Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Мæ рагон, ме ’рыгон Ир!

АФТИД ИНГÆНЫ РАЗ | ФÆСРИВАД | БИРÆГЪ | КÆЙДÆР ХÆДЗАРЫ | УАЗАЛ РАЙСОМ | ЭКСПРОМТ | ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ | ГИТАРÆЙЫ ЗАРÆГ | AElig;НÆЗОНГÆЙÆН | КУЫДЗЫ МÆЛÆТ |


Читайте также:
  1. AElig;МÆ УÆДДÆР...
  2. AElig;НХЪÆЛМÆ-ИУ КÆС
  3. БÆРÆГБОНЫ ФЫНГ ÆМÆ ФЫССÆДЖЫ СУРÆТ
  4. БАЛТЫ ДЕНДЖЫЗ ЗЫМÆГОН
  5. БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ
  6. ЗЫМÆГОН ЗАРÆГ
  7. ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ

Удæнцой нал и нæ бæстыл:

Фесхуыстой кæмтты сæрæй

Иры гуыппырсартæ хæстмæ, —

Иууыл лæгæвзæрст, сæрæн!

 

Саулохаг идон рæдувы,

Барæджы сонтыл хъæцы.

Барæг хуыцаумæ нæ кувы, —

Саг лæг нæ уыд æви цы?!.

 

Бæхтæ сæ дымджытæ систой, —

Саргъæй, идонæй — нывæст!

Оххай, куы ма уаид исты,

Фæлæ — кæйдæр сæрыл хæст!..

 

Хурмæ æхсаргард нырттивы,

Фесхъиуы сау бæх æваст...

Дуг та цы дуджы нæ ивы, —

Базон ма, чи сæ у раст?

Бады зæронд лæг йæ къæсы,

Фæндыр йæ къухты кæуы...

Саби йæм джихæй ныккæсы,

Саби йæ цуры лæууы.

 

Чиныг æрбатыхта æрмтты:

Дамгъæйæ, цъарæй — нывæст.

Фенкъард: дада та йæ сæнтты

Мысы цыдæр аргъау — хæст...

 

Бонцъæхтыл рабады хурмæ,

Донау йæ цæссыг кæлы...

Дардмæ йæ лæппутæм дзуры,

Зарæгау хъарæг кæны.

 

Уагæр цы маст зоны цардæй?..

Дуне у, хурау, æнцой.

Цъиуты тъыланг-мыланг зардæй

Арф кæмтты ивылы сой.

 

Саби æрхæцы йæ худыл,

Саби æдзынæг лæууы...

Иры фæдисон лæппутыл

Кадмондаг зарæг кæуы.

 

Хурмæ æхсаргард нырттивы,

Фестъæлфы сау бæх æваст...

Дуг та цы дуджы нæ ивы, —

Базон æй, чи сæ у раст?

ЛЕНИН

Æз дыл нæ кæнын сойæвдылд ныхæстæ,

Фæлæ дæ номæй у сæрыстыр лæг.

Æз та — ирон, фыдæй-фыртмæ æввæхсты

Нæ цыди махмæ цардамонд хæстæг...

 

Фыдæвзарæнты нал зынди нæ фæд дæр,

Ныртхутæг и нæ бындурæн йæ къæй,

Уæддæр Кавказы балхонæг ирæпæ

Ыссардтой цард дæ зæрдæйы фæрнæй!

 

Уыдыстæм мах хуыцæуттимæ дæр тохы,

Фæлæ дзы фестæм цагъд æмæ æвæд...

Нæ ныууагътай ды цагъдуæлдæйтты рохы,

Ныр дæр дæ ныфс — нæ удрæбын æвæрд!

 

Историйы хъуыртты нæ зыны лæг,

Фæлæ дæ фæрцы бантыст фидæн фенын.

Ды — адæмты фырт, адæмты фæтæг, —

Æгас нæм цу æнус-æнустæм, Ленин!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 63 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
МÆ ИРЫ КЪÆС| МÆ КАРÆН ХÆСТОН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)