Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Фысджыты цæдисы сæрдары дзуапп

МАДЫ ЗАРÆГ | ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС | ХЪÆБЫСÆЙХÆЦÆН ГАУЫЗЫ НЫХАС | ХЪАЗÆН НЫХАС | РÆТТÆЙ ХЪАЗТ | ЭПИТАФИ | ИРЫСТОНЫ ХЪАЙТАР ДЖИОТЫ ВЛАДИКЫ ЗАРÆГ | ПОЭТÆН | МÆРДДЗЫГОЙÆН | ИРЫСТОНЫ ГИМН |


Читайте также:
  1. ФЫСДЖЫТЫ ХÆДЗАРЫ ÆХСÆВГÆС

Нæ хорз сæрдар, кæд дын бæззын æмбалæн,

Уæд дæм æрмæстдæр иу куырдиат хæссын:

Ныллæгъстæ-ма кæн Ходы-фырт Камалæн,

Цæмæй та ногæй райдайа фыссын.

 

Æви, мыййаг, гуыбын кæны хуыссæгæй,

Уæддæр æй бирæ ма бауадз фынæй,

Кæннод нæ зæхх ысмæгуыр и фыссæгæй —

Æмдзæвгæтæ кæмæй давон, уый нæй...

 

...Цы фысдзынæн, куыд фысдзынæн, — нæ зонын,

Куы нæрайхъал уа афоныл Камал...

Чеджемты Æхсар

Ныууадз-ма йæ, фæлмæн куы у йæ тæрхæг,

Куы райхъал уа, — нæ дын уыдзæн хуыздæр:

Кæм цы адава, ууыл у йæхæдæг,

Ды та ма йæ цы мæрддагæн хъуыдтæ?!

ЛÆГЪСТÆ

...Мады Майрæм, къухмыл ма сис,

Ма мæ ныууадз сидзæрæй.

Уарзтæй мын нæ уыди бафсис,

Ныр æнæ уарзт чи цæры?!

Кокайты Тотрадз

Æз цæуыл нæ кодтон дистæ

А зæххыл, мæгуыр мæ бон,

Фæлæ мын мæ уды риссаг

Ничи бамбæрста ныронг.

 

Цас æмдзæвгæтæ фæфыстон

Æз, хъæуа-нæ хъæуа, кæс,

О, фæлæ та мын, æлгъыстау,

Зарæджы нæ хæссынц рæз.

 

Мады Майрæм, ус мын ракур,

Ма мæ ныууадз сидзæрæй,

Науæд цу æмæ йæ агур

А фыддуджы зивæгæй.

 

«Стыр ныхас» уа æви Мафи, —

Мачи мæм æрхæссæд фау:

Уарзтæй мын нæ уыди бафсис,

Къобагдзул æмæ цыхтау...

 

Уæд цы кæнон? Ехх, мæ сæнттæ,

Не стут а цардмæ цæттæ,

Фæлæ та æмдзæвгигæндтæ

Æз ныффысдзынæн уæддæр...

24.08.96

КЪУХТÆ

... Рахиз къух у тынгдæр лæуд нæ хъуыддæгты,

Галиу уыйау ку’ арæхсид, бæргæ!

...Къухтæй иу æвзæрхъуыддаг куы араза,

Иннæ йæ æруромдзæни уæд.

Ситохаты Саламджери

Рæвдз ысты мæнæн мæ дыууæ цонджы дæр.

Никæмæй сæ ракæндзынæн хъаст:

Иу куы хæца дзаг сыкъайыл, — иннæ йæм

Бур физонæг авæры æваст.

 

Афтæ сæ æз сахуыр кодтон рагæй дæр,

Бафхæрын сæ никæй уарзы цæст, —

Тохы хъæр фæцыд, зæгъгæ, иу иннæйы

Ацахсы. Цы пайда нын у хæст!

 

О, хæдæгай, уый та мæ куыд байрох и:

Гъæйтт-мардзæ ыстихтæ фыссын кæд, —

Рахизæй уа, галиуæй — æрхыррытт кæ,

Уромæг сæ нал уромы уæд...


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 48 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
AElig;рдзы диссæгтæй| ТÆРСЫН...

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.01 сек.)