Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Чызгæрвыстмæ цæттæ кæнын

Читайте также:
  1. Мард ныгæнынмæ цæттæ кæнын
  2. Чындзхастмæ цæттæ кæнын

 

Чызгæрвыст стыр æмæ бæрнон хъуыддаг у, уымæ гæсгæ йæм цæттæ кæнын хъæуы тынг зæрдиагæй, йæ райдианæй йæ кæронмæ йæ алы ми, йæ алы архайд дæр хъуыдыгонд куыд æрцæуа æмæ нывыл куыд ацæуа, афтæ.

Чызгæрвыстмæ цæттæ кæныны мидисы ис:

Фыццаг —чызгæрвысты бæрнон архайджытæ снысан кæнын. Уыдон сты: фидауджытæ 5—7 уæздан, дзырддзæугæ æмæ фæлтæрдджын нæлгоймаджы; 1—2 лæджы мыггагæй, иу уый бырц сыхбæстæй, æмæ чызджы мадырвадæлтæй, кæнæ хæрæфырттæй;

— чындзхæсджыты (уазджыты) фынгыл бадты хистæр — сыхбæстæй (хъæубæстæй) куырыхон æмæ фæлтæрдджын нæлгоймаг;

— чындзхæсджыты (уазджыты) фынгыл бадты 3-аг хистæр — мыггагæй, уæздан æмæ дзырддзæугæ нæлгоймаг;

— хуынд адæмы (фысымты) фынгыл бадты æртæ хистæры — сыхбæстæй, мыггагæй æмæ æндæр хъæутæй (уазджытæй), ацы фынгæвæрд хицæн вæййы, чындзхæсджытæ æмæ хуынд адæм æгæр бирæ куы вæййынц, уæд;

— сылгоймæгты фынгыл 1-аг æмæ 3-аг хистæртæ — сыхбæстæй (хъæубæстæй) æмæ мыггагæй;

Ацы хистæртæ иууылдæр вæййынц равзаргæ адæм (кæс сæргонд «Ирон фынгæвæрд»):

— кæрты фæткмæ цæстдарæг хистæр — сыхбæстæй (хъæубæстæй);

— лæггадгæнджыты хистæр — лæггадгæнджытæн уынаффæкæнæг — къæбицы уагдарæг, чызгæрвысты æгъдæуттæм хорз чи арæхсы, ахæм нæлгоймаг сыхбæстæй;

— лæггадгæнджытæ: кæрдзынгæнджытæ, кусартгæнджытæ, фынгæвæрджытæ, дзагдар æмæ уырдыглæуджытæ, чындзыл дарæсгæнджытæ, чындзæмбæлттæ (1—2 лæппуйы, 1—2 чызджы);

— хъæлдзæгдзинад аразджытæ фæлтæрдджын æмæ бæрнон, хъæппæрисджын æмæ дзырддзæугæ æрыгон лæппу æмæ чызг;

— фæндырдзæгъдджытæ æмæ чъегъретæ;

— хуындзæуттæ фæстæйы хуынимæ (кæс бындæр «Фæстæйы хуын»).

Дыккаг — чындзы дзаумæттæ æмæ лæвæрттæ. Ныййарджытæ куы бамбарынц, сæ чызг йæ кармæ гæсгæ чындздзон ссис, уæд ын рагацау, чызгæрвысты бон цы бахъæудзæн дзаумайæ, уыдон амал кæнын райдайынц. Фидаугæ куы бакæнынц, уæд та ма балхæнынц кæнæ сæхæдæг скæнынц, цы йын нæ фаг кæны, ног уавæрты йæ цы бахъæудзæн, уыдон: чызгæн — 1—2 къабайы кæнæ костюмтæ, 2—3 фæлысты мидæггаг дарæс, 1—2 уæйлаг дарæсы (палто, плащ), 1—2 фæлысты къахыдарæс, иуцасдæры бæрц, буармæ æмæ дарæсмæ зилæн фæрæзтæй цы хъæуы, уыдон, куыссæнгæрзтæ (гобан, хъæццул, базтæ, 2—4 уæлтауæны — хуыссæнæмбæрзæн), хæссæнгарз (чемодан).

Уымæй уæлдай ма чызгæн ныййарджытæ скæнынц исты зынаргъ лæвар. Уый вæййы уæлæдарæс кæнæ хæдзары дзаума. Ныййарджытæн сæ амал куы нæ вæййы исты ахæм лæвар бакæнын, уæд уый аипп нæу. Чызгæн уый тыххæй ныййарджыты азымы дарын аипп у.

Лæппуйæн (сиахсæн) лæварæн самал кæнынц зынаргъ дзаума (сахат, къухдарæн æмæ æндæр ахæм исты), кæнæ уæлæдарæс (костюм, худ, хъарм дзаума кæнæ къахыдарæс). Фæйнæ лæвары ма балхæнынц лæппуйы ныййарджытæн дæр. Кæд лæппуйæн æвзонг кæстæртæ ис, уæд уыдонæн æмæ хызисæгæн — фæйнæ исты зæрдæлхæнæны.

Чызджы ныййарджытæн сæ амал куы вæййы, уæд лæвæрттæ скæнынц къухылхæцæгæн, æмдзуарджынæн, кæнгæ мадæн æмæ сиахсы мыггаджы хистæрæн.

Мæхи адæмы цæстмæравдисон, зæгъгæ, уый охыл зынаргъ æмæ стыр лæвæрттæ кæнын у æнæуагдзинад. Лæвар мын нæ бакодтой, зæгъгæ, уый тыххæй хъаст кæнын та æнæфенддзинад у.

Чызгæрвысты дæр æмæ чындзхасты дæр лæггадгæнджытæн лæвæрттæ кæнын худинаг у, сыхагæн, хæстæгæн лæггад бакæнын фыдæлты фæрнæйдзаг фæтк у æмæ уымæй сæудæджеры хъуыддаг скæнын у стыр æнæгъдаудзинад, ахæм лæвар райсæг та у къуымых адæймаг.

Æртыккаг — чызгæрвысты фæлхæстæ.

Чызджы ныййарджытæ сæ материалон уавæр хынцгæйæ сбæлвырд кæнынц, сæ бон чызгæрвыстмæ цал адæймаджы æрхонын бауыдзæн, уый. Чызгæрвысты фæлхæстæ дæр æнцонæй снымайæн ис, дæлсæргонд «Чындзхастмæ цæттæ кæнын»-ы цы номхыгъд ис, уымæ гæсгæ.

Фæлхæстæ хынцгæйæ ныййарджытæ æппæты фыццаг хъуамæ сæ зæрдыл дарой, ацы хъуыддаджы сæ размæ цы сæйрагдæр хæс ис, уый — чызг йæ ног бинонты ’хсæнмæ хъуамæ бацæуа, амал æмæ гæнæн куыд ис, афтæмæй цæттæйæ. Уымæ гæсгæ фæлхæсты ахъаззагдæр хай хъуамæ нысангонд æрцæуа чызджы ног уавæрты цæрынмæ бацæттæ кæнынæн.

Чызджы ныййарджытæ, кæд æнæниз æмæ цæрынхъом сты, уæд сиахсæй исты хæлцæгтæ домын æнæуагдзинад у, чызджы ныййарджытæ хъуамæ уый сæ сæрмæ ма хæссой. Чындзхæсджыты лæппуйы хардзæй суазæг кæнын ирон æгъдау нæу.

Цыппæрæм —чызгæрвыстмæ æрхуынд.

Чызгæрвыстмæ дæр æмæ чындзхастмæ дæр адæм «исчи мын исты фæуа»-йы охыл хонын у стыр æдзæсгомдзинад. Кæй нæ уарзыс, уый æрхонын та у æдылыдзинад. Æнæуагдзинад у хи равдисыны охыл бирæ адæм æрхонын дæр.

Дыууæ мыггаджы куы бафидауынц, уæд чызджы ныййарджытæ мыггаджы хистæртимæ скæнынц, хистæриуæг чи кæндзæн, лæггад чи кæндзæн æмæ æрхонинаг чи у, уыдон номхыгъдтæ. Номхыгъдтæм гæсгæ рагацау фехъусын кæнынц:

— чызгæрвысты хистæртæн æмæ лæггадгæнджытæн — 1—2 къуырийы раздæр;

— фæстæйы хуындзæуттæн — æрхонинаг адæмæн æмæ чындзæмбæлттæн — 1—2 боны раздæр.

Нæлгоймаг хистæртæ æмæ лæггадгæнджытæн сæрмагондæй фехъусын кæны чызджы фыд, сылгоймæгтæн — чызджы мад. Чындзæмбæлттæ чындзыцæуæг равзары æмæ сын хъусын дæр фæкæны йæхæдæг.

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 44 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)