Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Бæрæгбоны фынгæвæрд

Читайте также:
  1. Хæрнæджы фынгæвæрд æмæ хæрнæджы бадт

А. Ирæттæ бæрæгбоны фынгыл цы кувинæгтæ æрæвæрынц, уыдон сæ бæрц, сæ конд, се ’вæрд æмæ сæ мидисмæ гæсгæ иууылдæр сты, Хуыцау æмæ зæдтæй цы хорздзинæдтæ курынц сæ цардхъомдзинадæн, уыдонæн сæ дзырдгонд нысæнттæ (символтæ). Уымæй уæлдай ма Хуыцаумæ февдисынц цы цардыхостæ сын сфæлдыста уыдоны сыгъдæгдзинад æмæ сæ куыд пайда кæнынц, уый. Уымæй дарддæр бæрæгбоны кувæг адæм Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм февдисынц сæ уæздандзинад, уый охыл фæархайынц сæ кувинæгтæй сæ сбуц, суазæг кæныныл, уымæн фæзæгъынц «нæ сыгъдæг уды фæллойæ конд сты æмæ табуафси, барст уын уыдзысты!» (Кæс. XV сæр 7 фипп.).

Ирон бæрæгбоны, цины фынгыл цы кувинаг символтæ æрæвæрынц, уыдон æмткæй райсгæйæ сты:

— æртæ кæрдзыны (чъирийы) — æппæт бæрæгбонты дæр Хуыцаумæ кувынæн;

— æртæ-æртæдзыхоны — иуæй-иу зæдтæ æмæ дауджытæм кувынæн;

— бæгæны кæнæ къуымæлы къус (кæхц, куыси æмæ æнд.);

— кусарты сæры хай;

— кусарты бæрзæй;

— физонæг раззаг хуылфыдзаумæттæй;

— фæрск — физонæг рахизфарсæй;

— кусарты рахиз базыг;

— кусарты рахиз уæн, кæнæ йæ зæрдæ;

— цæхх — алы фынгæвæрды дæр хæйрæджыты ’хсæвæй фæстæмæ (кæс XV сæр, 8 фипп.);

— кард — алы фынгæвæрды дæр хæйрæджыты ’хсæвæй фæстæмæ (кæс XV сæр, 10 фипп.);

— басылтæ æртæ — Цыппурсы æмæ Ногбоны;

— къутутæ æртæ — Къутугæнæны;

— ахуырст æйчытæ æртæ — Куадзæны:

— дзыккайы къус æмæ царвы дурын — Урсы къуыри; номæвæрæны, кæхцгæнæны æмæ фæлвæрай боны

— мысайнаг (кæс XV сæр, 6 фипп.);

— дыууæ кæрдзыны æмæ дыууæдзыхон гуылы — Хæйрæджыты ’хсæв;

— сау карк — æрмæст хæйрæджыты ’хсæв.

Кæй ранымадтам, уыдонæй уæлдай фынгыл цы æрæвæрынц, уыдон кувинагыл нымад не сты.

Цы амоны ацы символтæй алкæцы дæр хицæнæй:

Æ. Æртæ кæрдзыны (чъирийы). Фыццаджы дæр зæгъын хъæуы нымæц æртæ ирæттæм незамантæй нырмæ уæлфæдзæхстон (сакральное) хуыдтой, уый (кæс. XV сæр, 11 фипп.).

Æртæ кæрдзыны кувинæгты ’хсæн нымад сты æппæтæй ахсджиагдæрыл æмæ сæйрагдæрыл, уымæ гæсгæ фынгыл сæ бынат ис æппæт кувинæгты уæлейы (фыццаг фынгыл) хистæрты раз.

Æртæ кæрдзынæн сæ дзырдгонд нысан (символ) у Хуыцаумæ кæй номæй фæкувынц уыдонæн æмæ дзыллæтæн цы дундунейы цæрынц, уымæн йе ’нусондзинад æмæ фидардзинад ракурынхъаймæтæй сæ бахизын.

Æртæ кæрдзыны æцæг дундунейы æнусондзинад æмæ фидардзинады ракурыны символ кæй сты, ууыл дзурæг сты сæ конд (зылд), сæ бæрц (æртæ), се ’вæрд (æттæгуæлæ). Æртæ кæрдзынæй алкæцыйæн йæ нысаниуæг у:

— уæллаг (сæрæгкаг) — уæларв, космæсон аххæссæн (сферæ), Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджыты цæрæнуат, æмæлæг сыгъдæг удты рухс бæстæ;

— астæуккаг — уæлзæхх, атмосферæ æмæ зæххы уæлцъар, цæрæгойтæ æмæ зайæгойты цæрæнуат;

— бинаг — дæлзæхх, дундунейы бинаг аххæссæн, мæрдты, æмæ дæлимонты талынг бæстæ. Тæригъæттæ сыгъдæггæнæн бынат.

Æртæ кæрдзыны иумæ комкоммæ амонынц дундунейы нывмæ — тымбыл зылдмæ кæцы бирæ скæсæйнаг адæмыхæттытæм рагæй дæр нымад уыди æнусон æмæ æгæронады символыл. Æртæ кæрдзынæн ма ис æндæр символикон нысæнттæ дæр: Хуыцауæй дунейы дзыллæты æртæ фæлтæры фарн æмæ бастдзинад ракурын.

Уæлдæр цы загътам, уый æцæгдæр ууыл дзурæг кæй у, уый бæлвырд кæны кæнды фынгыл æртæ кæрдзыны бæсты дыууæ кæй æрæвæрынц, уымæй, ома амæлæгæн физикон æгъдауæй ацы зæххыл фидæн нал и, нал сын ис дундунейы дыккаг аххæссæн — уæлзæхх нал у уæлион.

Æртæ кæрдзыны дих та акæнынц аст хайыл (цыппар лыгæй) — уæларвон «уазджыты» бæрцмæ гæсгæ: иу хай (3 карсты) Стыр Хуыцауы номыл, авд хайы (фæйнæ æртæ карсты) фыдæлтæ цы авддзуармæ (зæдмæ) куывтой уыдон номыл.

Б. Æртæ æртæдзыхоны. Æртæ æртæдзыхоны чындæуы, æрмæстдæр цины хъуыддаджы, куывды фынгыл сæ бынат ис æртæ кæрдзыны фарсмæ. Æртæдзыхонæй кувгæйæ кæд фыццаг Хуыцауы ном ссарæм, уæддæр уыдон конд вæййынц зæдты номыл.

Æртæ æртæдзыхоны скæнынц циндзинады, куывды фынгмæ æмæ сæ æртæ кæрдзынимæ иумæ скувынц: зæдты бæрæгбонты, ногбоны, чызгæрвысты æмæ чындзхасты, бæлццоны, уæлахиздзауы, рынчыны, кæнæ фæстиноны куывдты. Хицæнæй та сæ фæкувынц кувæндæтты. Бынаты куывды (бынатыхсæв) æмæ хæйрæджыты ’хсæвы æртæдзыхæдтæй нæ куывдæуы æмæ хæлар нæ чындæуы.

Куыд зонæм, афтæмæй æртæкъуымон ариаг адæмтæм нымад уыдис цардхъомдзинад æмæ алыхуызон бæркадхæссæг уæлфæдзæхстон нысаныл, уымæ гæсгæ æртæ æртæдзыхонæн дæр сæ дзырдгонд нысан у зæдтæн сæ бæрны цы царды хæстæ ис, уыдон ракурын.

«Нæртон адæм, зæгъы, Хуыцаумæ сфыдæх сты, йæхи сæм кæй не ’вдыста, уый тыххæй æмæ йæм нал куывтой, йæхиимæ æмæ йæ зæдтимæ хæст самадтой. Æмæ сæ зæгъы, Хуыцау фесæфта. Фæлæ Нартæ хъæбатырдзинад кæй равдыстой, уый тыххæй сыл æртæ-æртæ цæссыджы æрæппæрста. Стæй, зæгъы, цы ног адæм сфæлдыста, уыдонæн фæдзæхста «Нарт се сæфты аххосджын сæхæдæг сты — мæн æмæ мæ зæдты хъомыс сæ нал уырныдта, ницæмæуал нæ дардтой, зæдтæй бирæты ныццагътой. Цæмæй сымахыл уыцы рæдыд макуы ’рцæуа, уый тыххæй уæ рох ма уæд Нарты сæфт, æмæ зæдтæм афæдз иу хатт кувут, мæнмæ кувгæйæ та сын сæ нæмттæ арут». Уæдæй фæстæмæ зæгъы адæм зæдтæм кувынц, Хуыцау нарты сæфтыл цы æртæ-æртæ цæссыджы æрæппæрста, уыдонау æртæ æртæдзыхонæй. Æртæдзыхонæй куывдæуы Хуыцау æмæ авд дзуармæ (Уастырджи, Мадызæд, Хорæлдар (Уацилла), Донбеттыр, Æфсати, Тутыр, Аларды).

Æртæдзыхонтæй куы скувынц, уæд сæ акæнынц æртæ дихы авд хайы æртыгай кæрстытæй куыд рауайой, афтæ, ома фыдæлтæ цы авд дзуармæ куывтой, уыдоны номыл».

Хъæдгæройнаг Хæуытаты Агуыбе 85 аздзыд, Уæллаг коймаг Хъæрджынты Хъамбол 80-аздзыд, Беслæйнаг Цоколаты Хаджысмел 79-аздзыд.

В. КУСАРТЫ СÆР. Æ рæвæрынц æй æртæ кæрдзыны дæле тæбæгъы, йæ бырынкъ фынджы дæллаг кæронмæ. Сæр сфыцынц амæ йæ кувынмæ æрæвæрынц æнæ бинаг æфсæр, æнæ сыкъаты хъузджытæй æмæ æнæ ’взагæй, ома, сæрыфæхстæй ахицæн кæнынц, сæры магъзмæ (зонды гуырæнмæ) бар цы хæйттæ нæ дарынц, уыдон. Сæр хæрзарыд æмæ хæрзæхсад ныккæнынц, уæлдæр ранымад хæйттæ дзы рахицæн кæнынц, мидæджырдыгæй йæ дæргъмæ афадынц (афаз кæнынц), сæрыфæхстæ ма кæрæдзиуыл куыд хæцой, афтæ, æмæ йæ иннæ уæнгтæй хицæнæй сфыцынц. Иуæй-иу хъæуты сæрæн йæ ныхыл кæнынц дзуар карды комæй, уый аипп нæу, фæлæ фыдæлты иумæйаг æгъдау дæр нæу, чырыстон динмæ дæр ницы бар дары.

Куывды фынгыл сæры нысаниуæг у, Хуыцауæй адæймаг цардхъомдзинадæн цы миниуджытæ куры, уыдон æвдисæг. Уыцы миниуджытæ сты: фидар сæрызонд, сыгъдæг талæнтæ, æрхъуыды æмæ зæрдæргъæвддзинад. Уымæй уæлдай ма алы хъуыддагæн дæр Хуыцауы фæндæй фидар, бындурон сæрæвæрæн.

Г КУСАРТÆН ЙÆ БÆРЗÆЙ æвæрдæуы сæры фарсмæ куывды — галиуырдыгæй, кæнды — рахизырдыгæй фынджы асмæ гæсгæ, хатгай бæрзæй сæвæрынц сæрыл, уый аипп нæу.

Куывды фынгыл бæрзæйы зындгонд нысаниуæг у Хуыцауæй хъару, тых æмæ фæразондзинад ракурын.

 

Д. УÆН кæнæзæрдææвæрдæуы сæр æмæ бæрзæимæ иу тæбæгъы, сæрæн йæ рахиз фарс кæнæ бæрзæйыл. Фыдæлтæ уæны кастысты таурæгъон арвайдæны хуызæн æмæ уый руаджы зыдтой, Хуыцау фидæнмæ адæмæн цавæр æрдзон æмæ æхсæнадон цаутæ (фæзындтæ) нысан кæны, уыдон. Æрмæстдæр куывды кусарты рахиз уæн æвдисы адæмы фидæны хъысмæт, уымæн æй æвæрынц куывды фынгыл. Уæны кæсынмæ фыдæлтæ хуыздæрыл нымадтой уæныджы рахиз уæн. Уæны бæсты ма æвæрдæуы зæрдæ, йæ символ — зæрдæ æмæ уды сыгъдæгдзинад — удварн ракурын.

Д. ФИЗОНÆГ раззаг хуылфыдзаумæттæй — кæнынц æрмæстдæр куывды — цины хъуыддаджы кувынæн. Физонæг кæнынц рæуæг, игæр æмæ зæрдæйæ (фæйнæ — 1—2 хайы). Иуæй-иу хъæуты ма уыргæй 1—2 хайы бафтауынц, уыдондæр, æвæццæгæн, раст кæнынц. Кувгæйæ физонæг йæ къухмæ сисы бадты хистæр, иуæй-иу хъæуты бадты хистæр кувы кусартæн йæ базыгæй, цæмæн, уый нæ хатгæйæ. Ацы физонæгæн йæ хæйттæ (зæрдæ, игæр, рог) кусартæн йæ алы уæнгыл дæр сæ хъомыс, сæ ахадындзинад ахъаззаг кæй у, уымæ гæсгæ йæ нысаниуæг дæр у, Хуыцауæй хистæрæн ахæм хорзæх ракурын, кæцы йын йæ хъомыс æмæ йæ ахадындзинад бæрзонд æмæ ахъаззаг скæна царды. Физонæг чындæуы æртæтигъон хъæдын уæхстыл, фылдæр хатт бæрз кæнæ æхсæрæй. Аипп нæу физонæг æртæтигъон æфсæйнаг уæхстыл кондæй дæр. Ахæм сæрмагонд уæхст физонæджы фыдхæссæг комытæфæй дæр хизы.

З. ФÆРСК ФИЗОНÆГ — мурзæджы хай — кæройнаг æртæ рахиз фæрскæй æртæтигъон уæхстыл, кувгæйæ физонæг вæййы дыккаг хистæрмæ, уазæгмæ. Уыцы физонæг кусартæн йæ хæрзаддæр хай кæй у, йæхи хæйттæ — фæрсчытæ та æнгом фидаргонд кæй сты, уый йын æвдисы йæ нысаниуæг дæр — кувæг адæм Хуыцауæй фæкурынц, кæрæдзийæн сæ адджын куыд скæна, кæрæдзиуыл сæ куыд бæтта, уый. Цæвиттон, Хуыцауæй фæкурынц адæмы иудзинад. Кувгæйæ физонæг уазæгмæ кæй раттынц, уымæй та бахахх кæнынц, уазæг буц кæй у, уый, стæй ма фысымтæ æмæ хуынд адæмы æнгомдзинад.

Æхсæмбал (Æхсырфæмбал) — физонæгæй нæ куывдæуы, уый у хуымæтæджы хæринаг.

И. КУСАРТЫ БАЗЫГ кувгæйæ вæййы æртыккаг хистæрмæ. Базыг, кусарты (фосы) буары хæйттæ кæуыл æнцайынц, кæй руаджы змæлынц, йæ къабæзтæн ахæм хъаруджын уæнг кæй у, уый йын бæлвырд кæны йæ нысаниуæг — кувæг адæм Хуыцауæй фæкурынц кæстæрты æмæ хистæрты иудзинад, кæстæртæ хистæртæн базыгау фидар цæджындз, æнцой. Базыг у фидардзинад æмæ ныфсы символ.

Кувгæйæ базыг æртыккаг хистæр сисы, уымæн æмæ иннæ дыууæ хистæрæй хъауджыдæр уый йæ кармæ гæсгæ (кæстæр) фынгыл цы бынат ахсы (хистæртæй кæстæрты ’хсæн), уымæ гæсгæ кæстæртæм (фæсивæдмæ) æввахсдæр у, ома сæ хистæртимæ чи бæтты, ахæм адæймаг у. Уымæй уæлдай ма æртыккаг хистæр фысымты (хæдзарвæндаджы) цæджындзæнцæйттæй иу кæй у, уый хынцгæйæ, базыг кувгæйæ хъуамæ уа æрмæстдæр уымæ, æртыккаг хистæрмæ. Фæстаг азты бирæ хъæуты базыг бадты хистæр кæй сисы, уымæн ницавæр бындур ис. Уыцы фæтк нæ фыдæлтæм дæр нæ уыди.

К. Бæгæны. Нæ рагфыдæлтæ — ирайнаг знæмтæ Хуыцаумæ куывтой тибетаг зайæгойтæй кæй кодтой æмæ Хуыцауы нозт кæй хуыдтой, ахæм хæрзад æмæ æнæниздзинадхæссæг нуæзт — хаомæ. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ хаомæ (инд. сомæ) кодтой хихбæлæсты кæнæ эфедра кæй хонынц уыцы бæласы къабузтæй. Фæлæ нæ фыдæлтæ — сагты знæмтæ сæ райгуырæн бæстæй цæугæ цардгæнгæ куы адард сты, уæд уыцы нуæзт кæнын байдыдтой хуымæллæг æмæ хъæбæрхоры задæй. Хуымæллæгæн йæ ном дæр равзæрд ариаг дзырд хаомæйы вариант — «хаума æрыакæ»-йæ ома хаомæйагæй.

Фæстæдæр æнусты нозтæн йæ ном дæр ивд æрцыд æмæ йæ хонын райдыдтой астæуккаг азийаг дзырд «баканин»-æй, ома расыггæнæг, уыцы дзырдæй равзæрд бæгæны.

Куыд уынæм, афтæмæй Ир Хуыцаумæ бæгæныйæ куывтой æмæ кувынц незамантæй нырмæ.

Раджы дæр æмæ ныр дæр иннæ кувинæгтау у адæймаг Хуыцауæй цы хорздзинæдтæ куры уыдонæй иуыæнæниздзинады символ. Уымæн баззад фыдæлтæй «бæгæны æнæнизы хос у», «бæгæны адæймагæн дæр барст у æмæ Хуыцауæн дæр». Уымæй уæлдай, кæй зæгъын æй хъæуы, фыдæлты фæткмæ гæсгæ, уыцы æмбисонды нуæзтæй кувæг лæджы фæфæнды Хуыцауы дæр дзы бахынцын, уымæн банымайы иннæ кувинæгтимæ бæгæныйы дæр бæрстагыл.

Абон Хуыцаумæ кувынæн бæгæныйы бæсты карзнуæзты хуызтæй чи кувы, уый цы бынаты, цы мыггаджы æмæ цы сыхбæсты (хъæубæсты) номæй фæкувы, уыдонмæ хæссы Хуыцауы фыдæх. Йæхæдæг та у æнæджелбетт æмæ къуымых адæймаг. Раст кодтой нæ фыдæлтæ, бæгæны иу куынæ уыд, уæд куывтой къуымæлæй, уый дæр-иу куы нæ уыд, уæд та, æрмæст æртæ кæрдзыны, цæхх æмæ кардæй.

Нæ рагфыдæлтæ хаомæйæ (сомæйæ) куы куывтой уæд æй æмхæццæ кодтой хъуджы ’хсыримæ, уый та ууыл дзурæг у, æмæ æхсырæй скувæгмæ Хуыцау дæр лаз не ’рхæсдзæн, æрмæст æхсыр хъуамæ уа сыгъдæг.

Фыдæлтæ карз нуæзтæй Хуыцаумæ — зæдтæм нæ куывтой, фæлæ дзы бæрц зонгæйæ нуазгæ кодтой стæм хатт. Æрмæстдæр-иу бæрæгбоны хастой арахъхъ фынгмæ — хæйрæджыты æхсæвы.

Л. УÆЛДÆР КÆЙ РАНЫМАДТАМ, уыдонæй уæлдай ма фынгыл æрæвæрынц кард æмæ цæхх, кæцытæн ис сæхи сæрмагонд нысаниуджытæ. (Кæс XV сæргонд «Иуæй-иу ныхæстæ æмæ нысæнтты мидис»).

Куывды дæр æмæ мардыкæнды дæр фынгыл цы сæр æмæ бæрзæй æрæвæрынц, уыдон хуымæтæджы кусарты сæр æмæ бæрзæй нæ вæййынц, уыдон вæййынц Хуыцауы комытæфдзыд кувинæгтæ. Уымæн æмæ кусæрттаг нывондгæнгæйæ кæнæ æргæвдгæйæ нозт, цæхх æмæ кæрдзынæй нысангонд æрцæуы (Хуыцауæй йæ ракурынц æнæ уымæй куывды æмæ кæнды дæр кусарт нæ чындæуы) Стыр Хуыцау æмæ, куывд цы дуаджы номыл конд вæййы, уымæн. Æрæвæрынц сæ, кæмфæнды нæ, фæлæ фынгæн йæ тæккæ зынгæдæр, сæйрагдæр æмæ кадджындæр ран — хистæрты раз. Уыцы хъуыддагæй бахахх кæнынц фыццаджыдæр уый, æмæ фынгæвæрд хуымæтæджы бахæрд æмæ бануазыны тыххæй нæу, фæлæ у Стыр Хуыцау æмæ йæ зæдты номыл. Уымæ гæсгæ табуйаг у — хæццæ йæм кæны Стыр Хуыцауы комытæф. Дыккаджы та, æрцæуæг адæм хъуамæ уыной æмæ зоной, Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм цæмæй куывдæуы, уый. Уыдæттæ хынцгæйæ, сæр æмæ бæрзæй куывды дæр æмæ марды кæнды дæр бадты кæронмæ æвæрд вæййынц фынгыл, цæмæй фынг бадты кæронмæ æварн æмæ æнæ Хуыцауы комытæф ма уа, уый тыххæй. Хистæрæн бар ис бадты кæрон, хъус куы ралыг кæнынц, уый фæстæ сæр æмæ бæрзæйæ хæйттæ ракæнын æмæ йæ кæйтимæ фæнды, зæгъæм, уазджытимæ, науæдта иннæ хистæртимæ, саходын (бахæрын), фæлæ фылдæр хатт хистæртæ, сæхицæн нымдгæнгæйæ, уыцы барæй не спайда кæнынц. Бадты фæстæ æфсинтæ сæр æмæ бæрзæй адихтæ кæнынц æмæ дзы арвитынц, сыхы (хъæуы) хистæртæй истæй аххосæй (низ, æхсæнадон ахсджиаг хъуыддаг) куывдмæ (кæндмæ) чи не ’рцæуы, уымæн. Чи ма дзы баззайы, уыдон æрæвæрынц лæггадгæнджыты фынгыл. Фынгæвæрд та сын скæнынц, сæйраг фынгæвæрдæй адæм куы сыстынц, фынгтæ куы сисынц æмæ кæрт (хæдзар) куы бафснайынц, уæд.

Цины хъуыддаг æнафонмæ куы ахæссы, уæд лæггадгæнджытæн фынгæвæрд скæнынц дыккаг бон, уавæр куыд амона, уымæ гæсгæ. Марды кæнды лæггадгæнджытæ дыккаг бон мæрдджын хæдзармæ фынгæвæрдмæ нæ цæуынц. Бахæрын, баназыны охыл мæрдджынты хæдзармæ æрцæуынц æнæгъдаудзинад æмæ худинаг чи не ’мбæлы, ахæмтæ.

Фынгæвæрд, кæд хойраг, фыдызгъæл, нозт æмæ æндæр хæринæгтæй иуыл бæркадджын нæ вæййы, уæддæр йе ’гъдæуттæ æмæ йæ фæтк æххæстгонд цæуынц стыр бæркадджын фынгæвæрдау, уымæн æмæ дыууæтæн дæр сæ фарн, сæ ахадындзинад сты æмхуызæттæ. Уыцы фæткыл равзарынц кусæрттаг дæр, фæнды стыр уæд, фæнды — къаннæг, сæ фарн иу у. Æрмæст хæрзхъæд уæд, йæ фыдызгъæл та — хуынд адæмы фаг.

Иуæй-иу хъæуты фынгтыл кувынмæ æнæмæнг æрæвæринагыл нымайынц кусартæн йæ иннæ уæнгтæй кæцыдæрты, фæлæ уыцы фæтк фылдæр ирон адæмæн иумæйаг нæу, стæй у æнæбындур.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 59 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.011 сек.)