Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Хæдзары æфсин

Читайте также:
  1. Хæдзары хицау

 

Ирон хæдзары æфсины бынат ахсы мойы мад (фыды мад), на уый нæй, уæд та хæдзары хицауы бинойнаг (ус) йæхæдæг. Дыууæ ’фсымæры бинонтæ иумæ куы фæцæрынц, уæд та хистæр файнуст (хистæр чындз).

Æфсинæн йæ сæйрагдæр хæстæ сты:

— хæдзары бинонты кæрæдзиуыл бæттын;

— хæдзармæ цы æфтиæгтæ цæуынц, уыдон бæлвырд кæнын (æвзарын, нымайын, æфснайын) æмæ сæ раст фæлхас кæнын, фæстауæрц кæнгæйæ;

— хæдзар æмæ бинонтæ цы хъуаг сты, уый афойнадыл сбæлвырд кæнын (балхæнынæн, бакусынæн, сцалцæг кæнынæн, саразынæн);

— афойнадыл хæлц амал кæнын æмæ æрвылбон хæринаг цæттæ кæнын;

— бинонты æнæниздзинадмæ æппынæдзухæй цæст дарын;

— афойнадыл (сомбонмæ) хæдзары куыстытæ чи æмæ куыд кæндзæн, уый бæлвырд кæнын æмæ сæ бинонты ’хсæн байуарын (бабæрны кæнын);

— æнæсцухæй архайын цоты (кæстæрты) удыхъæды уæздандзинад бауадзыныл, хъомыл сæ кæнын ирон уаг æмæ æфсармы бындурыл, ахуыр сæ кæнын мыггаджы æмæ хъæубæсты хистæртæн лæггад кæныныл;

— кæстæрты ахуырмæ æрвылбон цæст дарын, разæнгард сæ кæнын зонындзинæдтæм, æххуыс сын кæнын;

— кæстæрты уæнджы куыстуарзондзинад æмæ бонзонгæ уæвын ныффидар кæныныл архайын, фыдæлты фæтк æмæ мадзæлтты фæрцы.

Хæдзары ’фсин йæ кæстæртæй хъулон никæй кæны нæдæр «цума»-йæ, нæдæр хæринагæй, нæдæр дарæсæй кæнæ дзыхы ныхасæй.

Бинонты сæр нæ уæвгæйæ хистæр нæлгоймæгтæн уынаффæ кæнын æфсинмæ нæ хауы.

Хæдзары хицауæн йæ рæдыдтæ æмæ аиппытæ куы раиртасы, уæд ын сæ хибарæй æмæ лæгъзæй бамбарын кæны, куырыхон хæдзары хицаумæ уый хъыг нæ фæкæсдзæн.

Æфсин йæхи зæнæгмæ цы цæстæй кæсы, йæ чындзмæ дæр хъуамæ уыцы цæстæй кæса, фæлæ уæздандæрæй æмæ барондæрæй. Уæздан бинонты ’хсæнæй цы чындз рацыд, уый ахæм ахастдзинæдтæ раст бамбары. Чындз цы нæ зоны, уый дзы æфсин нæ домы, фæлæ йæ ахуыр кæны йæхи фæзминаг митæ æмæ архайдæй. Йæ азым ын æмбарын кæны фæлмæн дзыхы ныхасæй хи мады хуызæн.

В а р и а н т: «Аландæ,— мæ къона, дæ къабайæн йæ дыстæ батул æмæ дæ ма хъыгдарой». «Азау, мæ хур, сывæллон мæ бар уадз, дæхæдæг дохтырæн дæхи фенын кæн æмæ дыл мæ зæрдæ дæр ма рисса».

«Дзерассæ, мæ дуне, уыцы лæппуимæ тызмæгæй ма дзур, искæд æй дæ зæрдæмæ хæсдзынæ».

Канд æфсин нæ, фæлæ хистæр сылгоймæгтæ кæстæртæй алкæмæ дæр дзурынц фæлмæн, зæрдæхæлар дзыхыуагæй: мæ уды гага, мæ цæсты рухс, мæ дунейы рухс, мæ уды лæууæн, мæ уды ’нцой, мæ рæбинаг, дæ рынтæ бахæрон, дæ нывонд фæуон, дæ низтæ мæ хъуыры ацæуой, де знаг дын лæггад фæкæна, дæ фыдгул дын кæстæриуæг фæкæна, мæ ингæны ныккæс, мæ мард фен, урс уæрыкк дын фестон æмæ æндæр ахæм узæлæн ныхæстæй.

Кæд дæумæ гæсгæ дæ чындз дæ фырты аккаг нæу, фæлæ йæ дæ фырт уарзы, уæд се ’хсæн ма бацу, сæ уарзондзинад сын ма фехал — ма бацу сæ тæригъæды. Ахæм хъуыддаг хорз фæстиуджытæм не ’рцæуы, уымæ гæсгæ архай, дыууæ æрыгон цардæмбалы цæмæй райдзастдæр уой, ууыл. Амон сын фæлмæнæй, зæрдиагæй.

Хæдзармæ царды фæрæзтæй цыдæриддæр æфты, уыдон, хæдзары хицау æмæ æфсины иумæйаг уынаффæмæ гæсгæ, фæлхасгонд цæуынц, бинонтæй алкæйы хъуагдзинæдтæ хынцгæйæ. Сæры хицау æмæ æфсин æрвыл мæй хынцынц, цы æмæ сæ цас схардз кæнын хъæуы, уыдон. Царды фæлтæрæн куыд амоны, афтæмæй æрвылбоны фæлхæстæн (бинонтæн иумæ æмæ алкæмæн хицæнтæй) цы æхцайы фæрæзтæ хъæуы, уыдон сты æфсины (усы) бæрны, уыдон нæлгоймаг йæхимæ нæ дары, уый худинаг у, стæй æфсины дæлджиныг кæны.

 

Чындз

 

Хæдзармæ ног чындз куы ’рбацæуы, уæд ын æнцон нæ вæййы йæ ног бинонты царды фæтк æмæ уагæвæрдмæ гæсгæ цæрын. Йæ зындзинæдтыл ма йын сæ уæз æруадзынц æгъдаумæ гæсгæ æнæмæнг æххæстгæнинаг хæстæ. Уымæ гæсгæ бинонтæй алчи дæр хъуамæ архайа чындзæн йæ уавæр фенцондæр кæныныл.

Чындз йæ мойы хæдзармæ куы ’рцæуы, уæд фæуайсады йæ хицаумæ, йе ’фсинмæ æмæ йе ’фсины хотæм, мыггаджы æмæ сыхбæсты зæронд устытæм, йæ мойы æрвадæлты æмæ сыхбæсты хистæр нæлгоймæгтæм. Сылгоймæгтæм дзурын байдайы, чындзмæ цæуæггаг ын куы скæнынц, уæд (Кæс сæргонд «Ускурын æмæ мой кæнын»). Нæлгоймæгтæм дзурын райдайы, дзурæггаг ын исты куы балæвар кæнынц æмæ йæм куы æрхатынц, уæд. Дзурæггаг фылдæр хатт лæвар фæкæнынц исты зынаргъ дзаума — фæрдгуытæ, къухдарæн, хъусцæджытæ, уæлæдарæс кæнæ æндæр исты ахæм зæрдылдарæн. Зынаргъ лæвар бакæнын йæ бон кæмæн нæу, уый та йын ратты дидинджытæ æмæ исты хорз къафеттæ. Хистæр кары нæлгоймæгтæй дзурæггаг лæваримæ кусарт чи акæны, ахæмтæ дæр вæййы. Дзурæггаг æхца раттын аив нæу. Чындз, аргъæвæн кæмæн нæй, ахæм хъуыддаджы тыххæй кæмæ фæнды куы сдзура хистæртæй, уæд уый аипп нæ уыдзæн.

Чындз мыггаджы, сыхбæсты хистæртæ æмæ, кæмæ фæуайсады, уыдонæн кæстæриуæг фæкæны, сæ разы нæ бады æмæ йæ сæрбæттæн йæ сæрæй нæ исы.

Уайсадæг чындзы митæ бæлвырдæр кæс сæргонды «Иуæй-иу ныхæстæ æмæ нысæнтты мидис».

Чындз æмæ йæ мой йæ хицау æмæ йе ’фсинæй хибарæй (хицæнæй) куы фæцæрынц, уæд чындз æххæст фæкæны æфсины хæстæ, фæлæ рæстæгæй-рæстæгмæ æрцæуы йе ’фсины хæдзармæ кæстæриуæг кæнынмæ.

Бинонтæ иууылдæр фæархайынц, цæмæй чындз бинонты царды уаг бамбара, бинонтыл фæцахуыр уа, мацæмæй сфæлмæца æмæ æгæр ма бафæллайа. Нæ йæ фæуадзынц уæззау æмæ иугæндзон куыстытæ кæнын.

Чындз йе ’фсин, йæ хицау æмæ мыггаджы хистæрты раз бадгæ нæ кæны, цалынмæ йæм æрхатынц, уæдмæ. Фæсаууонмæ та сын сæ кой куы фехъусы, кæнæ йæхи сæ кой кæнын куы бахъæуы, уæд сысты æмæ фæзæгъы: «Сæ (йæ) фарн бирæ уæд!» — фæстæмæ сбады æмæ дарддæр йæ ми, йæ ныхас фæкæны. Йæ мойы ныййарджытæй, кæнæ уыдоны мад æмæ фыдæй мард чи вæййы, уыдон коймæ та сысты æмæ фæзæгъы: «Рухсаг уæд, мæрдты бæсты ма схъæрзæд». Кæнæ: «Нана, рухсаг у, дзæнæты бад!» Науæд та: «Баба, мæрдтæй мæм ма фæхъуыз, рухсаг у!» Уыйфæстæ сбады æмæ дарддæр йæ ми, йæ ныхас фæкæны.

Ирон чындз æгъдаумæ гæсгæ бинонтæй никæй къæхтæ ’хсы, рынчынтæ æмæ æнахъом сабитæй дарддæр, ахæм æгъдау ирæттæм никуы уыди.

Ус йæ мой æмæ йæ мойы ныййарджыты æмæ мыггаджы хистæрты нæмттæ адæмы ’хсæн нæ дзуры — уайсадгæ сæ кæны, хонгæ та сæ кæны: «Мæ сæрыхицау», «мæ хицау» «Дада», «Баба», «Не ’фсин», «Дзыцца», «Нана», «Нæ зæронд лæг». Йæ моймæ хистæрты раз йæ номæй нæ дзуры, хоны йæ: «Уыцы лæппу», «Уæртæ уый», «Сывæллæтты фыд», «Гусаты лæппу» кæнæ æндæр искуыд. Чындзæн йæ сæйрагдæр хæстæй иу у — бинонты иудзинад æмæ хæлардзинад хъахъхъæнын.

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 48 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)