Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Ирон фынджы нысаниуæг

Читайте также:
  1. Фынджы уæлхъус

Ирон фынг хъомылады скъола у, уымæн ыл сфидыдтой мæнæ ацы æмбисæндтæ: «Ирон фынг — зондамонæг», «Фынджы бæркад — йæ уæзы, йæ кад та — йæ фæтчы», «Фынг хистæрæй фидауы», «Лæджы гуыбын — куыдзы хуыссæн», «Лæджы фæндаг æмæ фынгыл базонынц».

Ирон фынджы æгъдæуттæ иу адæмыхатты фынджы æгъдæутты хуызæн дæр не сты. Куывды дæр æмæ æндæр цины хъуыддаджы дæр, фынгыл бадт фæнды стыр уæд, фæнды — гыццыл, — йæ фæтк æмæйе ’гъдæуттæ сты иухуызон. Куывдты дæр æмæ æндæр цины хъуыддæгты дæр ирон адæм алкæддæр, кæд амал æмæ гæнæн уыди, уæд Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм куывтой гом арвы бын, кувæджы æргом та здæхт уыди хурыскæсæнмæ. Абон дæр уыцы фæтк цæры. Гом арвы бын фынгтæ рарæнхъ кæнынц ныгуылæнæй скæсæнырдæм, ома, фынджы сæр вæййы ныгуылæнырдыгæй, фынджы сæргъы цы хистæр вæййы — бадты хистæр, уымæн йе ’ргом скæсæнмæ куыд уа, афтæ. Уымæн гæнæн нæй, уæд цæгатæй хуссарырдæм. Фынгæвæрд хæдзары куы вæййы, уæд хистæрæн йе ’ргом хъуамæ уа хæдзары артдзæсты ’рдæм, кæд уымæн гæнæн ис, уæд.

Ахæм бадты фæтк Ирмæ ис незамантæй абонмæ, йæ мидисы та æвæрд ис Хуыцауы зæрин фæлгонц æвдисæг хъузон, цардудæн фарнхæссæг Хурмæ æргомыздæхтæй табу кæнын. Артдзæстмæ (артмæ) та кувæг йе ’ргом саразы, уымæн æмæ арт йæхæдæг у хурæй рацæугæ æмæ Хуры (Хуыцауы) фарнхæссæг чысыл хай.

Куывды, чындзхасты, чызгæрвысты æмæ æндæр стыр иумæйаг цины хъуыддæгты æмæ марды кæндты сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ бадынц хицæнтæй, фæлæ нæлгоймæгтæн дæр æмæ сылгоймæгтæн дæр сæ фынджы æгъдæуттæ сты иухуызон. Ирæтты æппæт цины хъуыддæгтæн æмæ марды кæндтæн, стæй уыдонæн сæ фынгæвæрдты æгъдæуттæ иууылдæр баст сты динон уырнындзинæдтимæ, уымæ гæсгæ ирон фынг канд минас æмæ хъæлдзæгдзинад нæу, фæлæ ма Хуыцаумæ табугæнæн кувæнуат æмæ адæммæ Хуыцауы фарнхæссæг скъола.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 157 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.004 сек.)