Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатика
ИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханика
ОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторика
СоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансы
ХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника

Фыццаг æвдыст. Цыппар кантоны цадæн йæ хурыскæсæн был

Читайте также:
  1. AElig;ртыккаг æвдыст
  2. AElig;ртыккаг æвдыст
  3. AElig;ртыккаг æвдыст
  4. Дыккаг æвдыст
  5. Дыккаг æвдыст
  6. Дыккаг æвдыст
  7. Дыккаг æвдыст

Цыппар кантоны цадæн йæ хурыскæсæн был. Хъæддаг, æмуырдыг къæдзæхтæ сценæйы мидæгоз. Цады фæйлауæнтæ дыууæрдæм кæнынц. Хъуысы уылæнты æвирхъау хъæр. Хаттæй-хатт арв ферттивы, стæй ныннæры.

Кунц Герзауæй, кæсагахсæг æмæ йæ лæппу.

Кунц. Бауырнæд уæ, хъуыддаг уын сæрæй бынмæ куыд радзырдтон, афтæ уыди — мæхи дыууæ цæстæй сæ федтон.

Кæсагахсæг. Телль ахст у, æмæ йæ Киуснахтмæ арвыстой. Стыр ныфс нын уыдаид, искуы нæ сæрибардзинады тыххæй куы схæцыдаиккам, уæд.

Кунц. Цадыл бæстыхицау йæхæдæг дæр фæцæйцыди семæ. Уыдон куыд балц кодтой, афтæ рацыдтæн æз дæр Фдиуельнæй, фæлæ мæ тымыгъ æрбаздæхта ардæм. Чи зоны, æмæ уыдоны дæр бафæстиат кодта.

Кæсагахсæг. Рæхыстæй баст у Телль бæстыхицауы къухы. Æцæгæй дын зæгъын, уый йæ бакæндзæн ахæм ран, боны рухс æм кæдæм нал хæццæ кæна! Телль æнæрцæф адæймаг у, бæстыхицау та йæ æгæр-æгæр бафхæрдта; ныр тæрсы, йæ маст дзы куы райса, уымæй.

Кунц. Дзурынц ма, нæ зæрдæхæлар зæххы хицау Аттингаузен фæрынчын æмæ нал у ахъаззаг, зæгъгæ.

Кæсагахсæг. Нæ зæрдæ ма ууыл дардтам æмæ та нын уый дæр нал ис. Иунæг уый ма уыди нæ сæрылдзурæг, йæ адæм æмæ йæ бæстæйы хъахъхъæнæг.

Кунц. Тымыгъ тынгдæр кæны. Хæрзбон ут! Æхсæвиуат хъæуы бакæндзынæн: абон фаллаг фарсмæ бацæуын къухы бафта, уый кой кæнын дæр нæ хъæуы. (Фæцæуы.)

Кæсагахсæг. Телль нын — ахæстоны! Барон — мæлæтдзаг рынчын! Тыхдзинад бæрзонд цæуылнæ сиса ныр йæ сæр! Æфсарм, худинаг нал ис! Рæстдзинад цы дзых дзырдта, уый бамыр, уынаг цæстытæ фæцъынд кæнынц, домбай арм та — рæхыстæй баст.

Лæппу. Баба, их ныл ныккалдта! Цом нæхимæ — фыдбон скæндзæн.

Кæсагахсæг. Гъе-мардзæ, тымыгъ, мауал ауæрд! Тыгъдызæй рауадз! Мауал æнцай, арвы хъæр! Уæ, арвнæрынгæнæг мигътæ, уæ тызмæгдæттæй фæласут æппæт бæстæ! Байсæфут, байсæфут, фидæнмæ чи равзæра, уыцы адæмы ног фæлтæр. Æлдарад байдайут сымах дæр, дунейы гуымиры куырм тыхтæ! Ардæм тагъддæр, хъæды цæрджытæ! Сымах та баисты ацы æдзæрæг зæххытæ, уымæн æмæ мах æнæ сæрибарæй цæрын нæ бафæраздзыстæм а бæсты.

Лæппу. Нæ хъусыс, куыд пæллæхъхъ кæны доны гуылфæн; афтæ змур зилдух никуы кодта уый æппындæр.

Кæсагахсæг. Дæ хъæбулы сæрыл та фат суадзай! Искуы ма æрцыди ахæм аллайаг хъуыддаг, æмæ фыдæн йæ фырты сæр фехсын кæн? Æмæ ма ныл дунейы гуырымыхъ тыхтæ дæр цæмæн бацауæрдой? Диссаг мæм ницыуал фæкæсдзæн: хæхтæ цадмæ куы нызгъæлой, цъити мæсгуытæ дæр æваст куы стайой æмæ уырдыгмæ куы уайой, рыг куы фестой нæ къæдзæхтæ, донæй хъаймæт та дунейы дыккаг хатт куы фесафа, уæддæр дис ницæуылуал бакæндзынæн.

Хъуысы дзæнгæрæджы хъæр.

Лæппу. Хъусыс, — дзæнгæрæг цæгъдынц хохы бæрзæндтыл. Æвæццæгæн, æмæ дон фæласы бæлæгъы йæ бынмæ: дзæнгæрæджы хъæр фæсиды алкæмæ дæр, цæмæй бакувой æнамондты тыххæй. (Уæзæгмæ фæхизынц.)

Кæсагахсæг. Фыдраны бахаудис уыцы бæлæгъ, айхуызæн сахат ахæм авдæны фæйлаугæ кæй узынц! Никæйуал сæр æй бахъæудзæн — нæдæр бæлæгъаразæны, нæдæр бæлæгъаразджыты: портийау дзы хъазынц тымыгъ æмæ фæйлауæнтæ; зæрдæдарæн лæууæн дæр дзы, æвæдза, никуы ис: алы ран — æмуырдыг, æмæ бацæуæн кæмæ нæй, æрмæст ахæм цыргъ къæдзæхтæ; уыдон хъал арæзтæй ныддардтой бæлæгъмæ сæ айнæг риутæ.

Лæппу (галиуырдæм амоны). Баба, бæлæгъ Флиуельны ’рдыгæй.

Кæсагахсæг. Хуыцау, ды сæ фæдзæхсæг! Тымыгъ сæ хухулæгмæ куы байса, уæд сын нал ис фервæзæн. Тугдзых сырд къæппæджы уистыл фыр тæссæй йæхи куыд хойа æмæ йæ ниугæ-ниуын сæттынмæ куыд хъава, афтæ уыцы ран дæр хъуымы фæйлауæнтæ мæсты хъæр кæнынц; уынгæг сын у уыцы ран: сæ алфамбылай сæ къæдзæхтæ æлвасынц æмæ сын æхгæнынц сæ фæндаг. (Схызти бæрзондмæ.)

Лæппу. Баба, бæлæгъ Уры бæстыхицауы бæлæгъ у, æз æй базыдтон йæ сырх-сырхид тырысайæ.

Кæсагахсæг. Расттæрхонгæнæг хуыцау! Уый бæлæгъ у бæлвырдæй дæр, Геслер дæр уым ис, нывондæн кæй снысан кодтой, уый дæр бады семæ. Бирæ дæ нæ ауагъта, бæргæ, цы агуырдтай, уый ссардтай. Уый зон, тиран, æмæ хъилдзæуагыл хъæлдзæуаг сæмбæлы! Мæгуыры бон дыл кæй бакодта, уый, æнхъæлдæн æмæ федтай дæхи цæстæй. Сæрæй, фæйлауæн нал хъусы де ’ртхъирæнтæм; айнæг къæдзæхтæ дæр, сæрæй, кад нал дæттынц дæ худæн. Дæ кувын уал фæуадз, мæ хъæбул! Хуыцау ын цы стæрхон кодта, уадз æмæ уый бавзара ныр йæ сæр.

Лæппу. Бæстыхицауы тыххæй нæ кувын, — æз Теллæн кувын, — бæлæгъы ис уый дæр.

Кæсагахсæг. Æнæмбал иунæг хуыцау! Нæй бамбарæн дæ фæндтæн: иу фыдгæнæг æфхæрды цæмæй æрцæуа, уый тыххæй бæлæгъы бадджытæ хæрзсæфт кæнынц æмхуызонæй.

Лæппу. Кæс-ма, кæс, амондджын ирвæзт ракодтой Бугисгартæй, фæлæ сæ фæйлауæн Тойфельсмиунстерæй стыр Аксенберджы балæууын кодта. Мæ цæст сæ нал ахсы.

Кæсагахсæг. Уый Гакмессер у; бирæ бæлæгъ ныппырх ис уыцы ран. Куынæ йыл æрзилой, уæд бæлæгъ айнæгыл йæхи скъуырдзæн æмæ дæ балгъитæг — уыдонау: фесæфдзысты. Баххуыс ма сын кæнид, бæлæгъимæ хорз чи арæхсы, æрмæст ахæм — Теллы хуызæн, — фервæзиккой ма уый руаджы. Фæлæ уымæн йæ азмæлæнтæ нал сты, нал, йæ бар.

Вильгельм Телль æд æрдын. Тындзгæ цæуы, кæсы æмæ дистæ кæны; сценæйы астæу æрхауд йæ зонгуытыл, йæ къухтæ зæххыл æрæвæрдта, стæй сæ систа арвы ’рдæм.

Лæппу (йæ куы ауыдта, уæд). Кæс-ма, баба! Уæртæ уым иу чидæр йæ зонгуытыл лæууы.

Кæсагахсæг. Уæртæ зæххыл æрæвæрдта йæ къухтæ, цыма йæхи уагыл нæу, уый хуызæн.

Лæппу (йæм фæцæуы хæстæгдæр). Баба, уæ баба! Мæнæ кæй уынын! Ракæс-ма йæм ракæс!

Кæсагахсæг (фæцæуы хæстæгдæр). Чи у, чи? Мæ рафæлдисæг!.. Телль куы дæ уый, сæрæй! Æмæ ма куыд æрбафтыдтæ ардæм?

Лæппу. Бæлæгъы рæхыстæй баст нæ уыдтæ уæртæ уым?

Кæсагахсæг. Киуснахтмæ дæ нæ арвыстой, цы?

Телль (сыстади). Мæ сæр мæ бар у ныр мæнæн!

Кæсагахсæг æмæ Лæппу. Суæгъд дæ? Куыд æгъдауæй?

Лæппу. Уæдæ ныр чердыгæй?

Телль. Бæлæгъæй.

Кæсагахсæг. Бæлæгъæй та куыд?

Лæппу. Æмæ уæд бæстыхицау та цы фæци?

Телль. Цады сæрты дыууæрдæм кæны.

Кæсагахсæг. Хуыцауы æмбисонд! Æмæ уый та куыд уыдзæн? Стæй ам куыд февзæрдтæ? Дæ бæттæнтæ æмæ тымыгъæй та уæд куыд раирвæзтæ?

Телль. Хуыцау мын баххуыс кодта. Хъуыддаг та уыди афтæ...

Лæппу æмæ кæсагахсæг. Радзур æй, дæ хорзæхæй!

Телль. Альторфы цы æрцыди, уый фехъуыстат?

Кæсагахсæг. Уый зонæм, фæлæ дзургæ!

Телль. Бæстыхицау сбæттын кодта мæн, стæй мæ æрвитынмæ хъавыди йæ Киуснахты фидармæ.

Кæсагахсæг. Уый фæстæ Флиуельнæй ацыди демæ — уыдæттæ зонæм иууылдæр; фæлæ нын раныхас кæн, куыд фервæзтæ?

Телль. Нæ фæндаг мах дардтам афтæ: бæстыхицау, стальмейстер Гаррас æмæ бæлæгътæрджытæ. Мæ фатдон, ме ’рдын уыдысты бæлæгъаразæнмæ хæстæг; æмæ Аксеныл чысыл куыд æрбазылдыстæм, афтæ ныл хуыцау ахæм тымыгъ рауагъта Готардæй, æмæ бæлæгътæрджытæн фыр тæссæй сæ уд сцæйхаудис. «Нæ адзалы бон у ацы бон», — загъта нæ алчидæр йæхинымæр. Уæд дзы иу чидæр дзуры бæстыхицауæн: «Æнæ сæфгæ нын нал ис — нæ адзал уынæм нæ цæстæй; тæссæй ницæмæуал арæхсынц нæдæр бæлæгъаразæг, нæдæр бæлæгътæрджытæ. Стæй нæ фæндаг дæр ничи зоны. Æрмæст иу адæймаг ис ацы ран, мах фервæзын кæнын йæ бон кæмæн бауид. Уый у Телль. Лæгæй дæр æм дау нæй, стæй бæлæгъимæ уый хуызæн чи сарæхса, ахæм та кæм ис? Хорз уаид, уый бар куы бакæнис нæ бæлæгъ». Уый фæдыл мæм дзуры бæстыхицау: «Æрбайхъус-ма мæм, Телль, — ацы фыдбылызæй нæ цæмæй фервæзын кæнай, уыйбæрц ныфс дæм кæд разындзæн, уæд дæ суæгъд кæндзынæн дæ рæхыстæй». «Разындзæн мæм, ай-гъай, хицау! Стæй ма бæлæгъы дæр фервæзын кæнин хуыцауы руаджы», — дзуапп ын радтон æз. Уæд мæ суæгъд кодтой мæ бæттæнтæй. Рул райстон æз мæ къухмæ: аивæй цæстызул дарын ме ’рдынмæ; уыимæ мæхинымæр æнувыдæй агурын, кæдæм алиурон, ахæм ран. Уалынмæ дын æваст ауыдтон æмуырдыг къæдзæх, йæ сæр — фæз, фæйлауæнтæм æруагъта йæхи.

Кæсагахсæг. Зонын æй: раст стыр Аксены хæд раз, æмуырдыг у стыр æнæгъдау, — уырдæм сгæпп кæнын зæххон адæймагæй никæмæн бауыдзæн йæ бон.

Телль. Хъæр кæнын бæлæгътæрджытæм: «Иу мады фырттау февналут, нæ тæккæ зындæр — уæртæ уыцы къæдзæхгæ, стæй уыйбæрц тас нал у!» Æмæ уайтагъд балæууыдыстæм йæ разы. Уæд, хуыцауы ном ссаргæйæ, мæ тых, мæ бонæй бæлæгъ къæдзæхмæ баздæхтон, ме ’рдыныл мæхи уыциу цæф ныккодтон, æмæ нал бацауæрстон мæхиуыл — бæрзонд фехстон къæдзæхы сæрмæ мæхи, стæй бæлæгъ донæн йæ тæккæ тынгмæ асхуыстон мæ къахæй. Цы уа, уый уæд, зæгъгæ, йæ хуыцауы бар бакодтон. Ныр лæууын уæ разы — тымыгъы ахæстæй фервæзтæн, адæмы тыхдзинæдтæй дæр мын тас нал у.

Кæсагахсæг. Хуыцау дæ диссаджы ирвæзт фæкæнын кодта. Нæма мæ уырны, Телль дæ, уый. Æмæ уæдæ ныр та кæдæм дарыс дæ фæндаг? Дæхи дæ бафæсвæд хъæуы: бæстыхицау фæйлауæнтæй куы фервæза, мыййаг.

Телль. Бæлæгъы ма уыдтæн, афтæ дзы фехъуыстон: цæуинаг уыди Брунненмæ, уырдыгæй та йæ фидармæ Швицы бæстæйы.

Кæсагахсæг. Хуыскъыл?

Телль. Йæ фæнд уыди афтæ.

Кæсагахсæг. Уæдæ фæстиат мауал кæн, æфснайгæ дæхи! Дыккаг хатт дзы сæрæгасæй сонт-монты нал раирвæздзынæ.

Телль. Зæгъ-ма мын: Арты бæстæ æмæ Киуснахтмæ кæуылты у фæндаг хæстæгдæр?

Кæсагахсæг. Уырдæм фæндаг цæуы æрмæст Штайненыл, фæлæ дын Ловерцыл уыдзæн хæстæгдæр æмæ фæсвæддæр. Бирæ йыл æниу цæмæн дзурæм — мæнæ дæ мæ фырт бахæццæ кæндзæн.

Телль (ын райста йæ къух). Хуыцауы хорзæх дыл сæмбæлæд, хæрзбон! (Иу дзæвгар ауад, стæй та фездæхт фæстæмæ.) Æнхъæлдæн, ард бахордтай ды дæр Риутлийы, куыд фехъуыстон, афтæмæй.

Кæсагахсæг. Æз дæр дзы уыдтæн æмæ ард бахордтон нæ иудзинады тыххæй.

Телль. Дæ хорзæхæй, уæдæ, Биурглены сæмбæл! Уыцы ран мыл сагъæс кæндзæн ме ’фсин! Зæгъ ын, кæй раирвæзтæн æмæ æдас ран кæй дæн, уый.

Кæсагахсæг. Чердæм цæуыс, уымæй та йын уæд цы зæгъон?

Телль. Уыцы ран фендзынæ ме ’фсины фыды, ноджы Риутлийы кæуыл æмбæлдтæ, уыдон се ’ппæты дæр; зæгъ сын-иу, сæ зæрдæ мæм ма æхсайæд: тас нал у Теллæн, йæ авналæнтæ йæ бар сысты æмæ дзы а дыууæ боны хабар уыдзæн.

Кæсагахсæг. Телль, зæгъ мын æдæрсгæ: цы сфæнд кодтай?

Телль. Хъуыддаг куы скæнон, уæд æй хъусдзыстут уе ’ппæт дæр. (Фæцæуы.)

Кæсагахсæг. Лæппу, уайгæ, фæхон æй, — хуыцау, дæ уазæг фæуæд! Уæвгæ, Телль цы сфæнд кæна, уый æххæст дæр бафæраздзæн. (Фæцæуы.)


Дата добавления: 2015-07-24; просмотров: 84 | Нарушение авторских прав


Читайте в этой же книге: Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст |
<== предыдущая страница | следующая страница ==>
AElig;ртыккаг æвдыст| Дыккаг æвдыст

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.011 сек.)