Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатика
ИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханика
ОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторика
СоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансы
ХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника

AElig;ртыккаг æвдыст

Читайте также:
  1. AElig;ртыккаг æвдыст
  2. AElig;ртыккаг æвдыст
  3. Дыккаг æвдыст
  4. Дыккаг æвдыст
  5. Дыккаг æвдыст
  6. Дыккаг æвдыст

Гом ран Альторфы цур.

Бæрзондыл, арфгомау сценæйы, амайынц фидар; фидар агъуыстхуыз фæци; йæ фæстаг хай йын самадтой бынтондæр; разæй ма дзы — аразæн хъæдтæ, уыдоныл дæлæмæ-уæлæмæ кæнынц кусджытæ; агъуысты сæр бады æмбæрзæг. Змæлд — алы ран, иу адæймаг дзы æвдæлон нæу, се ’ппæт дæр архайынц.

Куыстмæгæсæг, дурамайæг, йе’ххуысгæнджытæ æмæ саукуыстгæнджытæ.

Куыстмæгæсæг (æд лæдзæг, кусджыты ’рдæм). Цырддæр, цырддæр! Дзæгъæл лæуд ма кæнут! Дуртæ хæсгæ ут! Фезмæлут! Чъыр змæнтут! Цæмæй, бæстыхицау куы æрбацæуа, уæд фена, куыст размæ кæй цæуы æнтыстджынæй. Бакæсут ма сæм, сæтæлджыты хылд куыд кæнынц! (Дыууæ кусæгмæ, дуртæ куыд хæссынц, афтæмæй.) Исчи дæр ма афтæ хæссы? Цæвæрут ма дзы. Магусатæ! Æдзух куыстæй уæхи куы ласиккат, уый уæ фæнды?

Фыццаг æххуысгæнæг. Раст куы зæгъæм, уæд нæ куыст уыйбæрц зæрдæрухс куыст нæу; нæхи къухтæй нæхицæн аразæм ахæстон.

Куыстмæгæсæг. Ма хъуыр-хъуыр кæн. Æнæгъдау адæм! Хъуццытæ дуцын æмæ сæ гуыбынтæ хурмæ дарынæй æндæр ницæмæ арæхсынц.

Зæронд (бады йæ фæллад уадзынмæ). Нал фæразын, мæ хъару басаст.

Куыстмæгæсæг (схойы зæронды). Фест уæлæмæ дын куы загътон, зæронд хæррæгъ!

Фыццаг æххуысгæнæг. Уанцон нæу, цавæр зæрдæйы хицау дæ — уый ма тыххæй лæууы йæ къæхтыл, ды та йæ домыс тыхкуыстыл.

Дурамайæг æмæ йе’ххуысгæнджытæ. Уæдæ ма æвирхъаудæр цавæр хъуыддаг уыдзæн!

Куыстмæгæсæг. Банцайут! Мæнæн цы зæгъынц, уый кæнын.

Дыккаг æххуысгæнæг. Уæд цы ахæстон амайæм, уымæн та цавæр ном уыдзæн?

Куыстмæгæсæг. Уры къæлæт. Багъæцут, мæ хæлæрттæ, уыцы къæлæт уæ æрбалвасдзæн.

Æххуысгæнджытæ. Куыд? Уры къæлæт зæгъыс?

Куыстмæгæсæг. Хъазæгау уæм ма кæсæд, ма!

Дыккаг æххуысгæнæг. Æмæ ацы хæдзары къуымæй Уры бæстæйы цъысымы бакæнынмæ хъавынц?

Фыццаг æххуысгæнæг. Ахæм ахстæттæ цасфæнды фæцаразой, уæддæр нæ хæхтæн сæ чысылы рыджы дæр нæ фæзындзысты.

Куыстмæгæсæг мидæгау сценæйы фæцæуы.

Дурамайæг. Ацы бæстыхайыл кæй куыста, уый тыххæй мæ дзæбуг цады баппардзынæн.

Телль æмæ Штауффахер æрбацæуынц.

Штауффахер. Амæ кæсыны бæсты сын иу боны цард дæр куынæуал уаид!

Телль. Фалдæр цом. Ацы ран æдас нæу.

Штауффахер. Цæмæ æрцыди уæ Уры бæстæ, сæрибардзинады бæстæ?

Дурамайæг. Уагæр ма мæсгуыты бын уæрмытæ куы фениккат. Уырдæм чи бахауа, уыдон уасæджы уасын тагъд нал фехъусдзысты.

Штауффахер. Мæ рафæлдисæг!

Дурамайæг. Скæсут-ма йын йæ цартæм, æнусмæ дæр нал фезмæлдзысты сæ арæзтæй.

Телль. Къухæй цы скæнай, уый къухтæ ныппырх кæндзысты! (Къухæй амоны хæхтæм.) Уæлæ махæн хуыцау самадта сæрибары агъуыстытæ.

Хъуысы барабаны хъæр; адæм æрбацæуынц, лæдзæгыл дарынц худ; сæ фæдыл — фидиуæг; сценæ байдзаг устытæ æмæ сывæллæттæй.

Фыццаг æххуысгæнæг. Уыцы барабан та цавæр у! Кæсут-ма!

Дыккаг æххуысгæнæг. Цавæр хынджылæггаджы хъуыддаг у цымæ? Уæд сын уыцы худ та ма цы у?

Фидиуæг. Паддзахы номæй. Байхъусут!

Æххуысгæнджытæ. Сабыр, сабыр! Байхъусут!

Фидиуæг. Уры адæм! Мæнæ ацы худ бæрзонд лæдзæгыл æркæндзыстут Альторфы фæзы; бæстыхицауæй дзырд рацыди: уый фæнды, йæхицæн ын цы кад дæттынц, ацы худæн дæр ахæм кад куыд дæттой, афтæ: алчидæр бæгъæмсарæй куыд æрлæууа худы раз йæ зонгуытыл. Уымæй базондзæн паддзах, иузæрдион ыл чи сты, уыдон. Йæ дзырд ын чи нæ æххæст кæна, уыдонæн та ист æрцæудзысты сæ ис æмæ сæ бартæ.

Адæм худынц. Барабаны хъæр цæуы. Адæм фæйнæрдæм сæхи ласынц.

Фыццаг æххуысгæнæг. Цы та æрхъуыды кодта нæ бæстыхицау! Ныр та нæ худæн кувын кæны. Искуы ма фехъуыста исчи ахæм диссаг?

Дурамайæг. Мах... мах лæууын кæнынц нæ зонгуытыл худæн? Комкоммæ хуынджылæг скъæрынц раст адæмæй, æндæр ницы.

Фыццаг æххуысгæнæг. Паддзахы худ дæр ма куы уаид, фæлæ хуымæтæджы худ — паддзахы худ ауыгъд у паддзахы бадæны сæрмæ, уыцы ран лæвæрттæ уарынц, æфстау дæттынц.

Дурамайæг. Худ австриаг худ у! Къæппæг нын аразынц хинæй, цæмæй нæ æгады уæй ныккæной Австрийæн.

Æххуысгæнджытæ. Сæрмæ бахæссинаг нæу уыцы æнаккаг хъуыддаг.

Дурамайæг. Цомут æмæ искæй бафæрсæм зондæй.

Театры мидæгаумæ бацыди.

Телль (Штауффахерæн). Ныр базыдтай. Хæрзбон, Вернер!

Штауффахер. Кæдæм? Тагъд-ма ма кæн ардыгæй.

Телль. Нæй мын фæрæз! Нæ хæдзары мын æнæ сæмбæлгæ амал нæй. Хæрзбон!

Штауффахер. Куы зонис, куыд æнтъыснæг у мæ зæрдæ! Фæндыди мæ баныхас кæнын дæуимæ.

Телль. Ныхасæй нæ фæсабыр уыдзæн зæрдæйы рис.

Штауффахер. Хъуыддагæн дæр нæй саразæн æнæ ныхасæй.

Телль. Нæ дзыхтыл æнцад хæцын æмæ не ’фхæрдтæн быхсынæй дарддæр ницы бауыдзæн нæ бон.

Штауффахер. Гъе, æмæ бауромæн кæмæн нæй, уый та куыд бауромдзынæн?

Телль. Фыдхицæуттæ æмæ фыдрæстæг бирæ хъуамæ ма ахæссой. Æнæбын малы сæрмæ тымыгъ куы стынг вæййы, уæд ахуыссынц æртытæ, æмæ наутæ тындзын байдайынц наулæууæнмæ. Арв та куыд фæнæры, афтæ нæ цæвы æмæ æнæ фыдбылызæй æрызайы зæхх. Цæрæд алчидæр æнцадæй йæ хæдзары: сабырæн алы ран дæр уыдзæн сабыр æмæ æнцад цард...

Штауффахер. Зæрдиагæй зæгъыс?

Телль. Ма хъыгдар калмы æмæ дыл ма фæхæца. Баууæнд мыл, æрсабыр уыдзысты сæхуыдтæг дæр, сæ алфамбылай бæстæ æнцад куы уа, уæд.

Штауффахер. Бирæ нын бантысид, куы баиу уаиккам, уæд.

Телль. Бæстæ куы сæфа, уæд иунæгæн æнцондæр у йæ уды фервæзын кæнын.

Штауффахер. Дæуæн æхсæны хъуыддаг дæ фæсонæрхæджы дæр нæй.

Телль. Дæхæдæг дæхицæн куы нæ уай, уæд дын ничи ницы фæуыдзæн.

Штауффахер. Хал халæн æххуыс у — куы сиу уой, уæд сæ бон бирæ у æдыхтæн дæр.

Телль. Фæлæ хъаруджынæн та рабæрæг вæййынц йæ тых, йæ лæджыхъæд иунæгæй архайгæйæ.

Штауффахер. Уæдæ нæ фыдыбæстæ дзæгъæлы зæрдæ ма æвæра дæуæй йæхицæн, знагимæ хæстыл æрлæугæйæ?

Телль (æм дæтты йæ къух). Телль уæрыччы сæфын куы нæ бауадздзæн, уæд ма бахъуаджы сахат иунæгæй куыд ныууадздзæн йæ хæлар адæмы. Фæлæ мæ æмбырдтæм цæуынæй ма рахъаст кæн: донæй æххуыс кæнын нæ уарзын, æххуыс хорз у задæй. Зæрдæзæгъгæ пайда уын нæ дæн... Фæлæ уæ, æвæдза, бахъуыдысты мæ фат, ме ’рдын, уæд мæм фæсидут: Телль уыдзæн уе ’хсæн.

Фæйнæрдæм фæцæуынц. Æваст фехъуысти аразæнты хъæр.

Дурамайæг (æрбазгъоргæйæ). Цы уыл сæмбæлди?

Фыццаг æххуысгæнæг (æрбатæхы хъæргæнгæ). Хæдзары сæртæ æмбæрзæг, кусгæ-кусын, ныртæккæ рахауди.

Æрбацæуы Бертæ æд фæсдзæуинтæ.

Бертæ. Тынг ныццавта йæхи? Фервæзын æй кæнут! Фæкæсут æм, кæд амал ис, уæд! Мæнæ уын сыгъзæрин дæр, æрмæст æй фыдбылызæй бахизут.

Дурамайæг. Сымах уæ сызгъæринæй бузныг стут. Æнахъом сабитæ æнæ фыдæй баззадысты сымах аххосæй, мæгуыр ус æнæхай фæци йæ уарзон лæгæй, æгас дунейы байдзаг кодтат маст æмæ зындзинæдтæй... Сызгъæринæй ма хъавут уæ зылынтæ саразынмæ! Сымах агъоммæ мах уыдыстæм хъæлдзæг, алчидæр нæ разы уыди йæ цардæй; фæзындыстут сымах, æмæ сагъæссаг фесты нæ сæртæ.

Бертæ (куыстмæгæсæгмæ, уый куы æрбацыди, уæд). Æгас ма у?

Куыстмæгæсæг ын æмбарын кæны, кæй нал у, уый.

Мæнæ къултæ, маст æмæ уæ æлгъыстимæ самадтой — хæрамдзинад цæрдзæни уæ хуылфы. (Фæцæуы.)


Дата добавления: 2015-07-24; просмотров: 106 | Нарушение авторских прав


Читайте в этой же книге: Фыццаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Фыццаг æвдыст | Дыккаг æвдыст | AElig;ртыккаг æвдыст | Цыппæрæм æвдыст |
<== предыдущая страница | следующая страница ==>
Дыккаг æвдыст| Цыппæрæм æвдыст

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.009 сек.)