Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Барысчъи дарын

Читайте также:
  1. Адам,тұлға, азамат ұғымдарының арақатынасы
  2. Адам», «индивид», «тұлға», «даралық» ұғымдарына сипаттама.
  3. Азақстан Республикасындағы мемлекттік билік органдарының жүйесі
  4. Атқарушы биліктің органдарының әкімшілік-құқықтық мәртебесі және түрлері
  5. Аталған элементтердің қайсысы халықтардың өзін-өзі билеу құқын жүзеге асыру нысандарына жатады
  6. Жақ-бет аймағының жарақаттары және зақымдарының жіктелүі.

 

Иуæй-иу сылгоймæгтæ амæлæгæн дарынц (хæссынц) барысчъи, ома барвæндæй æххæст кæнынц бæлвырд сæрмагонд хæстæ иуæй-иу динон бæрæгбонты рæстæджы. Уыцы бæрæгбонтæ сты: Ногбон, Комбæттæн, Куадзæн, Зæлдæвæрæн, Майрæмыкуадзæн, Джеуæргуыба æмæ мардæн йæ кæнды бонтæ. Барысчъи дарын райдайынц бæрæгбонæй дыууæ къуырийы размæ æмæ фæвæййынц бæрæгбоны фæстæ. Барысчъидарæг æрмми нæ кæны, æххæст кæны марходарæджы æмæ саударæджы митæ. Иуæй-иу сылгоймæгтæ барысчъи рæстæгæй-рæстæгмæ дарынц зæронд мæрдтыл дæр. Амæлæгæн йæ афæдзы хисты бонмæ барысчъи æрмæстдæр майрæмбонты чи дары, ахæм сылгоймæгтæ дæр ис, ома афæдзы дæргъы майрæмбонты йæ дзыхмæ хæринаг нæ хæссы, цыргъаг йæ къухмæ нæ исы, æрмми нæ кæны æмæ æххæст кæны марходарæджы хæстæ хурыскастæй хурныгуылдмæ.

Хуыцауы æцæгдзинад кæй нæ уырны, уымæн йæ скуывд, йæ ныффæлдыст, йа сау дард æмæ йæ барысчъи нæдæр уæлионæн, нæдæр амæлæг удæн æппындæр пайда ницы сты.

Марды цырт

 

Цырт у мардæн йæ ном æнусонгæнæг, хорзæй йæ чи зыдта, уыдонæн зæрдыл дарæн фæрæз, йæ фæдонтæн та, кæм ныгæд ис, уый æвдисæг нысан дæр.

Раджы дæр æмæ ныр дæр мард ныгæдæуы, цы адæмы ’хсæн фæцард, уыдоны иумæйаг уæлмæрдты, цырт дæр ын сæвæрынц уым. Куы амæлы, уæд ын йæ ныгæнæн бон ныссадзынц рæстæгмæйы хъæдын цырт, стæй йын йæ афæдзы хисты бонмæ кæнæ фæстæдæрмæ сæвæрынц ног цырт къæдзæх дурæй, мæрмæрæй, бетонæй, кæнæ исты згъæрæй æмæ йын æй ныффæлдисынц дыууæ кæрдзынæй кæнæ фынджыдзагæй.

Амæлæгæн цырт сæвæрынц йæ бинонтæ æмæ йæ къабæзтæ, уæлæуыл йæ дзыллæйæн стыр хæрзты бацæуæгæн та — адæм иумæйаг фæндонæй, уæлмæрдты кæнæ хицæн ран (сахары, хъæуы астæу йе та æндæр искуы зынгæ ран). Уый вæййы сæрмагонд кады цырт.

Сæрмагонд цырты аккаг ма свæййы, адæймаджы сæрыл хъазуаты бацæугæйæ хъæбатырæй чи фæмард вæййы, стæй ма æрдзон тыхты æвирхъау уавæры чи амæлы, уый.

Фæндагыл кæнæ æндæр искуы йæхи кæнæ искæйы аххосæй кæнæ техникæйы азарæй чи фæмард вæййы, уый уыцы ран нæ ныгæдæуы æмæ йын цырт дæр не ’вæрдæуы, уымæн æмæ уыцы раныл сæ хъомыс дарынц дæлимонтæ. Хъыгагæн, иуæй-иу ирæттæ, кæрæдзи фæзмгæйæ, ахæм фыдбылызы ран цыртытæ садзынц, Хуыцауы фыдæх ницæмæ даргæйæ æмæ амæлæг уды фарн нæ хынцгæйæ.

Амæлæг удгоймаг, кæд уæлæуыл кадджын нæ уыди, уæд ын дæс цырты куы ныссадзай, кæнæ йын сызгъæрин уæлмæрд куы саразай, уæддæр æй нал скадджын кæндзынæ. Хионыл, къабазыл зæды ном куы сæвæрай, уæддæр æй адæм цы номæй рахоной, уый йыл ныффидар уыдзæн.

Нæ фыдæлтæ иумæйаг уæлмæрдты ныгæнгæ дæр нæ кодтой (ныгæнын нæ уагътой) æмæ цыртытæ дæр нæ сагътой йæ райгуырæн бæстæ æмæ йæ иубæстон адæмыл гадзрахатæй рацæуæгæн, адæмæн фыдбылызхæссæгæн æмæ хъодыгондæн.

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 32 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)