Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Чындзхастмæ цæттæ кæнын

Читайте также:
  1. Мард ныгæнынмæ цæттæ кæнын
  2. Чызгæрвыстмæ цæттæ кæнын

 

Чындзхаст дæр чызгæрвыстау у тынг стыр æмæ вазыгджын цау. Уымæ гæсгæ йæм мыггаг, ныййарджытæ иумæ бындуронæй æмæ зæрдиагæй фæцæттæ кæнынц.

Чындзхастмæ цæттæ кæныны мидисы ис:

Фыцца г — бæрнон архайджытæ снысан кæнын æмæ сын афойнадыл фехъусын кæнын. Мыггаджы хистæртæ æмæ лæппуйы ныййарджытæ кæй снысан кæнынц, уыдон сты:

— къухылхæцæг — астæуккаг кары уæвæг нæлгоймаг мыггагæй кæнæ хæстæг хионтæй, æмкъайады цæдисы фæлтæрддзинад кæмæ ис, ахæм арæхстджын адæймаг;

— æмдзуарджын — лæппуйы хæлæрттæй, уæздан æмæ æууæнкджын чи у, ахæм арæхстджын лæппу;

— кæстæр æфсымæр — хызисæг, фылдæр хатт 10—15-аздзыд сыхаг лæппу;

— чындзы мад — æгъдæуттæ хорз чи зоны, чындзæн фыццаг бонты йæ уаг, йæ архайд чи амондзæн, йемæ æргомдзырд чи уыдзæн, ахæм æрыгон чындз мыггагæй, хæстæджытæй кæнæ сыхæгтæй, фылдæр хатт — къухылхæцæджы цардæмбал.

Кæй ранымадтам, уыдонæн уынаффæгæнæг, хистæр у къуыхылхæцæг. Къухылхæцæг æмæ кæнгæ мад вæййынц, дыууæ кæстæры цардыл хæрзаудæн чи кæны, ахæм æууæнкджын æмæ зæрдæхæлар хионтæ. Уымæй уæлдай ма къухылхæцæг æмæ кæнгæ мад бахъуаджы сахат лæмбынæг кæсынц чызг æмæ лæппуйы митæ æмæ уагмæ. Амонынц сын, сæ размæ цы ног æмæ, фылдæр хатт, зынæмбарæн интимон æмæ æндæр фарстатæ фæлæууынц, уыдон. Цæмæй уыцы интимон фарстатæ уæзданæй æмæ æгъдауыл лыггонд цæуой, уый тыххæй къухылхæцæг æмæ кæнгæ мад хъуамæ сæ кар æмæ удыхъæдмæ гæсгæ хæстæг лæууой чызг æмæ лæппумæ:

— чындзхæсджыты нæлгоймаг хистæр — ацæргæ адæймаг сыхбæстæй (хъæубæсты, мыггаджы номæй ныхас чи фæкæны, ахæм адæймаг);

— чындзхæсджыты 2-аг нæлгоймаг хистæр — мыггагæй кæнæ хионтæй;

— чындзхæсджыты сылгоймаг хистæр — сыхбæстæй (хъæубæстæй);

— чындзхæсджыты 2-аг сылгоймаг хистæр мыггагæй кæнæ хæстæг хионтæй;

— фидауджыты хистæртæ мыггагæй æмæ сыхбæстæй, хъæубæстæй;

— чындзæхсæвы фынджы хистæр — сыхбæстæй, хъæубæстæй;

— чындзæхсæвы бадты 3-аг хистæр — мыггаг кæнæ хæстæг хионтæй;

— чындзæхсæвы сылгоймæгты бадты хистæр — сыхбæстæй, хъæубæстæй;

— чындзæхсæвы сылгоймæгты бадты 3-аг хистæр — мыггаг кæнæ хæстæг хионтæй.

Кæй ранымадтам, уыцы хистæртæ иууылдæр хъуамæ уой уæздан, дзырддзæугæ, æууæнкджын æмæ, æгъдæуттæ хорз чи зоны, ахæм фæлтæрдджын адæймæгтæ.

Уыдонæй уæлдай ма снысан кæнынц лæггадгæнджытæ: кæрдзынгæнджытæ, кусартгæнджытæ, фынгæвæрджытæ, уырдыглæуджытæ, шофыртæ æмæ чъегъреты:

— лæггадгæнджыты хистæр — сæ архайдмæ сын йæ цæст чи дардзæн, къæбиц йæ бæрны кæмæн уыдзæн, хойраг, фыдызгъæл æмæ иннæ хæлцæгтæ кæдæм (кæмæн) æмæ цас фæлхас кæнын бахъæудзæн, уый хорз чи зоны, ахæм нæлгоймаг сыхбæстæй, хъæубæстæй;

— чындзхæссæг снысан кæнынц равзаргæ уæздан æмæ æгъдауджын адæймæгты, уыдон вæййынц: хистæр кары нæлгоймæгтæ 2—3;

— хистæр кары сылгоймæгтæ 2—3;

— хуындзæуттæ — 3;

— фæндырдзæгъдæг æмæ зарæгамонæг — 2;

— кафæг чызджытæ æмæ лæппутæ — 6—8;

— æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæ — 2—4;

— къухылхæцæг, æмдзуарджын, кæнгæ мад;

— шофыртæ — 2—3.

Чындзхæсджытæ æдæппæт вæййынц 20—30 адæймаджы. Уыдонæн се ’мбис хъуамæ уой сыхбæстæй, хъæубæстæй. Бирæ чындзхæсджытæ æрвитын аив нæу, уæлдайдæр, чызджы бинонтæ куынæг армæй куы фæцæрынц, уæд.

Дыккаг —дарæс, хæдзары дзаумæттæ.

Лæппуйы ныййарджытæ, сæхи æмæ чызджы бинонты царды уавæр хынцгæйæ, саразынц мадзæлттæ, цæмæй дыууæ æрыгоны чындзхасты бонты æмæ сæ иумæйаг царды райдианы мацæмæй батыхсой, уымæн. Ныййарджытæ, фылдæр хатт та чызг æмæ лæппу сæхæдæг, къаддæр-уæддæр балхæнынц (самал кæнынц) уæлæдарæс чындзæн: къаба кæнæ костюм, науæд дæллаггуыр æмæ уæллаггуыр, сæрбæттæн, худ, мидæггаг дзаумæттæ иу фæлыст, къахыдарæс —туфлитæ кæнæ цырыхъхъытæ йе та батинкæтæ — афæдзы афонтæм гæсгæ иу фæлыст. Буармæ æмæ дарæсмæзилæн дзаумæттæ: хихсæн фæрæзтæ иу комплект, зонт æмæ хызын. Чындзæн ма балхæнынц кæнæ рæстæгмæ райсынц чындзы дарæс: разкъæртт къаба, уæллаггуыр, дæллаггуыр, къопхуд, камари æмæ хыз (вуаль). Уымæй уæлдай ма, чындзы уаты æппынкъаддæр цытæ хъæуы, уыдон: сынтæг, скъапп, гауыз, кæсæн, фынг, бандæттæ, телевизор, кæд амал æмæ гæнæн ис, уæд. Чындзхасты бон хи равдисыны охыл чындзæн зынаргъ дзаумæттæ æлхæнын кæнæ æндæр исты хъуыддагæн «æхцакалæн» кæнын у æнæфенддзинад.

Æртыккаг — лæвæрттæ. Чындзхасты бон дыууæ кæстæры ныййарджытæ кæрæдзийæн æмæ кæрæдзи бинонтæн фæкæнынц лæвæрттæ, кæмæн цы йæ бон у, уый. Лæвæрттæ чындæуы:

— чындзы ныййарджытæн фæйнæ лæвары;

— чындзы фыдымад æмæ фыдыфыдæн фæйнæ лæвары (амал куы уа, уæд);

— мыггаджы хистæр нæлгоймаг æмæ сылгоймагæн;

— чындзы æвзонг кæстæртæн фæйнæ зæрдæлхæнæны;

— чындзæн иу зынаргъ згъæр лæвар (кулон, брош, хъусцæджытæ, къухдарæн, сахат кæнæ æндæр ахæм исты) — иу дзаума.

Лæвæрттæ гæнгæйæ дыууæ хæдзары бинонтæ дæр хъуамæ крæдзиуыл ауæрдой. Хи бинонты хъуагæй стыр лæвæрттæ кæнын аипп у. Лæвæрттæ курæггаг æхцайæ кæнын у æнæрхъуыдыдзинад.

Цыппæрæм —чындзæхсæвы фæлхæстæ.

Лæппуйы ныййарджытæ куы сбæлвырд кæнынц хуынд адæмы нымæц, уæд снымайынц, хæдзары цы ис, уымæй уæлдай ма сæ ссарын (самал кæнын) цы бахъæудзæн æмæ сæ аргъ цас сыстдзæн, уый. Уый фæстæ агурын æмæ æлхæнын райдайынц, фаг сæм цы нæ вæййы, уый.

Нæ рæстæджы чындзæхсæвæн рæстæмбис нымадæй къаддæр-уæддæр хъæуы иу адæймаджы хыгъдмæ:

— стуры кæнæ фысы фыд — 0,5 кг;

— кæсаджы хæлцæгтæ — 0,1 кг;

— цыхт (чъиритæн) — 0,2 кг;

— халсартæ æмæ дыргътæ — 0,5 кг;

— адджинæгтæ — 0,2 кг;

— ирон бæгæны — 0,5 литры;

— карз нозтытæ æмæ сæнтæ — 0,5 литры.

Уыдонæй уæлдай ма зæрдыл дарын хъæуы алыхуызон лыстæг æмæ сæрмагонд хæлцæгтæ — ссад, цæхх, æхсыры сæртæ (хъаймагъ), хъæдындз, нуры, дзымари æмæ æндæртæ.

Кæд фидауджытæ раздæр ныхасгонд уыдысты, уæд чызджы хæдзармæ æрвитын бахъæуы: кусæрттаг, ссад æмæ нозт. Чызджы ныййарджытæ фылдæр хатт сæ сæрмæ не ’рхæссынц исты æххуыс райсын. Цæмæй, хæлцагæй цы бахъæудзæн, уый фæстауæрцгонд цæуа кæнæ æгæр кадавар ма фæуа, уый тыххæй ныййарджытæ скæнынц, фынгтыл цы хæринæгтæ æрæвæрдзысты, уыдоны номхыгъд.

Уымæй уæлдай ма лæппуйы бинонтæ сбæрæгбонхуыз кæнынц сæ цæрæнуат, ома кæрт, агъуыст, æмбондтæ, сцалцæг кæнынц, базилынц сæм, аив сæ сфæлындынц. Бацæттæ кæнынц чындзы уат дæр, æрæвæрынц дзы, цы æмбæлы, уыдон.

Рагацау ракурынц кæнæ баххуырсынц, чындзхасты бон цы транспортон фæрæзтæ бахъæудзæн, уыдон.

Фæндзæм — чындзхасты боны фæтк.

Цæмæй чындзхасты хъуыддæгтæ фидар фæткыл цæуой æмæ мацы къуылымпытæ уа, уый тыххæй тынг ахсджиаг у, чындзхастæн боны фæтк, ома кæд цы кæнын хъæуы, уый сбæлвырд кæнын сахæттæй баргæйæ. Нæ фыдæлтæ чындзхаст æмæ чындзæхсæв иу бон стæм хатт кодтой, уымæн æмæ уæд талф-тулфы митæн бынат нал вæййы, хъуыддæгтæ æнцадæй нывæфтыдгæнæгау ацæуынц. Раст кæнынц, нæ рæстæджы чындзæхсæв чындзы æрбахасты фæстæ дыккаг бон чи кæны, уыдон, стæй аивдæр æмæ уæлибондæр у ахæм чындзæхсæв, уым архайынц, фæстæйы хуынимæ чи ’рбацæуы, уыцы уазджытæ дæр.

Раст кæнынц, йæ чындзхæсджыты æмæ чындзы æрбацыдмæ йæ чындзæхсæвы фынгæвæрд чи аргъæвы, уыдон дæр. Фыдæлты фæткмæ гæсгæ чындзæхсæвы кувинæгтæ куывдæуы æрмæстдæр чындзы раз. Цалынмæ чындз лæппуйы кæртмæ æрбакъахдзæф кæна, уæдмæ фынгæвæрдмæ ничи æвналы, кувинæгтæ ничи кувы, уыцы фæткмæ гæсгæ чындзхасты хъуыддæгтæ цыдысты алдымбыдау.

Уæдæ афтæ, цæмæй чындзæхсæв аив æмæ æгъдауыл ацæуа, уый тыххæй кæнæ чындзæхсæв кæнын хъæуы чындзы æрбацыды фæстæ дыккаг бон нæ фыæдæлтæ йæ цæрæнбоны куыд кодтой, афтæ, кæнæ та чындзхæсджыты чызджы хæдзармæ æрвитын хъæуы бонрæфты, цæмæй фæстæмæ лæппуйы хæдзармæ бонрухсæй æрбаздæхой, уый тыххæй. Уæдмæ хуынд адæм хъуамæ æрбацæуой, кувинæгтæ скувынмæ цæттæ уой, хъазт та хъуамæ йæ тæккæ тыфылы бацæуа.

Чындзæхсæв дыккаг бон чи фæкæны, уымæн кæд йæ фæлхæстæ бирæ фылдæр нæ вæййынц, уæддæр дзы вæййы фидар фæтк, нæ дзы вæййы уæлдай дзолгъо-молгъо. Фыццаг бон чындз йæ ног хæдзармæ бакувы. Уый фæстæ йæ фæллад суадзы. Дыккаг бон та йын чындзæхсæв скæнынц. Скувынц ын, Хуыцау, зæдтæ æмæ йæ дауджытыл бафæдзæхсынц, бакувы хæдзары артдзæстæн — Сафамæ. Йæ хыз ын сисынц, байуары мыды къус, стæй йæ акæнынц хъазтмæ. Ацы фæткæн йæ æвæрццæг ахадындзинад уæлдай ахъаззагдæр у горæтаг фатерты цæрæг чындзхæссæг бинонтæн.

Æхсæзæм —чындзхастмæ æрхуынд.

Дыууæ мыггаджы куы бафидауынц, уæд лæппуйы ныййарджытæ, мыггаджы хистæртæ, лæппу йæхæдæг скæнынц номхыгъдтæ. Уыцы номхыгъдтæм бахæссынц хистæрты, чындзхæсджыты, лæггадгæнджыты æмæ, чындзæхсæвмæ æрхонын кæй хъæуы, уыдоны. Чындзæхсæвмæ ма дыууæ къуырийы куы баззайы, уæд фехъусын кæнынц (æрхонынц), кæй снысан кодтой, уыцы хистæртæн, чындзхæсджытæн æмæ хæстæг хионтæн, къуыри раздæр — лæггадгæнджытæн, æрхонинаг адæммæ хионæй, æцæгæлонæй хонæг арвитынц 1—2 боны раздæр. Хистæртæн æмæ лæггадгæнджытæн сæрмагондæй фехъусын кæнынц ныййарджытæ сæхæдæг. Балæгъстæ сын кæнынц.

В а р и а н т: «Арсæмæг, мæ хæлар, дæумæ æрбацыдтæн ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл æмæ мæ ма аздах! Хуыцауы фæндæй, иннæ хуыцаубоны мæ кæстæр Ацæмæзæн хъуыддаг кæнын æмæ мæ кæрт, мæ къæбицы уынаффæгæнæгæн дæу равзæрстон. Хъæубæсты хорз лæгтæ бирæ ис, фæлæ мæнæн мæ уазджытæн рæсугъд æгъдау чи равдиса, гъе уый ды дæ, æмæ, дæ хорзæхæй, ма фæзивæг кæн!»

Чындзæхсæвмæ хонæг чи фæцæуы, уыдонæн бафæдзæхсынц, кæцы бонмæ æмæ кæцы сахатмæ æрхонын хъæуы адæмы, уый, цæмæй афойнадыл (чындзы æрбацыдæй, къаддæр-уæддæр иу сахат раздæр) æрцæуой, уый тыххæй.

Куывдмæ кæнæ æндæр цины хъуыддагмæ æнæ хонæгæй ацæуæг у къуымых адæймаг.

 

7. Чызгæрвыст æмæ чындзхасты хъæлдзæгдзинæдтæ

 

Чызгæрвыст æмæ чындзхаст хъæлдзæгдзинадæй фидауынц, æмæ уый у æппæтæй сæйрагдæр.

Удæвдзæг, æрд, кафт, ерыстæ æмæ хъæзтытæ цы цины хъуыддаджы нæ уа, уый у æнæзæрдæмæдзæугæ, æварн. Цыфæнды диссаджы фынгæвæрдтæ дзы куы уа, мин адæймаджы йæм куы ’рхуындæуа, лæвæрттæ иууылдæр налхъуыт-налмастæ куы уой, фæлæ дзы хъæлдзæгдзинад куы нæ уа, уæд уый у, бинонтæ æмæ мыггаджы æгад чи кæны, ахæм æдзæлгъæддзинад.

Ахæм хъуыддаджы хъæлдзæгдзинæдтæм хъуамæ здæхт цæуа сæйраг цæстæнгас. Чызгæрвысты дæр æмæ чындзхасты дæр уыцы хъуыддаг бабар кæнынц хионтæй хъæппæрисджындæр, æрхъуыдыджындæр æмæ бæрнондæр адæймæгтæн. Уыцы хъуыддагæн бинонтæ хъуамæ мацы бацауæрдой — нæдæр рæстæг, нæдæр æхца, нæдæр уды фыдæбон. Ссарынц алыхуызон курдиатджын адæм — зарæгамонджытæ, кафджытæ, фæндырдзæгъдджытæ, бæхылхъазджытæ, алыхуызон ерыстæ æмæ хъæзтытæм амидингæнджытæ æмæ æндæртæ. Саразынц хъæлдзæгдзинæдты боны фæтк.

Кæцыфæнды чызгæрвысты дæр æмæ чындзхасты дæр хъуамæ æппынкъаддæр уа:

— хъазтамонджытæ (чегъретæ) — иу-дыууæ;

— фæндырдзæгъдджытæ— иу-дыууæ;

— зарæгамонджытæ — дыууæ-æртæ;

— сæрмагонд кафæг чызджытæ æмæ лæппутæ — æхсæз-аст;

— хуызисæг кæнæ кинонывисджытæ— иу-дыууæ.

Кæд бинонтæ æмæ хионтæм хъæппæрисджын æмæ арæхстджын адæймæгтæ нæй, уæд хъæуы баххуырсын хицæн адæймæгты кæнæ æнæхъæн ансамбль, ома, æппыннæйы бæсты. Фæлæ уæддæр æнæ хъæлдзæгдзинад чындзæхсæв чындзæхсæв нæу.

Чызгæрвысты æмæ чындзхасты хъæлдзæгдзинæдтæ аразæг снысан кæны, кæд æмæ цавæр хъæлдзæгдзинад хъуамæ уа, уый, ома саразы репертуарон пълан, бындуронæй ахъуыды кæны, куыд æмæ цæмæй бахъæлдзæг кæндзæн уазджыты æмæ хуынд адæмы, ууыл.

Сыхбæсты цины хъуыддаг æмæ мардæрцыд куы сиу вæййынц, уæд сыхбæстæ (хъæубæстæ) бацархайынц уыцы фарста фыдæлты фæткмæ гæсгæ алыг кæныныл. Мæрдджын мыггаджы лæгтæн тынг уæзданæй сæ зæрдыл æрлæууын кæнынц сæ хæс: чындзхæссæг (чызгæрвитæг) бинонтæм минæвар барвитын æмæ сæм æрхатын: «Уæ хъæлдзæгдзинæдтæ кæнут». Уыцы минæвар кæнæ минæвæртты фылдæр хатт мæрдджын хæдзарвæндаг (мыггаг) æрбарвитынц сæхи хъæппæрисæй. Уый тыххæй бæлвырддæр кæс сæргонды «Ирон фынгæвæрд».

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 48 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.016 сек.)