Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Денджызы был

ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ | МÆ ФЫДÆН | ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР | БÆХЫЛ | ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ГАДЖИДАУ | ФЫЦЦАГ ÆМДЗÆВГÆ ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН | ДАРД РУДЗГУЫТЫ РУХС | КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ | УАЙДЗÆФ | БЫДЗÆУ |


Читайте также:
  1. ДЕНДЖЫЗЫ МАСТ
  2. ИЗÆР ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ
  3. ХОХАГ КУЫДЗ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ

Тымбыл уылæн хуыртæ ысдæры,

Цæуы ма йæ фæллад хъæрахст.

Фæлæгæрды денджызмæ стæры,

Хъæддаг галау, айнæджы фахс.

 

Кæсаглас йæ дысы сыгъдæгæй

Мæ сæрмæ йæ бырынкъ сæрфы.

Хуыссын æз уæлгоммæ бæгънæгæй,

Мæ риуыл дæ зæрдæ тæлфы.

 

Нымдзаст дæ мæ цæстыты тарфмæ,

Мæ хъуырыл æртыхсти дæ цонг.

Æххæссы мæ зæрдæйы арфмæ

Хъæддых риуты тугсæттæн ронг.

 

Мæ хурсыгъд цæсгоммæ æвналыс,

Дæ къухты рызт — цин æмæ тас.

Æнхъæвзы дæ цæстыты малы

Æрхæндæджы уазал æнгас.

 

Циу амонд? Мах царды хуыздæрыл

Нымайæм цыбыр уысмы фарн.

Тæккæ райсом афтæ æндæрыл

Рæдауæй хæсдзынæ дæ арм.

 

Æмæ та æртайдзæн дæ удыл

Фæсмон æмæ сагъæсы рис.

Æнусмæ æнувыд лæппутыл

Фæкæнис, æвæццæгæн, дис.

 

Кæм айгæрста сæфты монц арæн

Нæ нырæй нæ рагбонты ’хсæн?

Нæ сæнттæ цыбыр уысмы фарнæн

Нывондæн цæй тыххæй хæссæм?..

***

Кæсы мæм: мæ карæй фæхистæр дæн æз,

Мæ азты æфсиртæ нызгъæлдысты хуымы.

Фæлæ ма фынк хуыдымы бавзилын хыз, —

Лæгъз кæсаг ыстæлфы йæ дудгæ цъысымы.

 

Зынаргъ мын цы уыд — къух сыл ауыгътон ныр.

Ыстыхсы мæ зæрдæ мæ арвæмбæрц хæхтæй.

Мæ бæх та ныккæны фæдисы мыр-мыр,

Йæ фæстæгтыл фесты, зæхх хойы йæ къæхтæй.

 

Æртæхдзæст уыгæрдæнты цæвæджы ’хситт

Мæн нал сайы хосдзæутты разæй мæ сæнтты.

Фæлæ та куы скæнынц мæ фыдæлты ситт,

Уæд зарæг уыраугæ ныййазæлы кæмтты.

 

Мæ хъуыдыты хатдзæгæн н’ арын фæрæз.

Куы цудгæйæ хилын, куы кафын уæнгрогæй.

Кæсы мæм: мæ азтæй фæхистæр дæн æз, —

Дæу нал уарзтон, гъеныр дæ агурын ногæй.

***

Мæ мæлæт уайы иу хуызы мæ цæстыл:

Хæхбæсты мит хæмпус пакъуытау уары,

Чыртæ-чыртæй сындæг-сындæг нæ къæсыл

Кæнынц æмбырдтæ сау дарæсы адæм.

 

Уым алкæмæн ысси мæ хъысмæт койаг.

Къуырфдзæст зæронд ус даргъ хъарæг ивазы.

Æмæ, дæуæн æнæзонгæ сылгоймаг,

Ныддæлгом ис мæ чырыны тæрвазыл.

 

Уæнтæхаудæй æрбынат кодтай къуымы,

Дæ тæвд рустыл къуыбар цæссыг ызгъæлы.

Мæрддзыгойтæ нымайынц дæу фысымыл,

Мæ зæронд фыд дæу дард хæстæг æнхъæлы.

 

Æмæ дæ рыстыл ничи тыхсы уæгъды.

Æдзæм хъуырдухæн не ’мбары æгас ком.

Æрмæст зыны, дæ сусæгмыр уынæргъдмæ

Куыд ныррухс вæййы мард лæгæн йæ цæсгом.

***

Хуылыдз перрон. Хæрзбоны сур ныхæстæн,

Ивылд къадайау, айхæлди сæ ауæзт.

Мæ дард фæндагмæ ничи ’рцыд мæ фæстæ,

Ныддаргъ мыл ис æдзæм минутты ауæдз.

 

Уымæл зæхмæ тамакойы æрдджытæ,

Кометæтау, сæ фæд уадзгæ, ысхъиуынц.

Ды дæр кæйдæр хæрзамондæн æрцыдтæ, —

Мæ хуызæн сæфтæй чи цы ’нхъæл у иуыл.

 

Сыбар-сыбурау райхъуысы уæ ныхас.

Нæ зонын æз, дæ хæлар лæг цы домы.

Йæ рæдау æмæ амондджын цæстæнгас

Тындзгæ быры дæ фæлладгъуыз цæсгомыл.

 

Дæггыс ын дзуапп хæццæ-мæццæ æвзагæй,

Куы та йын сабыр «о» кæныс йæ фарстæн.

Ды — коммæгæс?.. Кæд дæ нæ федтон рагæй,

Æмæ мæрдырох бафтыди мæ уарзтыл?..

 

Æз дæ бынтон æндæрхуызонæй уарзтон, —

Тæнæг кæрцы-иу рацæйцыдтæ хъызты,

Дæ сæрбæттæн-иу ’нæбары æрбастай, —

Къæбæда чызг, хæрз хуымæтæг, сæрыстыр.

 

Уæды фæлгонц кæмдæр æнкъардæй хилы,

Дæ хуызы чидæр рацæуы ныр уынгмæ...

Цæрдæг-цæрдæг уæ алывæрсты зилы,

Йæ къæдзилмæ, куыдзау, лæбуры дымгæ.

***

Дæ сурæт та ногæй мæ разы лæууы, —

Рæсугъд фынау, растад мæ ивгъуыды тарæй.

Мæ хъуыды дыл сахуыр... æз зонын, дæу уый,

Æрхæндæг ныхасау, кæй не ’ндавы рагæй.

 

Уыд афтæ æнусты: зæххон цинтæй ком

Цы нæ дæтты рагæй мæ хуызæн æвзæрæн,

Ды уыдон дæ уарзтимæ, абон уа, сом,

Рæдауæй ныббæтдзынæ иу хатт æндæрæн.

 

Цы саразон — уыртыл дзæгъæлуагъд тæлы

Ысхъиугæ куыд тулы сæрибарæй, райгонд,

Æз афтæ фæцардтæн. Æнкъардæй сæттын,

Кæй не ’рхастон иуæн дæр а зæххыл амонд.

 

Рæвдыд мæ нæ зоныс. Мæ уазал зæрдæ

Мæ риуы фæхастон, хъызт денджызау, ахстæй.

Уый зарыд йæхицæн — æгомыг зæлтæ

Нæ хъыг кодтой дуне сæ судзгæ хъæрахстæй.

 

Нæ баххæст дæумæ дæр фæдисы уынæр.

Æвæццæгæн, тоныс мæн гъеныр æвзæрæй.

Мæ зæрдæ мæм дзуры: дæ уарзты цæхæр

Ныггуыпп кæндзæн й’ артдзæсты райсом æндæрæн.

 

Цъæх арвы хъæбысмæ фæцæудзысты уæд

Фæздæг æмæ зарæг дæ райдзаст хæдзарæй.

Мæнмæ та кæсдзæн, цыма ’рымысгæ зæд

Æвæджиау дунейæ алыгъди барæй.

***

Рæуæгвад кассетæ, куыройы цъæл цалхау,

Нæ зарæджы зæлтæ йæ хъузоныл тухы.

Ды — бандоны тигъыл, тæхынæввонг маргъау,

Тæнæгбыл нуазæн фæцуды дæ къухы.

 

Дæ саг лæг уæлтæмæнæй бады дæ фарсмæ.

Нæ даргъ фынг ирхæфсы аивбыд ныхæстæй.

Æрмæст дæу нæ тавынц. Дымгæйы бæласау,

Дæ аууон фæлладæй ызмæлы дæ фæстæ.

 

Æваст хъæрмæ фестæгау стъæлфыс дæ номæй.

Дæ уазал фæхудты æрæмбæхсти сагъæс.

Цæуыл у дæ хъуыды? Дæ рæсугъд цæсгомыл

Кæрæдзи цы ивынц тыхдымгæ ’мæ уахъæз?

 

Æви ма фæцæуыс дæ ивгъуыды азтæм

Æмæ дæм, тæргайау, æрбадзуры чидæр?

Æви дæм хъыг кæсы, дæ рагбонты уаздæр,

Мæн ацы чызджытæй кæй не ’взары иу дæр?

 

Кæй бадын сæркъулæй — фыдуынд æмæ сабыр,

Цæхæр зынгæрнымæг мæ цæстыты ’ндоны.

О, ничи йæ зоны, кæй уарзтай ды раджы

Мæ хуызæн лæппуйы — рæсугъды, уæндоны!

 

Ныр нал у бæрæг, уый фын уыд æви аргъау,

Фæцис æви ног хуызы райдыдта тухын...

Ды — бандоны тигъыл, тæхынæввонг маргъау,

Тæнæгбыл нуазæн фæцуды дæ къухы.


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 44 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
БОНЦЪÆХТЫ| ХЪÆУУОН ЧЫЗГÆН

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.015 сек.)