Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

УАЙДЗÆФ

ИР — МÆ НЫЙЙАРÆГ | МÆСКУЫ | ЗЫМÆГОН ИЗÆР ГОРÆТЫ | МÆ ФЫДÆН | ФÆЗЗЫГОН ИЗÆР | БÆХЫЛ | ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ ГАДЖИДАУ | ФЫЦЦАГ ÆМДЗÆВГÆ ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН | ДАРД РУДЗГУЫТЫ РУХС | БОНЦЪÆХТЫ |


Æвæццæгæн, уалдзæг ызнæт дæтты хъæр

Фыдæнæн ныййазæлы удæнцой кæмтты.

Фыдгæнджытау, фесты мæ уæнгæл мæнæн

Æппынæдзух тар кæнæ хурдзыд цæсгæмттæ.

 

Цы лæг дæ? Кæд иу хатт дæ сæнтты æргъом

Нæ сыгъдис дывыдоны арты,

Сæтæлæджы хъузгау, дæ лæгъз амад ном

Фæлæзæрди иударон царды.

 

Кæд де схъæл рæсугъдмæ нæ цыдтæ чъызгæ,

Æххормаг мæгуыргурау, къахæй;

Дæ къухы кæд не ’рттывта хъамайы згæ —

Нæ басгуыхтæ Ромы паддзахæй.

 

Кæд рогбазыр зарæг, уæларвон зæдау,

Нæ айсæфта никуы дæ хъыгтæ;

Дæ рустыл нæ фемæхсти иу хатт уæд та

Æнаххосæй дудгæ цæссыгтæ.

 

Кæд худти дæ удыл, къуыттыйау, хъысмæт,

Кæд царды нæ базыдтай иу æхцон уарзтæй;

Кæд нал тырныс удæй бæрзонддæр уысммæ,

Кæй фарныл ныууæй кæныс рацæргæ азтæ!..

***

Мамсыраты Темырболатæн

Ды дард дæ мæнæй.

Не ’хсæн азтæ ’мæ арæнтæ — даргъ.

Байсыст рæстæджы фæдтыл

кæйдæр къухæй мард зарæг.

 

Æмæ сау халон —

Иры фыдуацхæссæг маргъ —

Зилы сырдтыл

аланты ызнæттугæй нардуарæг.

 

Бæх, цæф барæджы ’фсургъ,

хохы цъассы ныууагъта йæ къуым,

Растад дуджы тымыгъмæ

йæ тугхъулон фидарæй.

 

Цард дыууæ хохы тохыл

кæм бафтыдта, уым

Хъавыд ахизын, кардау,

фæндонхорз сæрибармæ.

 

Саргъæй ахауди барæг.

Ихсыд зæххыл ыстонгæй лæсы,

Æлгъыстау, — фæндагсыгъд.

йæ туджы ’ртах бацахст йæ фæдты.

 

Дымгæ Турчы быдыртæй

ирон лæджы хъарæг хæссы,

Бæх, æгомыг фæдисонау,

зилы йæ райгуырæн кæмтты.

 

Бæх æрыздæхт йæ къæсмæ.

Ды дард дæ мæнæй.

Мæнæ, мадзура рисау,

фæлмæст сурæт сыстад мæ разы...

 

Уый дæ цæстыты арфы,

дæлдонгæнæг науау, тыхстæй

Фæсмоны æрхæндæг

фыдæлты къæсæрмæ дзыназы.

 

Нæууый цардыл, мæлæтыл,

æфсæрмы тæрхонау, æдзæм,

Дæ мигъфæлм æнгасыл

нывонд лæджы хъизæмар ризы.

 

Æз цы зæгъон дæ разы?

Мæ сагъæс мæ хъуыры ысцæм.

Мæ гом риумæ дудгæ,

æнæууылд къæбæрау, ныххизы.

 

Æз — дæ кæстæрты кæстæр,

нæ мæ фæнды ’ууæндын æрмæст,

Кæй лидзы сæрджын саг

пыхс хъæды къуындæгæй фырбуцæн.

 

Хазбийы фæдонау

ысдзурын нæ уарзы мæ цæст,

Сæрсæфæны тигъæй

кæй вæййы фæллад бæхæн цудæн.

 

Ныр азты хуыдымæй

Дæ тугæрхæм зарæджы хъæр

Йæ авдæны хъарммæ

фæстæмæ сæргуыбырæй здæхы.

 

Æз цы зæгъон дæ разы?

Мæ къухтыл ныххаудта мæ сæр,

Дæ уындмæ мæ зæрдæ

ныддихтæ ис уарзтыл, фыдæхыл.

***

Ме знаг дæу æз уый тыххæй фæхонын,

Ды мæнæн кæй нæ бæззыс фæдисæн.

Мæн лæг хъæуы! Дæу фæнды, куы домин

Æз дæуæй цагъары куыст мæхицæн.

 

Аивта йæ сау хъулæттæ рæстæг,

Уæд фæркгай дæ конд мæсыг ныхæлы;

Райдайыс фыдвæндонæй мæ цæстмæ

Уæд дæ рагон хъузонты æфхæрын.

 

Макæ, ма! Æфснайд уаты хæлуарæг

Асæсты дæр н’ атæры йæхи фæнд.

Ме знæгты æфхæрынæй хæлар лæг

Ды мæнæн нæ басгуыхдзынæ — никæд!


Дата добавления: 2015-09-05; просмотров: 61 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
КУЫД СЫРÆЗЫ ЛÆГ| БЫДЗÆУ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.008 сек.)