Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Мысайнаг (Нысайнаг)

 

Ирон адæм Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæн буцæн цы зынаргъ дзаумæттæ, хæцæнгæрзтæ, зынаргъ згъæртæ æмæ æхцатæ лæвар кодтой — кувæндæттæм (дзуæрттæм) сæ хастой æмæ сæ уым æвæрдтой — уыдон хуындысты мысайнæгтæ. Нæ рæстæджы мысайнаг æвæрынц æрмæстдæр згъæр æхца æнæкъай нымæцæй, фылдæр хатт æртæ кæнæ фæндзæй сомтæй фынддæс. Мысайнаг гæххæттын æхца чи æвæры, уыдон рæдийгæ кæнынц, Хуыцау æй нæ исы. Уымæн æмæ арты ’хсыст — сыгъдæг нæу, уый у тынг чъизи.

Мысайнаг æвæрдæуы иу лæджы кæнæ бинонты (æмбæлтты къорды) номæй зæдæн йæ бæрæгбоны кæнæ æндæр бон, бинонтæ (æмбæлтты къорд) исты стыр хъуыддагмæ, цаумæ кæнæ тæссаг уавæрмæ æнхъæлмæ куы фæкæсынц, уæд. Мысайнаг ма кувæндоны цæвæрынц, йæ бынты, (йæ рæзты) фæцæйцæугæйæ. Кæд бæлццонæн йæ амал мысайнаг сæвæрын нæ вæййы, уæддæр æрлæууы (сысты), йе ’ргом кувæндонмæ аздахы æмæ бакувы.

В а р и а н т: «Цытджын Уастырджи (кæнæ Уацилла, Дзири, Никколæ, Мадызæд (Мады-Майрæм) — дзуар кæй номыл вæййы, уый), табу дæхицæн! Дæ хорзæхæй, фæндараст мæ фæкæн!»

Мысайнаг сæрмагондæй хицæн адæймаджы номæй æвæрдæуы рынчынæн, бæлццонæн, зын уавæры бахауæгæн æмæ стыр хъуыддаджы бацæуæгæн. Уыцы мысайнаг кувæндонмæ — дзуары бынмæ арвитыны размæ, кæй номæй йæ фервитынц, уымæн æй йæ гуырыл æрхæссынц — бандзæвын ын æй кæнынц йæ ныхыл, йæ риуыл галиуырдыгæй æмæ рахиз цонгыл — æртæ ахсджиаг буары хæйттыл. Уыйфæстæ бакувынц, мысайнаг цы зæдæн фæкæнынц, уымæ.

В а р и а н т: «Сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм), табу дæхицæн, табу дæ сыгъдæгдзинадæн! Абон ацы сывæллон уæззау уавæры ис, æмæ йæ дæуыл фæдзæхсæм! Дæ бар, дæ хъомысæй йæ ма фæцух кæн! Кæд Хуыцау æмæ дæ разы истæмæй азымджын у, уæд ын ныххатыр кæн! Раст фæндагыл æй сараз, æмæ йын йæ уд бахъахъхъæн! Мæнæ йын йæ мысайнаг дæр айс, дæ хорзæхæй! Табу, табу дын, Сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм)!»

(Хъæдгæройнаг 80-аздзыд сылгоймаг

Хостыхъоты Нецайы ныхæстæ, 1995 аз.)

Уыйфæстæ мысайнаг ахæссынц, арвитынц хæстæгдæр дзуары (кувæндоны) бынмæ æмæ йæ уым сæрмагонд бынаты сæвæрынц.

Рынчын, бæлццон æмæ æндæр исчи сæрмагонд мысайнаг йæхæдæг кувæндонмæ куы ахæсса, уæд растдæр уыдзæн, уæлдæр цы митæ ранымадтам, уыдон йæхæдæг куы бакæна, стæй кувгæ йæхинымæр куы кæна, уæд. Дзуæртты (кувæндæтты) цы æхца мысайнæгтæ æрæмбырд вæййынц, уыдон хардзгонд цæуынц æрмæстдæр, Хуыцаумæ æмæ кувæндон цы зæды номыл у, уымæ кувынæн мадзæлттæ аразынæн (куывдæн, кувæндоны æрдзон фæлгонц хъахъхъæнынæн æмæ йæм зилынæн). Фæстаг растæджы Ирыстоны арæзт цæуынц мæнг кувæндæттæ æмæ дзы фæлитойтæ сæхицæн æхца кусынц. Уый у Хуыцауы æваст хъуыддаг, йæ кæнджытæ та — адæмы фыдгултæ æмæ хæйрæджджынтæ. Æрдзон тæмæссаг цау цы ран не ’рцыди, уым кувæндон нæ арæзтæуы.

 

7. Хуынтæ, лæвæрттæ

 

Ирон адæмæн хуынтæ хæссын æмæ алыхуызон лæвæрттæ æмæ зæрдæлхæнæнтæ кæнын фыдæлтæй баззад, æмæ нымад у кадджын хъуыддагыл. Хуынхасты сæйраг нысаниуæг у, кæмæн æй хастæуы, уымæн йæ хъæлдзæгдзинады архайын, куыд хæстæг, хион, уарзон адæймаг. Хуын чи хæссы, уый бахахх кæны, кæмæн æй хæссы, уымæн хорздзинад ракæнын, йæ бæрæгбон ын барæсугъд кæнын.

Лæвары сæйраг нысаниуæг у, кæмæн æй дæттыс, уымæ де ’нувыддзинад æмæ уарзондзинад равдисын, дæргъвæтин рæстæг чи цæрдзæни, ахæм зæрдæлхæнæн ын скæнын.

Хуын дæр æмæ лæвар дæр æфстау, бæтгæмæ нæ чындæуы. Мæ хуын, мæ лæвар мын исты æфтиаг, пайда æрхæсса, зæгъгæ, чи хъуыды кæны, уый æдзæсгом адæймаг у. Ахæм хуынхаст æмæ лæвар сты гæртам дæттæгау, ома зæрдæлхæнынæн нæ, фæлæ уд æлхæнынæн æмæ уый та фыдракæнды хуызæн у.

Алы хуын дæр æмæ лæвар дæр фæкæнынц зæрдиагæй. Адæймагæн йæхи зæрдæмæ чи нæ цæуы, уый хуынæн дæр хъуамæ ма хæсса, лæвар дæр æй ма кæна.

Хуын хастæуы хæстæг æмæ уарзон адæймагæн, йæ исбон ын нæ хынцгæйæ. Рагæй æрæгмæ хуынтæ хастæуы хъæлдзæгдзинадмæ кæнæ рынчын адæймагæн (фæстинонæн) рынчындонмæ, кæнæ рынчынæн йæ хæдзармæ. Хуын кæдæм фæхæссынц, уыцы хъæлдзæгдзинæдтæ сты: чындзхаст, чызгæрвыст, кæхц, авдæнбæттæн, номæвæрæн кæнæ сæрмагонд куывд, зæгъæм, исты зын уавæрæй раирвæзæгæн, гуырæн бон, исты уæлахиз йæ къухы кæмæн бафты, уымæн, ног хæстæджы æрбахуынды охыл, чындзы фæстæ (фæстæйы хуын).

Лæвар чындæуы, фылдæр хатт, уæлдæр цы бæрæгбонтæ ранымадтам, уыцы бонты хуынимæ кæнæ та хицæнæй (Ногбоны, 8 мартъийы, райгуырæн бон æ.а.д.).

Хуын кæдæм фæхæссынц æмæ цæй фæдыл, стæй хуынхæссæгæн йæ армы цы ис, уыдон хынцгæйæ, хуынтæн сæ ас æмæ сæ мидис вæййынц алыхуызæттæ. Фæлæ алы хуынæн дæр йæ кад æмæ йæ фарн сты æмхуызæттæ, кæд зæрдæйæ цæугæ сты, уæд. Зæгъæм, рынчынфæрсæг цæугæйæ, кæнæ сыхы, хъæуы куывдмæ, уазæджы номыл, авдæнбæттæнмæ, номæвæрæнмæ стыр хуын хæссын аив нæу. Стæй хъæугæ дæр нæ кæны. Уæдæ, æцæгæлон адæмы хъæлдзæгдзинадмæ дæр стыр хуынтæ нæ хастæуы, уый фидаугæ дæр нæ кæны.

Егъау хуын хастæуы хæстæг хионмæ, уарзон адæймаджы стыр хъæлдзæгдзинадмæ, ног чындзы фæстæйы хуын æмæ ног хæстæгмæ уазæгуаты цæугæйæ.

Хæдзары бинонты хъуагæй, ома, адæймагæн йæ арм куы нæ фæамоны, уæд стыр хуынтæ хæссын кæнæ стыр лæвæрттæ кæнын у æнæрхъуыдыдзинад. Кæд æмæ дæ амал хуын ахæссын нæу, уæд дæ уарзон адæймагæн исты балæвар кæн, кæд æмæ уый дæр дæ бон нæу, уæд æм истæмæй фæкæс, бакæстæриуæг ын кæн кæнæ йын зæрдиаг арфæ ракæн. Æцæг хион кæнæ æцæг уарзон адæймаг дæ уавæр йæхæдæг бамбардзæн æмæ дæ хъаст нæ ракæндзæн.

Чидæр мын хуын не ’рбахаста, исты лæвар мын нæ бакодта кæнæ мын чысыл хуын æрбахаста йе аслам лæвар бакодта, зæгъгæ, хъаст кæнын аипп у, хъастгæнæджы та æгад кæны.

Адæм мæ мæ лæвармæ гæсгæ раппæлой, зæгъгæ, уый тыххæй хуынтæ хæссын кæнæ лæвæрттæ кæнын та æнæуагдзинад у.

Хуыны бæсты æхца дæттын аивдæр нæу. Æхца лæвæрдæуы марды кæнды — сабæттаг кæнæ адæймагæн баххуыс кæныны хуызы. Бонджын уæвгæйæ, æхца мæгуырдæр адæймагæй райсæг у æдзæсгом.

Хицау мын исты хорз ракæна, зæгъгæ, уый охыл уымæн хуынтæ æмæ лæвæрттæ кæнын у цагъардзинад æмæ худинаг.

Цы хъуамæ уа хуыны?

А. ЧЫСЫЛ ХУЫН иунæг адæймагæн (уазæгæн, рынчынæн, фæстинонæн кæнæ искæдæм куысты бынатмæ). Ахæм хуын кувинагыл нымад нæу, куывдæуы, æрмæст æртæ чъирийы цы хуыны вæййы, уымæй.

В а р и а н т т æ: а) иу чъири — хæбизджын, фыдджын, кæнæ адджын чъири кæнæ карк;

б) иу чъири, йемæ исты дзæбæх нозт;

в) къафеттытæ, дыргътæ, адджын дон.

Рынчынфæрсæг исты чысыл лæваримæ куы ’рбацæуа, уæд аипп нæу, зæгъæм, духи, одеколон, сæрбæттæн, къухмæрзæн, цъындатæ, дидинджытæ кæны чиныг.

Фæстинонмæ цæугæйæ хуыздæр у æнæ хуынæй, фæлæ чысыл лæваримæ кæнæ дидинджытимæ.

Æ. ЕГЪАУДÆР ХУЫН хъæлдзæгдзинадмæ: номæвæрæнмæ, гуырæнбонмæ, авдæнбæттæнмæ, искæмæн йæ куысты бынатмæ кæнæ æцæгæлон адæймаджы номыл куывдмæ, кæнæ сыхбæсты (хъæубæсты) куывдмæ æ.а.д.

В а р и а н т: — æртæ чъирийы — хæбизджынтæ кæнæ адджын чъиритæ; карк кæнæ гогыз фыхæй, науæд фыдызгъæл, æнæхъæн уæнг (сгуы, базыг, фæрсчытæ — æртæ кæнæ фондз;

— нуæзт — арахъхъ (водкæ, коньяк, сæн æмæ æнд.) æртæ авджы;

— бæгæны, къуымæл æртæ литры бæрц.

Кæд хуын сæрмагондæй искæйы номыл у, уæд аипп нæ уыдзæн хуынæн йæ уæлæ, уæлдæр цы чысыл зæрдæлхæнæнтæ ранымадтам, уыдонæй иу исты æрæвæрын.

Б. СТЫР ХУЫН хастæуы стыр цины хъуыддагмæ (куывд, чындзхаст, чызгæрвыст, кæхц). Ахæм хуын хастæуы хæстæг хиуæттæм.

В а р и а н т: — æртæ чъирийы;

— æртæ æртæдзыхоны;

— гуыдын кæнæ егъау адджын чъири (торт);

— кусæрттаг (фыс, уæрыкк);

— гогыз кæнæ карк;

— бæгæны дæс литры бæрц;

— карз нозтытæ дæс литры бæрц;

— адджинæгтæ æртæ килæйы бæрц.

Хуын цы хæдзармæ хастæуы, уым чысыл саби куы уа, уæд ын æмбæлы ирон гуыл æмæ исты чысыл лæвар кæнæ зæрдæлхæнæн, уый кувинагыл нымад нæу.

Аипп нæу хуынимæ лæвæрттæ сæвæрын, хъæлдзæгдзинад кæй номыл у, уымæн, йæ ныййарджытæн. Кæд хæдзары зæронд адæймаг ис, уæд уымæн æмæ ма мыггаджы хистæрæн (Хуын ног хæстæджытæ куы ’рбахæссынц, уæд). Æндæр лæвæрттæ никæмæн æмбæлы, уæлдай лæвæрттæ кæнын аив нæу.

Иуæй-иу хатт стыр хъæлдзæгдзинадмæ — кæхцмæ, чындзхастмæ, чызгæрвыстмæ, исты стыр сæрмагонд куывдмæ æмæ ног хæстæджыты бæрæг кæнынмæ хуынхæссæг хæдзар йемæ акæны хуындзæуттæ. Хуындзæутты нымæц вæййы фылдæр-фылдæр 8—12 адæймаджы, хуын чи æрвиты, уыцы бинонты минæвæртты нæ хынцгæйæ.

В а р и а н т: — хуындзæутты хистæр — 1;

— сылгоймæгты хистæр — 1;

— машинæ скъæрæг шофыр — 1—2;

— фæндырдзæгъдæг — 1;

— кафæг чызджытæ æмæ лæппутæ — 4—6;

— æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæ — 2—4.

Хуын æрбахæссæгæн йæ тæбæгъ фæстæмæ афтидæй не ’рвыстæуы, куывдæй (хъæлдзæгдзинадæй). Хойраджы куыстгæнæн дзаума (тæбæгъ, фынг, кæхц, арынг, сивыр, сасир, кæфой, аг æмæ æндæр хойрагстонтæ), йæ хицауы хæдзармæ хастæуы хаимæ (чъирийы, карст, чъирийы ’рдæг кæнæ та æппынкъаддæр дзулы (кæрдзыны) кæрдих, цæмæй дзаума фæстæмæ хæдзармæ æварн, æбæркадæй ма бацæуа, уый тыххæй.

Уыцы уагыл куывды фынгыл искæй кардæй архайæг кард фæстæмæ йæ хицаумæ дæтты хаимæ, карды фындзыл хæрдмæ даргæйæ рахиз къухæй.

Хæдзармæ стыр хуын куы æрбахастæуы, уæд хуындзæуттæ æмæ фысымтæ фæархайынц. (Кæс сæргонд «Ускурын æмæ мойкæнын»).

 

Фынджыдзаг

 

Хуынтæ марды кæндмæ дæр хастæуы. Æрмæст ахæм хуын хонынц хæрнæджы фынджыдзаг — цыппар кæрдзыны, æрдæг фынджыдзаг — дыууæ кæрдзыны. Фынджыдзаг, кæй марды кæндмæ хастæуы æмæ йæ чи хæссы, уымæн йæ мадзæлттæ хынцгæйæ, вæййы стыр кæнæ чысыл (къаддæр). Зæгъæм, æцæгæлон адæймаджы кæнæ сыхаджы, хъæуккаджы кæндмæ аипп нæу æрдæг фынджыдзаг ахæссын кæнæ, зæгъæм, адæймагæн стыр фынджыдзаг скæнын йæ амал нæу. Стыр фынджыдзаг фылдæр хатт хастæуы мадызæнæджы кæнæ æндæр хæстæг хионы кæндмæ.

Фынджыдзагыл ма хойрагæй дарддæр цы æрæвæрынц, уымæ гæсгæ вæййынц дыууæ хуызы.

А. СТЫР ФЫНДЖЫДЗАГ:

— цыппар кæрдзыны хæбизджынтæ;

— дыууæ кæнæ цыппар адджын чъирийы;

— кусарт (фыхæй) кæнæ гогыз æмæ карк;

— бæгæны дæс литры бæрц; карз нозт дæс литры бæрц;

— адджинæгтæ — дыууæ килæйы бæрц;

— дыргътæ — цыппар-æхсæз килæйы.

Æ. ЧЫСЫЛ ФЫНДЖЫДЗАГ:

В а р и а н т: — цыппар кæрдзыны — хæбизджынтæ кæнæ адджын чъиритæ;

— гогыз кæнæ карк фыхæй;

— бæгæны дыууæ кæнæ цыппар литры;

— карз нозт дыууæ литры бæрц;

— адджинæгтæ кæнæ дыргътæ дыууæ, цыппар килæйы бæрц;

 

Фынджыдзаг скæнын кæй бон нæ вæййы, уый æрмæст дыууæ кæрдзыны æмæ карк куы ахæсса, уæд дæр аипп нæ уыдзæн.

Мæрдджын бинонтæ, кæд уæззау царды уавæры вæййынц, уæд аипп нæу стыр фынджыдзаг хæссыны бæсты бинонтæн æхцайы фæрæзтæй баххуыс кæнын.

Марды кæнды æмæ уыйфæстæ бонты дæр, мæрдджынтæн кæнæ мард æфснайæг лæггадгæнджытæн лæвæрттæ кæнын худинаг у. Худинаг у ахæм лæвæрттæ райсын дæр. Мард бафснайын сыхбæстæн, хъæубæстæн сæ уаз хæс у. Ирон адæймаг уæвгæйæ, йæ мард бафснайынæн лæвæрттæ чи кæны, растдæр зæгъгæйæ та фидгæ чи кæны, уый сыхбæсты æхсæн кадджын нæу, æндæра йæ марды æлхæнгæ лæггæдтæй нæ ныгæнид. Мæрдджынæн дзаума лæвар нæ чындæуы. Мæрдджын уæвгæйæ, дзаума лæвар райсæг йæхи æгад кæны, марды та йæхимæ хæрам кæны. Ирон уæвгæйæ мард бафснайæггаг лæвæрттæ исæг у къуымых адæймаг.

 

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 65 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.016 сек.)