт Уастырджи (Лæгты дзуары) æмæ Мадызæды (Мады-Майрæмы) номыл рауадзынц иу гаджидау, æмæ уæд бадты адæм иууылдæр сыстынц æмæ сæ нуазæнтæ лæугæйæ бануазынц кæнæ дзы ацаходынц;

— фынгæй искæмæн арфæйы нуазæнтæ арвитын сылгоймæгтæм нæ хауы, фæлæ куы арвитой, уæддæр аипп нæу;

— хистæр уазджыты цардамондæн гаджидау куы рауадзы, уæд уый фæстæ, чындзхæссæг сылгоймæгты хистæры курдиатмæ гæсгæ, фынгмæ æрбахонынц чызджы мады, æмæ йын чындзхæсджыты хистæр арфæ ракæны; (нæлгоймаг чындзхæсджытæ чызджы фыдæн куыд раарфæ кæнынц, афтæ (кæс дæлсæргонд «Чындзхаст»);

— сылгоймæгтæ дæргъвæтин бадт нæ кæнынц, чындзы цалынмæ хистæртæм бакæнынц, уæдмæ сæ бадт ахицæн вæййы.

Бадты хистæр чындзхæсджыты номæй арфæйы нуазæнтæ кæмæн арвиты, уый кæс сæргонды «Ирон фынджы æгъдæуттæ».

Чындзхæсджытæ арфæйы нуазæнтæ фынгæй куы арвитынц, уæд уый фæстæ нæдæр æфсинтæм, нæдæр кæрдзынгæнджытæм арфæ кæнынмæ нал фæцæуынц. Чындзхæсджытæ чызджы хæдзары ницавæр фæлхæстæ кæнынц, æрмæст нæлгоймæгтæй искæмæн сылгоймаг сæрмагонд нуазæн куы ’рбахæссы (ратты), уæд ын йæ афтид агуывзæйы бузныггаджы номыл иучысыл æхца (ныры ’хцайæ туманы бæрц) нывæрынц.

Чындзыл чындздзон дарæс кæнæггаг, чындзхæсджытæн дуæрттæ бакæнæггаг, искæйы дзы «амынæтæй» рауадзæггаг чындзхæсджытæй æхца домын æнæуагдзинад æмæ къуымыхдзинад у.

Цалынмæ адæм минас фæкæнынц, фæсивæд та — кафгæ, уæдмæ лæггадгæнджытæ сцæттæ кæнынц, чындзæн фæндагмæ цыдæриддæр хъæуы, уыдон:

— æртæ æртæдзыхоны уæлæ физонæг, бæгæныйы дурын, къухылхæцæг лæппуйы хæдзары чындзæн йæ хыз исгæйæ кæмæй скувы, уыдон;

— æртæ аивфыст чъирийы, сæ уæлæ карк (гогыз) кæнæ æвдасарм æмæ арахъхъы дурын, иу-æртæ литры бæрц бæгæны — чындзæхсæвы скувынмæ;

— мыды къус — авгæй, дзæнхъайæ кæнæ æндæр рæсугъд æрмæгæй мыдимæ, йемæ 10—20 цайцымæн уидыджы, иу уый бæрц та — фындзы кæлмæрзæнтæ, къухсæрфæнтæ æмæ куатæтæ;

— сæрызæды тырыса (урс зæлдаг хъуымацæй, йæ кæрæттæ исты аив æрмæгæй хуыд, авд чысыл гоцораимæ, йæ сæвын æмæ йæ дæргъ фæйнæ 3 уылынджы;

— чындздзон чырын (чемодан кæнæ æндæр хæссæнгарз), йæ хуылфы:

а. мидæггаг æмæ æхсæвхуыссæн дзаумæттæ иу-æртæ фæлысты;

æ. æрвылбоны химæзилæн фæрæзтæ (хисæрфæнтæ, кремтæ æмæ æндæр ахæмтæ);

— хъазæнтæ, лентытæ, бантытæ, къафеттæ æмæ æндæр зæрдæлхæнæнтæ ног сыхбæсты чысыл сывæллæттæн.

Чындздзон чырын чызг сцæттæ кæны йæхæдæг.

Чындзимæ æрвитын цыдæридцæр хъæуы, уыдон рагацау цæттæ вæййынц æмæ сæ раттынц кæнгæ мадмæ æмæ æмдзуарджынмæ. Чындзæн йæ хуыссæнтæ, лæвæрттæ æмæ æндæр дзаумæттæта аласынц фæстæйы хуынимæ.

Чындзыл чындздзон дарæс куы скæнынц, фæндагмæ йæ цы хъæуы, уыдон машинæйы куы сæвгæнынц, хæстæг хионтæ йын фæндараст куы фæзæгъынц, уæд æй къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын хистæртæм (чызгæрвысты фынгмæ) бакæнынц.

Бадты адæм иууылдæр сыстынц, зард æмæ фæндырдзагъд бауромынц, фынгмæ рахæссынц æртæ чъирийы æмæ физонæг, бæгæныйы къус. Хистæр бæгæныйы къус æмæ физонæг сисы æмæ скувы.

В а р и а н т: «Не сфæлдисæг иунæг Хуыцау, табу дæхицæн, табу де стырдзинадæн! Абон ацы саби ног бынаты ног цардмæ хизы, æмæ йын йæ бынат фæрнджын, йæ цард амондджын фæкæн! Йæ мыггаг, йæ ныййарджытæ æмæ йæ фыдæлты фарн кадимæ куыд хæсса, ахæм хъару йын ратт. Цы хæдзармæ цæуы, уыцы бинонтæн адджын, мыггагæн уарзон, хъæубæстæн кадджын куыд уа, ахæм хорз ын ракæн! Табу дæхицæн!

Сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм), табу дæхицæн, табу дæ сыгъдæгдзинадæн! Мæнæ дæ хъомысы уæвæг саби абон йе æххæст сылгоймаджы бынатмæ цæуы, æмæ йын æй рæстмæ фæкæн! Дæуыл æй фæдзæхсæм, æмæ йыл дæ узæлд, дæ хъомыс макуы сис! Ныййарæджы уарзт, ныййарæджы амонд ын бавзарын кæн! Сабиты цин æмæ йæ сабиты худтæй бафсад! Азæй-азмæ йæ фыды хæдзармæ кæхц хæссынмæ куыд цæуа, ахæм ныййарæг æй фæкæн! Мыггаг йæ уаг æмæ йæ кадæй сæрыстыр куыд уа, ахæм арфæ йын ракæн!

Табуафси, Мады-Майрæм (Мадызæд), сызгъæрин тæбæгъты дын куывдæуа!

О, Хуыцауæй зæхмæ минæвар чи у — бæрзонд Уастырджи — табу дæхицæн, табуафси! Абон ацы саби царды егъаудæр фæндæгтæй иуыл цæуы, æмæ йæ фарн, амондимæ фæндараст фæкæн! Атæппæт адæм æй Хуыцауы раз кæй бæрны бакодтой, уыцы цардæмбалимæ хъысмæты фæлварæнтыл æнæкъуылымпыйæ уæлахизтæм куыд цæуой, ахæм хъару сын балæвар кæн, табуафси!

Сафа æмæ Бынатыхицау, сымахæн дæр æхцон уæд! Уæ хорзæхæй, йæ ног бынатмæ йæ фарнимæ ауадзут! Æвзæр бархъомыс æм ма дарут, табуафси!

Мыггагмæйы Сæрызæд, де ’вджид ис, æмæ йæ царды зилдухæнты рæдийын ма бауадз, йæ зонд, йæ хъуыдытæ фарн хæссæг куыд уой, ахæм хорз ын ракæн!

Стыр Хуыцау, ацы саби дæ разы кæд истæмæй азымджын фæци, уæд ын мæнæ ацы кувæг адæмы хатыр бакæн! Табу дæхицæн! Мыггагмæ сыгъдæг уды хицау куыд уа, ахæм хъару йын балæвар кæн! Иунæг Хуыцау, Мады-Майрæм, Уастырджи, ацы æртæ кæрдзыны уæ номыл сты, æмæ уын барст уæнт!»

Бадты адæм ма фæстаг рæгъ рауадзынц хæдзары фарнæн æмæ фынджы бæркадæн æмæ сыстынц. Уæдмæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын чындзы машинæйы сбадын кæнынц æмæ æнхъæлмæ фæкæсынц сæ хистæры рацыдмæ.

Чындзхæсджытæ сæ фысымтæн хæрзбон фæзæгъынц (кæс дæлсæргонд «Чындзхаст»), сæ машинæты сбадынц æмæ сæ фæндаг адарынц.

 

Чындзхаст

 

Чындзхæсджытæ нысангонд рæстæгмæ æрæмбырд вæййынц лæппуйы хæдзармæ. Уæдмæ сын фысымтæ фынгæвæрдтæ скæнынц: иу — сылгоймæгтæн, иннæ — нæлгоймæгтæн, æмæ сæ хистæрæй, кæстæрæй иумæ сбадын кæнынц. Уæле сбадынц мыггаджы, сыхбæсты, хъæубæсты æмæ чындзхæсджыты хистæртæ. Уыдон æртæ чъирийæ, бæгæныйæ æмæ физонæгæй скувынц, куыд æмбæлы, афтæ, сæ кæстæрты (чындзхæсджыты) Хуыцау æмæ Уастырджийыл бафæдзæхсынц, чындзхæсджыты кæрæдзиимæ базонгæ кæнынц, бамбарын сын кæнынц, фæндагыл æмæ уазæгуаты алкæй дæр цы æфсарм æмæ уæздандзинады домæнтæ æххæст кæнын хъæудзæн, уыдон, сбæлвырд кæнынц, чи цы ми кæндзæн, уый.

Хистæр сын сæ зæрдыл æрлæууын кæны, чындзхæссæг цы хæдзар, цы хъæуæй рацæуы, уый ном æмæ цæсгом æвдисæг кæй вæййы, уый. Чындзхæсджыты хистæр рагацау карзæй бадомы, шофыртæ цæмæй фæндагыл хъæугæ фæткыл машинæтæ скъæрой, уый. Æртæ гаджидауы (Хуыцау, Уастырджи æмæ Бынатыхицауы номыл) куы рауадзынц æмæ куы саходынц, уæд нысангонд афон чызджы хæдзармæ сæ фæндаг адарынц. Хæддзуйæ чындзхæссæг ацæуын раджы дæр æмæ ныр дæр стыр æнæгъдаудзинадыл нымад уыди æмæ у. Уымæ гæсгæ чындзхæсджытæ иууылдæр вæййынц æвзаргæ адæймæгтæ.

Чындзхæсджытимæ цы хуындзæуттæ вæййы, уыдон рагацау сцæттæ кæнынц, семæ цы аласдзысты, уыдон. Уыдон та сты:

— аив фыст ирон гуыдын (аипп нæ уыдзæн торт дæр);

— аив фыст æртæ чъирийы, сæ уæлæ физонæг кæнæ фыдызгъæлы хай (фæрсчытæ, æвдасарм, сгуы кæнæ æндæр хай) — нæлгоймæгты номыл;

— аив фыст æртæ чъирийы, сæ уæлæ карк кæнæ гогыз — сылгоймæгты номыл (фылдæр хатт вæййынц адджын чъиритæ);

— æртæ чъирийы, карк æмæ нозт иу литры бæрц, мыггаджы хистæры номыл;

— ирон бæгæны — 3—10 литры бæрц;

— сæнтæ — 1—3 авджы;

— карз нозтытæ — 3—10 литры бæрц;

— лæвæрттæ æмæ чындздзон дарæс (кæс дæлсæргонды «Чындзхастмæ цæттæ кæнын»).

Дыууæ мыггаджы фидаугæйæ кæд ныхасгонд вæййынц чызгæрвитæг бинонтæм истæмæй фæкæсыны охыл, уæд уыцы хæлцæгтæ арвитынц рагацау (1—2 боны раздæр).

Нысангонд рæстæгмæ чындзхæсджытæ бахæццæ вæййынц чызджы хæдзармæ, кæрты дуармæ æрлæууынц. Разæй — дыууæ хистæры, сæ фæйнæ фæрсты æмæ сæ фæстæ — кæстæртæ, афтæмæй райдайынц зарын æмæ фæндырæй цæгъдын.

Фысымтæ сæ размæ рацæуынц (кæс дæлсæргонд «Чызгæрвыст»), æмбæлæггаг сын рахæссынц, æмæ дзы чындзхæсджыты хистæр скувы.

В а р и а н т: «Дунескæнæг иунæг Хуыцау, табу дæхицæн! Тыбауты фæрнæйдзаг кæртмæ нын нæ бацыд арфæйаг фæкæн! Абон дыууæ мыггаджы сæ хæстæгдзинад æвдисынц, æмæ сын æнусмæ фидар куыд рауайа, ахæм хорз сын ракæн!

Фарнхæссæг Бынатыхицау, нæ фысымты нын сон, фыдгул æмæ фыдбылызæй хиз, нæ бакъахдзæф та дын æхцондзинадæн ахъаз фæуæд!»

Куывд куы фæвæййы, уæд бæгæныйы къус æмæ физонæг кæстæртæм ацоходынмæ адæтты. Уый фæстæ фысымты арфæгæнæг хистæртæн сæ къухтæ райсы, стæй чындзхæсджытæ кæртмæ бацæуынц. Разæй фæцæуынц, чындзхæсджыты хистæр æмæ, лæппуйы мыггагæй хистæрæн чи рацыди, уый. Уыдон фæстæ — сылгоймæгтæ, стæй та лæппутæ æмæ хуындзæуттæ. Чындзхæсджыты фæстæ кæртмæ бацæуынц, сæ размæ арфæ кæнынмæ чи рацæуы, уыдон.

Фысымтæ чындзхæсджыты хистæрты цæттæ фынгтæм ахонынц æмæ сæ, кæмæн кæм æмбæлы, уым сбадын кæнынц (кæс дæлсæргонд «Чызгæрвыст»). Чындзхæсджытæ цасфæнды куы уой, уæддæр хистæрæй, кæстæрæй фæбадынц иу фынгыл, æрмæст нæлгоймæгтæ — хицæнæй, сылгоймæгтæ та — хицæнæй.

Кæстæртæй кæмæн нæ фембæлы æмæ кæй нæ фæфæнды, уыдон фынгтыл не сбадынц, фæлæ хъазтмæ ацæуынц. Усгур лæппутæн хистæрты фынгыл бадын æнæуагдзинад у, уымæ гæсгæ уыдон вæййынц хъазты.

Чындзхæсджыты хистæры раз иудадзыгдæр фæлæууы чындзхæсджыты кæстæртæй иу — цумайы лæппу (кæс сæргонд «Ирон фынджы æгъдæуттæ»).

Хистæртæ уазджыты цардамондæн гаджидау куы рауадзынц, уæд чындзхæсджыты хистæр бахаты бадты хистæрмæ: «Нæ буц хистæр, дæ хорзæхæй, гъеныр нын нæ чындзы фæндагмæ сцæттæ кæнут, табуафси!»

Бадты хистæр чындзхæсджыты хистæры курдиатыл дыууæ нал фæзæгъы æмæ, кæмæн æмбæлы, уыдонæн бардзырд ратты. Чындзхæсджыты хистæр та къухылхæцæджы арвиты чындзы срæвдз кæнынмæ (кæс дæлсæргонд «Чызгæрвыст»).

Къухылхæцæг, æмдзуарджын, кæнгæ мад æмæ чындзы æфсымæр кæнæ æрвад, æртæ чъирийы, физонæг æмæ бæгæныйы къусимæ бацæуынц чындзы размæ æмæ йын скувынц. Къухылхæцæджы куывд:

В а р и а н т: «Дунесфæлдисæг Иунæг Хуыцау, табу дæхицæн! Абон Зæринæ йæ царды стырдæр фæндагыл цæуы, æмæ йын æй фæрнæйдзаг, рæсугъд фæкæн! Фыццаг хатт йæ уæлæ чындздзон дарæс скæндзæн, æмæ йын æй амондыхос фæкæн, йæ ног бинонтæм дзы фарн æмæ нæртон уарзондзинад куыд бахæсса, ахæм хорз ын ракæн! Табу дæхицæн! О бæрзондылбадæг цытджын Уастырджи, Зæринæ æмæ Тотрадз ног цардвæндагыл æрлæууыдысты, æмæ сын æй рухс фидæнмæ сараз! Сæ хъуыддæгтæ уæлахиз куыд уой, ахæм хорз сын ракæн. Дæуыл сæ фæдзæхсæм æмæ, табуафси, дæ сызгъæрин базыры бын сæ бакæн!

Сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм), табу дæхицæн! Зæринæ ныронг дæр дæ бæрны уыдис, æмæ йыл дæ хъомыс ма сис! Уæздандзинад æмæ йын уарзондзинад йæ уæнгæй ма фæцух кæн! Азæй-азмæ йæ фыды хæдзармæ сæрбæрзондæй кæхцхæссæг куыд цæуа, ахæм хъару йын ратт! Цы бинонтæм цæуы, уыдонæн уарзон куыд уа, ахæм арфæ йын ракæн! Бынатыхицау æмæ Сафа, йæ цæрæнуат ивы, фæлæ йыл сымах уæ зæрдæ ма сивут! Фарнимæ йæ ауадзут!

Сæрызæд, дæ хорзæхæй, абоны онг æй куыд хызтай, афтæ йæ ныр дæр царды уæззау уавæрты фыдбылызæй хиз!

Стыр Хуыцау, Сафа, Бынатыхицау! Ацы æртæ кæрдзыны уæ номыл сты æмæ уын барст уæнт!»

Къухылхæцæджы фæстæ скувы чызджы æфсымæр дæр, стæй йæ хойæн бар ратты, цæмæй йыл чындздзон дарæс скæной.

Бадты хистæр чындзхæсджыты хистæры фæндонæй, кæмæн æмбæлы, уыдонæн арфæйы нуазæнтæ арвиты (кæс сæргонд «Чызгæрвыст). Уыйфæстæ сидты бар ратты чындзхæсджыты хистæрæн, уый сидт рауадзы фысымты æмæ сыхбæсты цардамондæн. Сидт куы ахæццæ вæййы, уæд чындзхæсджыты хистæр бадты хистæрмæ уæзданæй бахаты:

В а р и а н т: «Фарн дæм бадзурæд, Асæбе! Мах — дæ уазджыты — ацы хæдзары хицауы фенын фæнды, æмæ дæ курæм, нæ цурмæ нын æй æрбахон, дæ хорзæхæй!»

Бадты хистæр фæзæгъы: «Табуафси! Уазæджы цы бафæнда æмæ фысым цы нæ бакæндзæн! Кæстæртæ, мæ хуртæ! Аслæнбегæн зæгъут, нæ уазджыты йæ фенын фæнды, æмæ, зæгъ, дæ хорзæхæй, саккаг кæн!»

Уыцы ныхас кæддæриддæр хауы, фынгæн йæ дæллаг кæрон цы кæстæр фæбады (фысымтæй), уымæ. Цалынмæ чызджы фыд фæцæуы, уæдмæ хистæр фæндырдзæгъдæджы æд фæндыр æмæ зарæгамонджытæ фынджы цурмæ æрбахоны. Чызджы фыд куы æрбацæуы, уæд уазджытæ иууылдæр сыстынц. Чызджы фыд сын арфæ ракæны: «Фарн уæ бадты уæд! Уæ табу, уæ куывд Стыр Хуыцаумæ фехъуысæд, уе ’ппæты цæрæнбон дæр бирæ уæд!»

Бадты хистæр ныхасы бар ратты чындзхæсджыты хистæрæн.

В а р и а н т: «Чермен, нæ буц уазджыты хистæр, табуафси, дæ ныхас зæгъ!» Чындзхæсджыты хистæр чызджы фыдæн раарфæ кæны.

В а р и а н т: «Нæ фæрныг фысым Аслæнбег, дунейы фарнæй хайджын у! Абон мах иууылдæр æвдисæнтæ стæм дыууæ мыггаджы рæсугъд бæрæгбонæн æмæ уын Дунескæнæг Хуыцау ахæм арфæ ракæнæд, цæрæнбоны кæрæдзиуыл уарзондзинад æмæ хæстæгдзинады тæгтæй баст куыд уат! Табу йæхицæн!

Мах дæ ног хæстæджыты æрвыст адæм стæм, æмæ нæ дæ хъæубæстæ, дæ уарзон адæм Хуыцауы уазджытау буц кæнынц, æмæ уæ мах бæсты Стыр Хуыцау йæ хорздзинæдтæй бабуц кæнæд! Æздын, Аслæнбег, цы мыггагæй æрвыст дæн, уыдоны æмæ мæнæ чындзхæсджыты номæй зæрдиаг арфæ кæнын, абон нын цы стыр лæвар ракодтат, уый фæдыл. Стыр Хуыцау ын ахæм хорз ракæнæд, æмæ дын дæ бинонты, дæ мыггаджы ном бæрзонд хæссын йæ бон куыд бауа, йæ ног бинонтæн уарзон куыд уа, хъæубæсты — дзырддзæугæ — йæ цардæмбалимæ æмзонд, æмуд куыд уой!

Фыдæлтæй нын баззад арфæйы нуазæнæй кæрæдзийæн нæ зæрдæхæлардзинад равдисын, кæрæдзийы бабуц кæнын, æмæ дын æз мæхи номæй, мæнæ дæ уазджыты номæй, стæй Торчынты мыггаджы номæй ацы нуазæнæй арфæ кæнын! Табуафси, дæхицæн æй саккаг кæн!»

Бадты хистæр дæр нуазæн сисы æмæ фæзæгъы чындзхæсджыты хистæрæн: «Чермен, мæ хур, уæдæ уæд дыууæйæ дæр кæрæдзимæ уæ зæрдæйы уаг равдисут! Табуафси, дæуæн дæр арфæйы нуазæн фæуæд!» Æмæ йæм нуазæн авæры. Чызджы фыд нуазæн райсы æмæ уазджыты арфæйæн дзуапп ратты.

В а р и а н т: «Уе ’ппæты цæрæнбон дæр бирæ уæд! Абон ам цы рæсугъд арфæтæ æмæ куывдтæ фæкодтат, уыдон дунескæнæг Хуыцаумæ фехъуысæнт! Нæ абоны хъæлдзæгдзинад фидæны стыр хæстæгдзинадмæ куыд раива, ахæм арфæ Хуыцау ракæнæд! Торчынтимæ нæ хæстæгдзинад Хуыцау æмæ адæмы зæрдæмæ фæцæуæд! Уе ’ппæтыл дæр Хуыцауы арфæ сæмбæлæд!»

Уыйфæстæ дыууæйæ дæр сæ нуазæнтæ бануазынц кæнæ дзы саходынц, кæстæртæ та сын фæндырдзагъд æмæ хъæлдзæг зарæг фæкæнынц къæрццæмдзæгъдимæ.

Хистæртæ кæстæртæн арфæйы нуазæнтæ куы раттынц, сæ цардамондæн гаджидау куы рауадзынц, уæд сын бар раттынц хъазтмæ ацæуынæн. Семæ та сын арвитынц арфæйы нуазæнтæ; хъазты фæсивæдæн æртæ нуазæны: фæндырдзæгъдæгæн, чызджытæн æмæ лæппутæн.

Кæстæртæ нуазæнтæн, цы ’мбæлы, уыцы кад скæнынц, фæкафынц, фæзарынц, стæй чындзы рацыдмæ фæстæмæ фынгмæ æрбаздæхынц æмæ та сæ бынæтты сбадынц.

Чындзыл чындздзон дарæс куы скæнынц, уæд нысангонд рæстæг къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын чындзмæ бацæуынц, йæ цæнгтыл ын дыууæрдыгæй уæздан хæст æркæнынц æмæ йæ бадты хистæрты цурмæ бакæнынц, кæд гæнæн вæййы, уæд фынджы рахиз фарсмæ. Се ’ргом фынджы хистæрты ’рдæм куыд уа, афтæ æнæ исты дзургæйæ æрлæууынц. Уæдмæ фæсивæд иууылдæр хистæрты алыварс æрбатымбыл вæййынц æмæ æдзæмæй лæмбынæг фæхъусынц сæ хистæрты ныхасмæ.

Бадты хистæр йæ къухтæм сисы бæгæныйы къус, физонæг æмæ скувы Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм (кæс дæлсæргонд «Чызгæрвыст»). Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд æмдзуарджын кæнæ къухылхæцæг кувæггагæй ацаходы. Гъестæй чындзы заргæ акæнынц машинæмæ, уый фæлæууы кæртмæ бацæуæны цæттæйæ. Чындз къæсæрыл хъуамæ ахиза фистæгæй — рахиз къахæй, стæй йæ машинæйы сбадын кæнынц æмæ æнхъæлмæ фæкæсынц хистæрты рацыдмæ.

Цалынмæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын уыцы хъуыддæгтæ фæкæнынц, уæдмæ бадты адæм рауадзынц фæстаг гаджидау — ссарынц Уацилла æмæ Мыкалгабырты нæмттæ. Рæгъ кæронмæ куы ахæццæ вæййы, уæд хистæр кæстæртæн арфæ ракæны: «Уæ дзыхы ныхас, уæ табу Хуыцау фехъусæд, уæ цæрæнбон бирæ уæд!» Æмæ уыйадыл бадты адæм иууылдæр сыстынц. Чындзхæсджытæ æвæстиатæй кæрты дуармæ рацæуынц æмæ уым æрлæууынц, се ’ргом хæдзары ’рдæм саразгæйæ. Уæдмæ сын фысымтæ æртæ æртæдзыхоны, физонæг æмæ бæгæны рахæссынц. Фысымты хистæр бæгæныйы къус райсы физонæгимæ æмæ бакувы Хуыцау æмæ Уастырджимæ, чындзхæсджыты сыл бафæдзæхсы.

В а р и а н т: «Дунесфæлдисæг æмæ дунедарæг Иунæг Хуыцау, табу дын уæд! Абон атæппæт дзыллæ дæуæй цы хорздзинæдтæ куырдтой, уыдон сын, дæ хорзæхæй, æвгъау ма бакæн! Табу дæхицæн, табу де стырдзинадæн! Нæ буц уазджыты нын амондджын фæндæгтыл уадз!

Къæсæрæй фæндагамонæг бæрзонд Уастырджи, табу дæхицæн! Нæ уазджыты нын дæ зæрин базыры бын бакæн æмæ сæ сæ хæдзæрттыл дзæбæхæй сæмбæлын кæн! Табу дæхицæн!» Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд бæгæныйы къус ратты чындзхæсджыты хистæрмæ. Чындзхæсджыты хистæр цыбырæй арфæ ракæны:

В а р и а н т: Стыр Хуыцау, цытджын Уастырджи, мæнæ уæм нæ буц фысымты куывд фехъуысæд, табу уын уæд! Нæ буц фысымтæ, арфæ уын кæнæм уæ уæздандзинад æмæ уе стыр лæвары тыххæй! Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæ уæ сæ хорздзинæдтæй бабуц кæнæнт!» Стæй бæгæны, физонæг æмæ чъиритæй саходы, йæ худ сисы æмæ фысымтæн фæзæгъы: «Хæрзбон раут, нæ буц фысымтæ!»

Уыйфæстæ чындзхæсджытæ сæ машинæты сбадынц æмæ лæппуйы хæдзармæ сæ фæндаг адарынц.

Цалынмæ чындзхæсджытæ сæ хъуыддæгтæ фæкæнынц, уæдмæ сиахсæн чындзы хæдзармæ æргом бацæуын не ’мбæлы. Уый иуцалдæр æмбалимæ искуы фæсвæд ран фæбады, фылдæр хатт чызджы сыхæгтæй искæмæ. Уырдæм сын кæстæртæ æрбахæссынц, фынгæвæрдæн цытæ хъæуы, уыдон, æмæ сæ уым фæхынцынц.

Чындзы йæ хæдзарæй куы ракæнынц, уæд сиахс æмæ йе ’мбæлттæ хæдзармæ æрбацæуынц, цæмæй йæ чындзы хионтæ феной æмæ базоной, уый тыххæй. Лæппутæ æмæ сиахс хистæрæй кæстæрмæ, сиахс се ’хсæн, афтæмæй æрлæууынц фысымты кæрты, се ’ргом хæдзары ’рдæм. Фысымтæ (чындзы хионтæ), сæ разæй мыггаджы нæлгоймæгтæй исчи æмæ чындзы мад æд бæгæныйы кæхц, афтæмæй сæ размæ рацæуынц. Æгасцуай сын фæзæгъынц. Уыйфæстæ чындзы мад бæгæныйы кæхц лæппуты хистæрмæ ратты. Лæппу мадæн арфæ ракæны, бæгæныйæ ацаходы (ануазы) æмæ йæ йæ фарсмæ лæууæг лæппумæ авæры. Уый дæр дзы ацаходы æмæ йæ дæлдæр адæтты. Афтæ, цалынмæ кæстæрмæ æрхæццæ вæййы, уæдмæ равдæлон вæййы, æмæ дзы уæд лæппутæй алчидæр бузныггады охыл нывæры æхца, æмæ йæ фæстæмæ хистæрмæ схæццæ кæнынц. Хистæр дæр дзы нывæры æхца, æмæ уæд кæхц фæстæмæ чындзы мадмæ раттынц. Уый фæстæ лæппутæ сæ фысымтæн хæрзбон фæзæгъынц æмæ чындзхæсджыты аййафынц.

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 40 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.032 сек.)