Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Мард ныгæнынмæ цæттæ кæнын

Читайте также:
  1. Чызгæрвыстмæ цæттæ кæнын
  2. Чындзхастмæ цæттæ кæнын

Мард ныгæнынмæ цæттæгæнгæйæ ахсджиаг фарстатыл нымад сты:

А. МАРДЫ ЧЫРЫН — ТАБÆТ ÆРЦÆТТÆ КÆНЫН. Нæ рæстæджы чырын балхæнынц, гæнæн нæй, уæд фæйнæджытæй саразынц, чырынæн сæр (æхгæнæн) куынæ уа, уæд аипп нæу, æнæ чырынæй пысылмон ныгæд чи кæны, уыдон дæр ницæмæй рæдийынц. Нæ фыдæлтæ чырынæн алыхатт нæ кодтой.

Æ. ЧЫРЫН СФÆЛЫНДЫН У СЫЛГОЙМÆГТЫ ХÆС, цæмæй йæ сфæлындынц (срæвдз кæнынц), уыцы дзаумæттæ сты:

— лыстæн — гобангонд сæрдыгон хъæццул, кæнæ чырыны бынæй нывæрынц, мардæн йæ дзаумæттæй фæлмæн чи у æмæ ма дарынмæ чи бæззы, ахæмтæ, кæнæ бахуыйынц тæнæг гобангонд, йæ хуылфы бæмбæг кæнæ, фылдæр хатт, хуымæллæг, зулчъытæ йæм хæстæг кæй нæ цæуынц, уый тыххæй;

— гобанæмбæрзæн — уæлтауæн;

— баз хуымæллæгæй кæнæ бæмбæгæй, йæ быны чысыл цыргъаг (кард, хæрынкъа), цæмæй амæлæг уд фыдхæссæг комытæфæй хызт уа, уый тыххæй;

— мардæмбæрзæн исты рæсугъд зынаргъ хъуымацæй, стæй базæмбæрзæн (æмбæлы ирд хъуымацæй дæр æмæ тарæй дæр);

— худ — нæлгоймагæн, кæлмæрзæн — сылгоймагæн; нæлгоймагæн æрбахæссынц йæ каистæ, сылгоймагæн та — йæ цæгат;

— амæлæгæн уæлæуыл уарзон чи уыди, ахæм чысыл дзаума — чиныг, къам, кард кæнæ æндæр ахæм исты.

Чырын (табæт), цырт æмæ иннæ мæрддзæгтæ рагацау ныффæлдисынц цæхх, дыууæ кæрдзыны æмæ нозтæй кæнæ цæхх, кæрдзыны хай æмæ донæй.

Б. МАРД ЧЫРЫНЫ НЫВÆРЫНМÆ БАЦÆТТÆ КÆНЫН.

Марды исты лæгъз ран æрæвæрынц, хъарм доны йæ ныннайынц æмæ йæ ныссæрфынц. Уыцы куыст бакæнынц сыхæгтæ, сылгоймаг куы вæййы, уæд сылгоймæгтæ, нæлгоймаджы та — нæлгоймæгтæ. Аипп нæ уыдзæн, рынчындоны цалынмæ уа, уæдмæ йæ уым куы ныннайой, кæнæ йæ хионтæй исчи куы ныннайа, уæддæр;

— мард кæд дасинаг у, уæд æй ныддасынц, йæ ныхтæ йын ракæнынц;

— йæ уæлæ йын цы дарæс скæнынц, уый хъуамæ уа сыгъдæг æмæ аив. Амал æмæ гæнæн кæд ис, уæд, даргæ кæй фæкодта, ахæм;

— дохтыр æм базилы, цæмæй мæрдон тæф мауал кæна, уый тыххæй;

— йæ чырын, йæ дарæс, йæ хуыссæнуат ын ныффæлдисынц;

— марды йæ чырыны (табæты) нывæрынц, йæ чырын æмæ йын йæ мæрддзæгтæ куы ныффæлдисынц, уæд.

В. МАРДÆН ИНГÆН СЦÆТТÆ КÆНЫН. Ингæн скъахынц сыхбæсты фæсивæд, вæййы чырыны асмæ гæсгæ. Ирон ингæн раджы дæр æмæ ныр дæр арæзтæуы ныгуылæнæй скæсæнырдæм (йæ дуар ныгуылæнырдыгæй) байбын агуыри кæнæ æндæр истæмæй амад. Цырт сагъдæуы ингæны скæсæнырдыгæй (мардæн йæ къæхтырдыгæй), цыртыл фыст вæййы ныгуылæнырдыгæй кæнæ скæсæнырдыгæй (кæс дæлсæргонд «Цырт»). Ингæнкъахджыты арвиты мæрдджыны кæрты уынаффæгæнæг хистæр æд кусæн дзаумæттæ (белтæ, мæркъахтæ, фæрæт, дзæбуг, бæндæн чырын уадзынæн).

Г. МАРД РАХÆССЫНМÆ СЦÆТТÆ КÆНЫН. Мард чырыны куы нывæрынц, уæд æй хæдзары астæу, йæ къæхтæ рацæуæнмæ, скæсæнырдæм æрæвæрынц чысыл бæрзонддæр истæуыл, фылдæр хатт бандæттыл. Йæ цырт æмæ йын йæ чырыны сæр та бацæуæны къулы ’нцой дæлгоммæ ’вæрдæй сцæттæ кæнынц. Сцæттæ кæнынц, кæрты йæ кæм æрæвæрдзысты, уый дæр. Кæрты уынаффæгæнæг хистæр рагацау снысан кæны, саударæн æмбырды (мард уæлмæрдтæм ахæссыны размæ) ныхас чи кæндзæн, уыдон.

Хистæр рагацау снысан кæны, марды чи хæсдзæн хæдзарæй кæртмæ, кæртæй уæлмæрдтæм, уыдон. Мард ныгæнынмæ цæттæ кæнынæн куы ницавæр мадзал уа, зæгъæм, хæсты быдыры, исты фыдбылызы кæнæ æбæрæг ран æмæ йæ афтæмæй куы баныгæнынц, уæд ныгæнджытæ уый охыл истæмæй азымы дарынæн бындур нæй, стæй мард ракъахынæн дæр. Ахæм цау куы ’рцæуы, уæд, мардæн цы ’мбæлы, уыдон ныффæлдисынц уый фæстæ, фæсаууонмæ, æмæ йын цырт дæр ныссадзынц.

Мардæн уæлæуыл цы дзаумæттæ баззайы, уыдон куы ныффæлдисынц, уæд сæ кæндты фæстæ хионтыл æмæ мардæн йæ хæлæрттыл байуарынц, кæд бинонтæн фæндон вæййы, уæд. Марды дарæс батонын Ирмæ рагæй дæр нымад у фарны хъуыддагыл, афтæ хи мæрддзæгтæ батонын (фæдарын) дæр.

Мард цалынмæ уæлæуыл вæййы, уæдмæ бинонтæй кæнæ хæстæг хионтæй йæ разы æнæсцухæй исчитæ вæййы. Ирмæ рагæй æрæгмæ мард ныгæнынц дыккаг кæнæ æртыккаг бон хурыскастæй хурныгуылдмæ. Уæдмæ, хæдзары бинонтæ цæмæй ма сфæлмæцой æмæ стонг мæуой, уæлдайдæр та æхсæвыгон, марды цур бадгæйæ, уый тыххæй сыхбæстæ скæнынц исты рог хæринæгтæ, уыимæ цай кæнæ къофи, æмæ бинонтæм æрхатынц, цæмæй бахæрой, уый тыххæй. Уыцы бахæрд нæ фыдæлтæ хуыдтой мæрдджыны æхсæвæр. Мæрдджынты хæдзары хæринаг ничи кæны, арт ничи æндзары, цалынмæ мард ныгæнæн бон хур скæса, уæдмæ. Уымæн-иу загътой фыдæлтæ фыдгулæн: «Дæ арт бауазал уа!» Мæрдджыны ’хсæвæрæй мардæн хæлар ницы чындæуы, кæд раджы дæр æмæ ныр дæр иуæй-иутæ хæлар кодтой æмæ кæнынц, уæддæр.

Цалынмæ мард уæлæуыл вæййы, уæдмæ сыхбæсты, хъæубæсты хистæр кары адæм фæбадынц мæрдджынты дуармæ, кæртмæ бацæуæны. Баргонд сын вæййы тæфæрфæсгæнæг адæмæн арфæ кæнын мæрдджынты æмæ сыхбæсты номæй. Уыдоны цур фæрсæй-фæрстæм фæлæууынц бинонты æмæ мыггаджы нæлгоймæгтæ, зæронд лæгтæй фæстæмæ.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 71 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.007 сек.)