Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Фидауджытæ æмæ фидыд

Читайте также:
  1. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 1 страница
  2. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 2 страница
  3. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 3 страница
  4. IX. ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ 4 страница
  5. XV. ИУÆЙ-ИУ ФИППАИНÆГТÆ ÆМÆ НЫХÆСТЫ МИДИС
  6. Алы ныхасæн дæр фæтк æмæ уавæр ис» фæзæгъынц
  7. Амæй фæстæмæ дæ къухы æнтыстытæ æфтæд.

 

Фидауын у стыр æмæ тынг ахсджиаг хъуыддаг, уымæн æмæ йæ бындуры æвæрд ис хæстæгдзинады бадзырд саразын, ома кæрæдзийæн ныхас раттын, ныхас раттын та Ирмæ уыди æмæ у ард бахæрды хуызæн — æнæфыст закъон. Дыууæ мыггаджы æвдисæнты раз кувинагæй Хуыцаумæ табугæнгæ сфидар кæнынц сæ хæстæгдзинад. Ахæм ныхас рард амоны хъуыддагæн закъоны тых раттын, хонынц ма йæ ирон фидыд.

Дыууæ мыггаджы дæр фидауджытæн равзарынц фæйнæ 5—7 уæздан, æууæнкджын æмæ кадджын нæлгоймаджы сыхбæстæй æмæ хионтæй, фылдæр хатт уыдон вæййынц раздæры минæвæрттæ, фæлæ ма сæм бафтауынц къухылхæцæг æмæ æмдзуарджыны дæр. Фидауджытæ фылдæр хатт сæмбæлынц чызджы хæдзары, фæлæ лæппуйы хæдзары куы сæмбæлынц, уæд уый аипп нæ вæййы. Хистæртæ рагацау снысан кæнынц фидауыны бон, æмæ уыцы бон сæмбæлынц. Уæдмæ фысымтæ алцæмæй дæр вæййынц цæттæ. Нæ фыдæлтæ сабаты, къуырисæры, бынаты куывды бон æмæ хæйрæджыты æхсæв ахæм хъæлдзæгдзинæдтæ нæ кодтой.

Фидауджыты æрбацыдмæ фысымтæ, кæд сæ амал вæййы, уæд фыс акусарт кæнынц æмæ фынгæвæрд скæнынц. (Кæс сæргонд «Ирон фынджы æгъдæуттæ»). Фидауджытæ уазæгæй, фысымæй фынджы уæлхъус сæ бынæттæ бацахсынц. Хистæрæн сбады фысымты хистæр сыхаг, дыккаг хистæрæн та — уазджыты хистæр, æртыккаг хистæрæн — чызджы æрвадæлтæй, кæнæ мады ’рвадæлтæй исчи. Дæлдæр сбадынц кæстæртæ, семæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын. Чызджы (лæппуйы) фыд сбады, фидауджытæ йæм куы æрхатынц æмæ йæ хистæртæй исчи фидауæг куы нæ вæййы, уæд.

Фидауджытæ сæ бынæттæ куы ’рцахсынц, уæд бадты адæм иууылдæр слæууынц, æртæ хистæры, кувынæн цы хъæуы, уый сæ къухтæм сисынц (кæс сæргонд «Ирон фынджы æгъдæуттæ») æмæ, куыд æмбæлы, афтæ скувынц. Хистæры куывд фидаугæйæ:

В а р и а н т: «Дунесфæлдисæг æмæ дунедарæг Стыр Хуыцау, табу дæхицæн, табу дын æнустæм! Абон дæ кувæн бон у æмæ дæ кувæн бонты хуыздæр арфæ кæмæн ракодтай, уый æмбал ацы фæрныг хæдзарвæндаджы дæр фæкæн! Сæ рæсугъд фæндтæ сын царды рæсугъдæй рауадз!

Абон дыууæ мыггаджы — Тыбаутæ æмæ Торчынтæ — мæнæ ам, сыгъдæг кувинаджы раз, дæумæ табугæнæг æвдисæнты раз, кæрæдзийæн къабаз зæгъынц, æмæ сын сæ къабаздзинад фидар æмæ арфæйаг фæкæн!

Стыр Хуыцау, абон дыууæ сыгъдæг уды — Зæринæ æмæ Тотрадз — сæ цард иумæ бæттынц, æмæ сын сæ иумæйаг цард фарн æмæ амондæй бафсад! Къабæзтæ сæ зæрдæрухс куыд уой, æцæгæлæттæ — бузныг, ахæм хъару сын ратт! Табу, табу дын, Стыр Хуыцау! Нæлгоймæгты зæрин бардуаг — цытджын Уастырджи, Табу дæхицæн! Мæнæ дыууæ сыгъдæг уды сæ цард иу кæнынц æмæ, дæ хорзæхæй, дæ хъомыс сыл хорзæй равдис! Сæ царды фæндаг рæсугъд куыд уа, сæ хъуыддæгтæ — уæлахиз, ахæм арфæ сын ракæн! Тотрадз фæндагыл лæуд у, дæуæй дзы ныфс ис, йæхи дыл фæдзæхсы æмæ, табуафси, дæ сызгъæрин къабазы бын æй дар!

Сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм), сызгъæрин тæбæгъты дæм куывдæуа! Табу дæхицæн! Табу дæ сыгъдæгдзинадæн! Ацы дыууæ уарзæг чызг æмæ лæппуйæн сæ зæрдæйы уаг, сæ хъуыдытæ, сæ уынд, сæ конд æмæ сæ буары хъæд кæрæдзийæн адджын куыд уой, ахæм арфæ ракæн! Дыууæ мыггаджы кæрæдзийыл куыд бæттой, адæмæн зæрдæрухс куыд дæттой, кæстæртæн сомыгæнæн куыд уой, ахæм хъару сын ратт!

О сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм), Зæринæйы сыгъдæг удæн ныййарæджы амонд балæвар кæн!

Бынатыхицау, дæуæн дæр æхцон уæд! Ацы бынаты хæдзарвæндаг æртыгай чъиритæ куыд кувой, дæуæн дæр дæ ном арынхъом куыд уой, ахæм хъару сын ратт! Дæ къæсæртыл фыдгул макуы æрбахизæд, мидæмæ чи цæуа, уый фарн хæссæд, æддæмæ чи цæуа, уый та-иу фæндараст фæкæн! Абон ам, дæ фæрнæйдзаг бынаты, дыууæ мыггаджы кæрæдзийæн хион зæгъынц, æмæ сын хæрзгæнæг фæу!

Зæдтæ, дауджытæ, дыууæ мыггаджы æмæ дыууæ кæстæры хъысмæтмæ уæ бар чи дары, уе ’ппæтæн дæр æхцон уæд! Уæ хорзæхæй, ацы хъуыддагыл рæстмæ архайæг фæут!

Стыр Хуыцау, зæрин Уастырджи æмæ сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм), ацы хойраг, хуымилаг æмæ фыдызгъæл сымах номыл конд сты æмæ уын барст уæнт! Не скæнæг Хуыцау, кæд царды истæмæй дæ разы азымджын стæм, уæд нын, дæ хорзæхæй, ныббар! Табуафси! Табу дæхицæн! Табу де стырдзинадæн!»

Уыйфæстæ скувынц дыккаг æмæ æртыккаг хистæртæ дæр. Уыдон цыбырæй фарн æмæ амонд ракурынц дыууæ мыггагæн æмæ дыууæ кæстæрæн Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæй.

Куывд куы фæвæййынц, уæд гаджидæуттæ уадзын райдайынц. Æртæ гаджидауы (Хуыцау, Уастырджи æмæ Мадызæды (Мады-Майрæмы) номыл) фæстæ хистæр фæсиды фидауджытæм мæнæ ахæм ныхæстимæ: «Фарн уæм бадзурæд, нæ буц уазджытæ! Мæнæ цы хъуыддагæн табу кæнæм, уый цæмæй нывыл ацæуа, уый тыххæй аныхас кæнæм!»

Уæд уазджытæ дæр æмæ фысымтæ дæр, кæрæдзи уавæртæ хынцгæйæ, баныхас кæнынц, чызгæрвыст æмæ чындзхаст хуыздæр куыд ацæуой, ууыл. Снысан кæнынц чындзхасты бон, чындзхæсджыты æрбацыды æмæ сæ ацыды афонтæ. Дыууæ мыггаджы дæр æххæст цæттæ куы вæййынц, уæд чындзхасты бон дыууæ къуырийæ дарддæр нæ аргъæвынц.

Сбæлвырд кæнынц чындзхæсджыты нымæц дæр, уыдон хъуамæ уой 20—30 адæймаджы (кæс дæлсæргонд «Чындзхастмæ цæттæ кæнын»), æгæр бирæ чындзхæсджытæ арвитын аив нæу.

Фидауджыты ’хсæн сæрмагонд ныхас фæцæуы фæлхæстыл. Рагон фæткмæ гæсгæ лæппуйы мыггаг чызджы хæдзармæ æрвыста кусæрттаг, нозт, ссад æмæ æндæр хæлцæгтæ, фæлæ нæ рæстæджы адæмæн сæ фылдæр бамбæрстой, уазджыты искæйы хардзæй хынцын къаддæр-уæддзер æдзæсгомдзинад кæй у, уый. Чызгæрвитæг бинонтæ æххуысхъуаг куы вæййынц, уæд уый æндæр хъуыддаг вæййы. Ахæм уавæры чызджы бинонтæн ахъаззаг æххуыс бакæнын лæппуйы хæдзарвæндагæн хæс у.

Раст кæнынц, ацы фарстатæ фынгæвæрды размæ цы фидауджытæ алыг кæнынц, уыдон дæр, кæннод фынджы фæтк хатгай йæ нывыл нал вæййы.

Хистæртæ дыууæ мыггаджы цардамондæн гаджидау куы рауадзынц, уæд лæппуйы ’рдыгæй фарс фидауджыты хистæр фынгыл фидауæггаг — мысайнæг — æрæвæры. Уый у, дыууæ мыггаджы ’хсæн хæстæгдзинад æцæгдæр конд кæй æрцыд, уый æвдисæн — цъынды. Фыдæлтæ фидауæггаг хæрз чысыл æвæрдтой — лыстæг æхца, фысы аргъæй фылдæр никуы уыди. Уымæн æмæ уый лæвар нæу — мысайнаг у. Сидт кæронмæ куы ахæццæ вæййы, уæд бадты адæм сыстынц æмæ кæрæдзийы къухтæ райсынц, арфæтæ фæкæнынц.

Фæстаг рæстæджы фылдæр хатт фидауæггаджы мысайнаг æрæвæрынц, хистæр куы скувы, уæд. Æмæ, æвæццæгæн, уый дæр раст у, Уымæн æмæ уыцы куывд бафидар кæны дыууæ мыггаджы хæстæгдзинад.

Фидыды архайд æмæ митæ куы ахицæн вæййынц, уæд хистæртæ — къухылхæцæг, æмдзуарджын æмæ ма семæ чызджы хионтæй искæй æд нуазæн арвитынц чызгмæ — чындзмæ æмæ йæ мадмæ, цæмæй кæрæдзиимæ базонгæ уой, уый тыххæй.

Фидауджыты фынгыл рауадзынц гаджидæуттæ:

— Стыр Хуыцауы номыл — стыр скуывды фæстæ фыццаг;

— Мады-Майрæмы номыл — дыккаг кæнæ æртыккаг (чызджы йыл бафæдзæхсынц);

— Уастырджийы номыл — дыккаг кæнæ æртыккаг (лæппуйы йыл бафæдзæхсынц);

— дыууæ мыггаджы цардамондæн;

— чындз, ног æфсымæртæ æмæ кæнгæмады (цыппар уды) Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытыл бафæдзæхсынц, сæ хæстæгдзинад цæрæнбонты фидар куыд уа, уый сæ ракурынц.

Ацы гаджидæутты фæстæ хистæр цавæр сидт ракæны, уый йæхи бар у, æрмæст фæстаг сидт хъуамæ уа бæркад, бæрæчетдæттæг зæдты номыл. Уыйфæстæ бадты адæм сыстынц, кæртмæ рацæуынц, уым фысымтæ уазджыты бæгæныйы къус æмæ æртæ — æртæдзыхонæй Уастырджийыл бафæдзæхсынц æмæ сæ афæндараст кæнынц.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 75 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.011 сек.)