Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Дин – ирон дин.

I. ХУЫЦАУ ÆМÆ УЫРНЫНАД

«Человек должен быть или верующим,

или ищущим веры, иначе он пустой человек.»

А.П. Чехов

Дин – ирон дин.

А. Иры дзыллæ сæ равзæрдæй абонмæ цы уырнынадыл хæст сты, уый у Дин. Ирон Дин амоны: ис, дуне чи сфæлдыста, дуне чи дары æмæ йын уынаффæ чи кæны, уыцы æппæтхъомысджын иунæг Стыр Хуыцау. Хуыцауы алыварс сты, дун-дунемæ, æрдзмæ æмæ йын удгоймæгтæм йæ хъомыс чи хæццæ кæны, дун-дунейы, æрдзы алыхуызон удгоймæгты хъысмæттæн Хуыцауы раз дзуапдæттæг чи: у, уыцы уæларвон зæдтæ æмæ дауджытæ.

Хуыцауы сконд дун-дунейы ис æртæ тыгъдадон æххæссæны: зæдтæ æмæ дауджыты цæрæнуат (зæдты бадæн) уæларв — космикон тыгъдад; зайæгойтæ æмæ удгоймæгты цæрæнуат — зæхх æмæ алыварс уæлдæфон тыгъдад; æртыккаг та — амæлæг удгоймæгты бынат — мæрдты бæстæ, уыцы æххæссæны ма ис дæлимонты цæрæнуат — дæлдзæх (дæлзæхх). Мæрдты бæсты ис зындон — тæригъæдджынтæ фыдуавæрты æмæ хъизæмæртты сæ тæригъæдтæ кæм фидынц, ахæм талынг ран; дзæнæт — æнæтæригъæд (сыгъдæгуд) адæм сæ амæлæты фæстæ кæдæм бафтынц, уыцы алæмæты райдзаст, æнусон æхцонад æвзарæн рухс цæрæнуат. Уыцы райдзаст æмæ рухс уавæр хынцгæйæ амæлæт удæн уымæн фæзæгъынц «рухсаг у!» — ома рухсы аккаг у. Дæлимонтæн сæ цæрæнуат кæд дæлзæхх у, уæддæр адæмы цæрæнуатмæ, уæлзæхмæ, æнцонæн æрбафтынц æмæ лæмæгъудты сæ хъомысы дарынц. Æртæ тыгъдадон æххæссæны сты кæрæдзийыл баст æнæзынгæ, фæлæ, банкъарæн кæмæн ис, ахæм уæларвон тынтæй. Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæ алы удгоймагмæ дæр æрвитынц фарнхæссæг рухсы тынтæ — удтыл аудæг дунейы рухс.

Ирæн йæ дин уыдис æмæ у, кæрæдзийыл сæ чи баста æмæ бæтты, уæззау дуджы-иу сын ныфс æмæ æхсар чи лæвæрдта, æндæр динтау сæ талынг æмæ быдыргътæм кувæг фанатиктæ чи нæ кодта, фæлæ фарн æмæ рухстауæг чи уыди æмæ у, ахæм æвæджиауы хъомыс. Ирон динæн XIX æнусы кæрон æмæ XX æнусы дунеон динты æмæ алыхуызон идеологты цъыфкалдæй æмæ сæ зианхæссæг тæфагæй йæ ахадындзинад æрмынæг. Фæлæ абон дæр адæмы царды иу ахæм къабаз нæй, ирон дины бындурыл дзæвгар чи не ’нцайы, уыдонимæ нæ фарны æгъдæуттæ, ирон уæздандзинад, ирон аивад æмæ, æмбал кæмæн нæй, уыцы хъомылады институттæ. Цæвиттон, ирон адæм ирон цæмæй сты, нæ национ удыхъæды хуыздæр миниуджытæ цæрынхъом цæй руаджы сты, уый у нæ фыдæлты дин — ирон дин — ирон царды сæйраг цæджындз. Царды фæлтæрæн нын ирдæй равдыста, алы хатт нæ адæм куыддæр сæ национ дины фæлгæтæй ахизынц, афтæ ирон наци, ирон фарн сæфты къахыл ныллæууынц. Фыдæлты дины сæйраг нысаниуæг у адæймагуарзынад, алыхуызон адæмыхæттыты, алыхуызон уырнынæдты æмæ алыхуызон талæнхæссæг адæймæгты ’хсæн хæлардзинад, кæрæдзиуыл аудынад фидар кæнын. Уый бæрæг у, адæймаджы удыхъæды цы миниуджытæ фидар кæны, уымæй. Ирон дины кæнонтæ бирæ цæмæйдæрты æмхуызон сты чырыстон дины кæнонтимæ, фæлæ сæм ис бирæ хицæндзинæдтæ дæр.

Фыдæлты хъуыдымæ гæсгæ, Хуыцау адæймаджы сфæлдыста, цæмæй йæ зонд æмæ йæ хъаруйæ рæсугъд кæна йæ алфамблай дуне æмæ цæрæг удты, хиза сæ сау тыхты тæфагæй æмæ тæригъæды бацæуынæй.

Æ. Ирон адæм фыдæй бындурмæ куывтой æмæ кувынц дунесфæлдисæг æмæ дунедарæг иунæг Стыр Хуыцаумæ æмæ йæ фарсмæ уæвæг зæдтæ (изæдтæ) æмæ дауджытæм (идаугутæм). Ирæтты фидарæй уырны, дун-дунейæн йе сфæлдисæг æмæ йæ дарæг иу кæй у, Стыр Хуыцауæн æмæ йæ дæлбар уæвæг зæдтæ æмæ дауджытæн сæ бар, сæ хъомыс егъау кæй у, уый. Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытыл, сæ хъомысыл чи не ’ууæнды, табу сын чи нæ кæны, уый æххæст адæймаг нæу æмæ йыл æууæнк дæр нæй.

Адæймаг цавæрфæнды адæмыхаттæй уæд, цавæрфæнды диныл хæст уæд, цавæрфæнды буары хуыз æмæ удыхъæд ын уæд, куыдфæнды хуызы кувæд, йе сфæлдисæг æмæ йæ удылхæцæг у Стыр Хуыцау. Æрмæстдæр уый у адæймаджы удæн тæрхонгæнæг, æрмæстдæр уымæн цæуы йæ бар, йæ хъомыс æппæт зæдтæ æмæ дауджытыл дæр, дун-дунейыл æмæ æрдзыл.

Ирæттæ Хуыцауы номмæ бафтауынц æрмæстдæр мæнæ ахæм ныхæстæ: «Дæ бæрзонддзинад», «Дуне сфæлдисæг», «Дуне дарæг», «Не скæнæг» æмæ «Нæ удтыл хæцæг», «Æмбал кæмæн нæй», «Бæрзондылбадæг æмæ алцыуынæг», «Алцызонæг бæрзонд Хуыцау», «Хуыцæутты Хуыцау», «Иунæг Хуыцау».

Ирæтты никуы уырныдта, Хуыцау зæххон адæмæй искæйы бар уырнындзинад бакæна, уый. Зæххыл Хуыцауы номæй иу лæг дæр нæ архайы — дæснытæ, шамантæ, къамæйфæрсджытæ кæнынц Хуыцауы æваст митæ, кæд фылдæр адæммæ йæ комытæф хæццæ кæны, уæддæр. Хуыцаумæ кувынæн бæрнонлæг нæ фыдæлтæм дæр нæ уыдис, хъæугæ дæр нæ кодта æмæ нæ кæны.

Кувæндæтты раджы дæр æмæ ныр дæр цы дзуары лæгтæ ис, уыдонæн сæ нысаниуæг æмæ сæ хæс у кувæг адæмæн лæггад кæнын, кувынæн мадзæлттæ аразын æмæ кувæндонмæ цæст дарын. Дзуары лæг йæ удыхъæд æмæ йæ зондахастмæ гæсгæ Хуыцау æмæ адæмы раз æнæ азымыл нымад кæй у, уымæ гæсгæ алкæйы дæр фидарæй уырны, йæ бакуывд, йæ дзыхы ныхасы фарн кæй ис, уый. Дзуары лæг сауджынтæ æмæ моллотау дины кусæгыл кæнæ Хуыцауы æрвыст лæгыл нымад нæу.

Незамантæй абонмæ ирон адæм сæ фыдæлты сæрмагонд диныл сæ къух никуы систой. Сæдæгай азты грекъ, гуырдзы æмæ Уæрæсейы чырыстон дины минæвæрттæ, уыдонимæ иуæй-иу ирæттæ, зæрдиагæй архайдтой сæ дин Ирыстоны апарахат кæныныл. Уый охыл Иры зæххыл арæзтой аргъуантæ, адæмæн æхца фыстой æмæ сыл аргъуыдтой. Ирæттæн сæ дин хуыдтой хъæддаг æмæ быдыргъмæ кувынадыл (идолопоклонство), адæмы тæрсын кодтой аргъуыд чи нæ уа, уый, дам, зындоны хъизæмар кæндзæн, зæгъгæ. Фæлæ ирæтты, стæмтæй фæстæмæ, никæй æмæ никæд уырныдта, нæдæр чырыстæттæ, нæ дæр пысылмæттæ Хуыцауы æцæгдзинад хæссынц, уый. Уымæн уыдис бæлвырд аххосæгтæ, фыццаджы дæр адæм сæхи цæстæй уыдтой дыууæ дины минæвæрттæ дæр Иры зæххыл цы чъизи, æнæфсарм æмæ Хуыцауы æваст митæ кодтой, уый. Чырыстон диныл нæ баууæндынæн ма уыдис æндæр бæлвырд æфсон — адæм аргъуаны уыдтой æцæг быдыргъмæ кувынады нысæнттæ — адæймаджы æрымысæггаг кувæнгæрзтæ (будысул, дзуæрттæ, сурæттæ) æмæ, ирæттæм цагъардзинадыл нымад цы уыди, ахæм митæ (сауджыны къухтæн, дзуарæн, сурæттæн, сæрæй кувын æмæ пъатæ кæнын). Фылдæр ирон адæмы хъуыдымæ гæсгæ уыдон иууылдæр уыдысты мæнгкувынады кæнонтæ.

Æрмæстдæр, уый тыххæй Иры фыдæлтæ иузæрдионæй баззадысты, сæ царды фылдæр фæзилæнтæ баст цы диныл уыдысты, се ’ппæт хъомылады институттæ æмæ культурæйы къабæзтæ кæуыл æнцадысты, уыцы фыдæлты уырнынадыл.

Абон ирон адæм иу диныл хæст нал сты, уый тынг стыр æппæрццæг архайд кæны нæ иудзинадыл æмæ нæ рæзгæ фæлтæры царды раст фæндагыл сæвæрынæн.

Ирон адæм Хуыцаумæ, зæдтæ æмæ дауджытæм куывтой æмæ кувынц æмхуызон, æргомæй, æнæ сæрмагонд дины кусджытæй. Ирæттæ никæд куывтой æмæ нæ кувынц Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæн сæ сурæттæм (хуызисттæ, нывтæ, скульптурæтæ, быдыргътæ), æрдзон æмæ аивадон цыртдзæвæнтæм, кувæндæттæм (аргъуантæм, мæсгуытæм, найфæттæм, кувæн бынæттæм). Кæд кувæндæттæ уаз бынæттыл нымад сты, уæддæр уым кувгæ кæнынц кувæн — донмæ нæ, фæлæ, цы зæд, цы дуаджы номыл у, уымæ.

Б. Зæдтæ æмæ дауджытæ сты, Стыр Хуыцауы хъомыс зæххон удгоймæгтæм чи хæццæ кæны, уæларвон тыхты фарнæй сæ хайджын чи кæны, ахæм Хуыцауы бæрны уæвæг, æххæстбарджын уаз уæларвон цæрджытæ. Зæдтæ æмæ дауджытæй алкæмæн дæр йæ бар, йæ хъомыс иугуырæй кæуыл æмæ цæуыл цæуы, ома, Хуыцау сæрмагондæй уый бар кæй (цы) бакодта, уыдон сты зайæгойтæ æмæ зæххон удгоймæгтæ, дунейы царды фæрæзтæ, æрдзон æмæ уæларвон тыхтæ.

Зæдгæ æмæ дауджытæм кувгæйæ, хæрзиуæг (арфæ) кургæйæ адæймаг хъуамæ зона, сæ бархъомыс кæуыл æмæ цæуыл æххæссы, уый. Зæдæн йæ хъомыс кæуыл æмæ цæуыл не ’ххæссы (бар кæмæ нæ дары), уый дзы курын аив нæу. Йæ хъомыс цæрæг удтыл кæмæн цæуы, сæ хъысмæтмæ сын бар чи дары, уыцы Хуыцауы раз уæвæг уæларвон зæдтæ æмæ дауджытæй ирон адæм се ’ргом арæхдæр кæмæ здахынц, нæ рæстæджы уыдон сты:

УАСТЫРДЖИ (Уасгерги) кæнæ Уастæрджи. Йæ бархъомыс æххæссы, нæлгоймæгтыл, сæрибарыл тохы хæстонтыл, бæлццæттæ (фæндаггæттæ) æмæ сæ фæндæгтыл, хæстон уæлахизыл. Кувгæйæ йын йæ номмæ цытдджындæрæн æмæ буцдæрæн бафтауынц: «сызгъæрин», «зæринбазыр», «тæхгæ-нæргæ», «уæлахизы Уæлла», «уæлахизхæссæг», «ныфсдæттæг», «æргом зæд», «нæхи — нæ Иры», «къæсæры», «фæндагсар». Хонынц ма йæ Хетæджы Уастырджи дæр, ома таурæгъон, Хетæджы чи фервæзын кодта, уыцы Уастырджи. Хетæг йæхæдæг нæдæр зæд у, нæдæр — дуаг, нæу уæз адæймаг дæр. Йæ. кувæндæттæ кæмыты сты, уымæ гæсгæ йæ арæх хонынц уыцы бынæтты номæй: «Дзывгъисы Уастырджи», «Дыгургомы Уастырджи», «Къобы Уастырджи», «Хурхоры Уастырджи», «Тербаты Уастырджи», «Арыхъы Дурджынбæрзонды Уастырджи» æмæ æндæртæ.

Сылгоймæгтæ Уастырджийы ном дзурын нымд кæнынц æмæ йæ йæ номæй нæ хонынц, фæлæ: «Лæгты дзуар», «Тымбыл хъæды дзуар», ома Хетæджы къох йæ кувæндон кæмæн у, уыцы дзуар, «Къæсæры зæд», «Фæндагсар зæд», «Дзывгъисы дзуар» æмæ афтæ дарддæр. Уастырджийы ном фехъусгæйæ сылгоймæгтæ сыстынц æмæ сдзурынц: «Табу йæхицæн» кæнæ «Сызгъæрин тæбæгъты йын куывдæуæд», стæй сбадынц. Фыдæлты заманы сылгоймæгтæ Уастырджийы кувæндæттæм нæ цыдысты.

У нæлгоймаг бардуаг, фыдæлты таурæгътæм гæсгæ у бæрзонд, хæрзконд, йæ цæстæнгас сæрæн æмæ райдзаст. Ис ын сызгъæрин базыртæ, даргъ рихитæ æмæ боцъо, рацæуы зæронд барæджы хуызы, хатгай та — мæгуыргуры хуызы. Хауы авд дзуары номхыгъдмæ.

Йæ кувæн бонтæ æппæт Ирæн афæдзы дæргъы сты: «Хетæджы бон», кæнынц æй сæрды, хурхæтæнæй иу мæй фæстæдæр. «Кæхцхæссæн» — Хетæджы бонæй къуыри фæстæдæр, «Джеоргуыба» — æрæййафы зымæджы, хурхæтæнæй иу мæй раздæрмæ. Уастырджимæ ма фæкувынц бæлццоны æмæ нæлгоймаджы цардамонды тыххæй куывды æмæ чындзæхсæвы. Йæ ном та йын арынц алы хъæлдзæгдзинады дæр сæрмагонд гаджидауæй. Къуырийы бонтæй Уастырджийы боныл нымад у дыццæг.

Уастырджийæн чырыстон дины цы æмном ис, Уасджиорджи (Святой Георгий) кæй хонынц, уымæй хъауджыдæр йæ хъомыс æмæ йæ разы цы бæрнондзинæдтæ æвæрд ис, уыдон сты дзæвгар уæрæхдæр æмæ ахъæзагдæр. Уымæй уæлдай ма Уастырджи кæнæ зæххон адæймагæй рацæугæ нæу, фæлæ ма у уæларвон бардуаг.

Чиныджы авторы хъуыдымæ гæсгæ, ном Уастырджи равзæрд скифты номдзыд рагфыдæл Таргитайæ, ома уаз тæргитæй кæнæ уаз Тæрджитæй.

МАДЫЗÆД, МАДЫ-МАЙРÆМ (МАДИ-МАЙРÆН). Йæ бархъомыс кæуыл æмæ цæуыл цæуы, уыдон сты: сылгоймæгтæ, адæймаджы уынд æмæ конд, уарзондзинад, цот кæнынад, сывæрджын сылгоймаджы рæстмæйы хъуыддаг. Буцæн ма йæ хонынц «Сыгъдæг Мады-Майрæм», «Рæстæйы дзуар «Фæлмæн зæд», «Хуыцауы дзуар», «Ныхы дзуар», «Мадидзæны зæд». Йæ кувæндæттæ уыдысты алы кæмтты æрдзон рæсугъд бынæтты. Сæ бынмæ нæлгоймæгтæ нæ цыдысты, æрмæстдæр æнахъом сабитæ сæ ныййарджытимæ. Мады-Майрæмæн сæрмагондæй куывтой: Хуыцауы дзуары бон — майрæмы мæйы кæрон, Ногдзуары æмæ Касуты бæрæгбонты — Зæлдæвæрæны фæстаг къуырийы, Рæстæйы бон, Майрæмыкуадзæны, сылгоймаджы тыххæй куывды æмæ чызгæрвысты.

Алы хъæуы дæр Хуыцауыдзуары куывд кодтой алы афонты. Къуырийы бонтæй майрæмбон нымад у Мады-Майрæмы боныл. Уыцы бон сылгоймæгтæ быдыры куыстытæ нæ кæнынц æмæ сæ къухмæ цыргъаг нæ исынц. Таурæгътæм гæсгæ Мады-Майрæмæн йæ фæлгонц у хæрзконд, хæрзуынд æрыгон сылгоймаг.

Мадызæдмæ кувгæйæ фæкурынц сылгоймаджы цардамонд, уынд æмæ конд, цоткæнынад æмæ рæстæйы хъуыддаг æнхъæлцау сылгоймæгтæн. Уымæй уæлдай ма ныййарджытæ сæ ноггуырдты фæдзæхсынц Мадызæдыл. Æрыгæттæ Мадызæдæй фæкурынц уарзондзинад, фидауц æмæ хорз амонд.

Йæ кувæндæттæ фылдæр сты хæхбæсты, быдыры йын ис иунæг кувæндон — Ирыхъæуы Ногдзуар. Мадызæд хауы авддзуары номхыгъдмæ.

ХОРÆЛДАР, (УАЦЕЛЛА), УАЦИЛЛА. Йæ хъомыс кæуыл цæуы, уыдон сты: арвынæрд æмæ арвы цæф, баддзæгтæ, хорæрзад (тыллæг). Хонынц ма йæ «Хоры Уацилла», «Хорæлдар», «Арвуацилла», «Зæххон Уацилла», «Цоппайы зæд», «Тбауы Уацилла», «Сыгъдæг Елиа», «Хæларзæрдæ Уацилла», «Зæдтæ æмæ дауджыты хистæр». Йæ сурæт таурæгъты æвдыст цæуы урссæр, урсбоцъо, бæрзонд æмæ хæрзконд зæронд лæгæй. Йæ кувæндæттæ уыдысты Ирыстоны алы комы дæр. Сæрмагондæй йæм фæкувынц уалдзæджы, хуымгæнæнты размæ, боны дæрхъ æхсæвы куы баййафы, уæд — тæргæйтты мæйы фæстаг бонты «Хоры бон», сæрды хурхæтæны — уалдзæджы куыстытæ куы ахицæн вæййынц, уæд; фæззæджы æхсæвы дæргъ боны куы аййафы, уæд — рухæны фæстаг бонты — Мыкалгабырты бон, æрæгвæззæджы хортæ æфснайд куы фæвæййынц, уæд, кæфты мæйы фæстаг бонты — ног хоры сæрæй — «Хоры сæры бæрæгбон». Хорæлдары бæрæгбонтæн алы комы дæр уыдис йæхи фæтк, фæлæ алы ран дæр йæ сæйраг мидис уыд æмхуызон. Уыцы бæрæгбон фæстаг азты Ирыстоны бирæ хъæуты куыд фæкæнынц, уый тыххæй кæс сæргонды «Хоры бон». Уымæй уæлдай ма Хорæлдары ном ссарынц: фыццаг ауæдз акæныны размæ, хортæ тауыны размæ, мæнæугæрдæнты размæ, анауыли кæнгæйæ, тæссаг къæвда куы рацæуы, уæд. Уацилла у, фыдæлтæ цы авд дзуармæ куывдтой, уыдонæй иу.

 

ФОСЫ ФÆЛВÆРА. У хæдзары фосы (сыкъаджын æмæ кусæг фосы) бардуаг. Ирон адæм æм кувынц тынг рагæй нырмæ. Кæд йæ ном (Флорæ) чырыстон динимæ баст у, уæддæр йæ уæларвон бархъомысмæ гæсгæ у, Иры фыдæлтæ кæмæ куывтой, ахæм зæд. Хонынц ма йæ «Фосы Фæлвæра», «Рæдау Фæлвара» «Сабыр Фæлвæра» æмæ «Уæларвон фыййау». Сæрмагондæй йæ кувæн бонтыл нымад сты дыууæ боны — уæлдзæджы, Куадзæны фæстæ, стæй фæззæджы, фосæлвынæн афон. Уымæй уæлдай ма йæм фæкувынц уæтæр, дарæн, скъæт, бонхæрæн саразыны размæ, нывонд ныббæттыны размæ, кусарт кæнгæйæ, фос уалдзæджы хæхбæстæм, кæнæ фæззæджы хохæй быдырмæ куы фескъæрынц, уæд, исты низæй сын тæссаг куы вæййы, уæд. Йæ ном ма йын ссарынц куывды фæстаг гаджидауæй. Таурæгътæм гæсгæ, йæ сурæт у карджын нæлгоймаг, фыййауы дарæс æмæ фадыварцы, æд лæдзæг. Ис ын фырт Будзуна — Фæлвæрайы æххуысгæнæг.

МЫКАЛГАБЫРТÆ (Микалгабур). Сты авд авды — таурæгътæм гæсгæ — æмæ сæ алчидæр сæрмагондæй бар дары иу кæнæ цалдæр хæринаджы хуызмæ (хойрæгтæм, фыдызгъæлмæ, халсартæм, урсагмæ, адджинæгтæм, нуæзтытæм æмæ æнд.). Сты бæркадхæссæг дауджытæ, уымæй уæлдай ма адæмы æмæ æрдзы фыдбылызтæ сафджытæ. Мыкалгабыртæм сæрмагондæй фæкувынц сæ бæрæгбонты афæдз цыппар хатты — хурхæтæнты æмæ, æхсæв бонимæ æмыйас куы свæййынц, уыцы бонты. Уацилла æмæ Мыкалгабырты бæрæгбонтæ Ирыстоны фылдæр адæм кæнынц иу бон. Уымæй уæлдай ма Мыкалгабыртæн сæ ном ссарынц алы фынгыл дæр сæрмагонд гаджидауæй. Сæ бæркæдтæй, уæлæуыл цæрæг адæмæй уæлдай, хайджын сты мæрдтæ дæр.

ТУТЫР (ТОТУР) — бирæгъты бардуаг, хонынц æй: «бирæгъ балгæс», «хæларзæрдæ Тутыр». Фæкувынц æм йæ бæрæгбонты — уалдзæджы æмæ фæззæджы, фос ног сæрвæтмæ куы баскъæрынц кæнæ фосæн ног дарæн (уæтæр) куы скæнынц, уæд. Стæй ма фос æнафоны æддæ куы баззайы, ома хæдзармæ афойнадыл куынæ сæмбæлы, уæд. У нæлгоймаг бардуаг. Иннæ зæдтæй хъауджыдæр Тутыр у, Хуыцауы раз арæхдæр чи вæййы æмæ дзы адæмæн бирæ хорздзинæдтæ чи фæкуры, ахæм бардуаг. Кувгæйæ Тутырмæ уымæн æрхатынц, Хуыцауæй нын ахæм æмæ ахæм хорздзинад ракур, зæгъгæ. Тутыр у, нæ фыдæлтæ цы авд дзуармæ куывдтой, уыдонæй иу.

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ (ЙЕСО КИРИСТЕ) — Хуыцауы комытæфæй гуырд. Мæгуыр адæмы сæрхъуызой æмæ адæмы æхсæн хæлардзинад æвæрæг бардуаг. Фыдæлты таурæгътæм гæсгæ йæ сурæт у хæрзконд лæппулæг, зæххон адæммæ фæзыны урс дарæсы, хъулон бæхыл æмæ мæгуыр адæмæн, сахъатджынтæн циндзинад балæвар кæны. Йæ бæрæгбоныл нымад у Куадзæн (комуадзæн бон), уымæй уæлдай ма йын йæ ном ссарынц иумæйаг стыр куывдты. Ирæттæ йæ чырыстийы иннæ зæдтæ æмæ дауджытæй ницæмæй хицæн кæнынц, ома йæ, чырыстон диныл хæст адæм сæ Хуыцау куыд хонынц, афтæ нæ хонынц. Иннæ зæдтæй уæлдай йæм, фыдæлты хъуыдымæ гæсгæ, ницы уæлдай бартæ æмæ хъомыс ис.

ÆФСАТИ. Йæ бархъомыс кæуыл æмæ цæуыл æххæссы, уыдон сты цуанæттæ, цуан кæнын æмæ сыкъаджын сырдтæ (сагтæ, сæгуыдтæ, дзæбидыртæ, сычъитæ, хæххон сæгътæ, хъæддаг галтæ æмæ æнд.). У нæлгоймаг бардуаг, таурæгътæм гæсгæ урсзачъе куырыхон лæг. Хонынц ма йæ: «Уæларвон Æфсати», «Нæ буц хистæр», «Бæрзондылбадæг» æмæ «Рæдау Æфсати». Фæкувынц æм цуаны цæугæйæ æмæ, сырды фыд фынгмæ куы рахæссынц, уæд. Таурæгътæм гæсгæ йæ худ, йæ уæлæ дарæс æмæ йæ цæрæнуат нывæфтыд сты саджы сыкъатæй æмæ сырды нывтæй.

Æфсатийæн ма ис кæстæр æфсымæр — Хуыджер, æрсытæ æмæ хъæддаг хуыты бардуаг. Æфсатийæн сæрмагонд куывд нæ рæстæджы ничиуал кæны. У, фыдæлтæ уы авд дзуармæ куывдтой, уыдонæй иу.

 

САФА. У нæлгоймаг бардуаг, хонынц ма йæ «æрдхæрæны зæд», «ныфсы бардуаг», «удæнцойдæттæг». Йæ бархъомыс цæуы: артдзæст æмæ уæларты рæхысы фарныл, бинонты иузæрдиондзинадыл, сæкæрæдзиуыл æнувыддзинадыл. Сафайæн йæ уаздзинады бæрæггæнæн у уæларты рæхыс — Сафайы рæхыс. Уымæ гæсгæ рæхыс йæхæдæг дæр нымад у уаз дзаумайыл. Сафайы рæхыс раджы дæр æмæ ныр дæр у мыггаджы (хæдзарвæндаджы) цардхъомдзинады бæрæггæнæн (символ). Сафамæ фæкувынц, бинонтыл ног бинойнаг куы бафты, уæд, бинонтæй исчи дард балцы куы цæуа фæстæмæ куы раздæха, хæдзарæй чызг моймæ куы цæуа, хæдзары ног артдзæст куы саразынц, уæд. Йæ ном ма йын ссарынц стыр куывдты æмæ ард хæргæйæ.

НИККОЛÆ (НИККОЛА) æмæ ТÆТÆРТУПП. Дыууæ бардуаджы дæр сты, быдыры цæрæг адæмы цардамондыл чи ауды, быдыры фарнæй сæ хайджын чи кæны, сæ фæндæгтæ (балц) сын рæстмæ чи кæны, ахæм уæларвон цæрджытæ. Кувынц сæм, сæ кувæндæттæм хæстæг цы ирон адæм цæрынц, уыдон, стæй сæ бынты цæуджытæ.

ДЗИРИ. Дзири у кæрдæджы æмæ дидинджыты бардуаг. Хонынц ма йæ «Рæсугъд Дзири», «Уациллайы иунæг чызг», «Авд æфсымæры иунæг хо». Фæкувынц æм Уациллайы кувæн бонты. Йæ кувæндоны бынæй рацæугæ мыггæгтæ йын сæрмагондæй кæнынц куывдтæ дæр.

 

ГАЛÆГОН. Галæгон у дымгæты бардуаг. Кувынц æм, дымгæ æмæ сатæг сæрды æнтæфы куы бахъæуынц, уæд. Таурæгъты йæ сурæт æвдыст цæуы хæрзконд æмæ рæсугъд сылгоймаджы хуызы. Ис ын хо — Уадæхсин. У уады æмæ тымыгъы бардуаг, кувынцæм, уад æмæ тымыгъ тæссаг куы свæййынц, уæд. Сæрмагонд куывдтæ Гæлæгон æмæ Уæдæхсинæн нæ чындæуыд.

ХЪÆДОХ. Хъæдох у хъæдтæ, хъæддзаутæ æмæ хъæды зайæгойты бардуаг. Ис ын нæлгоймаджы æмæ сылгоймаджы сурæттæ. У тызмæг — алкæд зæрдæхæлар нæ вæййы, нæ бары хъæд дзæгъæлцагъдгæнджытæн. Йæ цæрæнуат ис тархъæды. Фæкувынц æм, хъæдмæ сугмæ, хъæддзаумамæ кæнæ æндæр исты хъуыддагмæ куы бацæуынц, уæд. Зын уавæры бахауæг та йын лæгъстæ фæкæны. Сæрмагондæй йын куывд нæ рæстæджы ничиуал кæны, йæ номыл кувæндæттæ дæр нæй.

КÆРЧИКУЫЛОЙ — мæргъты бардуаг æмæ маргъдарджытыл аудæг, мæргъты алыхуызон низтæй хизæг. Искæмæ хæрам куы вæййы, уæд та йын йæ мæргътыл хæцгæ низ (кæркниз) рауадзы. Кувынц æм къуыртт æвæргæйæ æмæ, мæргъты исты низæй бахизын куы фæхъæуы, уæд. Сæрмагонд куывдтæ йын нæ рæстæджы ничиуал кæны, йæ номыл кувæндæттæ дæр нæй. Сæрмагонд фынгæвæрд дæр ын нæ чындæуы.

ДОНБЕТТЫР (ДОНБЕТТУР). У фурды цæрæг нæлгоймаг бардуаг. Йæ хъомыс кæуыл æмæ цæуыл цæуы, уыдон сты: донуæттæ (фурдтæ, денджызтæ, цадтæ, цæугæдæттæ), дæттыл цæуæг бæлццæттæ. Уымæй уæлдай ма доны фарнæй хайджын кæны, йæ ном ын чи ары, (чи йæм кувы), уыдоны. Кувынц æм доны бацæуыны размæ, стæй, доны уæвæг адæм исты зын уавæры куы бахауынц, уæд. Ис ын чызджытæ — Донычызджытæ, сты, адæм нуазынæн дон кæцæй исынц, уыцы рæтты бардуæгтæ. Донбеттыры ма хонынц «Фурды æлдар» дæр. Йæ хуыздæр хæлар у Кæфтысæр — доны цæрæгойты æмæ кæсагахсджыты бардуаг. Донбеттырæн йæ номыл сæрмагонд куывдтæ ничи кæны, кувæндæттæ дæр ын нæй. У, нæ фыдæлтæ кæмæ куывдтой, уыцы авд дзуарæй иу.

БАРАСТЫР (БАРАСТÆР) — хонынц ма йæ «Мæрдты Барастыр» — «Мæрдты бæстæйы паддзах». У мæрдты бæсты бардуаг, йæ бар, йæ хъомыс цæуы мæрдтæм бацæуæг адæймæгтыл. Барастыр у мæрдты бæсты Хуыцауы тæрхон æмæ уынаффæтæ æххæстгæнæг, ома чи амæлы, уыцы удтæн аккаг ран (удыбæстæ) сбæлвырд кæны æмæ йæ уырдæм барвиты. Таурæгътæм гæсгæ, у тызмæг, фæлæ раст æмæ карджын куырыхон нæлгоймаг-бардуаг.

Барастырæн ма ис æххуысгæнæг — мæрдты бæстæйы дуаргæс æмæ мæрдтæм бацæуджытæн фæндаг амонæг. Уый у сылгоймаг бардуаг — Аминон.

Барастыр æмæ Аминонæн уæлæуыл нæдæр кувæндон ис, нæдæр сын сæрмагонд бæрæгбонтæ чындæуы, æрмæст сын адæм табу кæнынц æмæ сæм хатынц мардæвæрæн бон æмæ марды кæндты, цæмæй амæлæгæн хорз удыбæстæ Хуыцауæй ракура.

АЛАРДЫ (АЛАУРДИ) — хæцгæ низты бардуаг, лæгъстæмæ йын йæ номмæ бафтауынц эпитеттæ æмæ йæ хонынц: «Сыгъдæг Аларды», «Сырх Аларды», «Тибиты рынхæссæг», ома фадынæг низтæ хæссæг, «Ног дзуар», «Рыны бардуаг». Таурæгъты Алардыйæн йæ сурæт у тæрсынгæнæн, быдыргъы хуызæн, æбуалгъ, фыдуынд цæсгомы хицау. Йæ цæсгом кæмæ равдиса, ома кæимæ фемдзаст уа, уый фæрынчын вæййы дзуарæй — Алардыйæ, æмæ йæ низ адæмыл хæцын байдайы. Уымæ гæсгæ йæ хонынц хæцгæ низты бардуаг. Адæммæ йæхи равдисы сылгоймаджы сурæты, фæлæ хатгай дымгæйы хуызы дæр фæзыны. Ис ын сæрмагонд кувæндæттæ дæр, кæцытæн сæ дуæрттæ, бацæуæнтæ арæзт вæййынц хъæуты ’рдæм нæ, фæлæ æндæрырдæм, адæм æй куыд нæ уыной, афтæ. Фыдæлтæ Алардыйæн кодтой куывдтæ, хæцгæ низтæ-иу куы стыхджын, куы сарæх сты, уæд. Алардыйы номыл нæ фыдæлтæ кодтой сæрмагонд зарджытæ, кæцыты йын табу кодтой, æппæлыдысты дзы, лæгъстæйын кодтой, цæмæй сæм йæхи ма ’вдиса, низтæй сæ хиза. (Кæс 1-аг фиппаинаг). Растдæр зæгъгæйæ та, цæмæй сæм фæлмæн зæрдæ дара. Нæ рæстæджы кæд Алардыйæн стыр куывдтæ нал кæнынц, уæддæр рох нæу æмæ йын йæ ном ссарынц цины хъуыддаджы, йæ кувæндоны бынæй рацæугæ мыггæгтæ йын йæ бæрæгбонты кæнынц сæрмагонд фынгæвæрдтæ.

БЫНАТЫХИЦАУ (БУНДОР) — зæдтæ æмæ дауджыты æмдых чи у, ахæм цæрæн бынаты бардуаг. Цæрæнуаты цы бинонтæ цæры, уыдон кæд æнæтæригъæд, сыгъдæгзæрдæ вæййынц, сæ митæй Бынатыхицауы зæрдæ нæ фæкъахынц, уæд сын сæ фарн æмæ сæ царды фадæттыл фæауды, бинонты амондджындæр æмæ фæрнæйдзагдæр кæны, хизы сæ дæлимонты фыдмитæй. Фылдæр таурæгътæ куыд дзурынц, афтæтæй у сылгоймаг бардуаг. Хæдзары бинонтæ Бынатыхицауæн кæнынц сæрмагонд куывд — бинонты куывд — æртæ чъирийæ, карк кæнæ сæныккæй, науæд уæрыккæй, стæй исты нозтæй. Уыцы куывды хæринæгтæй æддагонæн нæ лæвæрдæуы — нæ фæтчы. Бынатыхицау Хуыцауы фарсмæ уæвæг зæдтæй нæу, уымæ гæсгæ йын табу нæ чындæуы, æрмæст ын зæрдæлхæнæнæн фæзæгъынц: «Æхцон дын уæд», хойрагæй та — «Барст дын уæд».

Адæймаг, бинонтæ ног бынаты куы ’рцæрынц кæнæ ног хæдзар куы саразынц, уæд æппæты фыццаг бакувынц Хуыцау æмæ Бынатыхицаумæ. Бинонтæм исты хъæлдзæгдзинад кæнæ куывд куы вæййы, уæд Бынатыхицауы ном ссарынц сæрмагонд гаджидауæй.

В а р и а н т: « О нæ зæрдæхæлар Бынатыхицау, æхцон дын уæд! Ацы хойраг, фыдызгъæл æмæ хуымилаг дæ номыл сты, æмæ дын барст уæнт. Дæ хорзæхæй, бинонты фыдбылызæй бахиз, нæ къæсæрыл Фыдгул æмæ æнамонддзинад ма æрбауадз. Къæсæрыл мидæмæ чи хиза, уый фарнимæ æрбауадз, æддæмæ чи хиза, уый рæствæндаг кæн. Æхцон дын уæд!»

 

Бынаты куывд æмæ хæйрæджыты æхсæвæн иумæйагæй ницы ис. (Кæс XV сæргонд, 22 фиппаинаг).

СÆРЫЗÆД. Алы адæймагæн дæр Хуыцауы фæндæй йæ удыл чи хæцы, йæ уаг, йæ ми æмæ йын йæ архайдмæ йæ цæст чи дары, ахæм сæрмагонд бардуаг у Сæрызæд. Сæрызæдæн йæ хъомыс цæйбæрц у, уыйбæрц адæймаджы хизы, хъахъхъæны алыхуызон фыдбылызтæй, дæлимонты тæфаг æмæ архайдæй. Адæймагæн йæ райгуырæн бонæй йæ амæлæты бонмæ æнæсцухæй зилдух кæны йæ сæрты, хаты адæймагæн йæ хъуыдытæ æмæ йæ фæндтæ. Сæрызæды сæрмагонд бынатыл нымад у, хæдзары (бинонты) артдзæст кæм ис, уыцы уат. Сæрызæды хæдзары астæу, цæджындз чи хоны, уыцы ахуыргæнджытæ рæдийынц.

Сæрызæдмæ сæрмагондæй фæкувынц, сывæллон куы райгуыры, уæд æртæ æртæдзыхонæй. Бафæдзæхсынц ыл æй йæ авдæнбæттæн бон æмæ йыл ном куы февæрынц, уæд. Уымæй уæлдай ма Сæрызæдмæ бакувынц, лæппу ус куы ракуры, чызг та мой куы фæкæны, уæд. Сæрызæд, Бынатыхицау æмæ Сафа сты, адæймагыл, бинонтыл комкоммæ чи ауды, ахæм бардуæгтæ.

Уæлдæр цы зæдтæ æмæ дауджыты ранымадтам, уыдон адæммæ æргомæй сæхи не ’вдисынц. Хатгай зæхмæ уæларвæй æрхизынц адæймаджы кæнæ æндæр исты цæрæгойты фæлгонцы, йе та зайæгойты æмæ æрдзон фæзындты хуызы (мигъ, къæвда, зилгæдымгæ).

Хуыцауы алыварсуæвæг уæларвон зæдтæ æмæ дауджытæй хъауджыдæр ма ис Хуыцау, зæдтæ æмæ æндæр уæларвон тыхты (дауджыты) ныхмæ уæвæг, Хуыцауы уынаффæтæ галиугæнæг дæлзæххон тыхтæ — дæлимонтæ (хæйрæджытæ). Дæлимонтæн сæ цæрæнуат ис дæлзæххы, фæлæ алыхуызон æрдзон фæзындты, дзаумæтты æмæ цæрæгойты хуызы æнцонæй æрбафтынц адæмы цæрæнуæттæм æмæ сæ комытæфæй адæмы зондахаст галиу кæнынц, адæмы Хуыцауы ныхмæ аразынц, алыхуызон фыдбылызтæ сын хæссынц. Дæлимонты ахæсты фæуæг адæймаг æрлæууы фыдгæнæджы фæндагыл, аиппæрд вæййы Хуыцауыл уырнынадæй.

Ирæттæм уаз æмæ табуйаг чи у, кувгæ кæмæ кæнынц, уыдон сты Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæ.

Хуыцауы комытæфдзыд, уæлфæдзæхстон æмæ адæймагæн удылхæцæгау чи æмæ цы у, уыдон та сты:

— Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм кувæндæттæ (дзуæрттæ, аргъуантæ, мæзджыттæ, костелтæ, синагогæтæ æмæ æндæртæ), кувæг адæм цавæр диныл хæст сты, уый нæ хынцгæйæ.

— кувæнгæрзтæ — дзаумæттæ, мысайнæгтæ, бандæттæ, фынгтæ æмæ кувæндоны зайæгойтæ, мæр, дон;

— хур, бинонты — хæдзары — артдзæст æмæ Сафайы рæхыс;

— нывонд кусæрттаг, кувинаг (фæлдисинаг) æмæ мысайнаг;

— дзуары лæг, сауджын, молло, пастор, кувæг (фæлдисæг), дуагæнæг, ламазгæнæг æмæ иннæ дины кусджытæ, йæ дин ын нæ хынцгæйæ;

— сæрызæды тырыса;

— мард адæймаг (чифæнды дæр уæд), ингæн, мардæвæрæн, уæлмæрд, зæппадз, марды цырт, марды чырын (табæт);

— адæймагæн йæ мад æмæ йæ фыд, мады зæнæг æмæ цот;

— мæлæг уд, рынчын, æнахъом адæймаг æмæ саби;

— адæймагæн йæ уазæг кæнæ йæ быгъдуан уæвæг адæймаг;

— Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм кувын, ламаз кæнын (дуа кæнын), исты фæлдисын;

— ныййарæджы фæстаг ныстуан;

— Райгуырæн бæстæ æмæ фыдыуæзæг;

— ирон ардбахæрд, сомы.

Кæй ранымадтам, уыцы уаздзинæдтæ раджы дæр æмæ абон дæр уыдысты æмæ сты царды æппæтæй зынаргъдæр, кадджындæр æмæ ахъаззагдæр хæзнатæ, уымæн æмæ уыдоныл æнцад æмæ æнцайы ирон уæздандзинад. Уыдон уыдысты æмæ сты, Ир æнусты дæргъы йæ алы ног фæлтæрты удыхъæды цы удварн æвæрдта, ахæм хъомыс. Уыцы уаздзинæдты руаджы ирон адæм æнусты дæргъы бæрзонд систой сæ нацийы ном, уыцы уаздзинæдты фарны руаджы Ирыстоны зоны æппæт дуне. Уыцы уаздзинæдтæ сты нæ сæрыстырдзинад, æвæццæгæн сæ ирон лæг уымæн хъахъхъæны цæсты гагуыйау. Æвæццæгæн, уымæн бахахх кæны ахсджиаг ныхасы бын мæнæ ахæм ардбахæрдтæ æмæ сомытæй: «Хуыцауыстæн», «Хуыцауардыстæн», «Ацы кувинагæй дын ард хæрын», «Ацы бонрухсы фарнæй дын сомы кæнын», «Мæ мæрдтыстæн», «Мæ мад, мæ фыдыстæн», «Зæххыстæн», «Уæд мæ хъæбулты мæрдæй баззайон» æмæ æндæртæ.

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 124 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.026 сек.)