Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

VIII. Уазæг, бæлццон, фысым

Читайте также:
  1. VIII. "Герой" сна
  2. VIII. Escribe las expresiones con los verbos tomar e ir que ron conozcas y haz frases con ellas.
  3. VIII. Антихрист
  4. VIII. Величие в сравнении с высокомерием
  5. VIII. Видение безгреховности
  6. VIII. Влечение любви к любви
  7. VIII. Внутренний сдвиг

«Æхсæв уа, бон уа — хой мæм, уазæг,

Дæ къурцц-къуырцц у мæ удæн зарæг.»

Расул Гамзатов

Уазæджы бабуц кæнын ирон адæмæн фыдæлтæй баззайгæ кады хъуыддаг у. «Уазæджы аккаг буцдзинæдтæ нæй», «Уазæг кадыл даринаг у» кæнæ «Мæ фыдгулы хæдзармæ уазæг ма ’рбацæуа» — афтæ-иу загътой фыдæлтæ.

Дæ къæсæрыл бахизæг адæймаг кæд лæбурæг нæу, уæд кæцыфæнды адæмыхаттæй дæр уæд, цавæрфæнды диныл хæст дæр уæд, йæ исбон цасфæнды уæд, сыхаг, дардбæлццон кæнæ хион — уæддæр у уазæг. Арфæ йын ракæн (æгасцуай йын зæгъ), йæ разы йын цæхх æмæ кæрдзын æрæвæр, ома дæ къух цы амоны, уый йын ма бавгъау кæн; уый ирон æгъдау у. Уæлдай аудинаг æмæ узæлинаг вæййынц сывæллон æмæ сылгоймаг уазджытæ.

Хорз фысымæн кæддæриддæр йæ рæбыны вæййы «уазæджы хардз» —хæринаджы дзæбæхæй (амал цы и, уымæй) уазæджы бафсадынæн цыдæриддæр хъæуы, уый. Уазæджы хардз хъуамæ уа æнцон райсæн æмæ, æвæстиатæй ацæттæ гæнæн кæмæн ис, ахæм хæлц. Нæ рæстæджы ахæм хæринæгтæ сты цыхт, ссад, хус дзидза, тахынæг, æйчытæ, цæхджынтæ æмæ алыхуызон нозтытæ.

Ирон лæг цыфæнды куынæг армæй дæр, йæ бинонты хъуагæй дæр хъуамæ йæ уазæджы хорз фена, сбуц æй кæна хæринагæй, нозтæй, хæлар, рæвдаугæ цæстæнгасæй æмæ лæгъз дзыхыныхасæй.

Уазæг дæм æппындæр хæринаг куы нæ æрбаййафа, уæд сыхæгтæм дæр ацу æмæ сæ ракур, цы сæм ис, уый, æмæ йæ дæ уазæджы раз æрæвæр. Адæм кæрæдзи руаджы цæрынц — абон дæхи хæдзары фысым дæ, райсом та искæй хæдзары уазæг уыдзынæ. Æвæццæгæн-иу фыдæлтæ уымæн загътой: «Уазæг дæ йæ гуыбыны цы ахæсса, уый сæдæ ахæмæй дæ бæркадыл бафтдзæн».

Хæдзармæ уазæг куы ’рбацæуы, уæд ын æппæт мыггаг æмæ æгас сыхбæстæ, хъæубæстæ дæр фысымиуæг кæнынц. Уазджытæ се ’ппæт дæр фысымтæн буцгæнинаг вæййынц, фæлæ фысымтæ рагæй кæмæ фенхъæлмæ кæсынц, дард ранæй чи æрцæуы, зын уавæрæй чи раирвæзы, кæнæ æгас Ирыстонæн, хъæубæстæн стыр хæрзты чи бацæуы (йæ хицауы бынат ын нæ хынцгæйæ), уыцы уазæг уæлдай буцгæнинаг вæййы, æмæ фысымтæ уæд ницæуыл бацауæрдынц. Æвæццæгæн, ныхасы дæр уымæн баззадысты «дард бæлццон», «æмбисонды уазæг», «зæды хуызæн уазæг» æмæ æнд.

Уазæг дæм куы ’рбацæуа, уæд йæ размæ рацу, дуар ын уæрæх байгом кæн æмæ йын зæгъ: «Уазæг — Хуыцауы уазæг!», «Табуафси, мидæмæ!» Къæсæрыл куы æрбахиза, уæд ын «Æгас цу!» зæгъ æмæ йын йæ къух райс. Фæкæс ын йæ машинæ кæнæ йæ бæх бынаты сæвæрынмæ, йæ уæлæдарæс раласынмæ, фæкæс æм йæ къухтæ цæхсынмæ æмæ йæ къахыдарæс раивынмæ. Уазæгæн йæ къахыдарæс уатонæй раивын йæхи бар у.

Уазæг хæдзармæ куы ’рбацæуы, уæд ын бинонтæ иууылдæр сыстынц, æмæ йын хæдзары хистæр раарфæ кæны: «Æгас цæуай æмæ дæ цæрæнбон бирæ уа, махмæ уазæгуаты чи саккаг кодта» кæнæ та «Хæдзар уазæгæй фидауы, æмæ амондджын уазæг фæу!»

Уыйфæстæ йын æнцондæр кæм вæййы, уырдæм æй бакæнынц. Уыцы бынат хъуамæ ма уа фæсдуар, уаты астæу, уазал кæнæ æнтæф ран. Нæ фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ загътой: «Уазæг хæдзары рæбинаг у».

Кæд хæдзары æцæгæлон æмæ дард бæлццæттæн уазæгдон (хицæн уат) ис, уæд уазæджы, бинонтимæ базонгæ кæныны фæстæ, уырдæм акæнынц æмæ йын фæзæгъынц: «Ам кæд дæ зæрдæмæ цæуы, уæд, табуафси!». Кæнæ та: «Мæнæ дын уат æмæ уал ам дæ фæллад суадз, æз дæр дæм зындзынæн». Уазæгдоны æппынкъаддæр хъуамæ уа: фынг, бандæттæ, скъапп, сынтæг (диван) æд хуыссæнгæрзтæ, хихсæн æмæ дарæсмæ зилæн дзаумæттæ, нуазыны дон æмæ донгарз, чысыл афтекк, чингуытæ, газеттæ, сыгъдæг гæххæтт, кърандас, радио кæнæ телевизор, ома адæймагæн хибарæй цæрынæн цы хъæуы, уыдон.

Уазæг кæд машинæйыл æрбацыд, уæд ын йæ машинæмæ базил æмæ йæ æдас ран сæвæр, кæм ис æмæ йæм куыд бацæуын хъæуы, уыдон уазæг куыд зона æмæ йæ бахъахъхъæныныл куыд нæ тыхса, афтæ.

Кæд уазæг бæхыл æрбацыд, уæд ын аххуыс кæн бæхæй рахизынæн (галиу къухæй идоныл уæлиау æрхæц, рахиз къухæй та æхтонгыл — хæрдмæ). Барæг куы рахиза, уæд ын йæ бæх бафснай (саргъ сис, згъæллаггом суæгъд кæн, бæхы ныссæрф æмæ йын холлаг ратт). Уазæгæн йæ транспортон фæрæзтæм фæткмæ гæсгæ базилынц кæстæртæ æнæ уæлдай ныхас, æнæ уæлдай митæй.

Уазæг æцæгæлон куы вæййы кæнæ бинонтæй уый кары куы ничи вæййы, уæд ын хæстæг сыхæгтæй кæнæ хионтæй ныхасæмбал æрбахонынц. Йемæ ныхасгæнгæйæ фысым, æппæты фыццаг, хъуамæ бафæрса уазæгæн йæхи æмæ йæ бинонты æнæниздзинадæй, фæлæ йæ хынцфарст нæ чындæуы. Уазæгимæ политикон, криминалон æмæ монон фарстатыл ныхас кæнын аив нæу. Ныхас, кæд гæнæн ис, уæд фылдæр хъуамæ цæуа литературæйыл, аивадыл, спортыл æмæ æрдзыл. Цæмæй уазæг ма сфæлмæца, уый тыххæй дæргъвæтин æмæ иугæндзон ныхас кæнын нæ хъæуы.

Уазæджы — чи дæ, кæцон дæ, цы кусыс, де ’рбацыды сæр цæуыл у, хæрын дæм цæуы æви нæ, æхсæвиуат кæм кæндзынæ,— нæ фарстæуы, аив нæу, кæд уазæг йæхæдæг ныхас уырдæм не ’ркодта, уæд.

Цалынмæ фысым кæнæ ныхасæмбал уазæгимæ ныхæстæ фæкæнынц, уæдмæ хæдзары æфсин æнæ уæлдай фарстатæй фынгмæ рахæссы аходæн. Аходæны вæййы, уазæг фысымы хæдзары хæринагæй цы ’рбаййафы, уый. Хуыздæр куы ницы уа, уæддæр цæхх, кæрдзын, цай, дыргътæ. Аходæн æрæвæрынц, цæмæй уазæг, цалынмæ сæрмагонд фынгæвæрд фæцæттæ кæнынц, уæдмæ стонг ма уа, уый тыххæй. Стæй, цалынмæ уазæг аходæн фæхæры, уæдмæ йын сцæттæ кæнынц уазæджы фынгæвæрд, хъарм хæринæгтæ, нозт, фыдызгъæл, цæвиттон, бæрæгбоны фынгæвæрд цы вæййы, уый. Æрмæст, кæй зæгъын æй хъæуы, фысымæн йæ къух цæмæй амона, уымæй.

Уазæг дард бæлццон куы уа кæнæ, фысымтæ рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, ахæм, йе та цалдæрæй куы вæййынц, уæд фысым кусарт дæр акæны. Гæнæн уæвгæйæ, уæд хæстæг сыхбæсты дæр æрбахоны æмæ уазæгæн хъазт дæр скæнынц.

Уазæджы фынгмæ хуыйы фыд нæ хастæуы. Уазæгæн сæрмагонд фынгæвæрд куы скæнынц, уæд æгъдаумæ гæсгæ фæбады дыккаг хистæрæн, фæлæ йын фысым буцдæрæн фынджы хистæры бынат бахъары, йæхæдæг та сбады дыккаг кæнæ æртыккаг хистæрæн.

Уазæг дын куы бамбарын кæна, æхсæвиуат дæумæ кæндзæн, уый, уæд ын зæгъ: «Табуафси — махмæ ницæмæй батыхсдзынæ, дæ фаг нæм алцы дæр разындзæн!». Кæнæ та: «Мах дæ нæхæдæг дæр никæдæм ауадздзыстæм, махæн дæуæй буцгæнинагдæр уазæг нæй!»

Уазæг æхсæвиуат кæнынмæ куы баззайа, уæд ын йæ хуыссæнуат, хихсæн бынат æмæ йæхи хъуыдыйы (уазæгдонмæ) кæдæм цæуын хъæуы, уый бацамон. Йæ хуыссæнуатмæ куы араст уа, уæд ын зæгъ: «Бынатыхицауы хорзæх дæ уæд, хæрзфынтæ фен!». Кæнæ та: «Фыны фарнæй хайджын у!»

Хæдзары уазæг куы вæййы, уæд фысым йæхимæ райсы кадджын хæсæн уазæджы фыдбылызтæ æмæ æндæр исты тæссаг уавæрæй бахъахъхъæнын, уыцы хæс ис канд хæдзары бинонтыл нæ, фæлæ æппæт мыггагыл æмæ сыхбæстыл дæр. Ирон адæммæ раджы дæр æмæ ныр дæр аллайаг хъуыддагыл нымад у уазæджы бафхæрын, рис дзы бауадзын, тæссаг уавæры йæ баппарын, фыдбылыз æмæ йæ фыдгулæй нæ бахизын. Бахъуаджы сахат фысымæн йæ хæс у уазæджы сæраппонд тохы бацæуын. Уымæн баззад фыдæлты æмбисонд: «Уазæг Хуыцауы уазæг у».

Фысым уæвгæйæ йæ уазæджы фыдлæг æмæ фыдбылызæй цы бинонтæ, цы мыггаг æмæ цы хъæубæстæ нæ бахъахъхъæны, уыдоныл уазæгхоры ном баззайы.

Фысым куы базоны, йæ уазæг цæуынвæнд скодта, уый, уæд сбæлвырд кæны: кæд арастуыдзæн, цавæр транспортон фæрæзтыл цæудзæн, фæндагмæ йæ цы бахъæудзæн, йæ цæуыны бон ын куыд срæсугъд кæнын хъæуы, уый. Уазæг цæуыныл куы ныллæууы, уæд фысымæн йæ хæс у:

— уазæгæн йæ дарæс, йæ хæссинæгтæ бацæттæ кæнын;

— йæ машинæ (уæрдон) йын фæндагмæ барæвдз кæнын (артаг æмæ сæрдæн æрмæгæй);

— цы транспортыл цæудзæн, уым ын бынат бацæттæ кæнын (билет ын заказ скæнын кæнæ райсын);

— фæндагмæ йæ цы бахъæудзæн, уыдон æрцæттæ кæнын: фæндаггаг — æхца æмæ хæринаг;

— фæндаг ын бацамонын, ома æнæкъуылымпыйæ, тагъддæр æмæ æвæлмонæй куыд æмæ кæуылты хуыздæр у ацæуын, уый;

— уазæджы цæуын афон æвзæр бонахастмæ кæнæ æнафонмæ куы ’рцæуы, уæд бацархайын, цæмæй бонасадæн дæумæ бакæна кæнæ хуыздæр афонмæ банхъæлмæ кæса, ууыл;

— йæ хæссинæгтæ йын сисын æмæ йын сæ машинæмæ рахæссын, йæ фæстæ кæртæй рацæуæны (кулдуары) онг рацæуын, æнафон куы уа, уæд та —хъæуы кæронмæ кæнæ, транспортон фæрæзтæ кæцæй цæуынц, уырдæм;

— уазæг мæнæ ныр арастуыдзæн, зæгъгæ, уæд ын арфæ ракæн: «Фæндараст дæ Уастырджи фæкæнæд!» кæнæ «Уастырджи дæ йæ сызгъæрин къабазы бын фæндараст кæнæд!» йе та: «Уастырджийы уазæг у!» Æмæ банхъæлмæ кæс транспорты ацыдмæ.

Уазæг хæдзарæй куы рацæйцæуы, уæд хæдзары бинонтæ иууылдæр сыстынц, «фæндараст» ын фæзæгъынц æмæ йæ фæдыл кæрты (хæдзары) дуармæ рацæуынц.

Балцы, уазæгуаты цæуынвæнд куы скæнай, уæд лæмбынæг ахъуыды кæн, фæндагмæ æмæ, кæдæм цæуыс, уым дæ цы бахъæудзæн, ууыл. Кæдæмфæнды куы цæуай, уæддæр дæм дæ уæлæдарæсæй уæлдай хъуамæ уа:

— æвдисæндар гæххæттытæ (документтæ);

— иу-дыууæ фындзыкæлмæрзæны, иу-дыууæ къухсæрфæны;

— сæрвасæн;

— кард (хæрынкъа);

— фыссæнгарз (сис кæнæ кърандас);

— æхца — фæндаггаг æмæ æнæнхъæлæджы хæрдзтæн;

— сылгоймаг уæвгæйæ ма уымæй уæлдай буармæзилæн предметты фæлыст.

Уымæй уæлдай дард балцы цæугæйæ бæлццон хъуамæ ахъуыды кæна, уæлдæр кæй ранымадтам, уыдонæй уæлдай ма йæ цытæ бахъæудзæн, ууыл. Фылдæр хатт хъуыдыйаг вæййынц:

— уæлæдарæс бонахастмæ гæсгæ;

— уæлæдарæс транспортон фæрæзы (фæндагыл);

— ивæн къахыдарæс æмæ цъындатæ;

— ивæн мидæггаг дзаумæттæ;

— машинæмæ зилæн дзаумæттæ;

— сапон, хисæрфæн, хилдасæн, судзин, æндах, къухсæрфæнтæ. Фæндагмæ талф-тулфы цæттæ кæнын æнæрхъуыдыдзинад у. Хæдзармæ уазæгуаты цæугæйæ рагагъоммæ ахъуыды кæн: цас рæстæг хъуамæ фæуай уазæгуаты, куыд дæ бахъæудзæн дæхи дарын, цавæр дарæсы ацæудзынæ, кæмæн дæ бахъæудзæн лæвар кæнæ зæрдæлхæнæн кæнын (сывæллонæн, рынчынæн, зæронд адæймагæн), стæй цавæр лæвар, цавæр зæрдæлхæнæн, цас дæ бахъæудзæн æдæппæт æхца.

Хæдзармæ уазæгуаты (фысым бакæнынмæ) куы æрцæуай, уæд дуар, рудзынг кæнæ быру цъус бахой, кæд сæм дзæнгæрæг ис, уæд ыл бахæц, дæргъвæтин «дзинг» куыд нæ рауайа, афтæ. Куы ничи дæм ракæса, уæд кæртмæ кæнæ хæдзармæ æввахсдæр бацу æмæ бадзур (бахъæр кæн): «Фæрныг фысымтæ, уазæг нæ уадзут?!» — кæнæ: «Фæрныг хæдзар, кæм стут?!» Кæд хæдзары нæлгоймæгтæй искæйты зоныс, уæд сæм кæстæр нæлгоймаджы номæй бадзур. Ирон хæдзармæ сылгоймаджы æмæ хистæр нæлгоймаджы номæй дзурын не ’мбæлы. Хæдзары бинонтæй дæм исчи куы рацæуа, уæд ын «Дæ бон (изæр, райсом, æхсæв) хорз» зæгъ. Кæд дын фысым «æгасцуай» гæнгæйæ дæ къух иса, уæд æм æй ратт. Кæд дæхæдæг фысымæй дзæвгар хистæр дæ, уæд æм «æгасцуай» кæнынмæ фыццаг дæхæдæг дæ къух бадар. Сылгоймаг куы уа, уæд дæм цалынмæ йæ къух æрбадара, уæдмæ йæм æй ды ма дæтт.

Фысымимæ кæрæдзийæн салам куы раттат, уæд дын фысым дарддæр æмбарын кæндзæн, цы дæ кæнын хъæуы, уый. Кæд æмæ дæ фысымтæй лæгæй-лæгмæ ничи зоны, уæд сын бамбарын кæн, чи дæ æмæ кæцæй дæ, уый.

Хæдзармæ дæ куы хоной, уæд «бузныг» зæгъ æмæ бацу. Къæсæрыл куы бахизай (рахиз къахæй) — хæдзары исчи ис, нæй, уæддæр арфæ ракæн: «Фарн ам уæд!» — кæнæ: «Хуыцау, ацы бынатмæ фарн æруадз!» Уыйфæстæ хæдзары бинонтæн арфæ ракæн: «Уæ бон (райсом, изæр, æхсæв) хорз!» кæнæ «Уæ бон хорз æмæ уын ме ’рбацыд амонды хос фæуæд!»

Уазæгуаты уæвгæйæ бацархай, цæмæй фысымтæ, дæуыл аудгæйæ, мацæмæй стыхсой, дæхи фæллад æмæ тыхстхуыз ма дар, фылдæр хъус, къаддæр дзур. Фысымты хынцфарст кæнæ цымыдис фарст ма кæн, дæ риссаг фарстатæ сын ма дзур, кæд сæрмагондæй де ’рбацыды сæр уыдон не сты, уæд. Фысымты ’хсæн цы ныхас цæуа, уымæ дзырдæппарæн ма кæн, се ’хсæн зул дзыхы ныхас куы цæуа, уæд дæхи «ницыхъусæг» скæн, фысымтæй искæмæн йæ ныхас ма аис æмæ йын æй ма аскъуыддзаг кæн, хæрд æмæ нозтæй бæрц зон. Кæд тынг стонг дæ, фæлæ дæ удхосæн нæ хъæуы, уæд дæхи дзыхæй хæринаг кæнæ нозт ма ракур, хæринæгтæ æмæ хæрдыл къаддæр дзур. (Кæс сæргонд «Ирон фынджы æгъдæуттæ»).

Фысым дæ хистæры бынаты куы бадын кæна, ома йæхи бынаты, уæд ма сразы у, зæгъ ын: «Æздæ разæй саг дæр нæ амардзынæн». Фæлæ дæм зæрдиагæй куы ’рхата, уæд сбад.

Уазæгуаты цы хъуыддаджы фæдыл æрбацыдтæ, уый, кæд уавæр амоны, уæд фынгæвæрды размæ фысымæн бамбарын кæн.

Дæ хъуыддаг куы саразай, уæд дæ фысымтæм бирæ мауал бафæстиат у. Кæд дын æнæ бахсæвиуатгæнгæ нæй, уæд дæ фысымтæн рагацау бамбарын кæн.

В а р и а н т т æ: «Бахатыр кæнут, фæлæ мын сымахмæ æнæ бахсæвиуатгæнгæ нæй». Кæнæ: «Тыхсын уæ кæнын, фæлæ, æвæццæгæн, ахсæв (иу-цалдæр æхсæвы) сымахмæ баззайдзынæн». Науæд та: «Уæ хорзæхæй, тыхсгæ мæ ма скæнут, фæлæ мæ фысымуат сымахæй æндæр ранмæ куы нал аивин, уый мæ фæнды. Цы зæгъут сымах та?»

Алы фынгæвæрды фæстæ фысымтæн арфæ кæн: «Уæ минас бирæ уæд, Хуыцау уæ йæ бирæ хæрзтæй хорз фенæд!» Кæнæ: «Дæ минас бирæ уæд, дæ къухтæ царв æмæ мыды фæдар, ахæм хæрзад хойраг чи скодта!» Кæд сæм æрмæстдæр аходгæ скодтай (хъуыртхъом дæ фæкодтой), уæддæр зæгъ: «Бæркадамонд уын Хуыцау раттæд!»

Уазæджы охыл дын фысым (бадты хистæр) сидты бар куы ратта, уæд æд нуазæн сыст æмæ уал фыццаг фысымæн (хистæрæн) арфæ ракæн: «Мæ фæрныг фысым, ацы рæсугъд бадты мæ гаджидауæй барджын кæныс æмæ дын Стыр Хуыцау дæ бар, дæ хъомыс дæхи фæндиаг скæнæд!» Кæнæ: «Нæ буц хистæр (фысым), мæ бæсты дын Стыр Хуыцау раарфæ кæнæд!» Уыйфæстæ басид, хистæртæ цы гаджидау нæма рауагътой, уый тыххæй. Уазæгæн аивдæр æмæ æмбæлгæдæр цы сидтытæ сты, уыдон: фысымты æмæ сыхбæсты цæрæнбоны тыххæй, бинонты æмæ мыггаджы цæрæнбоны тыххæй, кæнæ та Иры дзыллæйы фарнамонды тыххæй. Дæ сидт дын фысым (хистæр) рæгъы куы ауадза, æмæ рæгъ дæумæ куы ’рхæццæ уа, уæд дæ ныхасдонмæ æфтаугæ мацыуал бакæн, фæлæ кæстæртæй кæмæ сидыс, уыимæ уæ нуазæнтæ кæрæдзиуыл бакъуырут æмæ дæ нуазæн уыдонимæ бануаз (кæнæ дзы саход), æмæ уый фæстæ сбад. (Кæс сæргонд «Ирон фынджы æгъдæуттæ»).

Дæ балцы кæрон куы ’рхæццæ уа, уæд дæхи фæндагмæ сцæттæ кæн æмæ дæ фысымтæн арфæ ракæн: «Уæ цин, уæз æрдæты хъарм мын мын нæ бавгъау кодтат æмæ уыл дунескæнæг Хуыцау бацин кæнæд!» Кæнæ: «Стыр буцæй уæ цæуын æмæ уæ Стыр Хуыцау йæ хорздзинæдтæй бабуц кæнæд!» Фысымтæ дæ кæртмæ (агъуысты) дуармæ рахæццæ кæндзысты, æмæ сын уæд зæгъ: «Хæрзбонтæ раут, мæ фæстæ уæ хæдзармæ фарн бацæуæд!» Кæнæ: «Хæрзбон ут, уæ хорз хабæрттæ мæм хъуысæнт!»

Уазæджы фæндараст кæнгæйæ, фысым æмæ уазæг кæрæдзи къухтæ нæ райсынц, худтæ нæ сисынц. Уазæг, йæ фæстæ чи рацыди, уымæн хæрзбон куы фæзæгъы, йæ фæндагыл дзæвгар куы рауайы кæнæ транспортон фæрæзы цурмæ куы бахæццæ вæййы, уæд ма иу хатт йæ фысымтæм разилы, йæ рахиз къух хæрдмæ сисы, цыма фысыммæ йæ армытъæпæн февдисы, уыйау, стæй йæ фæндаг адары. Фысым дæр ын къухы систæй дзуапп ратты.

Уазæгуаты уæвгæйæ дын дæ фысымтæ кæд хуыссæнуат, цæхх, кæрдзын нæ бавгъау кодтой, уæд сæ истæмæй азымы дарын кæнæ сæ хъаст кæнын дæ сæрмæ макæд æрхæсс, уый ирон удыхъæды миниуæг нæу, уый ирон удыхъæды миниуæг нæу.

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 35 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.015 сек.)