Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

AElig;мкъайады бындур

Читайте также:
  1. Уæздандзинады бындур

 

Чызг æмæ лæппуйыл фæйнæ 17 азы цалынмæ сæххæст уа, уæдмæ чызг мой нæ кæны, лæппу ус нæ куры, фæлæ стæм хатт уавæр аивы уыцы фæтк.

Чызг æмæ лæппуйы ’хсæн æмкъайады цæдис скæныны хъæппæрис æвдисæг алкæддæр вæййы лæппу. Чызг лæппуйы куыдфæнды тыхджын уарзтæй куы уарза, уæддæр ын не ’мбæлы лæппуйæн «ракур мæ», зæгъын, уый худинаг у, хи хъарын та стыр æнæфсармдзинад у. Чызг йæ удыхъæд æмæ йæ уæздандзинадæй хизы йæхи.

Ирон бинонты ’хсæн æфсымæртæ цалдæр куы вæййынц, уæд ус курыны рад хистæрæй кæстæрмæ вæййы, хоты ’хсæн ахæм рад нæй. Фæлæ хатгай уавæр куы фæдомы уыцы фæткæн йæ сæрты ахизын, аипп нæу.

Дыууæ æрыгон адæймагæн æмкъайады цæдисы бацæуын у сæ царды æппæтæй стырдæр цау, ахсджиагдæр æмæ бæрнондæр хъуыддæгтæй иу. Цæмæй уыцы ахсджиаг цæдис зæрдæзæгъгæ æмæ фидар уа, уый тыххæй æмкъайады райдианæн хъуамæ уа мæнæ ацы бындур:

— чызг æмæ лæппу кæрæдзи хорз зонынц æмæ зæрдæйæ уарзынц;

— чызг æмæ лæппу кæрæдзийæн тугæй æмæ ардæй хæстæг не ’ййафынц;

— ис сын, быхсæн кæмæн ис, ахæм царды фæрæзтæ, къаддæр уæддæр — цæрæнуат;

— сæ ныййарджытæ уыцы æмкъайады ныхмæ не сты.

2. Фыццаг къахдзæфтæ

 

Лæппу ус курынвæнд куы скæны, уæд йæ фæндон ныййарджытæн бамбарын кæны, стæй бацамоны, йæ цард кæимæ сбæттынвæнд кæны, уый. Фæлæ арæх чызг дæр æмæ лæппу дæр сæ ныййарджытæн сæхæдæг æргом нæ фæзæгъынц, æфсæрмы фæкæнынц. Уый æвзæр миниуæг нæу. Уый Ирмæ рагæй дæр æгъдау уыд, уæздандзинады бæрæггæнæнтæй иу.

Фылдæр хатт лæппу хъуыддаг бабар кæны йæ хæлæрттæй искæмæн, уый та ныййарджытæн бамбарын кæны лæппуйы фæндон. Фæсаууонмæ сæ базонгæ кæны, чызг чи у, цы мигæнæг у, цы кусы, кæм цæры, уыдæттимæ. Уый фæстæ ныййарджытæ лæппуйæн йæхи æргом бафæрсынц, ома лæппуйæн йæ фæндон йæхи дзыхæй куыд фехъусой, афтæ.

Чызджы ныййарджытæ та хъуыддаг базонынц, лæппуйы минæвæрттæ сæм куы ’рбацæуынц, уæд. Кæд чызг дæр æмæ лæппу дæр сæныййарджытимæ æргомныхас вæййынц, уæд сын сæ фæндон сæхæдæг фæзæгъынц, кæд се ’ргом ныхас уæздандзинады фæлгæтæй цæуы, уæд уый аипп нæу. Ныййарджытæ хъуыддаг куы бамбарынц, уæд сæ дарддæры архайд вæййы:

— сбæрæг кæнын, уавæртæм гæсгæ чызгæн (лæппуйæн) æмкъайады цæдисы бацæуынæн бындур ис æви нæ (кæс 1-аг дæлсæргонд);

— бындуронæй базонын дыууæ кæстæры æмахастдзинæдтæ, чи сты лæппуйæн (чызгæн) йæ ныййарджытæ, хæстæгдзинадæн бæззынц æви нæ (цы мигæнæг сты, сæхи фæллойæ цæрынц æви нæ, сæ бинонты ’хсæн æгъдау æмæ фæтк ис æви нæ, куыд сты сæ ахастдзинæдтæ адæмимæ, сыхбæстæ сын куыд аргъ кæнынц);

— бахынцын, цас бахъæудзæн алыхуызон фæлхæстæ, æмæ уый фæрцы базонын, бинонтæн сæ бон цы у, уый (цавæр чызгæрвыст (чындзæхсæв) скæнын бауыдзæн сæ бон сæ мадзæлттæм гæсгæ);

— снысан кæнын, хъуыддаджы хионтæй кæмæн цы бабар кæнын хъæуы, сыхбæстæ (хъæубæстæ) цы архайдзысты, уый;

— сбæлвырд кæнын, цæрæнуаты цытæ сцæттæ кæнын хъæуы, уыдон (арæзтад, цалцæг кæнын, ссыгъдæг кæнын æмæ æндæр ахæмтæ).

Лæппуйы ныййарджытæ хъуыддаг кæнинагыл куы банымайынц, уæд мыггаджы хистæртæн бамбарын кæнынц сæ фæндон, уый фæстæ иумæ бацæттæ кæнынц минæвæрттæ æмæ сæ чызджы хæдзармæ арвитынц.

Чызджы хæдзар та куы фæзонынц, минæвæрттæ сæм æрбацæудзысты, уый, уæд дæр æргом ницавæр хъæппæрис февдисынц — уый аив нæу.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 25 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)