Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Уæздандзинады бындур

Читайте также:
  1. AElig;мкъайады бындур

Ирон адæмы абоны уæздандзинад у, нæ фыдæлтæ астæуккаг æнусты Ныгуылæн Европæмæ цы «рыцарство» бахастой, уымæн йæ байзæддаг.

Ирон адæмы царды уæздандзинад ахсы стыр æмæ ахсджиаг бынат. Ууыл дзурæг сты, ирæттæ æнусты дæргъы фыдæй фыртмæ кæй дзурынц, уыцы бирæ æмбисæндтæ. Мæнæ дзы иу-цалдæр: «Уæздан æгъдауджын лæджы фæхонынц», «Уæздан лæгæн йæ чъылдыммæ сбад, сау лæгæн та — йæ разы», кæнæ «Хæрæгыл саргъ куыд нæ фидауы, афтæ сау лæгыл — уæздандзинад».

Ирон уæздандзинад у адæймаджы удварны бындур, куырыхондзинады æмæ лæгдзинады бæрцбарæн. Æнæ уымæй ирон æрдхæрæны удварны хæзнатæн царды уæвæн нæй. Уый у æгъдау, уаг æмæ æфсармы бæрзонддæр къæпхæн.

Исбон уæздандзинады ахъаззаг бæрæггæнæн нæу. Исбоны руаджы йæхи уæздан чи хоны, уый удыхъæдæй мæгуыр æмæ æнæфсарм адæймаг у.

Уæздандзинад алы адæмыхатмæ дæр ис, фæлæ алы адæмыхатт дæр уæздандзинады мидисы æвæрынц сæхи бæрæггæнæнтæ. Ирон уæздандзинады сæйраг бæрæггæнæнтæ, йæ аразæн хæйттæ сты: рæстдзинад, æцæгдзинад, хиуылхæцынад, зæрдæхæлардзинад, сæр сæрмæ хæссын, райгуырæн бæстæ æмæ иубæстон адæмыл æнувыд уæвын.

Уæздандзинад, адæймаджы иннæ хорз миниуджытау, æрдзæй рахæсгæ нæу. Йæ миниуджытæ сты, Иры дзыллæ сæ иумæйаг царды сæ кæрæдзиимæ ахастдзинæдтæн цы æнæфыст закъонтæ сæвæрдтой, царды фæлтæрæнты кæй бахсыстой, динон уырнындзинады фæрцы дæсгай фæлтæрты зондахасты кæй сфидар кодтой, уыдон.

Ирон уæздандзинады миниуджытæн сæ фылдæр систы динон уырнынады домæнтæ, уымæ гæсгæ уыцы домæнтæ не ’ххæст кæнын ссис Хуыцауы ныхмæ цæуыныл нымад. Хуыцауыл уырнынад æмæ ирон уæздандзинад æнусты дæргъы адæмы разæнгард кæнынц цардбæллондзинадмæ, систы хъомылады программæ — æмбал кæмæн нæй, ахæм хъомылады фæрæз.

Ирон уæздандзинад тынг фæцудыдта Советон дуджы, хицауад дины æмæ дингæнджыты ныхмæ тохмæ куы расидти, уæд. Уымæн æмæ ирон адæймаджы уæздандзинад йæ уидæгтæй баст у динон уырнындзинадимæ, сæрмагондæй та ирон динимæ, нæ фыдæлтæн паддзахадон закъонтæ чи ивта, уыимæ.

Уæздандзинад Иры фыдæлтæм нымад уыди адæймаджы æмæ æхсæнады закъонты ахсджиагдæр æмæ сæйрагдæрыл, уымæн æмæ фидар кодта адæмы æхсæн ахастдзинæдтæ — æгъдау æмæ фæтк, уый фæрцы Иры дзыллæ удыхъæдæй уыдис сыгъдæг æмæ райдзаст, Хуыцауы раз та — æнæтæригъæд, равзæргæ.

Кæд уæздандзинады хъомыс æмæ динон уырнынад тыхджын уыдысты, уæддæр, иуæй-иу адæмты динон уырнындзинæдтау, адæймагæй фанатик, ома сæ хъомысы цагъайраг нæ арæзтой.

Уæздандзинад, адæймаджы иннæ цæрæгойтæй чи хицæн кæны, ахæмминиуæг у. Цæрæгойтæн сæ уагахаст иугуырæй дæр æрдзæй рахæсгæ (инстинкт) æмæ гуырдзон рефлекстæй арæзт у, цæргæ дæр уыдоны руаджы кæнынц. Уыцы æрдзон æууæлтæ адæймаджы уæнджы дæр сты, фæлæ уымæн æмбæрзт сты уæздандзинады «хъæццулæй». Цас адæймагмæ уæздандзинад къаддæр уа, уыйас хъæддаг æууæлтæ тынгдæр байгом вæййынц. Уæздандзинады тæнæг хъæццулæн йæ бон нæ вæййы сæ бамбæхсын, стæй сæ æвдисын нæ хъæуы, уый адæймаг æмбаргæ дæр нæ фæкæны. Æмæ уæд йæ митæ æмæ йæ архайдæй тынг баввахс вæййы цæрæгойтæм.

Адæймагæн дæр, цæрæгойау, йæ бон у фæцæрын йæ æрдзон æууæлты руаджы, фæлæ уæд уый адæймаг нал уыдзæн, уый уыдзæн фос.

Ирон уæздандзинад у, нæ фыдæлтæ æнусты дæргъы фæлтæрты хъомыладæн сæйраг нысанæн кæй æвæрдтой, хъомылады æмæ лæгдзинады сæйраг бæрцбарæн чи уыди, ахæм хуызы къæпхæн.

Кæд бирæ хатт, уæздандзинадыл дзургæйæ, ирæттæ фæзæгъынц, уый адæймагæн йæ туджы ис, зæгъгæ, уæддæр уый бынтон афтæ нæу. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныййарджытæ æмæ фыдæлты гентæ адæймаджы удыхъæдыл архайынц, фæлæ уыцы архайд у тынг чысыл. Адæймаджы уагахаст æмæ удыхъæдыл æппæтæй тынгдæр архайынц йæ алфамблай уæвæг адæм, тынгдæр та йæ ныййарджытæ. Фыццаджы-фыццагдæр адæймагæн йæ зондахасты уæздандзинады талатæ ныййарджытæ байтауынц, уыдон ын бавæрынц – бауадзынц йæ удыхъæды æфсарм æмæ зæрдæхæлардзинады æнкъарæнтæ.

Адæймагæн цот куы рацæуа, уæд йæ сагъæсты бындурон, йæ царды сæйрагдæр нысан хъуамæ уа уыдон уæздандзинады бындурыл схъомыл кæнын æмæ сæ адæмы æмрæгъ рауадзын. Кæд дæхæдæг уæздан адæймаг нæ дæ, уæд дæ цотæн дæр уæздан суæвынæй ма тæрс «Сау хохæй урс дуртæ нæ тулынц». Дæ кæстæры раз иунæг хатт æнæфсарм ми куы бакæнай, уæд уый фаг у, цæмæй йæ удыхъæды æнæфсармдзинад рæзын райдайа. Сывæллоны уæздандзинадыл хъомыл кæнын хъæуы алы бон дæр, алы сахат дæр, йæ райгуырæн бонæй фæстæмæ. Уый алы ныййарæгæн дæр æрдзы æмæ æхсæнады раз йæ уаз хæс у. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъомылгæнæгæй хъуамæ рох ма уой, æппæт адæмты уæздандзинады бæрæггæнæнтæй иумæйаг чи у, уыдон. Фæлæ хъомылгæнджытæ, ныййарджытæ хъуамæ архайой, сæ хъомылгæнинаг сомбон цы адæмы æхсæн цæрдзæн, уыцы адæмы уæз­дандзинады мидисы цы национ хицæндзинæдтæ ис, уыдон ын йæ удыхъæды бавæрыныл.

Адæймагæн æцæгдзинад агурын, рæстдзинады фæндагыл цæуын йæ удыхъæды сывæллонæй куы нæ ныффидар уа, уæд уæздан никуы суыдзæн. Кæд æмæ уæздан митæ адæмы цæстмæ кæна, уæд та, раджы уа, æрæджы уа, уæддæр рабæрæг уыдзæн.

Уæдæ цы ис сæ мидисы уæздандзинады сæйрагдæр миниуджытæн æмæ цы амонынц?

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 49 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)